Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕмӕн хъӕуы кувын?

Цӕмӕн хъӕуы кувын?

Цӕмӕн хъӕуы кувын?

«КУРУТ ӕмӕ нӕ исут, уымӕн ӕмӕ хорздзинадӕн нӕ курут... Ӕрхӕстӕг ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм ӕрхӕстӕг уыдзӕн» (Иаковы 4:3, 8). Ацы ныхӕстӕ загъта Йесойы ахуыргӕнинаг Иаков ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕнынц цӕй тыххӕй фӕкувӕм, ууыл ахъуыды кӕнынмӕ.

Куывд ӕрмӕст уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй нӕ цы хъӕуы, уый курӕм Хуыцауӕй. Йесо йӕ зындгонд Уӕлхох уацамынды загъта: «Зоны уӕ Фыд, Уымӕй ракурыны размӕ хъуаг цӕмӕй стут, уый». Фӕлӕ ма Йесо ноджыдӕр загъта: «Курут, ӕмӕ лӕвӕрд уыдзӕн сымахӕн» (Матфейы 6:8; 7:7). Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ исты куы фӕхъӕуы, уӕд ын дзурӕм уый тыххӕй. Фӕлӕ куывд ӕрмӕст уый тыххӕй нӕу.

Ӕцӕг хӕлӕртты исты куы фӕхъӕуы кӕрӕдзийӕ, ӕрмӕст уӕд нӕ фӕныхас кӕнынц. Уыдон ӕппынӕдзух дӕр хъуыды кӕнынц кӕрӕдзийыл ӕмӕ цас фылдӕр дзурынц кӕрӕдзийӕн сӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, уыйас ӕнгомдӕр ӕмӕ тыхджындӕр кӕны сӕ хӕлардзинад. Афтӕ куывдӕн дӕр йӕ нысаниуӕг, цы дӕ хъӕуа, уый ракурынӕй бирӕ стырдӕр у. Уый у диссаджы фадат, Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕнувыд кӕй стӕм, уый равдисынӕн ӕмӕ йемӕ нӕ ахастытӕ фидардӕр кӕнынӕн.

О, Хуыцау нын уыцы кадджын бар уый тыххӕй радта, цӕмӕй нын йемӕ ӕнгом ахастытӕ уа. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн ис, уыцы иу сахуыргонд куывтытӕ дзургӕйӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн нӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, циндзинӕдтӕ, ӕхсызгон хъуыдытӕ куы дзурӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Цӕй стыр циндзинад у, ӕвӕдза, Иегъовӕимӕ куывды мидӕг ныхас кӕнын! Уымӕй дарддӕр Библи йӕхӕдӕг дзуры: «Рӕстаг адӕмы куывд... ын ӕхсызгон у» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:8).

«Мӕнӕн хорз [у] Хуыцауимӕ цӕрын»,— зарыд псаломзарӕггӕнӕг Асаф (Псалом 72:28, СПб). Фӕлӕ цӕмӕй нӕ бон уа зӕгъын, Хуыцау мӕ хӕлар у, зӕгъгӕ, уый тыххӕй ӕрмӕст кувын фаг нӕу. Ӕркӕсӕм, уый тыххӕй Библи цы дзуры, уымӕ:

«Йӕ [Йесойы] ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта Уымӕн: Хицау! сахуыр кӕн мах кувын». Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Куы кувут, дзурут: мах Фыд, ӕрвтыл уӕвӕг! сыгъдӕг уӕд Дӕ ном; ӕрцӕуӕд Дӕу Паддзахад» (Лукайы 11:1, 2). Уӕдӕ ма ахъуыды кӕн, Хуыцауӕн йӕ ном куыд у ӕмӕ йӕ куыд срухс кӕндзӕн, уый уал куы нӕ базонӕм, уӕд нӕ куывтыты мидис куыд хъуамӕ уа? Науӕд Хуыцауы Падзахад цы у, уый куы не ’мбарӕм, уӕд нӕ куывтытӕ, Йесо цы загъта, уымӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ уой? Ацы фарстытӕн мах дзуапп ссардзыстӕм, Библимӕ лӕмбынӕг куы ӕркӕсӕм, уӕд. Цы зонындзинӕдтӕ дзы райсӕм, уыдон нын баххуыс кӕндзысты куыд Хуыцау чи у, уый базонынӕн, афтӕ йӕ фӕндӕгтӕ базонынӕн дӕр. Уымӕй дарддӕр Иегъовӕимӕ куы базонгӕ уӕм, уӕд нын уыдзӕн бирӕ зынаргъдӕр ӕмӕ йыл уыдзыстӕм ӕнувыддӕр. Ӕмӕ нын уӕд ӕнцондӕр уыдзӕн йемӕ куывды мидӕг ныхас кӕнын.

Куывд ӕххуыс кӕны зындзинӕдтӕ фӕразынӕн

Иегъовӕимӕ нын ӕнгом ахастытӕ куы уа, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн зындзинӕдтӕ фӕразынӕн. Нӕ хъус ӕрдарӕм, дӕлдӕр цы цаутӕ цӕуы хаст, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр кувын куыд баххуыс кодта, уымӕ. Уыцы цардӕй ист дӕнцӕгтӕ ӕвдисынц, бӕлвырд адӕймӕгтӕн куывды фӕрцы Иегъовӕимӕ сӕ ахастытӕ кӕй фенгомдӕр сты, уый.

Бразилийы иу сылгоймаг, Мариа, зӕгъгӕ, куывта Хуыцаумӕ ӕххуысмӕ. Уый уыд ӕхсӕнады сфидаргонд фӕтк ӕмӕ домӕнты ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ дзы алырандӕр уыдта цӕстмӕ митӕ. Мариа уый онг ӕрцыд ӕмӕ йӕ хӕдзар, йӕ лӕг ӕмӕ йӕ сывӕллӕты дӕр ныууагъта. Уый райдыдта наркотиктӕ аразын. Фӕлӕ йын уый амонд куы нӕ ӕрхаста, уӕд йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзырдта Хуыцауӕн ӕмӕ дзы ӕххуыс ракуырдта.

Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Мариамӕ ӕрбацыдысты дыууӕ сылгоймаджы, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ йын ныууагътой журнал «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», цыран дзырд цыдис, адӕймаг Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд ын уый цы пайда хӕссы, уый тыххӕй. Статья йыл афтӕ тынг бандӕвта, ӕмӕ Мариа Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ уыцы бон ахуыр кӕнын райдыдта Библи. Фӕстӕдӕр ногӕй бацард йӕ лӕгимӕ. Цас фылдӕр зонындзинӕдтӕ иста Иегъовӕйы тыххӕй, уыйас ӕй тынгдӕр уарзта, ӕмӕ йӕ тынгдӕр фӕндыд йӕ уарзондзинад хъуыддӕгтӕй ӕвдисын. «Ӕз ивын райдыдтон хуыздӕрырдӕм,— дзуры Мариа.— Райдианы мӕ лӕг ӕмӕ мӕ бинонты зӕрдӕмӕ нӕ цыд, Библи кӕй ахуыр кӕнын, уый, фӕлӕ мӕ цард афтӕ тынг кӕй фӕивта, уый куы федтой, уӕд ма мӕ сӕхӕдӕг дӕр разӕнгард кодтой уыцы хъуыддагмӕ». Фӕстӕдӕр Мариа йӕ цард снывонд кодта, куывтытӕм Чи хъусы, уыцы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн.

Кӕд Хосейӕн тынг рӕсугъд ус уыд ӕмӕ тынг хорз цыд йӕ сӕудӕджерады хъуыддаг Боливийы, уӕддӕр уый уыд ӕнамонд. Сылгоймӕгты фӕдыл кӕй цыд, уый аххосӕй йӕ йӕ ус ныууагъта. Уый нозтыл бафтыд ӕмӕ йын йӕ цард ад нал кодта. Хосе дзуры: «Уӕд ӕз райдыдтон зӕрдӕбынӕй кувын Хуыцаумӕ ӕмӕ йӕ фарстон, цы кӕнгӕ мын у, цӕмӕй йӕ зӕрдӕмӕ цӕуон, уый тыххӕй. Иу-цасдӕры фӕстӕ мӕм куыстмӕ ӕрбацыдысты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ мын загътой, хӕдзары Библи лӕвар ахуыр кӕныны тыххӕй, фӕлӕ сын ӕз не сразы дӕн. Афтӕ уыд ӕртӕ хатты. Цал хатты куывтон ӕххуысмӕ, уал хатты-иу мӕм ӕрбацыдысты Ӕвдисӕнтӕ. Ӕппынфӕстаг мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ, иннӕ хатт ма мӕм куы ӕрбацӕуой, уӕд сӕм ӕнӕмӕнг хъуамӕ байхъусон. Ӕз Библи сӕрӕй-кӕронмӕ бакастӕн ӕмӕ мӕм уыд бирӕ фарстытӕ, фӕлӕ мын алкӕцы фарстӕн дӕр ахӕм дзуапп радтой, ӕмӕ-иу разыйӕ баззадтӕн. Иегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон, уый мын мӕ цардӕн радта ног нысан ӕмӕ мын Ӕвдисӕнты ’хсӕн цы ӕрдхӕрдтӕ уыд, уыдон та мын цӕй диссаджы дӕнцӕгтӕ уыдысты! Ӕз ныууагътон мӕ хӕзгул сылгоймаджы ӕмӕ кӕимӕ нуӕзтон, уыцы ӕмбӕлтты. Цасдӕры фӕстӕ фӕстӕмӕ ӕрцыдтӕн мӕ ус ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕм. 1999 азы райдианы райстон донаргъуыд».

Италийӕ иу сылгоймаг Тамарӕйы бинонты цард афтӕ схӕццӕ, ӕмӕ куывта Хуыцаумӕ, цӕмӕй дарддӕр куыд бакодтаид, уый йын бацамыдтаид. Йӕ бинонтӕ йӕ арӕх фыднад кӕй кодтой ӕмӕ йӕ цыппӕрдӕсаздзыдӕй хӕдзарӕй кӕй расырдтой, уымӕ гӕсгӕ Тамарӕмӕ сдзырд нӕ уыд. Уый дзуры: «Ӕз ссардтон Библи ӕмӕ йӕ кӕсын райдыдтон. Иу изӕр дзы бакастӕн, зонд ссарын, зынаргъ хӕзнатӕ куыд ссарай, афтӕ кӕй у, уый. Ӕз скуывтон уыцы зонды тыххӕй (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:1—6). Дыккаг бон мӕм райсомӕй ӕрбацыдысты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Райдыдтон семӕ Библи ахуыр кӕнын, фӕлӕ цы ӕвзӕр хъуыддӕгтыл фӕцайдагъ дӕн, уыдон ныууадзынӕн мын бахъуыд цасдӕр рӕстӕг. Ӕппынфӕстаг мӕхицӕн фидарӕй загътон, чырыстон фӕндаг кӕй уыдзӕн мӕ царды фӕндаг, ӕмӕ донаргъуыд райстон. Ныр мӕ моимӕ иумӕ ӕххуыс кӕнӕм иннӕ адӕмӕн дӕр Хуыцауы зондджындзинадӕй пайда исынӕн».

Беатриз горӕт Каракасы (Венесуэлӕ) нымад уыд уӕздӕттыл. Фӕлӕ уый хицӕн уыд йӕ лӕгӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕхи хатыд тынг ӕнамонд. Иу хатт афтӕ тынг тыхст уыд, ӕмӕ ӕнӕхъӕн цалдӕр сахаты кодта кувгӕ. Дыккаг райсом фӕцыд дуары дзӕнгӕрӕг. Беатриз мӕстыйӕ акаст дуары хуынкъӕй ӕмӕ дзы федта дыууӕ адӕймаджы пъартфелтимӕ. Йӕхи афтӕ скодта, цыма хӕдзары нӕй, фӕлӕ уыцы къай сӕ ацӕуыны размӕ дуары бынты баппӕрстой цыдӕр гӕххӕтт. Уым фыст уыд: «Базон дӕ Библи». «Цымӕ се ’рбацыд, ӕхсӕвы цӕй тыххӕй куывтон, уыимӕ исты хуызы баст у»,— ахъуыды кодта Беатриз ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ раздӕхта. Иу цасдӕры фӕстӕ семӕ ахуыр кӕнын райдыдта Библи ӕмӕ фӕстӕдӕр райста донаргъуыд. Ныр Беатриз у амондджын ӕмӕ иннӕтӕн дӕр амоны амондхӕссӕг фӕндаг.

Кармен куывта, фырмӕгуырдзинадимӕ тох кӕнынӕй кӕй бафӕлмӕцыд, уый тыххӕй. Уыдис ын дӕс сывӕллоны ӕмӕ расыггӕнаг лӕг Рафаэль. «Маамӕлайы къӕбӕры фаг-иу ӕхца бакуыстон, кӕйдӕргӕрзтӕ ӕхсгӕйӕ»,— загъта Кармен. Сӕ мӕгуырдзинад сын фаг нӕ уыд, ӕмӕ ма йӕ лӕг ноджы тынгдӕр нуазын райдыдта. «Ӕрмӕстдӕр Библи куы райдыдтам ахуыр кӕнын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ, уӕд райдыдта мӕ лӕг ивын. Мах базыдтам Паддзахады тыххӕй: рӕхджы Хуыцау адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуырдзинадӕй. Кӕдӕй-уӕдӕй мын Хуыцау мӕ куывтытӕ фехъуыста!» Рафаэль Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ кӕй базыдта, уый фӕрцы ныууагъта йӕ нозт ӕмӕ сси «ног адӕймаг» (Ефесӕгтӕм 4:24). Сӕ бинонты цард цадӕггай йӕ къахыл слӕууыд. Рафаэль дзуры: «Кӕд хӕздыг нӕ цӕрӕм ӕмӕ нын нӕхи хӕдзар дӕр нӕй, уӕддӕр къӕбӕрцух ӕмӕ бӕгънӕг не ’ййафӕм, мах стӕм амондджын».

Ӕппӕт куывтытӕн дӕр кӕд уыдзӕн дзуапп

Уыцы адӕймӕгтӕн сӕ куывтытӕ исты ӕххуыс фесты? Бӕгуыдӕр! Фӕхатыдтӕ йӕ, сӕ куывтытӕн-иу дзуапп кӕй райстой, чырыстон ӕмбырдӕй-иу сын чидӕр Библи ахуыр кӕныны уылты Иегъовӕ Хуыцауимӕ хорз ахастытӕ скӕнынӕн куы баххуыс кодта, уӕд? (Куыстытӕ 9:11).

Уӕдӕ нын Хуыцаумӕ кувынӕн ис бирӕ аххосӕгтӕ. Тагъд рӕстӕджы Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн йӕ лӕггадгӕнджыты куывд, цыран уыдон курынц, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕстгонд цӕуа зӕххыл (Матфейы 6:10). Хуыцау йӕ ныхмӕлӕуджыты иууылдӕр куы фесафа, уӕд «зӕхх байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы тыххӕй базонынадӕй» (Исай 11:9). Ӕмӕ уӕд Иегъовӕйы чи уарзы, уыдон сӕхиуыл ӕвзардзысты «Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинад» ӕмӕ сын Хуыцау ӕххӕст кӕндзӕн сӕ куывтытӕ (Ромӕгтӕм 8:18—21).

[Ныв 7 фарсыл]

Кувын нӕ цӕмӕн хъӕуы, уый ӕмбарыс?