Чи сты абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ?
Чи сты абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ?
«Нӕ хъару у Хуыцауӕй: Уый нын ратта хъару Ног Фӕдзӕхсты [«ног цӕдисы», НД] кусджытӕ уӕвынмӕ» (2 КОРИНФӔГТӔМ 3:5, 6).
1, 2. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн цавӕр хӕслӕвӕрд уыд, фӕлӕ уавӕртӕ куыд фӕивтой?
НӔ ЭРӔЙЫ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй алкӕмӕндӕр уыд ахсджиаг хӕслӕвӕрд — хорз уацхъуыд хъусын кӕнын. Уыдонӕй алчидӕр уыд сыгъдӕг удӕй сӕрст ӕмӕ ног цӕдисы лӕггадгӕнӕг. Иуӕй-иутӕн ма уыд ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ дӕр, зӕгъӕм, ӕмбырды ахуыр кӕнын (1 Коринфӕгтӕм 12:27—29; Ефесӕгтӕм 4:11). Ныййарджытӕн ма хӕдзары дӕр уыд ахсджиаг хӕслӕвӕрдтӕ (Колоссӕгтӕм 3:18—21). Фӕлӕ иууылдӕр хайад истой ӕппӕты сӕйрагдӕр ӕмӕ тынг ахсджиаг хъусын кӕныны хъуыддаджы. Чырыстон Грекъаг Фыстыты оригиналы ацы хӕслӕвӕрд ӕмбӕрстгонд цӕуы дзырд диакони-йӕ — лӕггаддзинад (Колоссӕгтӕм 4:17).
2 Рӕстӕг куыд цыд, уавӕртӕ дӕр афтӕ ивтой. Хъусын кӕныны хӕслӕвӕрд йӕхимӕ чи райста, уыцы къорд фӕхицӕн ӕмӕ йӕ райдыдтой хонын сауджынад (Куыстытӕ 20:30). Сӕхи чырыстӕттӕ чи хуыдта, уыдонӕн сауджынад уыд сӕ чысыл хай. Стырдӕр къорд та схуыдтой аргъуанмӕ цӕуджытӕ. Аргъуанмӕ цӕуджытӕн кӕд бамбарын кодтой, ахсджиаг хӕслӕвӕрдтӕ сыл кӕй ис, уый, уыимӕ ма сауджынад дарынӕн мысайнӕгтӕ дӕттын дӕр, уӕддӕр сӕ фылдӕр хъусын нал кодтой, фӕлӕ систы ӕрмӕст хъусджытӕ.
3, 4. а) Чырыстон дунейы аргъуаны кусӕг суӕвынӕн цы хъӕуы? ӕ) Чырыстон дунейы аргъуаны кусӕгыл чи у нымад ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм афтӕ цӕуылнӕ у?
3 Сауджынтӕ сӕхи хонынц Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ (рагон грекъагау диаконос — «лӕггадгӕнӕг») *. Цӕмӕй сауджынтӕ суой, уый тыххӕй уыдон фӕахуыр кӕнынц скъолатӕ кӕнӕ семинариты ӕмӕ нысангонд ӕрцӕуынц аргъуаны кусджытӕй. Иу библион энциклопеди куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй дзырд «„нысан кӕнын“ амоны адӕймагӕн бӕрӕг ӕгъдӕуттӕ сӕххӕст кӕныны фӕстӕ аргъуаны кусӕджы кӕнӕ сауджыны бартӕ радтын; нысангонд чи ӕрцӕуы, уымӕн йӕ бон вӕййы Хуыцауы Ныхас амонын кӕнӕ аргъуаны кусын, кӕнӕ та дыууӕ дӕр иумӕ кӕнын» («The International Standard Bible Encyclopedia»). Чи снысан кӕны кусджыты? «Ног бритайнаг энциклопедийы» дзырдӕуы: «Абоны онг дӕр ма епископтӕ цы аргъуанты ис, уым аргъуаны кусджыты снысан кӕны епископ. Пресвитерон аргъуанты та уый фӕаразынц пресвитертӕ».
4 Уӕдӕ чырыстон дунейы аргъуанты алкӕмӕн йӕ бон нӕу кусын. Фӕлӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм афтӕ нӕу. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды афтӕ нӕ уыд.
Чи сты Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ?
5. Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй ис схонӕн?
5 Библимӕ гӕсгӕ Иегъовӕйӕн чи кувы, уыдон — уӕларвыл уой ӕви зӕххыл — иууылдӕр сты йӕ лӕггадгӕнджытӕ. Зӕдтӕ лӕггад кодтой Йесойӕн (Матфейы 4:11; 26:53; Лукайы 22:43). Зӕдтӕ ма сты «кусынмӕ ӕрвыст уыдонӕн, кӕцытӕ хъуамӕ райсой ирвӕзындзинад» (Дзуттытӕм 1:14; Матфейы 18:10). Йесо дӕр уыд лӕггадгӕнӕг. Уый загъта: «Адӕймаджы Фырт уый тыххӕй нӕ ӕрцыд, цӕмӕй Уымӕн лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй балӕггад кӕна» (Матфейы 20:28; Ромӕгтӕм 15:8). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ дӕр кӕд фӕдзӕхст сты, цӕмӕй «йӕ къахфӕдтыл цӕуой», уӕд уыдон дӕр хъуамӕ уой лӕггадгӕнджытӕ (1 Петры 2:21).
6. Йесо куыд бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй хъуамӕ уой, уый?
6 Йесо уӕларвмӕ ссӕуыны хӕдразмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй», НД], аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ уӕвгӕйӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ цӕттӕ кодтаиккой ахуыргӕнинӕгтӕ — лӕггадгӕнджытӕ. Сӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ сӕ хъус дардтаиккой, Йесо цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уымӕ, уырдӕм та хаудта цӕуын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фӕдзӕхст дӕр. Йесо Чырыстийы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ — нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, зӕрӕдтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ — иууылдӕр-иу систы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ (Иоил 2:28, 29).
7, 8. а) Цавӕр стихтӕй у бӕрӕг, ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уый? ӕ) Цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры нысан кӕныны тыххӕй?
7 Уымӕ гӕсгӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, ӕрӕмбырд сты ӕмӕ иумӕ дзурын райдыдтой «Хуыцауы стыр хъуыддӕгтыл» (Куыстытӕ 2:1—11). Уымӕй уӕлдай ма апостол Павел ныффыста: «Зӕрдӕйӕ ӕууӕндынц рӕстдзинадмӕ, дзыхӕй та ӕргом кӕнынц ирвӕзындзинадмӕ [«адӕмӕн хъусын кӕнынц ирвӕзындзинад», НД]» (Ромӕгтӕм 10:10). Павел ацы ныхӕстӕ арвыста сауджынты гыццыл къордмӕ нӕ, фӕлӕ «се ’ппӕтмӕ, Ромы чи ис, Хуыцауӕн уыцы уарзон адӕммӕ» (Ромӕгтӕм 1:1, 7, НФ). Афтӕ «Ефесы чи уыд, уыцы сыгъдӕджытӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийыл уырнӕджытӕ» дӕр хъуамӕ сӕ «къахы дарӕс скӕнгӕйӕ, фарн хъусын кӕнынмӕ» цӕттӕ уыдаиккой (Ефесӕгтӕм 1:1, НФ; 6:15). Ӕмӕ дзуттаг чырыстӕттӕм ӕрвыст фыстӕджы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдон та хъуамӕ «хӕцыдаиккой ӕргомгонд ӕнхъӕлцаудзинадыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ [«фидар хӕцыдаиккой, цӕмӕй сӕ ныфсы тыххӕй адӕмы ’хсӕн фӕндфидарӕй хъусын кодтаиккой», НД]» (Дзуттытӕм 10:23).
8 Уӕдӕ адӕймаг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕд свӕййы? Ӕндӕр ныхасӕй, нысангонд кӕд ӕрцӕуы? Ӕмӕ йӕ чи снысан кӕны?
Лӕггадгӕнӕгӕй нысан кӕнын — кӕд?
9. Йесо кӕд ӕрцыд нысангонд Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕй ӕмӕ йӕ чи снысан кодта?
9 Адӕймаджы лӕггадгӕнӕгӕй кӕд снысан кӕнынц ӕмӕ йӕ чи снысан кӕны, уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм Йесо Чырыстийы дӕнцӕгмӕ. Уымӕ нӕ уыд, Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕй нысангонд кӕй ӕрцыд, уый гӕххӕтт кӕнӕ цавӕрдӕр семинари кӕй фӕци, уый бӕлвырдгӕнӕн, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕй адӕймаг не снысан кодта. Уӕдӕ нӕ бон цӕмӕн у зӕгъын, уый Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй уыд, уый? Уымӕн ӕмӕ йыл сӕххӕст сты, Исай Хуыцауы удцырынӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Хицауы Уд Мӕныл; уымӕн ӕмӕ Уый байсӕрста Мӕн хорз уацхъуыд... хъусын кӕнынмӕ» (Лукайы 4:17—19; Исай 61:1). Уыцы ныхӕстӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зыны, Йесойӕн хӕсгонд кӕй уыд хорз уацхъуыд хъусын кӕнын. Чи йын ӕй бахӕс кодта? Кӕд ӕй уыцы куыст ӕххӕст кӕнынӕн Иегъовӕйы сыгъдӕг уд байсӕрста, уӕд бӕрӕг у, Йесойы ӕцӕгдӕр Иегъовӕ Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй снысан кодта, уый. Кӕд? Иегъовӕйы сыгъдӕг уд Йесойыл ӕрцыд, донаргъуыд куы райста, уӕд (Лукайы 3:21, 22). Уымӕ гӕсгӕ уый нысангонд ӕрцыд донаргъуыды рӕстӕджы.
10. Чырыстон лӕггадгӕнӕгӕн хъару чи дӕтты?
10 Цы ис зӕгъӕн, Йесойӕн фыццаг ӕнусы цы фӕдылдзӕуджытӕ уыд, уыдонӕй та? Уыдоны дӕр Иегъовӕ снысан кодта лӕггадгӕнджытӕй. Павел загъта: «Нӕ хъару у Хуыцауӕй: Уый нын ратта хъару Ног Фӕдзӕхсты кусджытӕ уӕвынмӕ» (2 Коринфӕгтӕм 3:5, 6). Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд цӕттӕ кӕны, цӕмӕй лӕггад кӕной? Ӕркӕсӕм Тимофейы дӕнцӕгмӕ, кӕцыйы Павел схуыдта «Хуыцауы кусӕг ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕныны нӕ ӕмкусӕг» (1 Фессалоникӕгтӕм 3:2).
11, 12. Цы ӕххуыс кодта Тимофейӕн, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнӕг суыдаид?
11 Дӕлдӕр хаст ныхӕстӕ хауынц Тимофеймӕ ӕмӕ нын ӕмбарын кӕнынц, уый лӕггадгӕнӕг куыд сси, уый: «Ды та цӕуыл ахуыргонд дӕ, ӕмӕ дын цы баргонд у [«фидарӕй цӕуыл баууӕндыдтӕ», НД], уый мидӕг лӕуу, зонгӕйӕ чи дӕ сахуыр кодта; уыимӕ гыццылӕй нырмӕ зоныс ды сыгъдӕг Фыстытӕ, кӕцытӕ дын зонд ратдзысты ирвӕзындзинадмӕ, Йесо Чырыстийыл уырнындзинадӕй» (2 Тимофеймӕ 3:14, 15). Тимофейы адӕмы ’хсӕн дзурынмӕ цы уырнындзинад разӕнгард кодта, уый бындур уыди, Библи кӕй зыдта, уый. Цымӕ Библи йӕхӕдӕг кӕй каст, уый йын фаг уыди? Нӕ. Тимофейы хъуыд ӕххуыс, цӕмӕй йӕм уыдаид бӕлвырд зонындзинӕдтӕ ӕмӕ чырыстон ӕмбаргӕдзинад (Колоссӕгтӕм 1:9). Уӕдӕ Тимофей «фидарӕй баууӕндыд» (НД). Уый «гыццылӕй нырмӕ» зыдта сыгъдӕг Фыстытӕ, ӕмӕ йӕ фыццаг зондамындтӕ райста йӕ мад ӕмӕ йӕ мады мадӕй; йӕ фыд та, ӕвӕццӕгӕн, уырнӕг нӕ уыд (2 Тимофеймӕ 1:5).
12 Фӕлӕ ӕрмӕст уый фӕрцы не сси Тимофей Хуыцауы лӕггадгӕнӕг. Йӕ уырнындзинад фидар кодта, сыхаг ӕмбырдты цы чырыстӕттӕ уыд, уыдонимӕ-иу кӕй ӕмбӕлд, уымӕй. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Павел фыццаг хатт Тимофейыл куы сӕмбӕлд, уӕд ӕвзонг лӕппуйы, «Листры ӕмӕ Иконы цы ӕфсымӕртӕ уыдис, уыдон... хорзӕй бавдыстой» (Куыстытӕ 16:2, НФ). Уымӕй уӕлдай ма-иу уыцы бонты хистӕр ӕфсымӕртӕ фыстой фыстӕджытӕ ӕмбырдтӕм, цӕмӕй-иу сӕ бафидар кодтаиккой. Ӕмбырдтӕ ма-иу фидар кодтой цӕстдарджыты бацыдӕй дӕр. Ахӕм хъуыддӕгтӕ Тимофейы хуызӕн чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинадӕн ахъаз уыдысты (Куыстытӕ 15:22—32; 1 Петры 1:1).
13. Тимофей лӕггадгӕнӕгӕй нысангонд кӕд ӕрцыд ӕмӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, уырнындзинады дарддӕр ӕнтыстджын кӕй уыд, уый?
13 Йесойы уынаффӕмӕ нӕ хъус куы ӕрдарӕм, кӕцы ис Матфейы 28:19, 20-ӕм стихты, уӕд нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Тимофейы йӕ уырнындзинад кӕй сразӕнгард кодта Йесойы бафӕзмынмӕ ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ (Матфейы 3:15—17; Дзуттытӕм 10:5—9). Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Тимофей сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Хуыцауӕн нывонддзырд кӕй радта. Донаргъуыд райсгӕйӕ, Тимофей сси Хуыцауы лӕггадгӕнӕг. Уыцы хъуыддаджы фӕстӕ уый йӕ цард, йӕ хъарутӕ, иудзырдӕй, алцыдӕр снывонд кодта Хуыцауӕн. Уый уыд йӕ кувынады, «йӕ сыгъдӕг лӕггаддзинады», ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ хай. Фӕлӕ Тимофей йӕхицӕй нӕ ныббуц. Уый дарддӕр дӕр йӕ уырнындзинад фидар кодта ӕмӕ сси фӕлтӕрдджын чырыстон лӕггадгӕнӕг. Уый уымӕн афтӕ уыд, ӕмӕ Тимофейӕн уыд ӕнгом ахастытӕ Павелы хуызӕн фӕлтӕрдджын чырыстӕттимӕ, сӕрмагондӕй Библи ахуыр кодта ӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын кодта (1 Тимофеймӕ 4:14; 2 Тимофеймӕ 2:2; Дзуттытӕм 6:1).
14. Абон «мыггагмӕйы цардмӕ ӕвзӕрст чи у», уый цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнӕг суа, уый тыххӕй цы фӕаразы?
14 Абон дӕр чырыстон лӕггадгӕнӕгӕй ахӕм фӕткмӕ гӕсгӕ снысан кӕнынц. «Мыггагмӕйы цардмӕ ӕвзӕрст чи у», уымӕн баххуыс кӕнынц, цӕмӕй Библи ахуыр кӕныны фӕрцы Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй базона (Куыстытӕ 13:48). Адӕймаг фӕахуыр кӕны, Библийы принциптӕй царды пайда кӕнын ӕмӕ Хуыцаумӕ раст кувын куыд хъӕуы, ууыл (Псалом 1:1—3; Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:1—9; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17, 18). Уый ӕмбӕлы иннӕ чырыстӕттимӕ ӕмӕ пайда кӕны, «зондджын ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъар» цыдӕриддӕр дӕтты ӕмӕ аразы, уымӕй (Матфейы 24:45—47; Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:20; Дзуттытӕм 10:23—25). Бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ кӕй ахуыр кӕны, уый йын фидардӕр кӕны йӕ уырнындзинад.
15. Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд цы ӕрцӕуы? (Кӕс ма сноскӕмӕ дӕр.)
15 Фӕстагмӕ цымыдисгӕнаг адӕймаг Иегъовӕ Хуыцауы тынгдӕр бауарзы, зӕрдиагӕй баууӕнды ӕлхӕнӕг нывондыл ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ бафӕнды йӕхи йӕ уӕларвон Фыдӕн снывонд кӕнын (Иоанны 14:1). Уыцы хъуыддаг уый саразы, хибарӕй скувгӕйӕ нывонддзырд куы радты ӕмӕ йӕ адӕмӕн донаргъуыдӕй куы равдисы, уӕд. Донаргъуыд у йе снысан кӕныны бӕлвырдгӕнӕн, ӕмӕ уымӕй рабӕрӕг вӕййы, Хуыцауы нывонддзырдрадтӕг лӕггадгӕнӕг, диаконос, кӕй сси, уый. Уыцы адӕймаг хъуамӕ дунейӕ йӕхи хиза (Иоанны 17:16; Иаковы 4:4). Уый йӕхи радты ӕнӕхъӕнӕй дӕр «ӕгас, сыгъдӕг нывондӕн, аккагӕй Хуыцауӕн» (Ромӕгтӕм 12:1) *. Ныр уый у Хуыцауы лӕггадгӕнӕг ӕмӕ фӕзмы Чырыстийы.
Цы у чырыстон лӕггаддзинад?
16. Куыд лӕггадгӕнӕг, афтӕ Тимофейӕн цавӕр хӕслӕвӕрдтӕ уыд?
16 Цы хаудта Тимофейы лӕггаддзинадмӕ? Уыди йын сӕрмагонд хӕслӕвӕрд: ӕххуыс кодта цӕугӕ цӕстдарӕг Павелӕн. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг суӕвгӕйӕ, Тимофей йе ’мчырыстӕтты зӕрдӕбынӕй ахуыр кодта ӕмӕ сӕ фидар кодта. Фӕлӕ Йесо ӕмӕ Павелӕн куыд уыд, афтӕ уымӕн дӕр йӕ лӕггаддзинады сӕйраг бынат ахста хорз уацхъуыд хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матфейы 4:23; 1 Коринфӕгтӕм 3:5). Павел Тимофейӕн загъта: «Фӕлӕ ды цырддзаст у алцӕмӕй дӕр, зындзинӕдтӕ хӕсс [зындзинӕдтӕн фӕраз], ӕххӕст кӕн хорз уацхъуыд хӕссӕджы хъуыддаг, дӕ куыст ӕххӕст кӕн» (2 Тимофеймӕ 4:5).
17, 18. а) Чырыстӕттӕ цавӕр лӕггаддзинады исынц хайад? ӕ) Чырыстон лӕггадгӕнӕгӕн хорз уацхъуыд хъусын кӕнын цас ахсджиаг у?
17 Абоны чырыстон лӕггадгӕнджытимӕ дӕр афтӕ у. Уыдон адӕмӕн лӕггад кӕнынц, хайад исынц хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаджы, адӕмӕн амонынц, сӕ ирвӕзындзинад Йесойы нывондыл кӕй у баст, уый ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмы ахуыр кӕнынц Иегъовӕйы номмӕ сидын (Куыстытӕ 2:21; 4:10—12; Ромӕгтӕм 10:13). Уыдон Библимӕ гӕсгӕ ӕмбарын кӕнынц, тыхст адӕмы ныфс ӕрмӕстдӕр Паддзахад кӕй у ӕмӕ ӕвдисынц, ӕгӕрыстӕмӕй ма абон дӕр цард хуыздӕрырдӕм кӕй ис фӕивӕн, Хуыцауы принциптӕм гӕсгӕ цӕргӕйӕ (Псалом 14:1—5; Маркы 13:10). Фӕлӕ чырыстон лӕггадгӕнӕг ӕхсӕнады фарстытӕ чырыстон принципты руаджы куыд аскъуыддзаг кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй нӕ хъусын кӕны. Уый хыгъд, уый амоны, зӕгъгӕ, «хорз намыс [«Хуыцауы ӕфсарм», НФ], алцӕмӕн дӕр пайда у, зӕрдӕвӕрд уӕвгӕйӕ ныры ӕмӕ ӕрцӕуинаг царды» (1 Тимофеймӕ 4:8).
18 Раст у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ма сӕ фылдӕр ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ дӕр кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый. Бирӕтыл хӕстӕ ис сӕ бинонты ’хсӕн (Ефесӕгтӕм 5:21—6:4). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытыл ис хӕстӕ ӕмбырды (1 Тимофеймӕ 3:1, 12, 13; Титмӕ 1:5; Дзуттытӕм 13:7). Чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕххуыс кӕнынц Паддзахады залтӕ аразынӕн. Иуӕй-иутӕн та ис кадджын хӕслӕвӕрд, цӕмӕй бархи кусджытӕй лӕггад кӕной Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады Вефилы хӕдзӕрттӕй сӕ иуы. Фӕлӕ чырыстон лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр хайад исынц хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаджы. Уыцы куыстӕй сӕрибар ничи у. Уыцы хъуыддаджы хайад кӕй исынц, уымӕй ӕвдисынц, ӕцӕг чырыстон лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уый.
Чырыстон лӕггадгӕнӕджы зондахаст
19, 20. Чырыстон лӕггадгӕнджытӕ цавӕр зондахастыл хъуамӕ кусой?
19 Чырыстон дунейы аргъуаны кусджытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕрмагонд ахастмӕ ӕмӕ сӕхи схонынц ӕнахуыр нӕмттӕ ӕмӕ титултӕй. Фӕлӕ чырыстон лӕггадгӕнджытӕ зонынц, ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ кӕй у аргъуыцӕнкъарынгӕнаг ахасты аккаг (1 Тимофеймӕ 2:9, 10, НД). Чырыстон лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр нӕ тырны, цӕмӕй йӕ уӕлдай кадджын дарой кӕнӕ йын цӕмӕй бӕрзонд титултӕ уа (Матфейы 23:8—12). Уый зоны, дзырд диакони сӕйраджыдӕр кӕй нысан кӕны «лӕггад кӕнын». Уый хуызӕн мивдисӕг Библийы иуӕй-иу хатт пайдагонд фӕцӕуы, адӕймаг искӕмӕн куы фӕлӕггад кӕны, зӕгъӕм, уырдыг куы фӕлӕууы, уӕд (Лукайы 4:39; 17:8; Иоанны 2:5). Ӕмӕ кӕд чырыстон лӕггаддзинадыл дзургӕйӕ, бӕрзонддӕр уавӕрмӕ амоны, уӕддӕр диаконос у лӕггадгӕнӕг.
20 Кӕд афтӕ у, уӕддӕр чырыстон лӕггадгӕнӕг йӕхицӕй нӕ ныббуц вӕййы. Ӕцӕг чырыстон лӕггадгӕнджытӕ, кӕд сыл ӕмбырды бӕрнон хӕстӕ ис, уӕддӕр сты сӕрныллӕг «цагъартӕ». Йесо загъта: «Сымах ӕхсӕн стылдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый уӕд сымахӕн куыд цагъар; ӕмӕ кӕй фӕнды сымах ӕхсӕн фыццаг уӕвын, уый уӕд сымахӕн лӕггадгӕнӕг» (Матфейы 20:26, 27). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ куы цӕхсадта, уӕд сӕххӕст кодта цагъары хӕслӕвӕрд ӕмӕ сын уымӕй равдыста, цавӕр зондахастыл сӕ хъӕуы кусын, уый (Иоанны 13:1—15). Афтӕ сын кӕй балӕггад кодта, уымӕй цӕй диссаджы сӕрныллӕгдзинад равдыста! Уӕдӕ чырыстон лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнынц Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийӕн (2 Коринфӕгтӕм 6:4; 11:23). Уыдон кӕрӕдзийӕн лӕггадгӕнгӕйӕ ӕвдисынц сӕрныллӕгдзинад. Ӕмӕ хорз уацхъуыд куы фӕхъусын кӕнынц, уӕд сӕхи пайдайыл нӕ фӕхъуыды кӕнынц, афтӕмӕй фӕлӕггад кӕнынц сӕ ӕнӕуырнӕг ӕввахсонтӕн (Ромӕгтӕм 1:14, 15; Ефесӕгтӕм 3:1—7).
Фидардзинад лӕггаддзинады
21. Павел лӕггаддзинады фидардзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй хорзӕхджын куыд ӕрцыд?
21 Цӕмӕй Павелы бон лӕггад кӕнын уыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыд фидардзинад. Уый загъта колоссӕгтӕн, зӕгъгӕ, бирӕ фӕхъизӕмар кодтон, цӕмӕй уын хорз уацхъуыд фехъусын кодтаин (Колоссӕгтӕм 1:24, 25). Фӕлӕ фидардзинад кӕй равдыста, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ хорз уацхъуыдмӕ байхъуыстой ӕмӕ систы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Уыдон райгуырдысты куыд Хуыцауы фырттӕ ӕмӕ систы Йесо Чырыстийы ӕфсымӕртӕ, фӕстӕдӕр та хъуамӕ суыдаиккой духовон фӕлдисондтӕ ӕмӕ йемӕ уӕларвыл цардаиккой. Цӕй стыр хорзӕх у уый сӕ фидардзинады тыххӕй!
22, 23. а) Абон чырыстон лӕггадгӕнджыты фидардзинад цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Чырыстон фидардзинад цавӕр диссаджы фӕстиуджытӕм кӕны?
22 Абон Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты дӕр хъӕуы фидардзинад. Бирӕтӕ ӕрвылбон тох кӕнынц низимӕ кӕнӕ зӕронд кӕй сты, уый тыххӕй фыдӕбон кӕнынц. Ныййарджытӕ — бирӕтӕ иунӕгӕй — уӕззау куыст кӕнынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты схъомыл кӕной. Скъоладзаутӕ, сӕ алыварс цы ӕвзӕр ӕндӕвдад ис, уый ныхмӕ ныфсджынӕй лӕууынц. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ тыхсынц экономикон ӕгъдауӕй. Ӕмӕ бирӕтӕ та хъизӕмар кӕнынц фӕдылзылдӕй кӕнӕ та сӕмбӕлынц зындзинӕдтыл, уымӕн ӕмӕ абон «ӕрцыд ӕнахуыр уӕззау рӕстӕджытӕ»! (2 Тимофеймӕ 3:1, НД). О, абон Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн, ӕхсӕз милуаны бӕрц чи сты, уыдонӕн сӕ бон у апостол Павелау зӕгъын: «Алцӕмӕй дӕр ӕвдисӕм нӕхи куыд Хуыцауы кусджытӕ, стыр фӕразондзинады» (2 Коринфӕгтӕм 6:4). Чырыстон лӕггадгӕнджытӕн сӕ ныфс нӕ сӕтты. Уыдон ӕцӕгдӕр раппӕлинаг сты сӕ фидардзинады тыххӕй.
23 Уымӕй уӕлдай, фидардзинад ӕркӕны диссаджы фӕстиуджытӕм, ӕмӕ уый Павел йӕхӕдӕг дӕр бавзӕрста. Фидар фӕлӕугӕйӕ, мах Иегъовӕимӕ нӕ хорз ахастытӕ хъахъхъӕнӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ райын кӕнӕм (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11). Мах фидар кӕнӕм нӕ уырнындзинад ӕмӕ цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ уымӕй фылдӕр кӕнӕм нӕ чырыстон ӕфсымӕрады нымӕц (1 Тимофеймӕ 4:16). Ацы фӕстаг бонты Иегъовӕ фидар кӕны йӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сын сӕ лӕггаддзинадӕн арфӕ кӕны. Уый фӕстиуӕгӕн ӕмбырдгонд ӕрцыдысты, 144 000 ма чи баззад, уыдон, ӕмӕ иннӕ адӕмӕй милуантӕ фидарӕй ӕууӕндынц, кӕй цӕрдзысты ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл (Лукайы 23:43; Раргомад 14:1). Ӕцӕгдӕр, чырыстон лӕггаддзинады зыны Иегъовӕйы хӕларзӕрдӕдзинад (2 Коринфӕгтӕм 4:1). Цӕй ӕмӕ йын аргъ кӕнӕм ӕмӕ бузныг уӕм, уый нын ӕнусон пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй (1 Иоанны 2:17).
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 3 абз. Грекъаг дзырд диаконос-ӕй равзӕрд дзырд «диакъон» — аргъуаны кусӕг. Аргъуаны диакъоны хӕслӕвӕрдтӕ сылгоймаг куы ӕххӕст кӕна, уӕд та хуыйны ус-диакъон.
^ 15 абз. Кӕд Ромӕгтӕм 12:1-ӕм стих сӕрмагондӕй хауы сӕрст чырыстӕттӕм, уӕддӕр дзы цы принцип ис, уый ахӕссӕн ис «ӕндӕр фыстӕм» дӕр (Иоанны 10:16). Уыдон «сӕ цард сбастой Иегъовӕимӕ, цӕмӕй йын лӕггад кӕной ӕмӕ уарзой Иегъовӕйы ном, цӕмӕй суой йӕ цагъартӕ» (Исай 56:6).
Дӕ бон у бамбарын кӕнын?
• Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн цавӕр хӕслӕвӕрд уыд?
• Чырыстон лӕггадгӕнӕг кӕд ӕрцӕуы нысангонд ӕмӕ йӕ чи снысан кӕны?
• Чырыстон лӕггадгӕнӕг цавӕр зондахастыл хъуамӕ куса?
• Чырыстон лӕггадгӕнӕг зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлы, уӕд ӕй фидардзинад цӕмӕн фӕхъӕуы?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 14, 15 фарсыл]
Тимофейӕн Хуыцауы Ныхас амыдтой гыццылӕй нырмӕ. Донаргъуыд куы райста, уӕд нысангонд ӕрцыд Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕй.
[Ныв 16 фарсыл]
Донаргъуыдӕй бӕлвырд кӕны, адӕймаг Хуыцауӕн йӕхи кӕй снывонд кодта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕй нысангонд кӕй ӕрцыд, уый.
[Ныв 18 фарсыл]
Чырыстон лӕггадгӕнджытӕ лӕггад кӕнынц зӕрдиагӕй.