Ӕгъдау нал ис
Ӕгъдау нал ис
«АХӔМ хабар никуы ма ӕрцыд»,— загъта Германы раздӕры къанцлер Хельмут Шмидт. Ӕрӕджы бӕрнон бынӕтты кусджытӕ ахӕм ӕдзӕсгом ми бакодтой, ӕмӕ газетты ӕндӕр ницӕйуал кой уыди. Ӕмӕ уыцы хабарыл маст кӕнгӕйӕ уый загъта: «Фырзыд ӕмӕ кӕрӕфӕй адӕм, ӕгъдау цы у, уый нал зонынц».
Йӕ хъуыдыйыл бирӕтӕ сразы уыдзысты. Кӕд ӕнусты дӕргъы адӕм хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кодтой, Хуыцауы Ныхас, Библи, цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ, уӕд абон Библийы уынаффӕтӕ нымады нал сты. Хъыгагӕн, ахӕм уавӕр ис, чырыстон диныл хӕст стӕм, зӕгъгӕ, кӕм дзурынц, уыцы бӕстӕты дӕр.
Абон нӕ Библийы разамынд хъӕуы?
Библи адӕймагӕй домы, цӕмӕй уа цӕсгомджын ӕмӕ ӕгъдауджын. Фӕлӕ абон цард ис абырджыты, гӕртамхортӕ ӕмӕ фӕлитой адӕмы къухы. Лондоны журнал «Таймс» куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй пъӕлицӕйы фӕдагурджытӕй иуӕй-иуты «зылын кӕнынц ахӕм хъуыддӕгты, зӕгъгӕ, фыдгӕнджытӕй цы наркотиктӕ байсынц, уыдон кӕй ауӕй кӕнынц, кӕнӕ фыдгӕнджыты сӕргълӕуджыты ныхмӕ цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ вӕййы, уыдон кӕй „фесафынц“, уымӕй алыхатт дӕр сӕ дзыппыты нывӕрынц 100 000 фунт стерлингы». Австрийы адӕмы страховкӕ чи кӕны, уыцы фирмӕтӕ арӕх фӕсайынц сӕ клиентты. Германы зонадон кусджытӕ арвы цӕфау фесты, ӕрӕджы «Германы зонады иууыл фидиссагдӕр фӕлитойдзинад» куы раргом, уӕд. Зындгонд профессоры, «немыцаг генетикӕйы стъалыйы», фӕзылынджын кодтой, тынг ахсджиаг фарсты фӕдыл йӕхи ӕрымысгӕ ӕнӕбындур бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй ӕрхаста, уыцы хъуыддаджы.
Библимӕ гӕсгӕ адӕймаг хъуамӕ ӕнувыд уа йӕ бинонтыл, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та йӕ цардӕмбалыл, уый та нысан кӕны, цӕрӕнбонтӕм иумӕ кӕй хъуамӕ уой, уый. Фӕлӕ абон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, хицӕн кӕныны тыххӕй йӕ курдиат тӕрхондонмӕ чи бадӕтты, ахӕм бинонты нымӕц. Иу католикон газет куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй «суанг „раздӕры ӕгъдӕуттыл хӕцӕг“ бӕстӕ Швейцарийы дӕр рӕзы, хицӕн чи кӕны, уыцы бинонты нымӕц» («Christ in der Gegenwart»). Нидерландты цыдӕриддӕр бинонтӕ ис, уыдонӕй 33 процентӕн сӕ цард фехӕлы. Фӕстаг цалдӕр азы Германы цард куыд фӕивта, уый тыххӕй иу сылгоймаг фыста йӕ сагъӕссаг хъуыдытӕ: «Абон бинонты цард нымайынц талынг, модӕйы чи нал ис, ахӕм ӕгъдауыл. Усгур лӕппутӕ ӕмӕ чындздзон чызджытӕ афтӕ нал хъуыды кӕнынц, ӕмӕ кӕй ракурой кӕнӕ чындзы кӕмӕ фӕцӕуой, уыимӕ цӕрӕнбонтӕм кӕй цӕрдзысты».
Фӕлӕ милуангай адӕймӕгты фидарӕй уырны, Библийы уынаффӕтӕ тынг кӕй хъӕуынц абон ӕмӕ адӕймаг уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд ын уый стыр пайда кӕй хӕсдзӕн, уый. Швейцари ӕмӕ Германы ’хсӕн арӕнмӕ хӕстӕг цӕрынц иу бинонтӕ, ӕмӕ уыдон куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдыдтой, уӕдӕй нырмӕ сты бирӕ амондджындӕр. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, «царды ӕппӕт фӕзилӕнты дӕр кӕмӕй уа спайдагӕнӕн, ахӕм разамынд ис ӕрмӕстдӕр иу. Уыцы разамынд у Библи».
Куыд хъуыды кӕныс ды та? Библийӕн йӕ бон у хорз разамынд дӕттын? Библи цы фӕтк ӕмӕ ӕгъдау амоны, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕн ис абон?