Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахад — зӕххы ног хицауад

Хуыцауы Паддзахад — зӕххы ног хицауад

Хуыцауы Паддзахад — зӕххы ног хицауад

«Паддзахад ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнусмӕ» (ДАНЕЛЫ 2:44).

1. Цы ис фыст Библийы?

БИБЛИ у Хуыцауы раргомады чиныг. Апостол Павел фыста: «Махӕй хъуыстгонд Хуыцауы дзырд райсгӕйӕ, сымах... райстат уый куыд адӕймаджы дзырд нӕ, фӕлӕ куыд Хуыцауы дзырд,— цавӕр у уый ӕцӕгдзинадӕй» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Хуыцауы тыххӕй цы хъуамӕ зонӕм, уый ис Библийы. Уым дзырд цӕуы, Хуыцау цыхуызӕн у, цавӕр фӕндтӕ йӕм ис ӕмӕ махӕй цы домы, ууыл. Библи дӕтты иууыл хуыздӕр уынаффӕтӕ, бинонтӕ куыд хъуамӕ цӕрой ӕмӕ адӕймаг йӕхи куыд хъуамӕ дара, уый тыххӕй. Уым ис, ивгъуыд заманты чи сӕххӕст, абон чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ ма фидӕны дӕр чи сӕххӕст уыдзӕн, ахӕм бӕлвырд пехуымпарӕдтӕ. О, «ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, сраст уӕвынӕн, амонынӕн рӕстдзинады, уадз уӕд ӕххӕст Хуыцауы адӕймаг, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

2. Библийы цы хъуыддӕгтыл цӕуы дзырд, уыдонӕй Йесойӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр цы уыд?

2 Библийы иууыл ахсджиагдӕр та у йӕ сӕйраг темӕ: Хуыцауӕн хицауиуӕг кӕныны бар кӕй ис, уый йӕ уӕларвон Паддзахады руаджы кӕй сбӕлвырд кӕндзӕн, уый. Йесо зӕххыл куы цард, уӕд адӕмимӕ йӕ ныхас сӕйраджыдӕр ууыл уыд. «Йесо райдыдта хъусын кӕнын ӕмӕ дзурын: фӕсмон фӕкӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрбахӕстӕг Уӕларвон Паддзахад» (Матфейы 4:17). Паддзахад нӕ царды цавӕр бынат хъуамӕ ахса, уый Йесо бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» (Матфейы 6:33, НФ). Паддзахадӕн куыд стыр нысаниуӕг ис, уый ма ноджыдӕр равдыста, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кувын куыд амыдта, уымӕй дӕр: «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад; уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 6:10).

Зӕххы ног хицауад

3. Хуыцауы Паддзахадӕн нӕ царды ахсджиаг бынат цӕмӕн ис?

3 Хуыцауы Паддзахад адӕмы царды ахӕм ахсджиаг бынат цӕмӕн ахсы? Уымӕн ӕмӕ рӕхджы уыцы паддзахад зӕххыл хицауиуӕгад бындуронӕй фӕивдзӕн. Данелы 2:44-ӕм стихы ис ахӕм пехуымпарад: «[Зӕххыл ныртӕккӕ чи паддзахиуӕг кӕны] уыцы паддзӕхты дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад [уӕларвон хицауад]; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ рард нӕ фӕудзӕн; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдтӕ [зӕххон хицауӕдты] иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ». Хуыцауы уӕларвон Паддзахад ӕппӕт хицауиуӕгад дӕр йӕ къухмӕ куы райса, уӕд зӕххыл адӕм никуыуал хицауиуӕг кӕндзысты. Дунейы адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ чи кӕны ӕмӕ сын амондджынӕй цӕрыны фадӕттӕ чи нӕ аразы, уыцы зӕххон хицауӕдтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн.

4, 5. а) Паддзахады Сӕргълӕууӕгӕн Йесойӕ хуыздӕр цӕуылнӕ исчи бӕззы? ӕ) Рӕхджы Йесо цавӕр хӕслӕвӕрд райсдзӕн?

4 Иегъовӕйы разамындӕй уӕларвон Паддзахады Сӕргълӕууӕджы бартӕ лӕвӕрд сты, уыцы хӕс иууыл хуыздӕр кӕй бон у ӕххӕст кӕнын, уымӕн — Чырыстийӕн. Йесо у Хуыцауы сфӕлдыстады райдиан, ӕмӕ цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ цард уӕларвыл ӕмӕ уыд Хуыцауы «дӕсны кусӕг» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:22—31). Йесо у «ӕнӕуынгӕ Хуыцауы фӕлгонц, ӕппӕт скӕндтытӕй раздӕр гуырд; уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Уый скодта, уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис» (Колоссӕгтӕм 1:15, 16). Ӕмӕ зӕхмӕ куы ’рцыд ӕрвыст, уӕд дӕр алыхатт ӕххӕст кодта Хуыцауы фӕндон. Уый ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ахызт иууыл зындӕр фӕлварӕнты сӕрты ӕмӕ суанг йӕ фӕстаг сулӕфты онг иузӕрдионӕй баззад йӕ Фыдыл (Иоанны 4:34; 15:10).

5 Йесо Хуыцауыл суанг мӕлӕты онг иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй райста стыр хорзӕх. Хуыцау ӕй райгас кодта уӕларвон цардмӕ ӕмӕ йын йӕ къухмӕ радта уӕларвон Паддзахады Паддзахы бартӕ (Куыстытӕ 2:32—36). Тагъд рӕстӕджы Хуыцау Паддзах Чырыстийӕн бахӕс кӕндзӕн ӕнӕрцӕугӕ хъуыддаг бакӕнын: ӕнӕнымӕц хъомысджын уӕларвон фӕлдисондты сӕргъы лӕугӕйӕ, уый скуынӕг кӕндзӕн ӕппӕт хицӕутты дӕр ӕмӕ зӕхх ссӕрибар кӕндзӕн фыддзинадӕй (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:21, 22; 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6—9; Раргомад 19:11—21; 20:1—3). Уый фӕстӕ ӕгас зӕххыл дӕр уыдзӕн ӕрмӕстдӕр иу, ног хицауад — Хуыцауы уӕларвон Паддзахад, йӕ Сӕргълӕууӕг та уыдзӕн Чырысти (Раргомад 11:15).

6. Паддзахады сӕргъы цы Паддзах лӕууы, уый куыд хицауиуӕг кӕндзӕн?

6 Зӕххы ног Хицауы тыххӕй Хуыцауы Ныхас дзуры: «Лӕвӕрд ын ӕрцыд хицауады тых, стырад ӕмӕ паддзахдзинад, ӕмӕ адӕмтӕ, дзыллӕтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ иууылдӕр Уымӕн куыстой» (Данелы 7:14). Йесо дӕр йӕ Фыд Иегъовӕйау уарзӕгой Хицау кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ йӕ хицауиуӕгады рӕстӕджы зӕххыл уыдзӕн ӕцӕг сабырдзинад ӕмӕ амондджын цард (Матфейы 5:5; Иоанны 3:16; 1 Иоанны 4:7—10). «Йӕ хицауиуӕгад ӕмӕ йӕ сабырдзинадӕн кӕрон нӕ уыдзӕн... сфидар ӕй кӕндзӕн закъон ӕмӕ рӕстдзинадӕй» (Исай 9:7). Цӕй стыр арфӕдзинад уыдзӕн, уарзӕгой, рӕстаг ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ чи хицауиуӕг кӕны, ахӕм Паддзах нын кӕй уыдзӕн, уый! Уӕдӕ ныр ӕмбарӕм, Петр йӕ дыккаг ӕрвысты 3:13-ӕм стихы афтӕ цӕмӕн дзуры: «Мах, Йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног арв [Хуыцауы уӕларвон Паддзахадмӕ] ӕмӕ ног зӕхмӕ [зӕххыл адӕмы ног ӕхсӕнадмӕ], кӕцытыл цӕры рӕстдзинад».

7. Матфейы 24:14-ӕм стихы пехуымпарад абон куыд ӕххӕст кӕны?

7 Уӕдӕ рӕстдзинад чи уарзы, уыдонӕн Хуыцауы Паддзахады хабар у иууыл ӕхсызгондӕр хабар. Ацы фыдцардӕвӕрды «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый ӕвдисӕг нысаны иу хаймӕ амонгӕйӕ, Йесо загъта: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (2 Тимофеймӕ 3:1—5; Матфейы 24:14). Уыцы пехуымпарад ӕххӕст кӕны абон. 234 бӕстӕйы ӕхсӕз милуаны бӕрц Иегъовӕйы Ӕвдисӕны афӕдзы мидӕг Хуыцауы Паддзахады тыххӕй адӕмимӕ фӕныхас кӕнынц миллиард сахатӕй фылдӕр. Ӕгас дунейы цы 90 000 ӕмбырды ис, уыдон Хуыцауӕн кувынмӕ кӕм фембырд кӕнынц, уыцы бынӕттӕ Паддзахады залтӕ дӕр уымӕн хуыйнынц. Уым адӕм зонгӕ кӕнынц ӕрцӕуинаг ног хицауадимӕ.

Ӕмхицауиуӕггӕнджытӕ

8, 9. а) Чырыстийы ӕмхицауиуӕггӕнджытӕ кӕцӕй сты? ӕ) Паддзах ӕмӕ йе ’мхицауиуӕггӕнджытӕ куыд хицауиуӕг кӕндзысты, уый тыххӕй нӕ бон фидарӕй цы у зӕгъын?

8 Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Йесо Чырысти иунӕгӕй нӕ хицауиуӕг кӕндзӕн. Раргомады 14:1—4-ӕм стихты развӕлгъау загъдӕуыд, 144 000 мин адӕймаджы «зӕххӕй ӕлхӕд» кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй. Уыцы къордмӕ хауынц, иннӕтӕй йӕхицӕн чи ницы агуырдта, фӕлӕ Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр сӕрныллӕгӕй чи лӕггад кодта, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. «Уыдон уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ ӕмӕ йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы» (Раргомад 20:6). Уыдон бирӕ къаддӕр сты, ацы цардӕвӕрды кӕрон удӕгасӕй чи баззайдзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕмӕй, кӕцыйы ничи фӕрӕзта банымайын, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй». Уыцы бирӕ адӕм дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц «ӕхсӕвӕй-бонӕй», фӕлӕ уыдонӕн нӕй уӕларвмӕ ацӕуыны ныфс (Раргомад 7:9, 15). Уыдон ныридӕгӕн Хуыцауы уӕларвон Паддзахадӕн кӕй уисӕн кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сты ног зӕххы бындур (Псалом 36:29; Иоанны 10:16).

9 Уӕларвыл Чырыстиимӕ чи хицауиуӕг кӕндзӕн, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, Иегъовӕ равзӕрста, царды ӕппӕт зындзинӕдтӕ дӕр чи федта, ахӕм иузӕрдион адӕймӕгты. Адӕм цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдонӕй уыцы паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ сӕхиуыл цы нӕ бавзӕрстой, ахӕм нӕй. Уӕдӕ зӕххыл кӕй цардысты, уый фӕрцы сӕ бон уыдзӕн адӕмыл хуыздӕр хицауиуӕг кӕнын. Йесо йӕхӕдӕг дӕр «зындзинӕдты сфӕлтӕрдта коммӕ кӕсыныл» (Дзуттытӕм 5:8). Мӕнӕ цы зӕгъы апостол Павел уый тыххӕй: «Мах Хистӕр сауджын ахӕм нӕу, Кӕцы нӕ фӕразы ӕмфыдӕбон кӕнын махӕн нӕ ӕдыхдзинӕдты, фӕлӕ Кӕцы мах хуызӕн уыд фӕлвӕрд ӕппӕтӕй, тӕригъӕдӕй фӕстӕмӕ» (Дзуттытӕм 4:15). Куыд стыр ныфс нын дӕтты, Хуыцауы рӕстаг ног дунейы адӕмӕн ахӕм уарзӕгой, фӕлмӕнзӕрдӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ кӕй уыдзӕн, уый!

Хуыцау Паддзахад аразынвӕнд кодта?

10. Хуыцауӕн уӕларвон Паддзахад иууыл райдианӕй цӕуылнӕ уыд йӕ хъуыдыйы?

10 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд уӕларвон Паддзахадыл хъуыды кодта? Уӕвынады чиныджы, сфӕлдыстады тыххӕй кӕм дзырдӕуы, уым, адӕмыл чи хицауиуӕг кодтаид, уыцы Паддзахады кой ӕппындӕр нӕй. Адӕмӕн сӕ Хицау уыд Иегъовӕ йӕхӕдӕг ӕмӕ цалынмӕ йӕ коммӕ кастысты, уӕдмӕ сӕ ӕндӕр хицауиуӕгады сӕр ницӕмӕн хъуыд. Уӕвынады чиныджы 1-⁠аг сӕр куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Иегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕимӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныхас кодта йӕ фыццаггуырд уӕларвон Фырты уылты. Уым мах кӕсӕм ахӕм ныхӕстӕ, «Хуыцау сын загъта» ӕмӕ «Хуыцау загъта», зӕгъгӕ (Уӕвынад 1:28, 29; Иоанны 1:1).

11. Хуыцау адӕмы цавӕр диссаджы уавӕрты сфӕлдыста?

11 Библийы мах кӕсӕм: «Хуыцау цы сарӕзта, ууыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ мӕнӕ! Ӕппӕтдӕр уыд иттӕг хорз» (Уӕвынад 1:31). Едемы цӕхӕрадоны фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕ уыд, алцыдӕр дзы уыд хӕрзаив ӕмӕ рӕсугъд. Адам ӕмӕ Евӕ цардысты дзӕнӕты. Куыд зондӕй, афтӕ буарӕй дӕр уыдысты ӕххӕст. Сӕ бон уыд се Сфӕлдисӕгимӕ ныхас кӕнын, ӕмӕ уый дӕр ныхас кодта семӕ. Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ куы нӕ сивтаиккой, уӕд сӕ сывӕллӕттӕ дӕр уыдаиккой ӕххӕст. Ӕмӕ уӕд ног уӕларвон хицауады сӕр никуы бахъуыдаид.

12, 13. Ӕххӕст адӕм куы сбирӕ уыдаиккой, уӕддӕр Хуыцауӕн зын цӕуылнӕ уыдаид семӕ ныхас кӕнын?

12 Фӕлӕ зӕххыл адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр куы кодтаиккой, уӕд Хуыцауӕн йӕ бон куыд уыдаид уыдонӕй алкӕимӕ дӕр ныхас кӕнын? Ахъуыды кӕнӕм стъалытыл. Уыдон стыр дзыгуыртӕй ӕмбырд сты галактикӕты. Галактикӕтӕй иуӕй-иуты ис миллиард стъалыйы (1 000 000 000). Иннӕты та триллион стъалыйы (1 000 000 000 000). Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй алыхуызон телескопты руаджы адӕймаджы цӕст цы дун-дунейыл ӕххӕссы, уым ис 100 миллиард галактикӕйы бӕрц! Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцау дзуры: «Схӕц ма дӕ цӕстытыл бӕрзонд ӕмӕ акӕс. Чи сфӕлдыста ӕппӕт уыдӕттӕ? Стъалыты бӕрдзтӕн Уый зоны сӕ нымӕц ӕмӕ дзы алкӕй дӕр хоны йӕ номӕй. Йе стыр хъомысӕн кӕрон кӕй нӕй ӕмӕ хъаруйӕ фидар кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы иу дӕр нӕ сӕфы» (Исай 40:26).

13 Уӕдӕ иугӕр Хуыцау уыцы уӕларвон буӕрттӕй алкӕцыйы дӕр хъуыды кӕны ӕмӕ сӕ чи кӕм лӕууы ӕмӕ куыд лӕууы, уый зоны, уӕд адӕм та уыдонӕй бирӕ къаддӕр сты, ӕмӕ йын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зын нӕу уыдонӕй алкӕй зонын ӕмӕ сӕм йӕ хъус дарын. Алыбон дӕр ӕм йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕй фӕкувынц милуантӕ. Ӕмӕ дзы алкӕйы куывд дӕр Хуыцау уайтагъд фехъусы. Уӕдӕ зӕхх иууылдӕр ӕххӕст адӕмӕй куы байдзаг уыдаид, уӕд семӕ ныхас кӕнын Хуыцауӕн зын нӕ уыдаид. Уый тыххӕй йӕ уӕларвон Паддзахады сӕр нӕ бахъуыдаид. Ахъуыды ма кӕн! Адӕмӕн сӕ Хицау у Иегъовӕ йӕхӕдӕг, сӕ бон у йемӕ комкоммӕ ныхас кӕнын, нӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕт — разӕй ис ӕнусон цард дзӕнӕтон зӕххыл!

Адӕймагӕй кӕнгӕ нӕу

14. Адӕмы Иегъовӕйы разамынды сӕр алкӕддӕр цӕмӕн хъӕудзӕн?

14 Фӕлӕ адӕм ӕххӕст куы уаиккой, уӕддӕр сӕ хъӕуид Иегъовӕйы разамынд. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ Иегъовӕ афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй ӕнӕ йӕ разамындӕй сӕ бон уа цӕрын. Адӕмӕн уый у закъон, ӕмӕ уый хорз ӕмбӕрста пехуымпар Иереми: «О, Иегъовӕ, зонын ӕй, лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый. Фӕндаггон лӕгӕн йӕ къахдзӕфтӕ йӕ бар кӕй не сты, уый. Кӕм фӕрӕдийон, уым-иу мӕ сраст кӕн, Иегъовӕ» (Иереми 10:23, 24). Адӕм куы загътаиккой, зӕгъгӕ, ӕнӕ Иегъовӕйы ӕххуысӕй дӕр иттӕг хорз бауыдзӕн нӕ бон ӕхсӕнадыл къухдариуӕг кӕнын, уӕд уый уыдаид ӕнӕзонд ми. Уыцы хъуыддаджы адӕм ӕнтыстджын ницы хуызы уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ къухдариуӕг кӕныны хъомыс сӕ туджы нӕ уыд. Адӕм ӕнӕ Иегъовӕйӕ куы хицауиуӕг кодтаиккой, уӕд уый ӕнӕмӕнг ӕркодтаид хиуарзондзинадмӕ, ӕгъатырдзинадмӕ, ӕнӕуынондзинадмӕ, тыхми, хӕстытӕ ӕмӕ мӕлӕтмӕ. «Адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кодтаид ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хастаид» (Екклесиаст 8:9).

15. Нӕ рагфыдӕлтӕ зылын фӕндаг кӕй равзӕрстой, уый цӕмӕ ӕркодта?

15 Хъыгагӕн, нӕ рагфыдӕлтӕ аскъуыддзаг кодтой, Хуыцауы уынаффӕ хъуаг кӕй нӕ уыдысты, ӕмӕ цӕрын райдыдтой, сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау дӕр ауагъта сӕхи бар, ӕмӕ уыдон фесӕфтой сӕ ӕххӕстдзинад. Сӕ уавӕр абарӕн ис, электрон мигӕнӕн токӕй куы раиу кӕнай, уыимӕ. Цадӕггай сӕ «куыст сындӕгӕй-сындӕгдӕр кодта» ӕмӕ ӕппынфӕстаг «бынтондӕр нал куыстой», ома амардысты. Уыдон систы хӕлд хуызӕг ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр хъӕндзинӕдтӕ рахастой сӕ туджы (Ромӕгтӕм 5:12). «Уый [Иегъовӕ] Хох у, Йӕ хъуыддӕгты ницы хъӕндзинад ис, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты... Уыдон сӕхӕдӕг бафтыдысты ӕвзӕр хъуыддӕгтыл; уыдон не сты йӕ сывӕллӕттӕ, сӕ хъӕндзинӕдты сӕхӕдӕг сты аххосджын» (Дыккаг закъон 32:4, 5). Раст у, Адам ӕмӕ Евӕйы рӕдийын кодта ныхмӕдзӕуӕг зӕд Сайтан, фӕлӕ сын ӕххӕст зонд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон уыд Сайтаны мӕнг ныхӕстӕ аиуварс кӕнын (Уӕвынад 3:1—19; Иаковы 4:7).

16. Ӕнӕ Хуыцауӕй адӕм цӕмӕ ӕрцыдысты, уый цард йӕхӕдӕг куыд ӕвдисы?

16 Адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй цӕмӕ ӕрцыдысты, уый нын иууыл хуыздӕр ӕвдисы цард йӕхӕдӕг. Миназты дӕргъы адӕм цавӕр хицауиуӕгад, цавӕр экономикон мадзӕлттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон цардӕвӕрдтӕ нӕ бафӕлвӕрдтой, ахӕм нал баззад. Фӕлӕ уӕддӕр фыд адӕм сӕ «фыддзинады кӕнынц фыддӕрӕй-фыддӕр» (2 Тимофеймӕ 3:13, НД). Уымӕн бӕлвырдгӕнӕн — XX ӕнус. Уӕд куыд стыр ӕнӕуынондзинад уыд адӕмы ӕхсӕн ӕмӕ цас тыхми, хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, фырмӕгуырдзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ уыд, уыйбӕрц уӕды онг никуы ма уыд. Ӕмӕ кӕд медицинӕ стыр къахдзӕфтӕ акодта размӕ, уӕддӕр алы адӕймагӕн дӕр йӕ фидӕн у мӕлӕт (Екклесиаст 9:5, 10). Ӕнӕ Хуыцауӕй къухдариуӕг кӕныныл архайгӕйӕ адӕм сӕхи баппӕрстой Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты ахӕсты; уымӕй дӕр уыцы ӕндӕвдад афтӕ тыхджын у, ӕмӕ Библи Сайтаны хоны «ацы дуджы хуыцау» (2 Коринфӕгтӕм 4:4).

Хуыцауы лӕвар сӕрибардзинад

17. Хуыцау адӕмӕн цы сӕрибардзинад радта, уымӕй хъуамӕ куыд пайда кодтаиккой?

17 Иегъовӕ адӕмы сӕхи бар цӕмӕн ауагъта? Уымӕн ӕмӕ сӕ куы сфӕлдыста, уӕд сын радта сӕрибардзинад, ома уынаффӕ хӕссыны бар. «Кӕм ис Хицауы Уд, уым ис сӕрибардзинад»,— загъта апостол Павел (2 Коринфӕгтӕм 3:17). Никӕй фӕнды, цӕмӕй робот уа, цӕмӕй йын алы секунд дӕр чидӕр дзура, цы йӕ хъӕуы зӕгъын ӕмӕ аразын, уый. Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕ адӕмӕй домдта, цӕмӕй сӕ сӕрибардзинадӕй раст пайда кодтаиккой, цӕмӕй ӕмбӕрстаиккой, йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын цы пайда у, уый (Галатӕгтӕм 5:13). Уымӕ гӕсгӕ сӕ сӕрибардзинад уый нӕ нысан кодта, ӕмӕ сын алцы кӕныны бар дӕр кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ уый ӕркодтаид ӕмтъерымӕ. Адӕмы сӕрибардзинад хъуамӕ ма хызтаид, Хуыцау сын куыд уарзӕгой Фыд, афтӕ цы закъӕттӕ радта, уыдоны сӕрты.

18. Цы равдыста Хуыцау, адӕмы сӕхи бар кӕй ауагъта, уымӕй?

18 Хуыцау адӕмы сӕхи бар кӕй ауагъта, уымӕй мыггагмӕ алкӕмӕндӕр равдыста, ӕнӕ уымӕй нӕ бон цӕрын кӕй нӕу, уый. Ӕрмӕстдӕр уымӕн у йӕ бон раст хицауиуӕг кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хицауиуӕгад хӕссы иууыл стырдӕр циндзинад, фарн ӕмӕ амонд. Уый та уымӕн афтӕ у, ӕмӕ адӕймаджы зонд ӕмӕ буар Иегъовӕ афтӕ скодта, ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр фӕкусынц, адӕймаг йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ куы фӕархайы, уӕд. «Ӕз, Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, дӕуӕн хорз цы у, уый дын Чи амоны, цы фӕндагыл дӕ цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ чи кӕны» (Исай 48:17). Адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй раст куы спайда кодтаиккой ӕмӕ Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ куы нӕ цыдаиккой, уӕд сӕ уый фыдбылызмӕ не ’ркодтаид, фӕлӕ сӕ бон уыдаид алыхуызон хӕрзад хӕринӕгтӕ цӕттӕ кӕнын, алыхуызон хӕдзӕрттӕ аразын, бирӕ алыхуызон аивадон уацмыстӕ фӕлдисын ӕмӕ алыхуызон музыкӕ мысын. Ӕппынфӕстаг, адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй раст куы пайда кодтаиккой, уӕд ӕнустӕм амондджынӕй цардаиккой дзӕнӕтон зӕххыл.

19. Иегъовӕ цӕмӕй ӕмӕ кӕмӕй пайда кӕны адӕмы фӕстӕмӕ йемӕ бафидауын кӕнынӕн?

19 Фӕлӕ адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй раст кӕй не спайда кодтой, уымӕй сӕхи фӕиппӕрд кодтой Иегъовӕйӕ, систы ӕнӕххӕст, уыдон лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕнын райдыдтой ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардысты. Ныр хъуыд цыдӕр саразын, цӕмӕй адӕм фервӕзтаиккой уыцы кӕуинаг уавӕрӕй ӕмӕ сын Хуыцауимӕ ногӕй уыдаид раздӕры ӕнгом ахастытӕ, ома та фӕстӕмӕ суыдаиккой йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ. Хуыцау сфӕнд кодта уыцы хъуыддаг Паддзахады уылты саразын, Ирвӕзынгӕнӕгӕй та сын равзӕрста Йесо Чырыстийы (Иоанны 3:16). Уый фӕрцы, Йесойы фӕсномыг ныхасӕй сӕфт фыртау зӕрдӕбынӕй чи фӕсмон кӕны, уыцы адӕмӕн сӕ бон суыдзӕн Хуыцауимӕ бафидауын ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ суӕвын (Лукайы 15:11—24; Ромӕгтӕм 8:21; 2 Коринфӕгтӕм 6:18).

20. Паддзахады руаджы Хуыцауы фӕндон куыд сӕххӕст уыдзӕн?

20 Иегъовӕйы фӕндон ӕнӕмӕнг ӕххӕст кӕндзысты, зӕххыл чи цӕра, уыдон иууылдӕр (Исай 14:24, 27; 55:11). Чырыстийы къухмӕ кӕй радта, уыцы Паддзахады уылты Хуыцау кӕронмӕ сбӕлвырд кӕндзӕн ӕмӕ алчидӕр базондзӕн, адӕймагыл хицауиуӕг кӕныны бар ын кӕй ис, уый. Паддзахад кӕрон скӕндзӕн адӕм ӕмӕ хӕйрӕджыты хицауиуӕгадӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕхӕдӕг миназы дӕргъы хицауиуӕг кӕндзӕн уӕларвӕй (Ромӕгтӕм 16:20; Раргомад 20:1—6). Фӕлӕ Иегъовӕйы хицауиуӕгад хуыздӕр кӕй у, уый уыцы рӕстӕджы куыд рабӕрӕг уыдзӕн? Стӕй миназы фӕстӕ Паддзахадӕн та цавӕр ахадындзинад уыдзӕн? Ацы фарстытыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

Сӕйраг хъуыдытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Библийы сӕйраг темӕ цы у?

• Зӕххы ног хицауады сконды чи ис?

• Адӕмӕн ӕнӕ Хуыцауӕй сӕ бон ӕнтыстджынӕй хицауиуӕг кӕнын цӕуылнӕ у?

• Адӕймагӕн цы сӕрибардзинад ис, уымӕй куыд хъуамӕ пайда кӕна?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Йесо адӕмӕн сӕйраджыдӕр дзырдта, Хуыцау йӕ Паддзахады уылты кӕй хицауиуӕг кӕндзӕн, уый тыххӕй.

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Алы бӕстӕты дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн хъусын кӕнынц сӕйраджыдӕр Паддзахады тыххӕй.

[Нывтӕ 12 фарсыл]

Адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй цы кӕуинаг уавӕрмӕ ӕрцыдысты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕн у цард йӕхӕдӕг.

[Барлӕвӕрдӕй]

WWI ӕфсӕддонтӕ: U.S. National Archives photo; концентрацион лагерь: Oświęcim Museum; child: UN PHOTO 186156/​J. Isaac.