Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ дын дӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзыс?

Иегъовӕ дын дӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзыс?

Иегъовӕ дын дӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзыс?

«Мӕ уд хъахъхъӕны Дӕ раргомдзинӕдтӕ [«мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон», НД], ӕмӕ уыдон ӕз уарзын тыхджын» (ПСАЛОМ 118:167).

1. Иууыл арӕхдӕр кӕм у нӕ бон ссарын, Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон?

ИЕГЪОВӔЙЫ фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм амондджын уой. Амондджын та уӕд уыдзыстӕм, Хуыцауы закъон ӕмӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусӕм. Ӕмӕ нын растдӕр уый тыххӕй лӕууын кӕны йӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ зӕрдыл. Уыдон арӕх ӕмбӕлынц Фыстады, уӕлдайдӕр та, ӕвӕццӕгӕн, Иудейы ӕвзонг паддзах Езеки цы псалом ныффыста, уым — 118-ӕм псаломы. Уыцы рӕсугъд зарӕг райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Тӕхудиаг ӕнаипптӕ фӕндагыл, Хицауы закъоны цӕуджытӕ. Тӕхудиаг Йӕ ӕргомдзинӕдтӕ [«нӕ зӕрдыл нын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон», НД] хъахъхъӕнджытӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ Уый агурджытӕ» (Псалом 118:1, 2).

2. Хуыцау нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ нӕ амондимӕ куыд баст сты?

2 Иегъовӕйы Ныхасӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ кӕй исӕм ӕмӕ сӕ царды мидӕг кӕй пайда кӕнӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мах стӕм «Хицауы закъоны цӕуджытӕ». Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын хъӕуы, цы зонӕм, уый. Дзуттаг мивдисӕг «зӕрдыл лӕууын кӕнын» амоны, Хуыцау нын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын йӕ закъон, йӕ уынаффӕтӕ, йӕ домӕнтӕ, йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йӕ амындтӕ ма рох кӕнӕм (Матфейы 10:18—20). Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ дарддӕр дӕр нӕ хъус куы дарӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын, уымӕн ӕмӕ нӕ уыдон хъахъхъӕндзысты, бӕллӕх ӕмӕ мастмӕ чи кӕны, ахӕм духовон къӕппӕджытӕй.

Ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарз, Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон

3. Псалом 118:60, 61-ӕм стихтӕм гӕсгӕ мах цӕуыл ӕууӕндӕм?

3 Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонӕн стыр аргъ кодта псаломзарӕггӕнӕг. Уый зарыд: «Тагъд кодтон ӕмӕ нӕ фӕстиат кодтон ӕххӕст кӕнынмӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕ. Ӕнӕрӕстыты хызтӕ мӕ алыварс; фӕлӕ ӕз нӕ рох кодтон Дӕ закъон» (Псалом 118:60, 61). Иегъовӕ нын йӕ фӕдзӕхстытӕ ногӕй-ногмӕ нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уый фӕрцы нӕ бон у, не знӕгтӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд фидар лӕууын, уымӕн ӕмӕ зонӕм, нӕ разы нын цыфӕнды хызтӕ ма сӕвӕрой, уӕддӕр сӕ нӕ уӕларвон Фыдӕн йӕ бон кӕй у ныппырх кӕнын, уый. Йӕ рӕстӕг куы вӕййы, уӕд нӕ ссӕрибар кӕны ахӕм зындзинӕдтӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у Паддзахады тыххӕй дарддӕр дӕр хъусын кӕнын (Маркы 13:10).

4. Хуыцау нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

4 Иегъовӕ нын йӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уый нын арӕх баххуыс кӕны нӕхи мидӕг цыдӕр сраст кӕнынӕн. Уӕдӕ псаломзарӕггӕнӕгау мах дӕр алкӕддӕр аргъ кӕнӕм, кӕй нӕ сраст кӕны, уымӕн. Уый йӕ куывды Хуыцауӕн загъта: «Дӕ ӕргомдзинӕдтӕ [«мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон», НД] мӕнӕн ныфсӕвӕрд сты... ӕз бауарзтон Дӕ ӕргомдзинӕдтӕ» (Псалом 118:24, 119, СПб). Хуыцау зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, ахӕм амындтӕй махмӕ цас ис, псаломзарӕггӕнӕгмӕ уыйбӕрц нӕ уыд. Грекъаг Фыстыты Дзуттаг Фыстытӕй цы сӕдӕгай цитатӕтӕ цӕуы хаст, уыдон нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ, Закъоны бадзырдмӕ гӕсгӕ цы адӕмы равзӕрста, ӕрмӕст уыдонӕн кӕй нӕ уыдысты, фӕлӕ чырыстон ӕмбырдмӕ дӕр кӕй хауынц, уый. Хуыцау нын йӕ закъӕттӕй искӕцы афоныл нӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕны, уӕд дзы мах бузныг вӕййӕм уый тыххӕй. Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон зӕрдиагӕй куы уарзӕм, уӕд никуы ацӕудзыстӕм, не Сфӕлдисӕджы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы ӕмӕ нын амонды бӕсты ӕнамонддзинад чи хӕссы, уыцы тӕригъӕдджын монцты фӕдыл (Псалом 118:31).

5. Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ цӕмӕй тынгдӕр уарзӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

5 Цӕйбӕрц хъуамӕ уарзӕм, Иегъовӕ нын ногӕй-ногмӕ нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ? «Мӕ уд хъахъхъӕны Дӕ раргомдзинӕдтӕ [«мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон, НД], ӕмӕ уыдон ӕз уарзын тыхджын»,— зарыд псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 118:167). Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ уӕд уарздзыстӕм, кӕд ӕмӕ сӕ нымайӕм, ӕцӕгдӕр ныл зӕрдиагӕй чи ауды, уыцы уарзӕгой Фыды амындтыл (1 Петры 5:6, 7). Уыцы зондамындты сӕр нӕ тынг хъӕуы, ӕмӕ нын цы пайда хӕссынц, уый куы ӕмбарӕм, уӕд сӕ уарздзыстӕм тынгдӕр.

Цӕмӕн нӕ хъӕуынц, Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон

6. Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ нӕ фыццаджыдӕр цӕмӕн хъӕуынц ӕмӕ нын сӕ бахъуыды кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

6 Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ ӕрлӕууын кӕны, уыдон нӕ фыццаджыдӕр хъӕуынц, рохгӕнаг кӕй стӕм, уый тыххӕй. Иу энциклопедийы дзырдӕуы: «Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ адӕм кӕнынц рохгӕнагӕй-рохгӕнагдӕр. [...] Арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ адӕймаг кӕйдӕр ном кӕнӕ ӕндӕр цыдӕр фӕзоны, йе ’взагы цъуппыл фӕрауай-бауай кӕны, фӕлӕ йӕ йӕ бон нӕ вӕййы ӕрхъуыды кӕнын. [...] Адӕймаг рохгӕнаг куы уа, уӕд уый хуыйны склероз. Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уый у, змӕст уаты исты дзаума куыд агурай, уый хуызӕн. [...] Дзӕбӕх бахъуыды кӕнын дӕ цы фӕнда, уый иттӕг хорз куы зонай, уӕддӕр ма хорз уаид, ноджыдӕр ӕй цасдӕр куы фӕцахуыр кӕнис, уӕд» («The World Book Encyclopedia»). Хуыцау нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ зӕрдӕбынӕй куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ сӕ куы фӕлхат кӕнӕм, уӕд нӕ нӕ рох кӕндзысты, ӕххӕст сӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй пайда хӕсдзыстӕм нӕхицӕн.

7. Хуыцау нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ нӕ абон уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуынц?

7 Хуыцау нын йӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уый нӕ абоны хуызӕн тынг никуы хъӕуы, уымӕн ӕмӕ фыддзинад ныры хуызӕн бирӕ никуы ма уыд. Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ куы хъусӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, дунейы ӕвзӕр фӕндӕгтӕй нӕ нӕхи хизын кӕй хъӕуы, уый. «Ӕз сдӕн зондджындӕр мӕ ахуыргӕнджытӕй се ’ппӕтӕй дӕр,— загъта псаломзарӕггӕнӕг,— уымӕн ӕмӕ хъуыды кӕнын Дӕ раргомдзинӕдтыл [«мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон», НД]. Ӕз [дӕн] фылдӕр зонӕг зӕрӕдтӕй; уымӕн ӕмӕ Дӕ амынддзинӕдтӕ хъахъхъӕнын. Алы фыддзинады фӕндагӕй уромын мӕ къӕхтӕ, цӕмӕй хъахъхъӕнон Дӕ дзырд» (Псалом 118:99—101). Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕхи бахиздзыстӕм алы «фыддзинады фӕндагӕй» ӕмӕ не суыдзыстӕм, «йӕ зонд кӕмӕн баталынг, Хуыцауы цардӕй чи аиртӕст», уыцы адӕмты хуызӕн (Ефесӕгтӕм 4:17—19).

8. Цӕмӕй уырнындзинады фӕлварӕнты фидар лӕууӕм, уымӕн нын цы ӕххуыс кӕндзӕн?

8 Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон ма нӕ хъӕуынц, цӕмӕй ацы «кӕроны рӕстӕджы» цы бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдон сфӕразӕм (Данелы 12:4, НД). Ӕнӕ уымӕй тӕссаг у, «рохгӕнаг хъусджытӕ» куы суӕм, уымӕй (Иаковы 1:25). Фӕлӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы ӕрмӕг уадзы, уый ӕххуысӕй Библи иунӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕмбырдимӕ дӕр лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн уырнындзинады фӕлварӕнты уӕлахиз кӕнынӕн (Матфейы 24:45—47). Ахӕм духовон мадзӕлтты фӕрцы мах уынӕм, уӕззау уавӕрты куы бахауӕм, уӕд Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ кӕй хъӕуы аразын, уый.

Стыр ахадындзинад ис нӕ фембӕлдтӕн

9. Чи сты «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» ӕмӕ се ’муырнджытӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

9 Хуыцау нын йӕ фӕдзӕхстытӕ ногӕй-ногмӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны чырыстон фембӕлдты, цыран мах райсӕм амындтӕ нысангонд ӕфсымӕртӕй. Апостол Павел фыста, зӕгъгӕ, Йесо «бӕрзондмӕ куы ссыд, уӕд акодта уацайрӕгты, радта лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» (НД). Дарддӕр ма Павел ноджыдӕр загъта: «[Чырысти] сӕвӕрдта иуты Апостолтӕй, иннӕты пехуымпартӕй, иннӕты Евангели хъусынгӕнджытӕй, иннӕты фыййӕуттӕй ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй, сыгъдӕджыты ӕххӕст кӕнынмӕ, куысты хъуыддагмӕ, Чырыстийы буар аразынмӕ» (Ефесӕгтӕм 4:8, 11, 12). Куыд бузныг стӕм, Иегъовӕйӕн кувынмӕ иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййӕм, уӕд нын «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы», нысангонд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕм раст цӕстӕй кӕсынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй!

10. Дзуттытӕм 10:24, 25-ӕм стихты мидис цы у?

10 Хуыцау нын цы дӕтты, уымӕй бузныг куы уӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, ӕрвылкъуыри дӕр нын цы фондз фембӕлды вӕййы, уыдонмӕ цӕуынмӕ. Иудадзыг дӕр нӕ иумӕ ӕмбырд кӕнын кӕй хъӕуы, уый баххах кодта Павел: «Уыдзыстӕм лӕмбынӕг кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнгӕйӕ; нӕ ӕмбырдтӕ нӕ уадздзыстӕм, иуӕй-иутӕм куыд ис ӕгъдау; фӕлӕ кӕрӕдзийӕн амондзыстӕм, уӕлдайдӕр уынгӕйӕ, уыцы боны ӕрхӕстӕг» (Дзуттытӕм 10:24, 25).

11. Нӕ ӕрвылкъуырион фембӕлдтӕй нын алкӕцы дӕр цавӕр пайда хӕссы?

11 Нӕ фембӕлдтӕ нын цы пайда хӕссынц, уымӕн аргъ кӕныс? Алы къуыри дӕр журнал «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» кӕй ахуыр кӕнӕм, уый нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад, ӕххуыс нын кӕны, Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ ацы «дунейы зондахасты» ныхмӕ хъӕддых лӕууынӕн (1 Коринфӕгтӕм 2:12, НД; Куыстытӕ 15:31). «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ахуыр кӕныны размӕ цы раныхас вӕййы, уым ӕфсымӕр фӕдӕтты уынаффӕтӕ Хуыцауы Ныхасӕй, уыимӕ нын Иегъовӕ нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йесо «ӕнусон царды» тыххӕй цы диссаджы ныхӕстӕ дзырдта, уыдон (Иоанны 6:68, «Мах дуг», 1992 аз, № 5; 7:46; Матфейы 5:1—7:29). Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас адӕмӕн хуыздӕр амонӕм, уый тыххӕй та нын ӕххуыс кӕны Теократон лӕггаддзинады скъола. Лӕггаддзинады фембӕлды та мах ахуыр кӕнӕм хуыздӕр хъусын кӕнын, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, адӕймагмӕ дыккаг хатт бацӕугӕйӕ, хӕдзары Библи ахуыргӕнгӕйӕ кӕнӕ нӕ лӕггаддзинады ӕндӕр хуызты. Ӕмбырды чиныгахуыркӕнынад гыццыл къордӕй кӕй цӕуы, уый та нын хорз ӕххуыс у нӕ хъуыдытӕ, уыимӕ арӕх, Хуыцау нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ дӕр, сӕрибарӕй дзурынӕн.

12, 13. Азийы бӕстӕтӕй иуы Хуыцауы адӕм куыд равдыстой, чырыстон фембӕлдтӕн тынг кӕй аргъ кӕнынц, уый?

12 Ӕмбырды фембӕлдтӕ куы нӕ цух кӕнӕм, уӕд алыхатт дӕр нӕ зӕрдыл дардзыстӕм Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ цыфӕнды зындзинӕдты дӕр — хӕст уа, экономикон бӕллӕхтӕ уой ӕви ӕндӕр исты фӕлварӕнтӕ — фидар лӕудзыстӕм уырнындзинады. Фембӕлдтӕ куыд ахсджиаг сты, уый бамбӕрстой, сӕ хӕдзӕрттӕй лидзын кӕй бахъуыд ӕмӕ хъӕды астӕу чи ӕрцард, ахӕм 70 чырыстоны иу азиаг бӕстӕйӕ. Раздӕрау сӕ дарддӕр дӕр кӕй фӕндыд иумӕ ӕмбырд кӕнын, уымӕ гӕсгӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты сӕ хӕсты азарӕй сыгъд горӕтмӕ ӕмӕ ма сӕ Паддзахады залӕй цы баззад, уый райхӕлдтой ӕмӕ дзы тархъӕды астӕу ног зал сарӕзтой.

13 Ӕндӕр азиаг бӕстӕйы та бирӕ азты дӕргъы хӕсты фӕстӕ Иегъовӕйы адӕм дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц сӕ Хуыцауӕн. Уыцы бӕстӕтӕй иуы хистӕр нӕлгоймаджы бафарстӕуыд: «Иууыл тынгдӕр уын цы баххуыс кодта уал азы дӕргъы хӕсты рӕстӕджы кӕрӕдзимӕ ӕнгом лӕууынӕн?» Цы сын загъта? «19 азы дӕргъы афтӕ никуы уыд, ӕмӕ фембӕлд ма ацыдаид. Бирӕ хатт-иу горӕтыл бомбӕтӕ кӕй калдтой кӕнӕ-иу ӕндӕр исты зындзинӕдтӕ кӕй уыд, уый аххосӕй ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕн сӕ бон нӕ уыд фембӕлдмӕ ӕрбацӕуын, фӕлӕ уӕддӕр мах уый никуы ӕруагътам, цӕмӕй фембӕлд уагъд ма ӕрцыдаид». Уыцы зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ӕцӕгӕй аргъ кӕнынц чырыстон фембӕлдтӕн ӕмӕ ӕмбарынц, «ӕмбырдтӕ нӕ уадзын» куыд ахсджиаг у, уый.

14. Зӕронд Аннӕйы дӕнцӕг нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

14 84-аздзыд идӕдз ус Аннӕ «кувӕндонӕй иуварс нӕ цыд». Уый фӕрцы, ноггуырд Йесойы йӕ ныййарджытӕ кувӕндонмӕ куы бахастой, уӕд ӕй йӕхи цӕстӕй федта (Лукайы 2:36—38). Ды дӕр зӕрдиагӕй архайыс, цӕмӕй фембӕлдтӕ ма цух кӕнай? Кӕнӕ нын афӕдзы алы афонты цы конгрестӕ вӕййы, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр вӕййыс? Уыцы фембӕлдты цы духовон уынаффӕтӕ ӕмӕ зондамындтӕ райсӕм, уыдон ӕвдисынц, нӕ уӕларвон Фыд йӕ адӕмыл кӕй тыхсы, уый (Исай 40:11). Ахӕм цаутӕ нын хӕссынц циндзинад, ӕмӕ сӕм кӕй ӕрбацӕуӕм, уымӕй мах ӕвдисӕм, Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый (Нееми 8:5—8, 12).

Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон нӕ хъахъхъӕнынц

15, 16. Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕм кӕй хъусӕм, уый нӕ уагахастыл куыд ӕндавы?

15 Хуыцау нын йӕ зондамындтӕ ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уый фӕрцы нӕ бон у ацы фыддунейы хъуыддӕгтӕй иуварс лӕууын. Цӕвиттон, Хуыцау нын ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ кӕй хъусӕм, уый нӕ хъахъхъӕны хӕлд митӕй (Дыккаг закъон 5:18; Фӕсномыг ныхӕстӕ 6:29—35; Дзуттытӕм 13:4). Хуыцау нын йӕ зондамындтӕ ӕдзух нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уый нӕ хъахъхъӕны сайынӕй, ӕнӕраст хъуыддӕгтӕй кӕнӕ давынӕй (Рацыд 20:15, 16; Левит 19:11; Фӕсномыг ныхӕстӕ 30:7—9; Ефесӕгтӕм 4:25, 28; Дзуттытӕм 13:18). Ноджыдӕр ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ маст исынмӕ ма тырнӕм, хъуыр-хъуыр ма кӕнӕм кӕнӕ макӕуыл хахуыр кӕнӕм (Левит 19:16, 18; Псалом 14:1, 3).

16 Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм, уӕд бахъахъхъӕндзыстӕм нӕ сыгъдӕгдзинад, ома Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн нӕхи дунейӕ иппӕрдӕй дардзыстӕм. Уӕвгӕ та куыд тынг ахсджиаг у уыцы хъуыддаг! Иесо йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв Иегъовӕмӕ куы куывта, уӕд ын йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй загъта: «Ӕз загътон уыдонӕн Дӕу дзырд ӕмӕ дунейӕн ӕнӕуынон систы, уымӕн ӕмӕ уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр куыд нӕ дӕн дунейӕ, афтӕ. Нӕ кувын, цӕмӕй Ды акӕнай уыдоны дунейӕ, фӕлӕ сӕ цӕмӕй бахъахъхъӕнай фыддзинадӕй; уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр куыд нӕ дӕн дунейӕ. Срухс кӕн уыдоны Дӕу ӕцӕгадӕй: Дӕу ныхас у ӕцӕг» (Иоанны 17:14—17). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ аргъ кӕнӕм Хуыцауы Ныхасӕн, ацы дунейӕ сыгъдӕг лӕггаддзинадӕн хицӕнгонд кӕй фӕрцы стӕм, уымӕн.

17. Хуыцау нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд цӕмӕй тӕссаг у ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

17 Иугӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ стӕм, уӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй йын алкӕддӕр лӕггад кӕныны аккаг уӕм. Фӕлӕ нын Хуыцау нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд ацы дунейы зондахасты фӕдыл ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уый зыны алкуыдӕр: адӕмӕн сӕ дзыхы ныхасы ӕмӕ сӕ уагахасты, хиирхӕфсӕнты, чингуытӕ ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон ӕрмӕджы. Мах та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фӕнды, цӕмӕй суӕм хиуарзон, ӕвзистуарзаг, хъал, сӕрыстыр, ӕбузныг, ӕнӕраст, фыдзӕрдӕ, къӕйных, стырзӕрдӕ, Хуыцауӕй фылдӕр адджын цард чи уарзы ӕмӕ ӕдде бакӕсгӕйӕ намысджын чи зыны, ӕцӕгӕй та ахӕм чи нӕу, уыдоны хуызӕн; уыдон сты, Хуыцауӕй иппӕрд чи у, уыцы адӕмы миниуджытӕй иуӕй-иутӕ (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Ацы фыддунейы цардӕвӕрды фӕстаг бонтӕн сӕ тӕккӕ кӕроны кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕй ӕмӕ иудадзыг дӕр кувӕм Хуыцаумӕ ӕмӕ дзы ӕххуыс курӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ бон уа, нӕ зӕрдыл нын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ хъусын ӕмӕ нӕхи «йӕ дзырдмӕ гӕсгӕ» хъахъхъӕнын (Псалом 118:9).

18. Хуыцау нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕм нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм, уӕд нӕ цавӕр хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕндзысты?

18 Иегъовӕ нын ӕдзух нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон нын ӕрмӕст уый нӕ амонынц, цы хъуамӕ ма аразӕм. Нӕ зӕрдӕмӕ сӕ хӕстӕг куы исӕм, уӕд ма нӕ разӕнгард кӕндзысты хорз хъуыддӕгтӕм, Иегъовӕйыл нӕ ныфс кӕронмӕ дарынмӕ ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ уарзынмӕ (Дыккаг закъон 6:5; Псалом 4:5; Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:5, 6; Матфейы 22:37; Маркы 12:30). Уымӕй дарддӕр ма нӕ разӕнгард кӕнынц иннӕты уарзынмӕ дӕр (Левит 19:18; Матфейы 22:39). Хуыцау ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый та сӕйраджыдӕр бӕрӕг у, Йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн «Хуыцауы тыххӕй [царддӕттӕг] зонындзинӕдтӕ» райсынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:1—5).

Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ хъусын нысан кӕны цард!

19. Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕм хъусын хорз ӕмӕ пайда кӕй у, уый иннӕтӕн нӕ бон куыд у ӕвдисын?

19 Иегъовӕ нын ӕдзух нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ куы хъусӕм ӕмӕ иннӕтӕн дӕр куы ӕххуыс кӕнӕм уый аразынӕн, уӕд нӕхи дӕр фервӕзын кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕм чи хъуса, уыдоны дӕр (1 Тимофеймӕ 4:16). Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ хъусын хорз ӕмӕ пайда кӕй у, уый нӕ бон иннӕтӕн куыд у равдисын? Нӕхӕдӕг Библийы принциптӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уымӕй. Нӕ хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн ис, уыдон» зондзысты, Хуыцауы Ныхас нын куыд амоны, афтӕ цӕрын иууыл хуыздӕр фӕндаг кӕй у, уый (Куыстытӕ 13:48, НД). Уыдон уындзысты, «ӕцӕг [кӕй] у, Хуыцау немӕ кӕй ис», уый, ӕмӕ сӕхи дӕр бафӕнддзӕн немӕ иумӕ Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (1 Коринфӕгтӕм 14:24, 25, НФ).

20, 21. Хуыцау нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йӕ архайгӕ тыхы руаджы цы уыдзӕн нӕ бон аразын?

20 Фыстад дарддӕр дӕр куы ахуыр кӕнӕм, цы базонӕм, уымӕй царды куы пайда кӕнӕм ӕмӕ нын Иегъовӕ цы духовон мадзӕлттӕ аразы, уыдонӕй ӕххӕст пайда куы исӕм, уӕд тынгӕй-тынгдӕр уарздзыстӕм, Хуыцау нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ. Алыхатт дӕр сӕм нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзысты «Хуыцаумӕ гӕсгӕ рӕстдзинады ӕмӕ ӕцӕг сыгъдӕгдзинады чи у конд, ахӕм ног адӕймаджы сфӕлындынӕн» (Ефесӕгтӕм 4:20—24). Иегъовӕ нын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг архайгӕ тыхӕй кӕй ӕххуыс кӕны, уый фӕрцы нӕм ис уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕнзӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуылхӕцындзинад — Сайтаны дунейы ӕнӕгъдау адӕмы миниуджытӕй хъауджыдӕр хорз миниуджытӕ (1 Иоанны 5:19; Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уӕдӕ Иегъовӕйӕ кӕддӕриддӕр бузныг уӕм, Библи иунӕгӕй куы фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ фембӕлдтӕ ӕмӕ конгресты дӕр, стӕй снысангонд хистӕр ӕфсымӕрты уылты дӕр нын йӕ домӕнтӕ нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уый тыххӕй.

21 Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ кӕй хъусӕм, уый фӕрцы нӕ бон у цин кӕнын, суанг рӕстдзинады сӕраппонд хъизӕмӕрттӕ куы февзарӕм, уӕд дӕр (Лукайы 6:22, 23). Мах нӕ ныфс дарӕм, цыфӕнды тӕссаг уавӕрты дӕр куы бахауӕм, уӕддӕр нӕ Хуыцау кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл. Уый нын уӕлдай ахсджиаг у абон, дунейы адӕмтӕ Армагеддонмӕ, «Ӕппӕтылхӕцӕг, Хуыцауы уыцы стыр бон цы хӕст уыдзӕн», уымӕ куы ӕмбырд кӕнынц, уыцы рӕстӕджы (Раргомад 16:14—16).

22. Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕм нын хъуамӕ дарддӕр дӕр цавӕр ахаст уа?

22 Цӕмӕй ӕнусон цард, цы лӕвары аккаг не стӕм, уый райсӕм, уый тыххӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъуамӕ уарзӕм, Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ сӕм зӕрдӕбынӕй хъусӕм. Уӕдӕ махӕн дӕр уӕд псаломзарӕггӕнӕджы ахаст, кӕцы зарыд: «Дӕ раргомдзинӕдты [«мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон», НД] ӕцӕгдзинад ӕнусмӕ: бамбарын мын кӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн» (Псалом 118:144). Мах дӕр ӕвдисӕм, псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕсты ирдӕй чи зыны, ахӕм фидардзинад: «Сидын Дӕумӕ; фервӕзын кӕн мӕн, ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕн Дӕ раргомдзинӕдтӕ [«мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон», НД]» (Псалом 118:146). Цӕй уӕдӕ нӕ дзыхы ныхасӕй дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр ӕвдисӕм, Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм, уый.

Цавӕр дзуапп радтис?

• Псаломзарӕггӕнӕгӕн Иегъовӕ йӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кодта, уыдонмӕ цавӕр ахаст дардта?

• Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон нӕ цӕмӕн хъӕуынц?

• Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонӕн аргъ кӕнынӕн нын нӕ фембӕлдтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц?

• Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон нӕ ацы дунейӕ куыд хицӕн кӕнынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Псаломзарӕггӕнӕг ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзта, Иегъовӕ йын йӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кодта, уыдон.

[Нывтӕ 26, 27 фарсыл]

Ды дӕр Аннӕйау архайыс алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуыныл?

[Ныв 28 фарсыл]

Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ кӕй хъусӕм, уый фӕрцы хъахъхъӕнӕм нӕ сыгъдӕгдзинад ӕмӕ дарддӕр дӕр Хуыцауӕн ӕмбӕлон ӕгъдауӕй лӕггад кӕнӕм.