Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстӕттӕ иннӕтӕн лӕггадгӕнгӕйӕ сты амондджын

Чырыстӕттӕ иннӕтӕн лӕггадгӕнгӕйӕ сты амондджын

Чырыстӕттӕ иннӕтӕн лӕггадгӕнгӕйӕ сты амондджын

«Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (КУЫСТЫТӔ 20:35).

1. Абон цавӕр ӕвзӕр ахастыл ис сӕмбӕлӕн ӕмӕ зианхӕссӕг цӕмӕн у?

ССӔДЗӔМ ӕнусы фӕстаг дӕсазты дзырд «эгоцентризм» тынг сарӕх ис. Эгоцентризм нысан кӕны «ӕз дӕн фыццаг», ӕмӕ амоны хиуарзондзинадмӕ, кӕрӕфдзинадмӕ ӕмӕ алыварсуӕвӕг адӕмы ницӕмӕ дарынмӕ. Дызӕрдыггаг нӕу, 2000 азы эгоцентризм кӕй нӕ фӕкъаддӕр. Адӕймаг цал хатт фехъусы: уый мын цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Цы мӕм дзы ӕрхаудзӕн? Ахӕм хиуарзон ахаст адӕймаджы амондджын нӕ кӕны. Уый тынг хицӕн кӕны, Йесо цы принцип загъта, уымӕй: «Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (Куыстытӕ 20:35).

2. Цӕмӕй бӕрӕг у, дӕтгӕйӕ адӕймаг амондджын кӕй вӕййы, уый?

2 Цымӕ раст у, «райсынӕй» радтын адӕймаджы амондджындӕр кӕй кӕны, уый? О. Ахъуыды ма кӕн Иегъовӕ Хуыцауыл. Уымӕ «ис царды суадон» (Псалом 35:10, СПб). Уый нын ӕппӕтдӕр дӕтты, цӕмӕй амондджынӕй ӕмӕ дзӕбӕхӕй цӕрӕм. Ӕцӕгдӕр, уый у «алкӕцы хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвары» Суадон (Иаковы 1:17). Иегъовӕ «амондджын Хуыцау» у, ӕмӕ ӕппынӕдзух дӕтты (1 Тимофеймӕ 1:11). Уый уарзы, кӕй сфӕлдыста ӕмӕ афтӕ бирӕ кӕмӕн дӕтты, уыцы адӕмы (Иоанны 3:16). Райсӕм бинонтӕ. Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд ӕй зоныс, сӕ хъомыл кӕныны тыххӕй цас фӕфыдӕбон кӕнын хъӕуы ӕмӕ цас фӕхъӕуы радтын, уый. Ӕмӕ дын бирӕ азты дӕргъы дӕ сывӕллон дӕ фыдӕбӕттӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны. Уый ӕнхъӕл вӕййы, зӕгъгӕ, афтӕ ӕмбӕлы. Фӕлӕ дын уӕддӕр ӕхсызгон у, уыдӕттӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй аразыс, уымӕ гӕсгӕ дӕ сывӕллон кӕй ницӕуыл тыхсы, уый. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ уарзыс.

3. Иегъовӕйӕн ӕмӕ нӕ ӕмчырыстӕттӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын циндзинад цӕмӕн хӕссы?

3 Хуыцауы ӕцӕг кувджытӕ дӕр дӕттын ахуыр сты, ӕмӕ сӕ уымӕ разӕнгард кӕны уарзондзинад. Мах Иегъовӕйы ӕмӕ не ’мчырыстӕтты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ сын тынг ӕхсызгонӕй лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ нын зынаргъ цы у, уый сын нӕ хӕлӕг кӕнӕм (Матфейы 22:37—39). Хуыцауӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ циндзинад дӕр бирӕ нӕ хӕссы. Фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, фылдӕр сӕ хъус искӕмӕй исты райсынмӕ нӕ, фӕлӕ кӕмӕн цы радтой, уымӕ чи фӕдары, уыдон ӕцӕгдӕр вӕййынц амондджын. Уыцы хъуыдыйы растдзинад бӕлвырддӕр базондзыстӕм, нӕ кувынадмӕ цы дзырдтӕ хауы, уыдон Фыстады куыд цӕуынц пайдагонд, уый куы равзарӕм, уӕд. Ацы статьяйы дӕр ӕмӕ иннӕ статьяйы дӕр ӕрдзурдзыстӕм ӕртӕ ахӕм дзырдыл.

Йесо лӕггад кӕны адӕмӕн

4. Чырыстон дунейы адӕмӕн куыд лӕггад кӕнынц?

4 Рагон грекъаг дзырдтӕй нӕ кувынадмӕ чи хауы, уыдонӕй иу у литурги, ӕмӕ «Ног Дунейы тӕлмац»-ы тӕлмац цӕуы куыд «адӕмӕн лӕггад кӕнын». Уымӕй равзӕрд дзырд «литурги», кӕцыйӕ пайда кӕнынц чырыстон дунейы *. Фӕлӕ чырыстон дунейы литургитӕ куыд уадзынц, уымӕй зынтӕй ис зӕгъӕн, адӕмӕн пайда кӕй хӕссынц, уый.

5, 6. а) Израилы адӕмӕн куыд лӕггад кодтой ӕмӕ цы пайда хаста? ӕ) Израилы адӕмӕн куыд лӕггад кодтой, уый цавӕр диссагдӕр хъуыддагӕй ӕрцыд ивд ӕмӕ цӕмӕн?

5 Апостол Павел спайда кодта грекъаг дзырдӕй, кӕцы у литурги-йы хуызӕн, Израилы сауджынты тыххӕй куы дзырдта, уӕд. Уый загъта: «Алы сауджын алыбон лӕууы куысты [литурги-йы формӕ], ӕмӕ бирӕ хӕттыты ӕрхӕссы иухуызон нывӕндтӕ» (Дзуттытӕм 10:11). Израилы сауджын-левиттӕн тынг ахсджиаг куыст уыдис: лӕггад кодтой адӕмӕн. Уыдон амыдтой Хуыцауы Закъон ӕмӕ хастой, адӕмы тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕрзта, ахӕм нывӕндтӕ (2 Паралипоменон 15:3; Малахи 2:7). Сауджынтӕ ӕмӕ адӕм Иегъовӕйы Закъон куы ӕххӕст кодтой, уӕд уый адӕмӕн лӕвӕрдта фадат цин кӕнынӕн (Дыккаг закъон 16:15).

6 Израилы сауджынтӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ адӕмӕн кӕй лӕггад кодтой, уый ӕцӕгдӕр уыд кадджын куыст, фӕлӕ сӕ лӕггаддзинад ницӕмӕн уал хъуыд, Израилы адӕм иузӕрдион куы нал уыдысты, уӕд (Матфейы 21:43). Иегъовӕ бацӕттӕ кодта тынг ахсджиаг хъуыддаг — Йесойы, номдзыд Хистӕр Сауджыны лӕггаддзинад адӕмӕн. Уый тыххӕй мах кӕсӕм: «Уый та мыггагмӕ уӕвӕг, ис Ӕм ӕнӕивгъуыйгӕ сауджынад дӕр, уымӕ гӕсгӕ Йӕ бон дӕр у ирвӕзын кӕнын Уый сӕрты Хуыцаумӕ ӕрцӕуджыты, ӕдзухдӕр ӕгас уӕвгӕйӕ, цӕмӕй уыдоны тыххӕй кура» (Дзуттытӕм 7:24, 25).

7. Йесойы лӕггаддзинад цӕмӕн хӕссы, абарӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм арфӕдзинӕдтӕ?

7 Йесо ӕнустӕм дӕр лӕггад кӕндзӕн сауджынӕй ӕмӕ ивд никӕмӕй ӕрцӕудзӕн. Уӕдӕ адӕмы ӕрмӕстдӕр уый фервӕзын кӕндзӕн. Уый хайад исы ахсджиаг куысты, адӕмӕн лӕггад кӕны адӕймаджы къухӕй амад кувӕндоны нӕ, фӕлӕ символикон кувӕндоны, ома Иегъовӕ кувынадӕн цы диссаджы арӕзтад скодта ӕмӕ н. э. 29 азы чи райдыдта архайын, уым. Йесо абон лӕггад кӕны уыцы кувӕндоны Сыгъдӕджыты Сыгъдӕджы, уӕларвыл. Уый у «сыгъдӕг архайӕг [«адӕмӕн лӕггадгӕнӕг», НД; литоргос] кувӕндоны ӕмӕ ӕцӕг скинийы, кӕцыйы самадта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хицау» (Дзуттытӕм 8:2; 9:11, 12). Кӕд Йесо ахӕм стыр бынат ахсы, уӕддӕр уый «адӕмӕн лӕггад кӕны». Уый йе стыр бартӕй пайда кӕны, цӕмӕй иннӕтӕй исгӕ ма кӕна, фӕлӕ сын цӕмӕй дӕтта. Ӕмӕ сын дӕтгӕ кӕй кӕны, уый йын хӕссы циндзинад. Уыцы хъуыддаг у, «цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст», уый хай ӕмӕ йын ӕххуыс кодта, зӕххыл цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уыдон сфӕразынӕн (Дзуттытӕм 12:2, НД).

8. Йесо адӕмӕн куыд балӕггад кодта, цӕмӕй Закъоны фӕдзӕхст баивтаид?

8 Йесо адӕмӕн кӕй лӕггад кодта, уый ма бӕрӕг уыд ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр. Павел фыста: «Йесо адӕмӕн лӕггад кӕнынӕн ссардта бирӕ хуыздӕр лӕггаддзинад ӕмӕ уый сси бирӕ хуыздӕр фӕдзӕхсты ӕхсӕны лӕг, кӕцы закъонӕй фидаргонд у хуыздӕр зӕрдӕвӕрдтыл» (Дзуттытӕм 8:6, НД). Иегъовӕ ӕмӕ Израилы адӕмы ахастытӕн бындур цы фӕдзӕхст сси, уый ӕхсӕны лӕг уыд Моисей (Рацыд 19:4, 5). Йесо та сси ног фӕдзӕхсты ӕхсӕны лӕг, кӕцыйы фӕрцы райгуырд ног адӕм, «Хуыцауы Израиль», сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ алыхуызон адӕмтӕй (Галатӕгтӕм 6:16; Дзуттытӕм 8:8, 13; Раргомад 5:9, 10). Уый цӕй диссаджы хуызы лӕггад кодта адӕмӕн! Куыд амондджын стӕм, кӕй зонӕм Йесойы, Иегъовӕйӕн нӕ бон кӕй фӕрцы у раст кувын ӕмӕ адӕмӕн чи лӕггад кӕны, уый! (Иоанны 14:6, НФ).

Чырыстӕттӕ дӕр адӕмӕн лӕггад кӕнынц

9, 10. Чырыстӕттӕ адӕмӕн кӕм ӕмӕ куыд лӕггад кӕнынц?

9 Йесойӕн цы кадджын лӕггаддзинад ис, ахӕм адӕмӕй иуӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ сӕ уӕларвон хорзӕх куы райсынц, уӕд йӕ фарсмӕ ӕрбадынц ӕмӕ куыд уӕларвон паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, афтӕ уыдон дӕр йемӕ адӕмӕн лӕггад кӕнынц (Раргомад 20:6; 22:1—5). Фӕлӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ чырыстӕттӕ дӕр зӕххыл адӕмӕн лӕггад кӕнынц, ӕмӕ сын уый хӕссы стыр циндзинад. Цӕвиттонӕн, Палестинӕйы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд апостол Павел, Европӕйы цы ӕфсымӕртӕ цард, уыдонӕй ӕрхаста лӕвӕрттӕ, цӕмӕй Иудейы цӕрӕг дзуттаг чырыстӕтты зындзинӕдтӕ фӕрогдӕр кодтаид. Уый нысан кодта адӕмӕн лӕггад кӕнын (Ромӕгтӕм 15:27; 2 Коринфӕгтӕм 9:12). Абон дӕр чырыстӕттӕ афтӕ ӕхсызгонӕй лӕггад кӕнынц, ӕвӕстиатӕй ӕххуысмӕ фӕзынынц, се ’фсымӕртыл исты ӕвирхъау хабар куы ӕрцӕуы, ӕрдзы азарӕй кӕнӕ ӕндӕр исты бӕллӕхӕй зиан куы баййафынц, уӕд (Фӕсномыг ныхӕстӕ 14:21).

10 Павел дзырдта, адӕмӕн ма куыд ис лӕггадгӕнӕн, ууыл, куы фыста: «Фӕлӕ ӕз кӕд цӕуын нывондгонд, уӕ нывонд ӕмӕ уырнындзинады куысты [«адӕмӕн лӕггад кӕныны», НД] тыххӕй, уӕд цин кӕнын ӕмӕ ӕмцин кӕнын сымах уеппӕтимӕ» (Филиппӕгтӕм 2:17). Павел филиппӕгты тыххӕй кӕй фыдӕбон кодта, уымӕй сын лӕггад кодта уарзондзинадӕй ӕмӕ зӕрдӕбынӕй. Адӕмӕн абон дӕр афтӕ лӕггад кӕнынц, сӕрмагондӕй та сӕрст чырыстӕттӕ, ӕмӕ уыдон лӕггад кӕнынц «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй» ӕмӕ духовон хӕринаг дӕттынц афоныл (Матфейы 24:45—47). Уымӕй уӕлдай куыд къорд, афтӕ уыдон сты «сыгъдӕг сауджынтӕ», цӕмӕй хӕссой «ӕхсызгон уды нывӕндтӕ Хуыцауӕн Йесо Чырыстийы сӕрты» ӕмӕ «цӕмӕй хъусын кӕной... [уыдоны] талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ Ӕрхонӕджы ӕххӕстдзинӕдтӕ» (1 Петры 2:5, 9). Павелау уыдон дӕр цингӕнгӕйӕ ӕххӕст кӕнынц уыцы кадджын хӕслӕвӕрдтӕ, сӕхи «нывонд» кӕнгӕйӕ. Семӕ иумӕ лӕггад кӕнынц сӕ хӕлӕрттӕ, «ӕндӕр фыстӕ», уыдон сын ӕххуыс кӕнынц адӕмӕн Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй дзурынӕн * (Иоанны 10:16; Матфейы 24:14). Уый цӕй диссаджы ӕмӕ циндзинадхӕссӕг куыст у — адӕмӕн лӕггад кӕнын! (Псалом 106:21, 22).

Хайад исут сыгъдӕг лӕггаддзинады

11. Ус-пехуымпар Аннӕ чырыстӕттӕн цавӕр хорз дӕнцӕг ныууагъта?

11 Нӕ кувынадыл ма дзуры ӕндӕр грекъаг дзырд дӕр латре́й, ӕмӕ «Ног Дунейы тӕлмац»-ы тӕлмац у «сыгъдӕг лӕггаддзинадӕй». Сыгъдӕг лӕггаддзинад баст у кувынадимӕ. Зӕгъӕм, 84-аздзыд зӕронд идӕдз ус-пехуымпар Аннӕйы тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уый «кувӕндонӕй иуварс нӕ цыд, комдаргӕйӕ ӕмӕ кувгӕйӕ куыста Хуыцауӕн [«сыгъдӕг лӕггаддзинад ӕххӕст кодта», НД; грекъаг дзырд, латрей-йы хуызӕн] ӕхсӕвӕй-бонӕй» (Лукайы 2:36, 37). Аннӕ ӕппынӕдзух куывта Иегъовӕйӕн. Уый диссаджы дӕнцӕг у махӕй алкӕмӕндӕр — ӕвзӕнгтӕн ӕмӕ зӕрӕдтӕн, нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ сылгоймӕгтӕн. Аннӕ Иегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куывта ӕмӕ йын кувӕндоны иудадзыг лӕггад кодта; махӕн дӕр нӕ сыгъдӕг лӕггаддзинадмӕ хауы кувын ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын (Ромӕгтӕм 12:12; Дзуттытӕм 10:24, 25).

12. Нӕ сыгъдӕг лӕггаддзинады сӕйраг хай цы у ӕмӕ ма йӕ уыимӕ адӕмӕн лӕггад кӕнын дӕр цӕмӕн ис схонӕн?

12 Апостол Павел загъта нӕ сыгъдӕг лӕггаддзинады сӕйраг хайы тыххӕй, куы ныффыста: «Ӕвдисӕн мын Хуыцау, Кӕцыйӕн кусын [«сыгъдӕг лӕггаддзинад ӕххӕст кӕнын», НД] мӕ удӕй Йӕ Фырты хорз уацхъуыд хъусын кӕныны, ӕнӕрынцойӕ кӕй мысын сымах, ӕдзух кургӕйӕ мӕ куывды» (Ромӕгтӕм 1:9, 10). О, хорз уацхъуыд хъусын кӕнын нӕ нысан кӕны, ӕрмӕст нӕм чи хъусы, уыдонӕн лӕггад кӕнын, фӕлӕ ма нысан кӕны Иегъовӕ Хуыцауӕн кувын дӕр. Исчи нӕм хъуса ӕви нӕ, уӕддӕр нӕ уацамынд у сыгъдӕг лӕггаддзинад Иегъовӕйӕн. Адӕмӕн нӕ уарзон уӕларвон Фыды диссаджы миниуджытӕ ӕмӕ йӕ хорз фӕндты тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд нын уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрхӕссы стыр циндзинад (Псалом 70:23).

Кӕм ӕххӕст кӕнӕм нӕ сыгъдӕг лӕггаддзинад?

13. Иегъовӕйы духовон кувӕндоны мидӕггаг кӕрты сыгъдӕг лӕггаддзинад чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн цавӕр ныфс ис ӕмӕ чи цин кӕны семӕ?

13 Сӕрст чырыстӕттӕм Павел фыста: «Мах, райсгӕйӕ ӕнӕфенкъуысгӕ паддзахад, хъахъхъӕндзыстӕм хорз лӕвар, кӕцыйӕ кусдзыстӕм фӕндонӕй [«сыгъдӕг лӕггаддзинад ӕххӕст кӕндзыстӕм», НД] Хуыцауӕн нымд кӕнгӕйӕ ӕмӕ тасимӕ» (Дзуттытӕм 12:28). Сӕрст чырыстӕттӕй ныфсджынӕй Паддзахады бындартӕ суӕвынмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон Стыр Хуыцауӕн кувгӕйӕ, фидар лӕууынц уырнындзинады. Ӕрмӕстдӕр уыдоны бон у ӕххӕст кӕнын сыгъдӕг лӕггаддзинад Иегъовӕйы духовон кувӕндоны Сыгъдӕг ӕмӕ мидӕггаг кӕрты, ӕмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цӕмӕй лӕггад кӕной Йесоимӕ иумӕ Сыгъдӕджыты Сыгъдӕджы, арвӕн йӕхимидӕг. Се ’мбӕлццӕттӕ дӕр ӕндӕр фысты къордӕй семӕ цин кӕнынц сӕ диссаджы ныфсыл (Дзуттытӕм 6:18—20; 10:19—22).

14. Тынг бирӕ адӕм арфӕгонд куыд цӕуынц, Йесо адӕмӕн кӕй лӕггад кӕны, уымӕй?

14 Фӕлӕ цы ис зӕгъӕн уыцы ӕндӕр фыстӕй та? Апостол Иоанн куыд срагзагъд кодта, афтӕмӕй ацы фӕстаг бонты рабӕрӕг сты тынг бирӕ адӕм, ӕмӕ «уыдон цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй» (Раргомад 7:14). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ сӕрст ӕмбӕлццонтау уыдон дӕр ӕууӕндынц, Йесо, адӕмӕн лӕггадгӕнгӕйӕ, йӕ ӕххӕст цард адӕмы тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл. Йесо адӕмӕн кӕй лӕггад кӕны, уый ма ӕндӕр фыстӕн пайда у ноджыдӕр иу хъуыддаджы: уый сын дӕтты фадат, цӕмӕй Иегъовӕйы «цӕдисыл фидар хӕцой» (Исай 56:6). Кӕд уыдон ног цӕдисы уӕнгтӕ не сты, уӕддӕр ыл фидар хӕцынц, ӕххӕстгӕнгӕйӕ уыимӕ баст закъӕттӕ ӕмӕ уый уылты цыдӕриддӕр арӕзт ӕрцыд, уый. Уыдон ӕмгуыст кӕнынц Хуыцауы Израилимӕ, хӕрынц иу духовон фынгӕй ӕмӕ йын ӕххуыс кӕнынц йӕ уӕнгтӕн, Хуыцауӕн адӕмы раз кадгӕнгӕйӕ ӕмӕ йын зӕрдӕмӕдзӕугӕ духовон нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ (Дзуттытӕм 13:15).

15. Тынг бирӕ адӕм сӕ сыгъдӕг лӕггаддзинад кӕм ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ сыл уыцы арфӕдзинад куыд ӕндавы?

15 Уымӕ гӕсгӕ тынг бирӕ адӕмы фенӕн ис «лӕугӕйӕ паддзахы бадӕны раз ӕмӕ Уӕрыччы раз, урс дарӕсты». Уымӕй уӕлдай «уыдон ныр сты Хуыцауы паддзахы бадӕны раз ӕмӕ кад дӕттынц [«сыгъдӕг лӕггаддзинад ӕххӕст кӕнынц», НД] Уымӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй Йӕ кувӕндоны, ӕмӕ паддзахы бадӕныл Бадӕг цӕрдзӕн уыдоны мидӕг» (Раргомад 7:9, 15). Израилы прозелиттӕ куывтой Соломоны кувӕндоны ӕддаг кӕрты. Афтӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр Иегъовӕйӕн кувынц йӕ духовон кувӕндоны ӕддаг кӕрты. Уым кӕй лӕггад кӕнынц, уый сын хӕссы циндзинад (Псалом 121:1). Ӕгӕрыстӕмӕй сӕ сӕрст ӕмбӕлццонтӕй фӕстаг йӕ уӕларвон бын куы райса, уӕддӕр уыдон дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕндзысты сӕ сыгъдӕг лӕггаддзинад Иегъовӕйӕн, куыд йӕ адӕм, афтӕ (Раргомад 21:3).

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы сыгъдӕг лӕггаддзинад

16. Сыгъдӕг лӕггаддзинады тыххӕй цавӕр фӕдзӕхстытӕ цӕуы лӕвӕрд?

16 Рагон Израилы бонты сыгъдӕг лӕггаддзинад хъуамӕ ӕххӕстгонд цыдаид Иегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ (Рацыд 30:9; Левит 10:1, 2). Абон дӕр афтӕ, цӕмӕй нӕ сыгъдӕг лӕггаддзинад Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын бӕлвырд домӕнтӕ. Павел растдӕр уый тыххӕй ныффыста йе ’рвысты Колоссӕгтӕм: «Мах... нӕ кувынӕй нӕ ӕнцайӕм сымах тыххӕй ӕмӕ курӕм, цӕмӕй сымах ӕххӕст кӕнат Уый фӕндон бамбарыны алы уӕлзонды ӕмӕ удӕй ӕмбарынады, цӕмӕй кӕнат Хуыцауӕн аккаг, алцӕмӕй дӕр Уый зӕрдӕ ӕлхӕнгӕйӕ, алкӕцы хорз хъуыддаджы дыргъ хӕсгӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы бамбарыны рӕзгӕйӕ» (Колоссӕгтӕм 1:9, 10). Махӕн уый бар нӕй, цӕмӕй скъуыддзаг кӕнӕм, Хуыцауӕн куыд хъӕуы кувын, уый. Ахсджиаг сты бӕлвырд библион зонындзинӕдтӕ, чырыстон ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ Хуыцауы зонд. Ӕнӕ уыдонӕй фыдбылызы бахауын ӕнцон у.

17. а) Моисейы бонты сыгъдӕг лӕггаддзинад куыд сзыгъуыммӕ кодтой? ӕ) Абон сыгъдӕг лӕггаддзинад куыд зыгъуыммӕ кӕнынц?

17 Ӕрхъуыды кӕнӕм Моисейы рӕстӕджы цӕрӕг израилӕгты. Мах кӕсӕм: «Хуыцау сӕ аздӕхти ӕмӕ куыстой ӕрвон ӕфсадӕн» (Куыстытӕ 7:42). Уыцы израилӕгтӕ федтой, Иегъовӕ уыдон тыххӕй йӕ хъомыс цы хъуыддӕгты равдыста, уый. Фӕлӕ-иу уӕддӕр ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхтысты, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ сын уый фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. Израилӕгтӕ иузӕрдион нӕ уыдысты, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй та нӕ сыгъдӕг лӕггаддзинад Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕудзӕн (Псалом 17:26). Раст у, абон Иегъовӕйӕ ничи аздӕхдзӕн, цӕмӕй кува стъалытӕн кӕнӕ сызгъӕрин родтӕн, фӕлӕ ма гуымирытӕн ӕндӕрхуызон дӕр фӕкувынц. Йесо фӕдзӕхста «маммонӕн», ома хъӕздыгдзинадӕн, кувынӕй, ӕмӕ Павел зыд кӕнын схуыдта гуымирытӕн кусын (Матфейы 6:24; Колоссӕгтӕм 3:5). Сайтан дӕр йӕхи хоны хуыцау (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Гуымирытӕн кувыны ахӕм хуызтӕ сты тӕссаг ӕмӕ свӕййынц къӕппӕджытӕ. Райсӕм, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Йесойы фӕдыл цӕуын, йӕхӕдӕг та схъӕздыг уӕвынмӕ чи тырны кӕнӕ ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл ӕмӕ йӕхи фӕндтыл йӕ ныфс чи дары, ахӕм адӕймаджы. Уый ӕцӕгдӕр кӕмӕн лӕггад кӕны? Цымӕ истӕмӕй хицӕн кӕны уый, Исайы бонты цы иудейтӕ цард ӕмӕ Иегъовӕйы номӕй чи сомы кодта, фӕлӕ йын уыцы иу рӕстӕджы та йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ ӕнӕсыгъдӕг гуымирытыл чи фыста, уыдонӕй? (Исай 48:1, 5).

18. Сыгъдӕг лӕггаддзинады раст цы нӕ уыд раздӕр? Абон та?

18 Йесо дӕр фӕдзӕхста: «Ахӕм рӕстӕг дӕр ӕрцӕуы, ӕмӕ алкӕцы, сымах марӕг, хъуыды кӕндзӕн, уый уымӕй Хуыцауӕн кӕй кусы [«сыгъдӕг лӕггаддзинад ӕххӕст кӕны», НД(Иоанны 16:2). Савл, фӕстӕдӕр апостол Павел чи сси, уый фидарӕй уырныдта, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕны, Стефаны марыныл разы кӕй уыд ӕмӕ «амарыны ӕртхъирӕнтӕ [кӕй] кодта Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕм», уымӕй (Куыстытӕ 8:1; 9:1). Абон этникон сыгъдӕг кӕныны куыст ӕмӕ геноцид чи расиды, уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕ ӕнхъӕлынц, зӕгъгӕ, уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц. Афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн кувынц, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ кувынадыл ӕцӕгдӕр разамынд кӕнынц национализмы, хъӕздыгдзинады, хиуарзондзинады хуыцӕуттӕ ӕмӕ ма ӕндӕр хуыцӕуттӕ дӕр.

19. а) Цавӕр ахаст нын ис нӕ сыгъдӕг лӕггаддзинадмӕ? ӕ) Цавӕр сыгъдӕг лӕггаддзинад нын ӕрхӕсдзӕн циндзинад?

19 Йесо загъта: «Дӕ Хицау Хуыцауӕн кув ӕмӕ иунӕг Уымӕн кус [«сыгъдӕг лӕггаддзинад ӕххӕст кӕн», НД]» (Матфейы 4:10). Уыцы ныхӕстӕ уый загъта Сайтанӕн, фӕлӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй сӕ махӕй алчидӕр йӕ зӕрдыл бадара! Дунескӕнӕг Хуыцауӕн сыгъдӕг лӕггаддзинад ӕххӕст кӕнын у стыр кад ӕмӕ аргъуыцӕнкъарынгӕнӕг хӕслӕвӕрд. Ӕмӕ цы ис зӕгъӕн адӕмӕн лӕггад кӕнынӕй, кӕцы баст у нӕ кувынадимӕ? Уыцы циндзинадхӕссӕг куыст не ’ввахсонты тыххӕй куы аразӕм, уӕд нын ӕрхӕсдзӕн ӕнӕкӕрон амонд (Псалом 40:2, 3; 58:17). Фӕлӕ ахӕм лӕггаддзинад ӕцӕг амонд ӕрхӕсдзӕн, ӕрмӕстдӕр ӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ раст куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд. Чи кувы Хуыцауӕн ӕмбӕлон ӕгъдауыл? Кӕй сыгъдӕг лӕггаддзинад исы Иегъовӕ? Ацы фарстытӕн нӕ бон дзуапп радтын уыдзӕн, нӕ кувынадимӕ баст библион дзырдтӕй ӕртыккагмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд. Уый тыххӕй дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Чырыстон дунейы литургитӕ сты кувынады куыстытӕ кӕнӕ сӕрмагонд ӕгъдӕуттӕ, зӕгъӕм куыд ромаг Католикон аргъуаны евхаристи (сыгъдӕг ӕмхайад исын).

^ 10 абз. Куыстыты 13:2-ӕм стихы (НД) дзырдӕуы, зӕгъгӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ Антиохийы Иегъовӕйӕн «адӕмы раз лӕггад кодтой» (грекъаг дзырды тӕлмац, у дзырд литурги-йы хуызӕн). Ӕвӕццӕгӕн, уырдӕм хауд адӕмӕн хъусын кӕнын дӕр.

Цавӕр дзуапп радтис?

• Йесо адӕмӕн куыд лӕггад кодта?

• Чырыстӕттӕ адӕмӕн куыд лӕггад кӕнынц?

• Чырыстӕттӕ цавӕр сыгъдӕг лӕггаддзинад ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ кӕм?

• Цӕуыл нӕ хъӕуы ахуыр кӕнын, цӕмӕй нӕ сыгъдӕг лӕггаддзинад Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Ныййарджытӕ стыр циндзинад ӕнкъарынц, кӕй дӕттынц, уымӕй.

[Нывтӕ 10, 11 фарсыл]

Чырыстӕттӕ адӕмӕн лӕггад кӕнынц, ӕххуыс сын кӕй кӕнынц ӕмӕ сын хорз уацхъуыд кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй.

[Ныв 12 фарсыл]

Цӕмӕй нӕ сыгъдӕг лӕггаддзинад Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы бӕлвырд зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад.