Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы цӕстӕнгас ӕгъдаумӕ

Хуыцауы цӕстӕнгас ӕгъдаумӕ

Хуыцауы цӕстӕнгас ӕгъдаумӕ

«Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын Чи амоны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ Чи кӕны» (ИСАЙ 48:17).

1, 2. а) Абон адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ ӕрдон ахастытӕм цы цӕстӕй кӕсынц? ӕ) Чырыстӕттӕн ӕрдон ахастытӕм цавӕр ахаст ис?

АБОН дунейы бирӕ рӕтты парахат у ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕхи куыд дардзӕн, уый йӕхи хъуыддаг у. Ӕрдон ахастытӕ адӕм, ӕрмӕстдӕр ӕмкъайады цӕмӕн ис бынат, ахӕм цӕуылдӕрыл нӕ нымайынц, фӕлӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, афтӕмӕй мӕ уарзондзинад ӕвдисын, кӕй уарзын, уымӕ. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, сӕ уагахастӕй зиан куы никӕмӕн хӕссой, уӕд дзы ӕвзӕрӕй ӕппындӕр ницы ис. Уыдонмӕ гӕсгӕ, адӕм хъуамӕ макӕй уагахастыл тӕрхон кӕной, уӕлдайдӕр та дзырд ӕрдон ахастытыл куы цӕуа, уӕд.

2 Фӕлӕ Иегъовӕйы чи зоны, уыдон афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Иегъовӕйы кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ йӕ фӕхъыг кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕзивӕгӕй архайынц Сыгъдӕг Фыстады амындтӕм гӕсгӕ. Уыдон зонынц, Иегъовӕ сӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ зондамындтӕ сӕ пайдайӕн кӕй сты, ӕцӕг циндзинад ӕмӕ сын амонд кӕй хӕссынц, уый (Исай 48:17). Хуыцау Царддӕттӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уыдон ӕмбарынц, сӕ буарӕй, уӕлдайдӕр та цард цы уӕнгты фӕрцы фӕзыны, уыдонӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый сын Уымӕй хуыздӕр кӕй ничи бацамондзӕн, уый.

Уарзӕгой Сфӕлдисӕджы лӕвар

3. Чырыстон дунейы аргъуантӕй бирӕты ӕрдон ахастыты тыххӕй цы дзурынц ӕмӕ Библи та цы дзуры уый тыххӕй?

3 Чырыстон дуне уыцы фарстатӕм бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсы. Кӕд ӕнӕуырнӕг адӕм афтӕ дзурынц, чи цы кӕны, уый алкӕмӕндӕр йӕхи хъуыддаг у, зӕгъгӕ, уӕд иуӕй-иу чырыстон аргъуанты та адӕмӕн дзурынц, ӕрдон ахастыты уӕвын стыр тӕригъӕд ӕмӕ худинаг кӕй у, уый; зӕгъгӕ, Едемы цӕхӕрадоны «фыццаг тӕригъӕд» дӕр, Адам ӕмӕ Евӕ кӕрӕдзи кӕй базыдтой, уый мидӕг уыд. Фӕлӕ ахӕм цӕстӕнгасӕн иумӕйагӕй ницы ис, Сыгъдӕг Фыстад цы дзуры, уыимӕ. Фыццаг цы дыууӕ уды баиу сты, уыдоны тыххӕй Библи дзуры, зӕгъгӕ, уыдон уыдысты «лӕг ӕмӕ йӕ ус» (Уӕвынад 2:25). Хуыцау загъта, сывӕллӕттӕ сын кӕй хъуамӕ уыдаид: «Цӕуӕт кӕнут ӕмӕ сбирӕ ут, ӕмӕ байдзаг кӕнут зӕхх» (Уӕвынад 1:28). Уӕдӕ Хуыцауы ’рдыгӕй раст нӕ уыдаид, Адам ӕмӕ Евӕйӕн зӕнӕг кӕныны хӕслӕвӕрд куы радтаид ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы фӕдзӕхст кӕй ӕххӕст кодтой, уый тыххӕй сӕ куы бафхӕрдтаид (Псалом 18:9).

4. Хуыцау адӕмӕн ӕрдон ахастыты хъомыс цӕмӕн радта?

4 Нӕ рагфыдӕлтӕн цы фӕдзӕхст уыд лӕвӕрд, фӕстӕдӕр та Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн дӕр фӕлхатгонд чи ӕрцыд, уый нын ӕвдисы, ӕрдон ахастытӕн сӕ сӕйраг нысан зӕнӕг кӕнын кӕй у, уый (Уӕвынад 9:1). Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн ӕрдон ахастытӕ хъуамӕ уа ӕрмӕстдӕр зӕнӕг кӕныны оххыл. Уыцы ахастыты руаджы, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст цӕуынц буары домӕнтӕ дӕр ӕмӕ зӕрдӕйы домӕнтӕ дӕр, ӕмӕ уыйадыл лӕг ӕмӕ усӕн хӕссынц ӕхцондзинад. Уый сӕ ноджы тынгдӕр бӕтты кӕрӕдзиуыл (Уӕвынад 26:8, 9; Фӕсномыг ныхӕстӕ 5:18, 19; 1 Коринфӕгтӕм 7:3—5).

Хуыцау сӕвӕрдта бӕрӕг арӕнтӕ

5. Хуыцау куыд загъта, афтӕмӕй ӕрдон ахастытӕн бынат ӕрмӕстдӕр кӕм ис?

5 Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзимӕ кӕй тырнынц, уый Хуыцауы лӕвар у, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы тобӕйагӕй ницы ис. Ахӕм ахастытӕ хъуамӕ уой ӕрмӕстдӕр ӕмкъайады (Ефесӕтӕм 5:28—30; 1 Петры 3:1, 7). Уымӕй дарддӕр адӕймаг ӕрдон ахастыты хъуамӕ макӕимӕ уа. Библи бӕлвырдӕй дзуры уый тыххӕй. Хуыцау Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уым уыд ахӕм фӕдзӕхст: «Ма хӕт» (Рацыд 20:14). Фӕстӕдӕр Йесо бамбарын кодта, «хӕтындзинад» ӕмӕ «хъахбайдзинад» баст кӕй сты, адӕймагӕн иууыл фыццаг йӕ зӕрдӕйы чи фӕзыны ӕмӕ йӕ чи счъизи кӕны, уыцы «ӕвзӕр хъуыдытимӕ» (Маркы 7:21, 22). Хуыцауы разамындӕй апостол Павел бафӕдзӕхста коринфаг чырыстӕтты: «Лидзут хӕтындзинадӕй» (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Афтӕ ма Павел йӕ ӕрвысты Дзуттытӕм фыста: «Уӕ къайад уӕд ӕууӕнкджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ӕнаипп; хӕтӕгтӕ ӕмӕ хъахбайтӕн та тӕрхон кӕны Хуыцау» (Дзуттытӕм 13:4).

6. Дзырд «хӕтын»-ӕй Библи куыд пайда кӕны, уымӕ гӕсгӕ йӕм цы хауы?

6 Цы нысан кӕны дзырд «хӕтын»? Уыцы дзырд равзӕрд грекъаг дзырд por-neiʹa-йӕ, ӕмӕ хаттӕй-хатт пайдагонд цӕуы, лӕг ӕмӕ ус чи не сты, ахӕм адӕймӕгты ’хсӕн ӕрдон ахастытӕм (1 Коринфӕгтӕм 6:9). Ӕндӕр рӕтты, зӕгъӕм, Матфейы 5:32-ӕм стихы ӕмӕ Матфейы 19:9-ӕм стихы, уыцы дзырд хауы хӕтындзинадмӕ, тугхӕстӕджыты ’хсӕн ӕрдон ахастытӕм ӕмӕ фосимӕ хуыссынмӕ. Лӕг ӕмӕ ус чи не сты, ахӕм адӕймӕгты ’хсӕн бирӕ ӕндӕр цъаммар хуыддӕгтӕ, куыд оралон ӕмӕ аналон секс, афтӕ искӕй буары ӕрдон уӕнгтӕй хъазын ӕмӕ сӕ лӕгъзытӕ кӕнын дӕр хауы por·neiʹa-мӕ. Уыцы митӕ иууылдӕр сты Хуыцауы худинаггӕнӕг, афтӕ дзуры йӕ Ныхас кӕм комкоммӕ, кӕм та — фӕсномыгӕй (Левит 20:10, 13, 15, 16; Ромӕгтӕм 1:24, 26, 27, 32) *.

Цы пайда ис, Хуыцау ӕгъдауы тыххӕй цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдонӕй

7. Ӕнӕгъдау митӕ кӕй нӕ кӕнӕм, уый нын цы пайда хӕссы?

7 Иегъовӕ ӕрдон ахастыты тыххӕй цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ цӕрын ӕнӕххӕст адӕмӕн ӕнцон нӕу. XII-ӕм ӕнусы цӕрӕг зындгонд иудейаг философ Маймонид фыста: «Торӕ [Моисейы Закъон] ӕнӕхъӕнӕй куы райсай, уӕд дзы фылдӕр адӕмӕн ӕппӕты зындӕр ӕххӕстгӕнӕн домӕн у цъаммар митӕй ӕмӕ ӕнӕмбӕлон ӕрдон ахастытӕй хи хизын». Уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, фӕлӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъусгӕйӕ цы стыр пайда исӕм, уыимӕ абаргӕйӕ цыфӕнды зындзинад дӕр ницы у (Исай 48:18). Зӕгъӕм, уыцы хъуыддӕгты Хуыцаумӕ хъусгӕйӕ мах нӕхи хизӕм, туджы уылты чи хӕцы, уыцы низтӕй. Уымӕй дӕр уыцы низтӕй иуӕй-иутӕн хос нӕй, йе та дзы адӕймаг мӕлгӕ дӕр акӕны *. Нӕхи ма хизӕм, цӕмӕй нын дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ ма уа. Хуыцауы зондмӕ кӕй хъусӕм, уый фӕрцы нын ис сыгъдӕг намыс. Нӕ бон у нӕхицӕн аргъ кӕнын, ӕмӕ ма нын ис кад нӕ алыварсуӕвӕг адӕмы цӕсты, уыимӕ нӕ хӕстӕджыты, нӕ цардӕмбӕлттӕ, нӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты цӕсты дӕр. Афтӕ ма нын уый фӕрцы ис раст цӕстӕнгас ӕрдон ахастытӕм, ӕмӕ нын уый та ӕххуыс кӕны бинонты цардӕй циндзинад исынӕн. Иу чырыстон сылгоймаг фыста: «Адӕймагӕн Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгадӕй хуыздӕр хъахъхъӕнӕг нӕй. Тагъд чындзы цӕуын ӕмӕ цы чырыстон нӕлгоймагӕй смой кӕндзынӕн, уымӕн сӕрыстырӕй зӕгъдзынӕн: „Ӕз бахъахъхъӕдтон ме ’фсарм«».

8. Нӕ хӕрзуаг цардӕй раст кувынадӕн куыд стӕм ахъаз?

8 Хӕрзуаг цард кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы адӕм уынынц, раст кувынады тыххӕй кӕмдӕр кӕнӕ кӕмӕйдӕр цы фехъуыстой, уый раст кӕй нӕу ӕмӕ уыдоны дӕр бафӕнды, Хуыцауӕн мах куыд кувӕм, афтӕ кувын. Апостол Петр фыста: «Ӕрвитут хӕрзуаг цард муртатты ’хсӕн, цӕмӕй уыдон уый тыххӕй, цӕй тыххӕй уӕ фыдкой кӕнынц, куыд фыдгӕнджыты, уӕ хорз хъуыддӕгтӕ фенгӕйӕ, скадджын кӕной Хуыцауы бабӕрӕг кӕныны бон» (1 Петры 2:12). Стӕй Иегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн нӕ хӕрзуаг цард кӕд сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уӕддӕр мах фидарӕй зонӕм, нӕ уӕларвон Фыды амындтӕм гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый кӕй уыны, кӕй йын аргъ кӕны ӕмӕ ма йын циндзинад дӕр кӕй хӕссы, уый (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11; Дзуттытӕм 4:13).

9. Хуыцауы амындты нысаниуӕг кӕронмӕ куы не ’мбарӕм, уӕддӕр сыл нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Хуыцау мӕ уырны, зӕгъгӕ, куы зӕгъӕм, уӕд уый нысан кӕны, фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, иууыл хуыздӕр нын цы у, уый уымӕй хуыздӕр кӕй ничи зоны, кӕд ын йӕ домӕнтӕ алы хатт кӕронмӕ нӕ фембарӕм, уӕддӕр. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ Моисейы Закъонӕй. Хӕстон лагерты уыд ахӕм фӕтк, ӕмӕ-иу адӕймаг лагеры ӕддейӕ йӕхи хъуыдыйӕ куы ацыдаид, уӕд-иу ӕй хъуамӕ сыджыты бын фӕкодтаид (Дыккаг закъон 23:13, 14). Чи зоны, афтӕ аразын цӕмӕн хъуыд, уый израилӕгтӕ не ’мбӕрстой; чи зоны, иуӕй-иутӕ хъуыды дӕр кодтой, уыдон дзӕгъӕл митӕ сты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ бирӕ фӕстӕдӕр медицинӕ сбӕлвырд кодта, уыцы закъоны фӕрцы кӕй нӕ чъизи кодтой дӕттӕ ӕмӕ хызт уыдысты, бындзытӕ цы бирӕ низтӕ рахӕсс-бахӕсс кӕнынц, уыдонӕй. Уӕдӕ Хуыцау ӕрдон ахастытӕн дӕр ӕрмӕстдӕр ӕмкъайады кӕй радта бар, уымӕн ис йӕхи аххосӕгтӕ: уый хъахъхъӕны куыд ӕгас ӕхсӕнады, афтӕ алы адӕймаджы монон, буары ӕмӕ зонды ӕнӕниздзинад. Ӕркӕсӕм цалдӕр дӕнцӕгмӕ Библийӕ; мах фендзыстӕм, уыцы адӕймӕгтӕ се ’фсарм куыд бахъахъхъӕдтой, уый.

Иосиф арфӕгонд ӕрцыд йӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй

10. Иосифмӕ ӕнӕгъдаудзинад бакӕнынмӕ чи хатыд ӕмӕ йын цавӕр дзуапп радта?

10 Ӕвӕццӕгӕн, зондзынӕ, Иаковы фырт Иосифы тыххӕй Библи цы хабар дзуры, уый. Ӕвддӕсаздзыдӕй Иосиф уыд Египеты фараоны хъахъхъӕнджыты сӕргълӕууӕджы, Потифары, ӕххуырст. Иегъовӕ арфӕ кодта Иосифӕн, ӕмӕ йӕ цасдӕры фӕстӕ Потифар сӕвӕрдта йӕ хӕдзары сӕргълӕууӕгӕй. Уӕдмӕ Иосифыл сӕххӕст ссӕдз азы, уый сси «диссаджы хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд» нӕлгоймаг. Потифары ус ыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ алы мадзӕлттӕй архайдта йӕ фӕрӕдийын кӕныныл. Фӕлӕ Иосиф нӕ фӕтасыд, бамбарын ын кодта, ахӕм хъуыддагыл сразы уӕвын йӕ бон кӕй нӕу, канд йӕ хицауы ӕфсӕрмӕй нӕ, фӕлӕ «Хуыцауы раз тӕригъӕд» кӕй у, уый тыххӕй дӕр. Иосиф йӕхи афтӕ цӕмӕн дардта? (Уӕвынад 39:1—9).

11, 12. Кӕд хӕтындзинад ӕмӕ хъахбайдзинады тыххӕй Хуыцауы фыст закъон нӕма уыд, уӕддӕр Иосифӕн цы бындур уыд афтӕ бакӕнынӕн?

11 Куыд зыны, афтӕмӕй Иосиф афтӕ уый тыххӕй нӕ бакодта, ӕмӕ адӕмы зӕрдӕхудтӕй тарст. Йӕ бинонтӕ цардысты тынг дард, йӕ фыдӕн та ӕгас ӕнхъӕл дӕр нал уыд. Иосиф ӕнӕгъдау хъуыддаг куы бакодтаид, уӕддӕр ӕй йӕ бинонтӕ никуы базыдтаиккой. Уӕдӕ уыцы тӕригъӕд Потифар ӕмӕ йӕ иннӕ лӕггадгӕнджытӕ базыдтаиккой, уымӕй дӕр тас нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сӕ уыцы рӕстӕджы хӕдзары ничи уыд (Уӕвынад 39:11). О, фӕлӕ Иосиф зыдта, уыцы хъуыддаг Хуыцауӕй кӕй нӕй басусӕг кӕнӕн, уый.

12 Иосиф ӕнӕмӕнг архайдта, Иегъовӕйы тыххӕй цы зыдта, уымӕ гӕсгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый зыдта, Иегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Ныууадздзӕн адӕймаг йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ уыдзысты дыууӕйӕ иу буар» (Уӕвынад 2:24). Иосиф ма, ӕвӕццӕгӕн, зыдта, йӕ фыды фыдымад Саррӕйы фӕхудинаг кӕнын кӕй зӕрды уыд, Иегъовӕ уыцы филистимаг паддзахӕн цы загъта, уый дӕр. Иегъовӕ загъта уыцы паддзахӕн: «Ды амӕлдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕхимӕ кӕй акодтай, уыцы сылгоймаг кӕйдӕр ус у. [...] Ӕз дӕ баурӕдтон мӕ ныхмӕ тӕригъӕд ракӕнынӕй. Уыцы сылгоймагмӕ бавналын дӕ уый тыххӕй нӕ бауагътон» (Уӕвынад 20:3, 6). Уӕдӕ кӕд Иосифы рӕстӕджы Иегъовӕйы закъон фыст нӕма уыд, уӕддӕр уый ӕмбӕрста, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн ахастытӕ ӕнаипп кӕй хъуамӕ уой, уый. Иосифы ӕнӕгъдаудзинадӕй бахызта, ӕфсарм ӕм кӕй уыд ӕмӕ йӕ Иегъовӕйы фӕхъыг кӕнын кӕй нӕ фӕндыд, уый.

13. Куыд зыны, афтӕмӕй Иосифӕн йӕ бон цӕуылнӕ уыд афтӕ саразын, цӕмӕй йӕ Потифары ус ма уыдтаид?

13 Фӕлӕ Потифары ус ууыл не ’рлӕууыд, «бонӕй-бонмӕ» йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йемӕ схуыссыдаид. Ау, ӕмӕ Иосифӕн йӕ бон афтӕ саразын нӕ уыд, цӕмӕй йӕ уыцы сылгоймаг ма уыдтаид? Иосиф цагъар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ арӕзтаид, цыдӕриддӕр ын дзырдтой, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон ницы уыд фӕивын. Археологтӕ куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй Египеты хӕдзӕрттӕ афтӕ арӕзт уыдысты, ӕмӕ къӕбицмӕ бахизӕн уыди хӕдзары сӕйраг хатӕны уылты. Уымӕ гӕсгӕ Иосифӕн йӕ бон ницы хуызы уыд Потифары усӕй йӕхи ӕмбӕхсын (Уӕвынад 39:10).

14. а) Иосиф Потифары усӕй куы алыгъд, уӕд ыл цы ’рцыд? ӕ) Иосиф афтӕ фидар кӕй разынд, уый тыххӕй йын Иегъовӕ куыд раарфӕ кодта?

14 Иу бон хӕдзары баззадысты ӕрмӕстдӕр сӕ дыууӕ. Потифары ус ныххӕцыд Иосифыл ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта: «Схуысс мемӕ!» Иосиф йӕхи атыдта ӕмӕ алыгъд. Кӕй йын не сразы, ууыл тынг смӕсты ус ӕмӕ Иосифы фӕаххосджын кодта, тыхми мын кӕнынмӕ хъавыд, зӕгъгӕ. Цӕмӕ ӕркодта уый? Иосиф йе ’фсарм кӕй бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй йӕ Иегъовӕ, мыййаг, уыцы тӕккӕ схорзӕхджын кодта? Нӕ. Иосифы ахӕстоны ныппӕрстой ӕмӕ йыл хъадамантӕ бакодтой (Уӕвынад 39:12—20; Псалом 104:18). О, фӕлӕ Иегъовӕ уыдта, Иосиф ӕнаххосӕй кӕй хъизӕмар кӕны, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг сбӕрзонд кодта, кӕддӕры ахст лӕг сси паддзахы лӕггадгӕнӕг. Уый сси Египеты дыккаг лӕг. Хуыцау ын хай бакодта бинонты амондӕй дӕр: уыдис ын ус ӕмӕ сывӕллӕттӕ (Уӕвынад 41:14, 15, 39—45, 50—52). Уымӕй уӕлдай ма Иосифы хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй фыст ӕрцыд 3 500 азы размӕ, цӕмӕй йӕ дӕнцӕгӕй зондыл ахуыр кӕной Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр. Цӕй стыр хорзӕх у уый, Хуыцауы раст закъӕттыл кӕй хӕцыд, уый тыххӕй! Афтӕ абон дӕр не ’фсарм хъахъхъӕнын цы пайда хӕссы, уый, чи зоны, алыхатт нӕ вӕййы бӕрӕг, фӕлӕ мах фидарӕй зонӕм, Иегъовӕ нӕ кӕй уыны ӕмӕ нын йӕ рӕстӕджы кӕй раарфӕ кӕндзӕн, уый (2 Паралипоменон 16:9).

Иовы «бадзырд йӕ цӕстытимӕ»

15. Иов «йӕ цӕстытимӕ» цавӕр «бадзырд сарӕзта»?

15 Хӕрзӕгъдаудзинады дӕнцӕг ма нын у Иов дӕр. Сайтан ӕй ӕвирхъау фыдӕвзарӕнты куы баппӕрста, уӕд Иов ӕрхъуыды кодта йӕ ивгъуыд царды бонтӕ иууылдӕр ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, кӕд Иегъовӕйы фӕдзӕхстыты сӕрты, уыимӕ ӕрдон ахастыты тыххӕй цы загъта, уый сӕрты дӕр ахызтӕн, уӕд мӕ йӕ фыдӕх баййафӕд. Иов загъта: «Ӕз бадзырд сарӕзтон мӕ цӕстытимӕ. Уӕд ма чызгмӕ куыд хъуамӕ бакастаин?» (Иов 31:1). Уымӕй Иовы зӕгъын фӕндыд, Хуыцауы раз йӕ намыс сыгъдӕг цӕмӕй уыдаид, уый тыххӕй сылгоймагмӕ мондаг цӕстӕй кӕсгӕ дӕр кӕй никуы бакодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иов алы бон дӕр уыдта сылгоймӕгты, исты-иу сӕ куы хъуыд, уӕд та-иу сын ӕххуыс дӕр бакодта. Фӕлӕ Иов йӕхицӕн уый бар никуы радта, ӕмӕ йӕ сӕрмӕ исты ӕнӕфсарм, чъизи хъуыдытӕ бауагътаид. Цалынмӕ Иовыл уыцы стыр бӕллӕхтӕ не ’рцыдысты, уӕдмӕ уый уыд тынг хъӕздыг лӕг, «Скӕсӕны уымӕй номдзыддӕр» нӕ уыд (Иов 1:3). Фӕлӕ уый никуы архайдта йӕ хъӕздыгдзинадӕй сылгоймӕгты зӕрдӕтӕ балхӕныныл. Уӕдӕ бӕрӕг у, Иов хъуыды дӕр кӕй никуы акодта ӕвзонг, рӕсугъд сылгоймӕгтимӕ йӕ рӕстӕг йӕ уды дзӕбӕхӕн арвитыныл.

16. а) Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн Иов фӕзминаг цӕмӕн у? ӕ) Иовӕй хъауджыдӕр Малахийы рӕстӕджы лӕгтӕ сӕхи куыд дардтой ӕмӕ абон та цы уынӕм?

16 Иов йе ’фсарм ӕмӕ йӕ намыс, алцыдӕр хорз куы уыд, ӕрмӕст уӕд нӕ хъахъхъӕдта; уый нӕ фӕцудыдта уӕззау уавӕрты дӕр. Иегъовӕ уыдта алцыдӕр ӕмӕ йын рӕдауӕй дӕр уымӕн раарфӕ кодта (Иов 1:10; 42:12). Цӕй диссаджы дӕнцӕг у, ӕвӕдза, Иов, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн, куыд лӕгтӕн, афтӕ устытӕн дӕр! Диссаг нӕу, Иегъовӕ афтӕ тынг кӕй уарзта Иовы! Абон та нын бирӕты уагахаст нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, пехуымпар Малахийы рӕстӕджы цы уавӕр уыд, уый. Малахи комкоммӕ бафхӕрдта бирӕ лӕгты, арӕх ӕвзонгдӕр устытӕ ракурыны тыххӕй сӕ устыты кӕй уайгътой, уый тыххӕй. Иегъовӕйы нывондхӕссӕн нал зынд уагъд устыты цӕссыгтӕй, ӕмӕ уыйадыл Хуыцау йӕхи атигъ кодта, сӕ устытыл «йӕ зӕрдӕ чи сивта», уыдоныл (Малахи 2:13—16).

Хӕрзӕгъдау ӕвзонг чызг

17. Суламитӕ «ӕхгӕд цӕхӕрадоны» хуызӕн цыхуызы уыд?

17 Йӕ сыгъдӕг номыл къӕм абадын чи нӕ бауагъта, уыдонӕй ӕртыккаг та у ӕнӕцыд чызг Суламитӕ. Уыцы ӕвзонг ӕмӕ рӕсугъд чызг канд фыййауы зӕрдӕ нӕ басаста, фӕлӕ ма Израилы бонджын паддзах Соломоны зӕрдӕ дӕр. Зарджыты зарӕджы чиныджы сӕрӕй-кӕронмӕ рӕсугъд ӕвзагӕй ӕвдыст цӕуы, Суламитӕ йе ’фсарм куыд бахъахъхъӕдта ӕмӕ уымӕй йӕ алыварс адӕмы раз йӕхицӕн хорз ном куыд скодта, уый. Кӕд Суламитӕ Соломонӕн нӕ бакуымдта, уӕддӕр Соломон Хуыцауы удцырынӕй уыцы хабар ныффыста. Йӕ ӕгъдауджын уагахасты тыххӕй йын стыр кад уыд йӕ уарзон фыййауы цӕсты дӕр. Уый бӕрӕг уыд, фыййау лӕппу йӕ зарӕджы Суламитӕйы «ӕхгӕд цӕхӕрадонимӕ» кӕй абарста, уымӕй (Зарджыты зарӕг 4:12). Рагзаманы-иу Израилы хорззылд цӕхӕрадӕтты уыд бирӕ алыхуызон халсартӕ, хӕрздӕфгӕнаг дидинджытӕ ӕмӕ бӕрзонд рӕсугъд бӕлӕстӕ. Ахӕм цӕхӕрадоны алыварс-иу уыд ӕмбонд кӕнӕ сисамад ӕмӕ-иу ӕм бахизӕн уыд ӕрмӕстдӕр ӕхгӕнӕнӕй ӕхгӕд дуары уылты (Исай 5:5). Суламитӕйы хорз ӕгъдау ӕмӕ йӕ аив бакаст фыййауӕн уыдысты хорззылд, ӕмбал кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм рӕсугъд цӕхӕрадоны хуызӕн. Ницӕмӕй йӕм уыд фау ӕрхӕссӕн. Йӕ сыгъдӕг уарзты ӕнкъарӕнтӕй хъуамӕ йӕ фидӕны мойӕ дарддӕр хай макӕмӕн уыдаид.

18. Иосиф, Иов ӕмӕ Суламитӕйы дӕнцӕг нын нӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕны?

18 Йӕ хорз ӕгъдауӕй Суламитӕ диссаджы дӕнцӕг ныууагъта ныры чырыстон сылгоймӕгтӕн. Иегъовӕ уыдта ӕмӕ аргъ кодта Суламитӕйы хӕрзӕгъдаудзинадӕн ӕмӕ йын раарфӕ кодта, Иосиф ӕмӕ Иовӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ. Уыцы адӕмы хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй Хуыцауы Ныхасы фыст ӕрцыд махӕн ӕххуысӕн. Абон мах не ’фсарм кӕй хъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй Библийы фыст нӕ цӕуы, фӕлӕ Иегъовӕмӕ ис «зӕрдылдарӕн чиныг», йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ чи тырны, уыдоны тыххӕй. Цӕй уӕдӕ макуы рох кӕнӕм, Иегъовӕ «йӕ хъус кӕй дары» ӕмӕ не ’фсарм зӕрдӕбынӕй кӕй хъахъхъӕнӕм, уый йын циндзинад кӕй хӕссы, уый (Малахи 3:16).

19. а) Цавӕр ахаст нын хъуамӕ уа ӕгъдаумӕ? ӕ) Цӕуыл цӕудзӕн дзырд иннӕ статьяйы?

19 Уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уыдон ныл кӕд худынц, уӕддӕр мах амондджын стӕм, нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕгмӕ кӕй хъусӕм, уымӕй. Мах цӕрӕм, Хуыцау кӕй сфидар кодта, уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый та у иууыл бӕрзонддӕр ӕгъдау. Уымӕй стӕм сӕрыстыр, уый у не стырдӕр хӕзна. Кӕд дарддӕр уыцы хорз ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уӕд ныридӕгӕн хайджын уыдзыстӕм Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй ӕмӕ фидӕны та ӕнустӕм арфӕгонд уыдзыстӕм йӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй. Фӕлӕ царды мидӕг нӕ бон куыд у не ’фсарм хъахъхъӕнын? Уыцы ахсджиаг фарстайыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1983 аз, 15 мартъи, 29—31-ӕм фӕрстӕ (англ.).

^ 7 абз. Хъыгагӕн, хаттӕй-хатт ӕнаххос чырыстӕттыл ӕвзӕр низтӕ бахӕцы сӕ ӕнӕуырнӕг цардӕмбӕлттӕй — ӕгъдауы тыххӕй Хуыцау цы домӕнтӕ сфидар кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонӕй.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Ӕрдон ахастыты тыххӕй Библи цы дзуры?

• Дзырд «хӕтын»-ӕй Библи куыд пайда кӕны, уымӕ гӕсгӕ йӕм цы хауы?

• Цы пайда хӕссы хӕрзуаг цард?

• Иосиф, Иов ӕмӕ Суламитӕ абон чырыстӕттӕн хорз дӕнцӕгтӕ цӕмӕн сты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 21 фарсыл]

Иосиф алыгъд ӕнӕгъдаудзинадӕй.

[Ныв 22 фарсыл]

Ӕвзонг Суламитӕ уыд «ӕхгӕд цӕхӕрадоны» хуызӕн.

[Ныв 23 фарсыл]

Иов «бадзырд сарӕзта йӕ цӕстытимӕ».