Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кувын исты ӕххуыс у?

Кувын исты ӕххуыс у?

Кувын исты ӕххуыс у?

АЛЫ адӕймаджы царды дӕр вӕййы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ йӕ Хуыцаумӕ скувын куы бафӕнды. Уӕвгӕ та зӕгъӕн ис, ӕмӕ цыфӕнды диныл хӕст адӕм дӕр фӕкувынц тынг зӕрдиагӕй. Дзырдӕн зӕгъӕм, буддистӕн йӕ бон у, бон мин хатты дӕр сфӕлхат кӕнын куывд, «Мӕн уырны Амитабха-буддӕ», зӕгъгӕ.

Зӕххыл зындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ бар-ӕнӕбары ӕвзӕры фарст: адӕм цӕмӕн фӕкувынц? Цымӕ ӕппӕт уыцы куывтытӕ исты ӕххуыс сты?

Цӕмӕн фӕкувынц адӕм?

Скӕсӕны цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ кувынц сӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ синтоизмы кӕнӕ даосизмы хуыцӕуттӕн. Уыдон уырны, кувыны фӕрцы скъолайы фӕлварӕнтӕ ӕнтыстджынӕй кӕй ратдзысты, хорз тыллӕг кӕй райсдзысты, йе та низтӕй хызт кӕй уыдзысты, уый. Сӕ бирӕ куывтытӕй буддисты ныфс ис, ӕмӕ сӕм уӕлейӕ ӕмбарынады рухс кӕй ӕрцӕудзӕн. Индустӕ зӕрдиагӕй фӕкувынц сӕ уарзон хуыцӕуттӕ ӕмӕ ус-хуыцӕуттӕм, цӕмӕй сӕ хъахъхъӕной ӕмӕ сын дӕттой зонындзинӕдтӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинад.

Иуӕй-иу католикты ныфс ис, моладзандӕттӕм куы ацӕуой ӕмӕ сӕ цард моладзанты кӕнӕ ус-моладзанты хъуыддагӕн куы снывонд кӕной, уӕд сӕ бон кӕй суыдзӕн ӕппынӕдзухдӕр дунейы адӕмы тыххӕй кувын ӕмӕ сын афтӕмӕй баххуыс кӕнын. Милуангай католиктӕ тырнынц Мариайы хорзӕх райсынмӕ, ӕмӕ йын уый тыххӕй фӕдзурынц кӕй сахуыр кодтой, ахӕм куывтытӕ, уыимӕ хаттӕй-хатт кувгӕ-кувын фӕхъазынц фӕрдгуыты халӕй. Скӕсӕны бирӕтӕ пайда кӕнынц кувӕнгуыройтӕй. Протестанттӕ арӕх фӕфӕлхат кӕнынц, Хицауы куывд кӕй хонӕм, уый ныхӕстӕ, кӕд сӕ хъуыдытӕ Хуыцауӕн ӕнӕуи дӕр фӕдзурынц, уӕддӕр. Бирӕ дзуттӕгтӕ та дардӕй дӕр кувынмӕ ӕрцӕуынц Иерусалиммӕ, Хъарджыты сисмӕ; уыдон ныфс ис, ӕмӕ сӕ куывтыты фӕрцы кувӕндон ногӕй арӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Иерусалиммӕ йӕ кӕддӕры фӕрныгад ӕмӕ сабырдзинад кӕй ӕрыздӕхдзӕн.

О, фӕлӕ кӕд милуангай адӕймӕгтӕ стыр зӕрдиагӕй кувынц, уӕддӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц дунейы бӕллӕхтӕ, зӕгъӕм, дунейы фылдӕр кӕны мӕгуырты нымӕц, адӕм тынгӕй-тынгдӕр ӕфтынц ӕвзӕр хъуыддӕгтыл, хӕлы бинонты цард; уӕдӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ хӕстытӕ дӕр къаддӕр нӕ кӕнынц, фӕлӕ фылдӕрӕй-фылдӕр. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ утӕппӕт адӕм раст ма кувой? Ӕмӕ куывтытӕ ӕцӕгдӕр исчи хъусы?

Куывтытӕ исчи хъусы?

Адӕймаджы куывдмӕ куы ничи хъуса, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕрз дзӕгъӕлы у. Адӕймаг куы фӕкувы, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, уый ныфс вӕййы, ӕмӕ йӕ ӕнӕуынгӕ дунейӕ чидӕр кӕй хъусы. Фӕлӕ куывд хуымӕтӕг зӕлон уылӕнты уылты нӕ цӕуы ӕрвыст. Бирӕты уырны, кӕй ис ахӕм чидӕр, чи йӕм кувы, уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ кӕсын кӕй бон у. Чи у уыцы чидӕр?

Адӕймаджы сӕрымагъзы цъар цы миллиардгай нейронтӕй конд у, уыдоны мидӕг хъуыдытӕ куыд ӕвзӕрынц, уый ахуыргӕндтӕ нӕ зонынц. О, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕймаджы хъуыдытӕ никӕй бон у кӕсын. Не Скӕнӕг Хуыцау Иегъовӕ зоны адӕймаджы хъуыдытӕ (Псалом 82:19, СПб; Раргомад 4:11). Куывтытӕ хъуамӕ здӕхт уой уымӕ. Фӕлӕ цымӕ Иегъовӕ, чи йӕм кувы, уыдонӕй алкӕмӕдӕр хъусы?

Хуыцау ӕппӕт куывтытӕ дӕр хъусы?

Израилы рагон паддзах Давид уыд ӕцӕг кувӕг лӕг. Уый уыд псаломзарӕггӕнӕг ӕмӕ Хуыцауы удцырынӕй зарыд: «Ды хъусыс кувын; Дӕумӕ ӕрызгъоры алкӕцы буар» (Псалом 64:3). Зӕххыл цы мингай ӕвзӕгтӕ ис, уыдонӕй адӕймаг цыфӕнды ӕвзагыл дӕр ма кува, уӕддӕр ӕй Иегъовӕ ӕмбары. Адӕймаджы зондӕн йӕ бон уыйбӕрц информаци исын кӕй нӕу, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ бон нӕу, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕм чи кувы, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр лӕмбынӕг хъусын.

Йесо Чырысти дӕр уыд кувӕг адӕймаг ӕмӕ уый бамбарын кодта, Хуыцауы зӕрдӕмӕ алы куывд кӕй нӕ цӕуы, уый. Цымыдисаг у, уӕды рӕстӕджы-иу бирӕтӕ куывтытӕ кӕй сахуыр кодтой ӕмӕ-иу сӕ ӕппынӕдзух кӕй фӕлхат кодтой, уый тыххӕй Йесо цы загъта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дыгъал-дыгъул ма кӕнут, уӕхи хизут ӕнӕхъуаджы фӕлхатӕй» (Матфейы 6:7, сноскӕ, НД). Куывды мидӕг нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы нӕ дзурӕм, уӕд нӕм Иегъовӕ нӕ хъусдзӕн.

Хуыцау иуӕй-иу куывтытӕ цӕуылнӕ исы, уый тыххӕй Библийы иу фӕсномыг ныхасы дзырдӕуы: «Закъонмӕ чи нӕ хъусы, уымӕн йӕ куывд дӕр у ӕлгъаг» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 28:9). Ӕндӕр ӕмбисонд та афтӕ дзуры: «Иегъовӕ дард у фыдгӕнджытӕй, рӕстгӕнджыты куывтытӕм та хъусы» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:29). Рагон Иудейы сӕргълӕуджытӕ тӕригъӕды сӕрӕй куы аныгъуылдысты, уӕд сын Иегъовӕ загъта: «Уӕ къухтӕ мӕм куы фӕивазут, уӕд мӕ цӕстытӕ сӕхгӕнын. Цасфӕнды мӕм ма куват, уӕддӕр уӕм нӕ хъусдзынӕн; уӕ къухтӕ тугамӕст сты» (Исай 1:1, 15).

Апостол Петр дӕр банысан кодта, Хуыцау ма куывтытӕ ноджыдӕр цӕй тыххӕй нӕ исы, уый. Уый ныффыста: «Лӕгтӕ, уӕ устытӕм здӕхут ӕмбарындзинады, куыд ӕдыхдӕр мигӕнӕнмӕ, цытджын даргӕйӕ уыдоны, куыд амондджын царды бынтӕй ӕмхайджынтӕ, цӕмӕй уын уӕ куывды къуылымпытӕ ма уа» (1 Петры 3:7). Ацы уынаффӕмӕ йӕ хъус цы адӕймаг нӕ дары, уымӕн йӕ куывтытӕ йӕ уатӕй дарддӕр нӕ хӕццӕ кӕнынц!

Уӕдӕ нын цӕмӕй Хуыцау нӕ куывтытӕ хъуса, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм бӕлвырд домӕнтӕ. Фӕлӕ кувӕг адӕмӕй бирӕтӕн сӕ хъуыддӕгтӕ дзурӕг сты, Хуыцау нӕ цы домы, уый аразын сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр кӕй нӕй, ууыл. Ӕмӕ растдӕр уый тыххӕй не ’ндавынц сӕ куывтытӕ дунейы уавӕрыл хуыздӕрырдӕм.

Цавӕр сты уыцы домӕнтӕ? Ацы фарстайы дзуапп ӕнгом баст у, куывдӕн йӕ нысаниуӕг цы у, уыимӕ. Куывтытӕ исты пайда сты ӕви нӕ, уый зонын нӕ кӕд фӕнды, уӕд ӕнӕмӕнг хъуамӕ ӕмбарӕм куывтытӕн сӕ нысан цы у, уый. Цӕй тыххӕй нын радта Иегъовӕ йемӕ ныхас кӕныны фадат?

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

G.P.O., Иерусалим.