Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахуыр кӕн уарзондзинадыл

Ахуыр кӕн уарзондзинадыл

Ахуыр кӕн уарзондзинадыл

«Бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй» (МАТФЕЙЫ 22:37).

1. а) Чырыстоны цавӕр миниуджытыл хъӕуы кусын? ӕ) Чырыстонӕн иууыл ахсджиагдӕр цавӕр миниуӕг у ӕмӕ цӕмӕн?

ЦӔМӔЙ чырыстон Хуыцауӕн ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕна, уый тыххӕй йӕ кусын хъӕуы бирӕ миниуджытыл. Фӕсномыг ныхӕсты чиныг нын ӕмбарын кӕны, зонындзинӕдтӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонд куыд ахсджиаг сты, уый (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:1—10). Апостол Павел дзырдта, стыр уырнындзинад ӕмӕ фидар ныфс кӕй хъӕуы, уый тыххӕй (Ромӕгтӕм 1:16, 17; Колоссӕгтӕм 1:5; Дзуттытӕм 10:39). Тынг ӕхсызгон ма нӕ хъӕуы фӕразондзинад ӕмӕ хиуылхӕцындзинад дӕр (Куыстытӕ 24:25; Дзуттытӕм 10:36). Фӕлӕ ма ис ноджыдӕр иу миниуӕг, ӕмӕ адӕймагмӕ уый куы нӕ уа, уӕд ӕппӕт иннӕ миниуджытӕ сафынц сӕ тых, йе та сӕ нысаниуӕг бынтондӕр. Уый у уарзондзинад (1 Коринфӕгтӕм 13:1—3, 13).

2. Уарзондзинад тынг ахсджиаг кӕй у, уый Йесо куыд бамбарын кодта ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры?

2 Уарзондзинад куыд ахсджиаг у, уый Йесо бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Уымӕ гӕсгӕ базондзысты иуылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, куы уа уарзондзинад уе ’хсӕн» (Иоанны 13:35). Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый сӕйраджыдӕр уарзондзинадӕй кӕй бӕлвырд кӕны, уымӕ гӕсгӕ нӕ ахъуыды кӕнын хъӕуы ахӕм фарстытыл: цы у уарзондзинад? Афтӕ ахсджиаг цӕмӕн сты Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаджыдӕр уарзондзинадӕй хицӕн кӕндзысты? Куыд у нӕ бон уарзондзинадыл ахуыр кӕнын? Кӕй хъуамӕ уарзӕм? Равзарӕм ацы фарстытӕй алкӕцыдӕр.

Цы у уарзондзинад?

3. Цы у уарзондзинад ӕмӕ цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, баст кӕй у куыд зондимӕ, афтӕ зӕрдӕимӕ дӕр?

3 Иу бӕрӕгуат уарзондзинады тыххӕй дзуры, зӕгъгӕ, уый у, «адӕймагӕн исчи йӕ зӕрдӕ йӕхимӕ куы ласа кӕнӕ йыл тынг ӕнувыд куы уа, искӕмӕ фӕлмӕн ахаст куы дара кӕнӕ йӕ зӕрдӕмӕ куы цӕуа». Уый ахӕм миниуӕг у, ӕмӕ адӕймаджы разӕнгард кӕны иннӕтӕн исты хорз саразынмӕ, кӕд ын арӕх уый ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр. Уарзондзинад Библийы куыд ӕвдыст у, афтӕмӕй баст у куыд зондимӕ, афтӕ зӕрдӕимӕ дӕр. Уарзондзинады стыр ахадындзинад ис зондӕн, уымӕн ӕмӕ чи уарзы, уый ӕмбары, йӕхимӕ дӕр ӕмӕ кӕй уарзы, уыдонмӕ дӕр хорз миниуджытӕ куыд ис, афтӕ сӕм хъӕндзинӕдтӕ дӕр кӕй ис, уый. Зонд ма адӕймагӕн ӕххуыс кӕны, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыдоны уарзынӕн дӕр — уымӕн ӕмӕ Библийӕ уый зоны, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй афтӕ кӕна (Матфейы 5:44; 1 Коринфӕгтӕм 16:14). Сӕйраджы та уарзондзинад, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕуы зӕрдӕйӕ. Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ӕцӕг уарзондзинад ӕрмӕст зондыл никуы вӕййы баст. Уый цӕуы зӕрдӕйы арфӕй, дзаг у тыхджын ӕнкъарӕнтӕй (1 Петры 1:22).

4. Уарзондзинад тыхджын цы хуызы у?

4 Хиуарзон адӕймагӕн зын у искӕй сыгъдӕг уарзтӕй уарзын, уымӕн ӕмӕ чи уарзы, уый искӕй тыххӕй йӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕндзӕн (Филиппӕгтӕм 2:2—4). Йесойы ныхӕстӕ, «райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын», зӕгъгӕ, раст кӕй сты, уый иууыл хуыздӕр бамбарӕм, искӕмӕн исты уарзондзинадӕй куы саразӕм, уӕд (Куыстытӕ 20:35). Уарзондзинад тынг тыхджын ӕнкъарӕн у (Колоссӕгтӕм 3:14). Уымӕ ахӕссӕн ис хӕлардзинад, фӕлӕ уарзты тӕгтӕ хӕлардзинадӕй бирӕ фидардӕр сты. Лӕгӕн йӕ усимӕ фӕлмӕн ӕмӕ уӕздан ахастытӕ куы вӕййы, уӕд уый дӕр иуӕй-иу хатт фӕхонынц уарзондзинад; фӕлӕ нӕ Библи цы уарзондзинадыл ахуыр кӕны, уый буары ӕмхицдзинадӕй у бирӕ тыхджындӕр ӕмӕ фидардӕр. Цӕвиттон, дыууӕ уды кӕрӕдзи ӕцӕгӕй куы фӕуарзынц, уӕд кӕй базӕронд вӕййынц, уый аххосӕй кӕнӕ та сӕ иуӕн ӕрдон хъомыс кӕй нал вӕййы, уымӕ гӕсгӕ ӕмуатон кӕд нал вӕййынц, уӕддӕр иу иннӕйы нӕ ныууадзы.

Уарзондзинад — ахъаззагдӕр миниуӕг

5. Чырыстонӕн уарзондзинад ахъаззагдӕр миниуӕг цӕмӕн у?

5 Чырыстонӕн уарзондзинад ахъаззагдӕр миниуӕг цӕмӕн у? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста кӕрӕдзийы уарзын. Уый загъта: «Сымах стут Мӕ хӕлӕрттӕ, Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уыдон, куы ӕххӕст кӕнат, уӕд. Сымахӕн фӕдзӕхсын уый, цӕмӕй уарзат уӕ кӕрӕдзийы» (Иоанны 15:14, 17). Дыккаг та уый, ӕмӕ Иегъовӕ у уарзондзинад, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгыл йӕхи чи нымайы, уый йӕ хъуамӕ уыцы хъуыддаджы фӕзма (1 Иоанны 4:16; Ефесӕгтӕм 5:1). Библи дзуры, зӕгъгӕ, Иегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй зонындзинӕдтӕ исын адӕймагӕн нысан кӕны ӕнусон цард. Фӕлӕ Хуыцауы хуызӕн цӕмӕй уӕм, ууыл куы нӕ архайӕм, уӕд нӕ бон куыд у зӕгъын, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ? Апостол Иоанн фыста: «Чи нӕ уарзы, уый нӕ базыдта Хуыцауы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8).

6. Цӕмӕй нын царды алы хъуыддагмӕ дӕр раст ахаст уа, уый тыххӕй нын уарзондзинад куыд баххуыс кӕндзӕн?

6 Уарзондзинад ма ахъаззагдӕр миниуӕг у ӕртыккаг аххосагмӕ гӕсгӕ дӕр: ӕххуыс нын кӕны нӕ царды алы хъуыддагмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсынӕн ӕмӕ цы аразӕм, уый зӕрдӕбынӕй аразынӕн. Зӕгъӕм, тынг ахсджиаг у ӕдзухдӕр Хуыцауы Ныхасӕй зонындзинӕдтӕ исын. Уыцы зонындзинӕдтӕ чырыстонӕн хойрагӕй хъауджыдӕр не сты. Уыдон ын ӕххуыс кӕнынц уырнындзинады рӕзынӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ архайынӕн (Псалом 118:105; Матфейы 4:4; 2 Тимофеймӕ 3:15, 16). Фӕлӕ Павел фӕдзӕхсы: «Зонынад сӕрыстыр кӕны, уарзондзинад та фӕдзӕхсы [«фидар кӕны», НД]» (1 Коринфӕгтӕм 8:1). Ацы стих кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ бӕлвырд зонындзинӕдтӕ ӕвзӕр сты. Аххосаг нӕхи мидӕг ис — мах стӕм ӕмхиц алыхуызон тӕригъӕдтӕ аразынмӕ (Уӕвынад 8:21). Зонындзинӕдтимӕ ма адӕймагмӕ уарзондзинад дӕр куы нӕ уа, уӕд уыцы зонындзинӕдтӕй кӕны сӕрбӕрзонд, йӕхимӕ фӕкӕсы иннӕтӕй хуыздӕр. Фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр уарзондзинадӕй куы архайӕм, уӕд ныл уый никуы ӕрцӕудзӕн. «Уарзондзинад йӕхи уӕлиау нӕ кӕны, хъал нӕу» (1 Коринфӕгтӕм 13:4). Алы хъуыддаг дӕр уарзондзинадӕй цы чырыстон кӕна, уый цасфӕнды ма зона, уӕддӕр йӕхимӕ нӕ ныззындзӕн. Уарзондзинады руаджы алкӕддӕр уыдзӕн сӕрныллӕг ӕмӕ йӕхицӕй не ’ппӕлдзӕн (Псалом 137:6; Иаковы 4:6).

7, 8. Уарзондзинад нын куыд ӕххуыс кӕны, ахсджиагдӕр цы хъуыддӕгтӕ сты, сӕйраджыдӕр, уыдоныл хъуыды кӕнынӕн?

7 Павел Филиппы чырыстӕттӕм фыста: «Кувын уый тыххӕй, цӕмӕй уӕ уарзондзинад ноджы фылдӕрӕй-фылдӕр рӕза зонындзинады ӕмӕ алы ӕнкъарындзинады, цӕмӕй хуыздӕр базонгӕйӕ [«цӕмӕй бӕлвырд кӕнат, ахсджиагдӕр цы хъуыддӕгтӕ сты, уый», НД], уат сымах сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕкъуылымпы Чырыстийы бон» (Филиппӕгтӕм 1:9, 10). Чырыстон уарзондзинад нын ӕххуыс кӕндзӕн, ахсджиагдӕр цы хъуыддӕгтӕ сты, уый бӕлвырд кӕнынӕн. Ӕркӕсӕм Павел Тимофеймӕ цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонмӕ: «Хистӕры бынатмӕ чи бӕллы, уый бӕллы хорз хъуыддагмӕ» (1 Тимофеймӕ 3:1, НФ). 2000 лӕггаддзинады азы ӕппӕт дунейы ӕмбырдты нымӕцмӕ бафтыд 1 502, ӕмӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ ӕмбырдты ног стырдӕр нымӕц уыд 91 487. Уый та нысан кӕны, фылдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй хъӕуы, уый. Уыцы бӕрндзинадмӕ чи тырны, уыцы ӕфсымӕртӕ уый тыххӕй раппӕлинаг сты.

8 Фӕлӕ цӕстдарӕджы бӕрндзинадмӕ чи тырны, уыдонӕн уымӕ раст ахаст ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, кӕд ӕмӕ алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дарой, цӕстдарджытӕ цӕмӕн хъӕуынц, уый. Бартӕ кӕнӕ зынгӕ бынат нӕу сӕйраг. Иегъовӕйы зӕрдӕ цы хистӕр нӕлгоймӕгтӕй рухс кӕны, уыдон алцыдӕр аразынц, Хуыцауы ӕмӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый тыххӕй. Уыдон нӕ тырнынц зынгӕ бынатмӕ кӕнӕ иннӕтыл цӕмӕй сӕ бар цӕуа, уымӕ. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бӕрндзинадмӕ раст цӕстӕй кӕсын куыд ахсджиаг у, уый бамбарын кӕныны фӕстӕ апостол Петр йӕ хъус ӕрдардта, «сабыр зонд» нӕ кӕй хъӕуы, уымӕ. Уый ӕгас ӕмбырдӕн дӕр радта ахӕм уынаффӕ: «Ӕрсабыр ут Хуыцауы фидар къухы бын» (1 Петры 5:1—6). Ахӕм бӕрндзинадмӕ чи тырны, уыдонӕй алкӕмӕндӕр хорз уаид ӕркӕсын, ӕгас дунейы цы бирӕ сӕрныллӕг ӕмӕ куыстуарзаг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ис ӕмӕ уыцы миниуджыты руаджы ӕмбырдтӕ арфӕдзинадыл кӕй нымайынц, уыдоны дӕнцӕгтӕм (Дзуттытӕм 13:7).

Уарзондзинад нын ӕххуыс кӕны фидар лӕууынӕн

9. Чырыстӕттӕ, Иегъовӕ сын зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон сӕ зӕрдыл цӕмӕн дарынц?

9 Уарзондзинадӕй архайын ма ахсджиаг у ӕндӕр хъуыддаджы дӕр. Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи уарзы ӕмӕ йыл уый тыххӕй иузӕрдион чи у, уыдонӕн Библи ныридӕгӕн зӕрдӕ ӕвӕры стыр арфӕдзинӕдтӕй, фидӕны та сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм диссаджы арфӕдзинӕдтӕ (1 Тимофеймӕ 4:8). Уыцы зӕрдӕвӕрдтыл чи ӕууӕнды ӕмӕ «[Иегъовӕйы] чи агуры, ахӕмтӕн аргъ скӕнынхъом кӕй у», ууыл дызӕрдыг чи нӕ кӕны, уыцы чырыстонӕн уый ӕххуыс кӕны уырнындзинады фидар лӕууынӕн (Дзуттытӕм 11:6, НФ). Нӕ фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Хуыцауы зӕрдӕвӕрдты сӕххӕстмӕ ӕмӕ мах дӕр бӕллӕм, апостол Иоанн цӕмӕ бӕллыд, уымӕ. Уый загъта: «Аминь. Гъей, ӕрцу, Хицау Йесо!» (Раргомад 22:20). Кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нӕм цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый дӕтдзӕн тых бафӕразынӕн, Йесойӕн, «цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст», уый кӕронмӕ бафӕразынӕн куыд баххуыс кодта, афтӕ (Дзуттытӕм 12:1, 2, НД).

10, 11. Алы хъуыддаджы дӕр уарзондзинадӕй куы архайӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн фидар лӕууынӕн?

10 Фӕлӕ Иегъовӕйӕн ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй куы лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ нӕ ног дунейы цӕрын фӕнды, уӕд та? Исты зындзинадыл куы сӕмбӕлӕм кӕнӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, йе та кӕд ӕнхъӕл уыдыстӕм, уыцы рӕстӕджы куы не ’рцӕуа, уӕд фыдӕнхъӕл фӕуыдзыстӕм ӕмӕ нӕ бон нал уыдзӕн дарддӕр быхсын. Уӕд тӕссаг у, уырнындзинадӕй бынтондӕр куы ахауӕм, уымӕй (Дзуттытӕм 2:1; 3:12). Павел дзырдта, раздӕр йе ’мбӕлццон чи уыд, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ чи ныууагъта, уыцы Димасы тыххӕй. Цӕмӕн ӕй ныууагъта? Уымӕн ӕмӕ уый «ацы дуне фылдӕр буарзта» (2 Тимофеймӕ 4:10, НФ). Уый гӕнӕн ис ӕрцӕуа, ӕрмӕстдӕр йӕ хиуарзон бӕллицтӕ йӕ къухы цӕмӕй бафтой, уый тыххӕй чи лӕггад кӕны Хуыцауӕн, уыдонӕй алкӕуылдӕр. Ацы дуне цы алыхуызон мадзӕлттӕ аразы, уыдон ахӕмты, гӕнӕн ис, ӕнцонӕй аласой сӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ мауал фӕнда фидӕны арфӕдзинӕдты тыххӕй абон цыдӕр хъуагдзинӕдтӕ ӕвзарын, хуымӕтӕг цард кӕнын.

11 Фидӕны арфӕдзинӕдтӕ райсын нӕ кӕй фӕнды ӕмӕ нӕ нӕ зындзинӕдтӕй сулӕфыны ныфс кӕй ис, уый дӕр раст у ӕмӕ дзы диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ нын уӕддӕр уарзондзинад ӕххуыс кӕны, царды нын сӕйрагдӕр цы у, уый ӕмбарынӕн. Иууыл ахсджиагдӕр хъуыддаг у Иегъовӕйы фӕндон, мах фӕндон нӕ, фӕлӕ (Лукайы 22:41, 42). О, уарзондзинад нӕ кӕны фидар. Уый фӕрцы нӕ бон у нӕ Хуыцаумӕ зӕрдӕрухсӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уый фӕрцы стӕм райгонд, хорздзинадӕй нын цы дӕтты, уымӕй, ӕмӕ уый фӕрцы у нӕ бон, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, ууыл — стӕй канд ууыл нӕ, фӕлӕ ма нын бирӕ ӕндӕр хорздзинӕдтӕ дӕр йӕ рӕстӕджы кӕй ратдзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндын (Псалом 144:16; 2 Коринфӕгтӕм 12:8, 9). Уыимӕ ма нын уарзондзинад ӕххуыс кӕны, нӕхиуыл нӕ хъуыдыгӕнгӕйӕ, лӕггад кӕнынӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ «уарзондзинад... йӕхион нӕ агуры» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5).

Кӕй хъуамӕ уарзой чырыстӕттӕ?

12. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй хъуамӕ уарзӕм?

12 Сӕйраджыдӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый Йесо бамбарын кодта Моисейы Закъонӕй дыууӕ фӕдзӕхстӕй. Уый загъта: «„Бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй“: уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕтӕй стылдӕр фӕдзӕхст; дыккаг дӕр уый хуызӕн: „бауарз дӕ хӕстӕджы, дӕхи хуызӕн“» (Матфейы 22:37—39).

13. Кӕд Иегъовӕйы уынгӕ нӕ кӕнӕм, уӕддӕр куыд у нӕ бон Уый уарзыныл ахуыр кӕнын?

13 Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, фыццаджыдӕр, Иегъовӕйы кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый. Фӕлӕ Иегъовӕйы, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уарзын нӕ туджы нӕ рахастам. Цӕмӕй уый нӕ къухы ӕфта, уый тыххӕй нӕ хъӕуы кусын. Иегъовӕйы тыххӕй нын фыццаг хатт куы радзырдтой, уӕд цы фехъуыстам, уый тынг ӕввахс айстам нӕ зӕрдӕтӕм. Цадӕггай базыдтам, зӕхх адӕмӕн цӕрӕнбынатӕн куыд ӕрцӕттӕ кодта, уый (Уӕвынад 2:5—23). Уый ӕддейӕ мах базыдтам, адӕммӕ йын цавӕр ахаст уыд, уый: адӕм куы фӕтӕригъӕдджын сты, уӕд ныл йӕхи нӕ атигъ кодта, фӕлӕ ӕрӕвнӕлдта, цӕмӕй нӕ уыцы уавӕрӕй фервӕзын кодтаид (Уӕвынад 3:1—5, 15). Уый хӕларзӕрдӕ уыд, иузӕрдион ыл чи уыд, уыдонмӕ ӕмӕ ӕппынфӕстаг, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой, уый тыххӕй радта йӕ иунӕггуырд Фырты (Иоанны 3:16, 36). Уыцы зонындзинӕдтӕ куыд фылдӕр кодтой, афтӕ тынгдӕр бузынг уыдыстӕм Иегъовӕйӕ (Исай 25:1). Паддзах Давид загъта, Иегъовӕйы кӕй уарзта, уарзӕгой фыдау ыл кӕй аудыдта, уый тыххӕй (Псалом 114:1—9). Абон Иегъовӕ ауды махыл дӕр, амоны нын фӕндаг, фидар нӕ кӕны ӕмӕ нын дӕтты ныфс. Йемӕ цас хуыздӕр зонгӕ кӕнӕм, уыйас ӕй тынгдӕр уарзӕм (Псалом 30:24; Софони 3:17; Ромӕгтӕм 8:28).

Куыд у нӕ бон нӕ уарзондзинад ӕвдисын?

14. Хуыцауы ӕцӕгӕй кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

14 Бирӕтӕ дзурынц, Хуыцауы уарзӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ сыл сӕ хъуыддӕгтӕ та комдзог цӕуынц. Иегъовӕйы ӕцӕгдӕр кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Нӕ бон у, ӕмӕ йӕм кувӕм ӕмӕ йын дзурӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый; ӕвдисӕм уый нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Апостол Иоанн загъта: «Чи ӕххӕст кӕны Йӕ дзырд, уымӕ Хуыцауы уарзондзинад ӕцӕгӕй сӕххӕст: уымӕй базонӕм мах, Уый мидӕг [«йемӕ иудзинады», НД] кӕй стӕм» (1 Иоанны 2:5; 5:3). Хуыцауы Ныхас нын дзуры, цӕмӕй кӕрӕдзиуыл хӕцӕм, хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм, цӕстмӕ митӕ ма кӕнӕм, раст цы у, уый дзурӕм ӕмӕ нӕ сӕрмӕ чъизи хъуыдытӕ ма уадзӕм (2 Коринфӕгтӕм 7:1; Ефесӕгтӕм 4:15; 1 Тимофеймӕ 1:5; Дзуттытӕм 10:23—25). Уарзондзинад ӕвдисын ма нӕ бон у, нӕ къух нӕ цӕмӕй амоны, уымӕй, хъуаг чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ дӕр (1 Иоанны 3:17, 18). Уымӕй дарддӕр ма Иегъовӕйы тыххӕй адӕмӕн ӕнӕзивӕгӕй дзурӕм. Уый нысан кӕны, Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд ӕгас дунейыл хъусын кӕныны хъуыддаджы хайад кӕй исӕм, уый (Матфейы 24:14; Ромӕгтӕм 10:10). Ахӕм хъуыддӕгты Хуыцауы Ныхас куыд дзуры, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, Иегъовӕйы ӕцӕгӕй кӕй уарзӕм, уый.

15, 16. Иегъовӕмӕ уарзондзинад ивгъуыд азы бирӕтӕн сӕ цардыл куыд бандӕвта?

15 Адӕймаг Иегъовӕйы куы уарза, уӕд ын уый ӕххуыс кӕндзӕн царды раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Фарон уыцы уарзондзинад 288 907 адӕймаджы сразӕнгард кодта сӕ цард Хуыцауӕн снывонд кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ донаргъуыдӕй равдисынмӕ (Матфейы 28:19, 20). Уыцы адӕмы ахӕм къахдзӕф саразын кӕй аскъуыддзаг кодтой, уымӕн ис стыр нысаниуӕг. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сӕ цард кӕй фӕивтой. Цӕвиттон, Газменд уыд Албанийы хуыздӕр баскетболисттӕй сӕ иу. Цалдӕр азы дӕргъы йӕ усимӕ ахуыр кодтой Библи ӕмӕ кӕд сӕ разы бирӕ цӕлхдуртӕ уыд, уӕддӕр систы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ. Фарон Газменд райста донаргъуыд; уый уыд, 2000 лӕггаддзинады азы Албанийы цы 366 адӕймаджы райстой донаргуъыд, уыдонӕй сӕ иу. Газменды тыххӕй газеты рацыд статья ӕмӕ дзы фыст уыд ахӕм ныхӕстӕ: «Йӕ цардӕн фӕзынд нысаниуӕг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр уыдон сты сӕ царды ӕппӕты амондджындӕр бонтӕ. Ныр уымӕн сӕйраг уый нал у, цардӕй куыд бирӕ у йӕ бон ратонын, фӕлӕ иннӕтӕн цас у йӕ бон радтын, уый».

16 Афтӕ Гуамы артаджы куыстгӕнӕг компанийы кусӕг, аргъуыд хӕрз ӕрӕджы чи райста, ахӕм хойӕн фӕзынд диссаджы бӕллиццаг фадат. Цалдӕр азмӕ уыцы хойӕн куысты мидӕг йӕ къухы бафтыд стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ, уый фӕстӕ та йын загътой, цӕмӕй уый суыдаид компанийы президенты фыццаг хӕдивӕг, афтӕмӕй уыцы бынат уӕды онг сылгоймаг никуы ахста. Фӕлӕ уый йӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодта. Уымӕ гӕсгӕ уыцы фарстайыл йӕ сӕрыхицауимӕ аныхас кодта ӕмӕ сын уый фӕстӕ загъта «нӕ». Ӕмӕ канд уый нӕ, фӕлӕ кусын райдыдта ӕрдӕг бон, цӕмӕй йӕ бон уыдаид пионерӕй лӕггад кӕнын. Уыцы хо Иегъовӕйы кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ нӕ бафӕндыд ацы дунейы пайдайӕн кусын, фӕлӕ Хуыцауӕн пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Уӕвгӕ та ӕгас дуне куы райсӕм, уӕд 2000 лӕггаддзинады азы ӕппӕт дунейы ахӕм уарзондзинад алы хуызы пионертӕй лӕггад кӕнынмӕ сразӕнгард кодта 805 205 адӕймаджы. Цӕй диссаджы уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинад равдыстой уыцы пионертӕ!

Разӕнгард стӕм Йесойы уарзынмӕ

17. Йесо нын уарзондзинады диссаджы дӕнцӕг цӕмӕн у?

17 Алцыдӕр уарзондзинадӕй куыд ис аразӕн, уымӕн нын диссаджы дӕнцӕг равдыста Йесо. Уый цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр уарзта йӕ Фыды ӕмӕ адӕмы. Зонды хуызы рацӕугӕйӕ, уый загъта: «Ӕз уыдтӕн [Иегъовӕйы] фарсмӕ, куыд дӕсны кусӕг, ӕз уыдтӕн йе стыр цин алыбон дӕр, ӕдзухдӕр цин кодтон йӕ разы, цин кодтон, йӕ зӕхх куыд хъӕздыг у, ууыл ӕмӕ мӕ зӕрдӕйӕн тынг зынаргъ цы уыд, уый баст уыд зӕххон адӕмимӕ» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:30, 31). Йесо Иегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзта, уый тыххӕй сразы уӕларвыл йӕ цӕрӕнбынат ныууадзыныл ӕмӕ зӕххыл ӕнахъом сабийӕ райгуырыныл. Сабыр ӕмӕ ӕфхӕрд, мӕгуыр адӕммӕ уыд фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ, фӕлӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста Иегъовӕйы знӕгты къухӕй. Фӕстагмӕ та йӕ цард радта ӕппӕт адӕмы тыххӕй ӕмӕ амард хъизӕмӕртты цӕджындзыл (Иоанны 3:35; 14:30, 31; 15:12, 13; Филиппӕгтӕм 2:5—11). Уый у диссаджы дӕнцӕг сыгъдӕгзӕрдӕйӕ архайыны хъуыддаджы!

18. а) Цӕмӕй Йесомӕ нӕ уарзондзинад рӕза, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы? ӕ) Йесойы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

18 Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм Евангелиты Йесойы царды хабӕрттӕ куы фӕкӕсынц ӕмӕ сӕм йӕ удуӕлдай царды фӕрцы цы стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд ӕй бауарзынц ноджы тынгдӕр. Абон мах дӕр стӕм, Петр афтӕ кӕмӕй дзырдта, «кӕцыйы [Йесойы] нӕ фенгӕйӕ уарзут», зӕгъгӕ, уыдоны уавӕры (1 Петры 1:8). Йесойы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, куы йыл ӕууӕндӕм ӕмӕ уыйау удуӕлдай цард куы кӕнӕм, уымӕй (1 Петры 2:21—25; 1 Коринфӕгтӕм 11:1; 1 Фессалоникӕгтӕм 1:6). 2000 азы 19 апрелы 14 872 086 адӕймаджы ӕрбацыд Йесойы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕмӕ нын ногӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, Йесойы цӕй тыххӕй хъуамӕ уарзӕм, уый. Дуне адӕм! Куыд ӕхсызгон у, Йесойы нывонды уылты ирвӕзындзинад райсын ма афтӕ бирӕ адӕмы кӕй фӕнды, уый! Ӕцӕгдӕр, мах фидар кӕны Иегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ мах дӕр кӕй уарзӕм, уый.

19. Уарзондзинады фӕдыл цавӕр фарстытӕ ӕвзардзыстӕм иннӕ статьяйы?

19 Йесо куыд загъта, афтӕмӕй Иегъовӕйы хъуамӕ уарзӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ. Фӕлӕ ма уый ноджыдӕр загъта, зӕгъгӕ, нӕхи цас уарзӕм, уыйас хъуамӕ уарзӕм иннӕты дӕр (Маркы 12:29—31). Чи сты уыцы иннӕтӕ? Ӕмӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын царды алцӕмӕдӕр уа раст ахаст ӕмӕ алцыдӕр аразӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ? Уыцы фарстытыл ныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

Хъуыды ма кӕныс?

Уарзондзинад ахъаззагдӕр миниуӕг цӕмӕн у?

Куыд у нӕ бон Иегъовӕйы уарзыныл ахуыр кӕнын?

Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ уагахастӕй хъуамӕ куыд уа бӕрӕг?

Йесойы кӕй уарзӕм, уый куыд ӕвдисӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 20, 21 фӕрстыл]

Уарзондзинад нын ӕххуыс кӕны ӕнцойдзинадмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн.

[Ныв 22 фарсыл]

Йесо йӕхи мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕ уарзӕм.