Лӕууӕм алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ
Лӕууӕм алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ
«[Уый] ӕдзухдӕр фӕкувы сымах тыххӕй, цӕмӕй фӕстагмӕ лӕууат, алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ» (КОЛОССӔГТӔМ 4:12, НД).
1, 2. а) Ӕцӕгӕлон адӕм цы дзырдтой рагон чырыстӕтты тыххӕй? ӕ) Павел ӕмӕ Епафрас Колоссы чырыстӕттыл зӕрдӕбынӕй кӕй тыхстысты, уый Колоссӕгтӕм ӕрвысты куыд зыны?
ЙЕСОЙЫ фӕдылдзӕуджытӕ тынг ӕнувыд уыдысты се ’муырнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл. Тертулиан (н. э. II ӕмӕ III ӕнусты цӕрӕг историк) дзырдта, идӕдзтӕ, мӕгуыртӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕн куыд зӕрдиагӕй ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй. Сӕ уарзондзинад хъуыддӕгтӕй кӕй уыд бӕрӕг, уый ӕнӕуырнӕг адӕмыл афтӕ тынг ӕндӕвта, ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ дзырдтой чырыстӕттӕй: «Кӕс ма, куыд тынг уарзынц сӕ кӕрӕдзи».
2 Колоссӕгтӕм ӕрвысты ирдӕй зыны, апостол Павел ӕмӕ йе ’мбал Епафрас дӕр Колоссы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл афтӕ зӕрдӕбынӕй кӕй тыхстысты, уый. Павел фыста уыцы чырыстӕттӕм, зӕгъгӕ, Епафрас «ӕдзухдӕр фӕкувы сымах тыххӕй, цӕмӕй фӕстагмӕ лӕууат алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ». 2001 азӕн Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты азон стих дӕр ист у Колоссӕгтӕм 4:12-ӕм стихӕй (НД): «Лӕуут алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ».
3. Цавӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй куывта Епафрас?
3 Куыд уынӕм, афтӕмӕй йӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты тыххӕй кувгӕйӕ Епафрас куырдта дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй: 1) цӕмӕй «фӕстагмӕ лӕууыдаиккой алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ» ӕмӕ 2) цӕмӕй лӕууыдаиккой, «Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ». Ацы ныхӕстӕ Фыстадмӕ хаст ӕрцыдысты мах пайдайӕн. Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕн: сӕрмагондӕй мӕн цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй фӕстагмӕ лӕууон алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ? Ӕмӕ афтӕ куы аразон, уӕд йӕ фӕстиуӕг цы уыдзӕн? Ӕркӕсӕм ӕм иумӕ.
Архай «алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ лӕууыныл»
4. Колоссӕгты «цӕттӕ» уӕвын цы хуызы хъуыд?
4 Епафрасы тынг фӕндыд, цӕмӕй йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ Колоссы «фӕстагмӕ лӕууыдаиккой алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ». Ацы стихы спайдагонд дзырд «цӕттӕ» ма нысан кӕны ӕххӕст, хъомыл, фӕлтӕрд дӕр (Матфейы 19:21; Иаковы 1:4, 25; Дзуттытӕм 5:14, НФ). Дӕхӕдӕг зоныс, адӕймаг донаргъуыд куы райсы ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕн куы свӕййы, уӕд уыйадыл хъомыл чырыстон кӕй нӕ фесты, уый. Колоссӕй ныгуылӕнырдӕм уыд Ефес. Уыцы сахары цӕрӕг чырыстӕттӕм та Павел фыста, цӕмӕй фыййӕуттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ ӕххуыс кӕной се ’ппӕтӕндӕр, «цалынмӕ иуылдӕр ӕрцӕуой иудзинадмӕ уырнындзинады ӕмӕ Хуыцауы Фырты базоныны, ӕххӕст лӕгмӕ, Чырыстийы ӕххӕст цахъхъӕнмӕ». Ӕндӕр ӕрвысты та Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй тырныдтаиккой «зондӕй хъомылтӕ» суӕвынмӕ (Ефесӕгтӕм 4:8—13; 1 Коринфӕгтӕм 14:20, НФ).
5. Цы ис саразӕн, цӕмӕй цӕттӕдзинадмӕ тырнын нӕ сӕйраг нысан уа?
5 Кӕд Колоссы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ уырнындзинадӕй ӕххӕст кары, кӕнӕ хъомыл, нӕма уыдысты, уӕд сӕ хъуыдис уыцы хъуыддагмӕ сӕ хъарутӕ радтын. Цымӕ уый аразын мах дӕр нӕ хъӕуы? Дӕсгай азты размӕ райстам аргъуыд ӕви хӕрз ӕрӕджы, уӕддӕр ӕй хатӕм, нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ нӕ хъуыдытӕ хуыздӕрырдӕм ивын кӕй хъӕуы, уый? Цавӕрдӕр уынаффӕ цалынмӕ рахӕссӕм, уӕдмӕ уал Библийы принциптӕм ӕркӕсӕм ӕмӕ сыл ахъуыды кӕнӕм? Хуыцауы ӕмӕ нын ӕмбырды хъуыддӕгтӕ царды иннӕ хъуыддӕгтӕй ахсджиагдӕр сты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕттӕ кӕй стӕм, уый цы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг кӕны, уыдоныл се ’ппӕтыл нӕ бон нӕу ӕрдзурын ацы статьяйы, фӕлӕ дзы уӕддӕр дыууӕмӕ ӕркӕсӕм.
6. Цавӕр хъуыддаджы у нӕ бон Иегъовӕйау ӕххӕст уӕвыныл архайын?
Куыстытӕ 10:14, 15, 34, 35). Не ’мбырды, йе та ӕнӕуи кӕм цӕрӕм, уым ис ӕндӕр адӕмты минӕвӕрттӕ ӕмӕ сыл уымӕ гӕсгӕ мах ӕмбӕлӕм. Фӕлӕ сӕм исты ӕвзӕр зӕрдӕ дарӕм кӕнӕ сыл дызӕрдыг кӕнӕм? Ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи сты, уыдон исты куы фӕрӕдийынц кӕнӕ нӕ цыдӕр гыццыл хъуыддаджы куы фӕхъыг кӕнынц, уӕд сӕм ӕвзӕр цӕстӕй райдайӕм кӕсын? Уӕдӕ ахъуыды кӕн: Хуыцау алкӕмӕдӕр куыд ӕмхуызон ахаст дары, ӕз дӕр ахӕм ахаст дарын, нӕ мӕ хъӕуы уыцы хъуыддаджы мӕхиуыл бакусын?
6 Фыццаг дӕнцӕг: зӕгъӕм, мах схъомыл стӕм, ӕндӕр расӕ, ӕндӕр адӕмыхатмӕ кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйы минӕвӕрттӕм адӕм сӕрбӕрзондӕй кӕм кӕсынц ӕмӕ сӕм фыдӕхзӕрдӕ кӕм дарынц, ахӕм ӕхсӕнады. Ныр мах базыдтам, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, ӕмӕ мах дӕр кӕй хъуамӕ ма кӕнӕм афтӕ, уый (7. Чырыстон фӕлтӕрддзинад нӕм куы уа, уӕд нын иннӕтӕм цавӕр ахаст уыдзӕн?
7 Дыккаг дӕнцӕг: Филиппӕгтӕм 2:3-ӕм стихмӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ «мацы кӕнӕм быцӕу ныхасмӕ гӕсгӕ, кӕнӕ нӕхи стауыны тыххӕй, фӕлӕ [нӕ] сабыр зондӕй иу иннӕйы йӕхицӕй бӕрзонддӕр кӕна». Уыцы хъуыддаджы нын исты ӕнтыстытӕ ис? Алы адӕймагмӕ дӕр ис йӕхи хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ йӕхи хорз миниуджытӕ. Кӕд раздӕр иннӕтӕн, фыццаджыдӕр, сӕ хъӕндзинӕдтӕ уыдтам, уӕд ныр фӕхуыздӕр стӕм, ӕмӕ иннӕтӕй «ӕххӕстдзинад» нал домӕм? (Иаковы 3:2). Арӕхдӕр уынӕм, растдӕр зӕгъгӕйӕ та фылдӕр архайӕм, иннӕтӕ махӕй хуыздӕр цӕмӕй сты, уый фӕхатыныл? «Раст зӕгъгӕйӕ, уыцы хо мӕнӕй бирӕ фӕразондӕр у». «Уымӕн та фидардӕр уырнындзинад ис». «Ӕргом ӕй куы зӕгъон, уӕд уый мӕнӕй хуыздӕр арӕхсы искӕй ахуыр кӕнынмӕ». «Уыцы хо йӕхиуыл хӕцын мӕнӕй хуыздӕр зоны». Ӕвӕццӕгӕн, Колоссы чырыстӕтты фӕхуыздӕр уӕвын хъуыд уыцы хъуыддаджы. Мах та?
8, 9. а) Епафрасы куывдмӕ гӕсгӕ колоссӕгтӕ алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ цы хуызы хъуамӕ «лӕууыдаиккой»? ӕ) «Алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ лӕууын» фидӕнимӕ куыд баст у?
8 Епафрас куывта, цӕмӕй колоссӕгтӕ «лӕууыдаиккой алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ». Бӕрӕг у, Епафрас кӕй куырдта, цӕмӕй колоссӕгтӕ тырныдтаиккой ӕххӕст, хъомыл, фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕвынмӕ, ӕмӕ цӕмӕй уыдон «лӕууыдаиккой» кӕнӕ фӕстӕмӕ ма аздӕхтаиккой сывӕллоны митӕм.
9 Никӕй бон у афтӕ зӕгъын, зӕгъгӕ, иугӕр адӕймаг сси чырыстон, ӕгӕрыстӕмӕй ма фӕлтӕрдджын чырыстон дӕр, уӕд уый кӕддӕриддӕр ахӕм уыдзӕн. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй суанг Хуыцауы уӕларвон фырт, зӕд дӕр «нӕ бафӕрӕзта ӕцӕгады» (Иоанны 8:44). Афтӕ Павел дӕр Коринфы чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цасдӕр рӕстӕджы дӕргъы Иегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ чи ныууагъта, уыцы адӕймӕгты. Уый фӕдзӕхста сыгъдӕг удӕй сӕрст ӕфсымӕрты: «Ӕнхъӕл чи у, лӕууын зӕгъгӕ, ахӕм кӕсӕд, куыд нӕ ахауа!» (1 Коринфӕгтӕм 10:12, НФ). Ацы хъуыды нын тынгдӕр ӕмбарын кӕны, «фӕстагмӕ алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ лӕууын» колоссӕгтӕн цы нысан кодта, уый. Иугӕр, цӕттӕ ӕмӕ ӕххӕст хъомыл, фӕлтӕрдджын систы, уӕд сӕ дарддӕр дӕр хъуыд ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй фӕстӕмӕ ма аздӕхтаиккой, ма ӕрлӕмӕгъ уыдаиккой, ма бафӕлладаиккой ӕмӕ бынтондӕр ма ахаудтаиккой (Дзуттытӕм 2:1; 3:12; 6:6; 10:39; 12:25). Афтӕмӕй сӕ бабӕрӕг кӕныны бон уыдон уыдаиккой «алцӕмӕйдӕр цӕттӕ» ӕмӕ ӕппынфӕстаг райстаиккой Хуыцауы хорзӕх (1 Петры 2:12; 2 Коринфӕгтӕм 5:10).
10, 11. а) Кувыны хъуыддаджы нын Епафрас цавӕр дӕнцӕг ныууагъта? ӕ) Епафрас цы сарӕзта, уый дӕ цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна?
10 Фыццаг статьяйы мах ӕрдзырдтам, иннӕты тыххӕй бӕлвырдӕй кувын, уыдонӕй алкӕмӕндӕр Иегъовӕйӕ сӕрмагонд ӕххуыс, рӕвдыд, арфӕдзинад ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уд курын куыд ахсджиаг у, ууыл. Афтӕ куывта Епафрас колоссӕгты тыххӕй. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та хӕсджын стӕм, цӕмӕй уыцы ныхӕсты уынӕм ӕххуыс, Иегъовӕмӕ нӕхи тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд цӕуыл фӕдзурӕм, уымӕн. Бӕгуыдӕр, мах хъӕуы Иегъовӕйӕ ӕххуыс курын, цӕмӕй нӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон суа «фӕстагмӕ алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ лӕууын». Дӕу та?
11 Нӕй гӕнӕн ӕмӕ дӕ куывды, цы уавӕры дӕ, уый кой скӕнай? Радзур Хуыцауӕн, «алцӕмӕйдӕр цӕттӕ», хъомыл, фӕлтӕрд чырыстон суӕвыны хъуыддаджы дын ныры онг цы бантыст, уый тыххӕй. Зӕгъ ын, цӕмӕй дын фенын кӕна, дӕ уырнындзинад фидар кӕнын дӕ кӕм хъӕуы, уый (Псалом 16:3; 138:23, 24). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕхӕдӕг дӕр зоныс, хуыздӕрхъуаг кӕм дӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ. Кӕд о, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ницы мын уайы, зӕгъгӕ, фӕлӕ лӕгъстӕ кӕн Хуыцауӕн, цӕмӕй дын сӕрмагондӕй уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕна. Кув уый тыххӕй арӕх. Аскъуыддзаг кӕн, иннӕ къуырийы дӕргъы кӕй кувдзынӕ, цӕмӕй «фӕстагмӕ лӕууай алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ». Ӕмӕ дарддӕр дӕр ацы азы стихыл куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу араз афтӕ. Дӕ куывтыты Хуыцауӕн дзур, фӕстӕмӕ аздӕхынӕй, бафӕллайынӕй кӕнӕ дӕ лӕггаддзинад бынтондӕр ныууадзынӕй дын тӕссаг цы хъуыддӕгтӕй у, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй дӕ бон куыд у дӕхи бахизын, уый тыххӕй (Ефесӕгтӕм 6:11, 13, 14, 18).
Кув фидар уырнындзинады тыххӕй
12. Колоссы чырыстӕтты уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъуыд «фидарӕй ӕууӕндын»?
12 Епафрас ма куывта ӕндӕр хъуыддаджы фӕдыл дӕр, ӕмӕ уый дӕр тынг ахсджиаг уыд колоссӕгтӕн, кӕд сӕ фӕндыд, цӕмӕй фӕстагмӕ Хуыцауӕн аккаг куыд у, афтӕ кодтаиккой, кӕнӕ «лӕууыдаиккой». Уый афтӕ ахсджиаг у махӕн дӕр. Фӕлӕ цы у? Епафрас куывта, цӕмӕй уыдон лӕууыдаиккой, «Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ». Сӕ алыварс парахат уыдысты мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ зианхӕссӕг философитӕ, уымӕй дӕр дзы иуӕй-иутӕ афтӕ зындысты, цыма раст кувынадӕй ницӕмӕй хицӕн кӕнынц. Цӕвиттон, раздӕр иудейты кувынады куыд уыд, афтӕ уыдонӕй дӕр домдтой сӕрмагонд бонтӕ бӕрӕг кӕнын, зӕгъӕм, ком дарын Галатӕгтӕм 3:19; Колоссӕгтӕм 2:8, 16—18).
кӕнӕ та алыхуызон куывдтӕ кӕнын. Мӕнг ахуыргӕнджытӕ та ӕууӕндыдысты зӕдтыл, Моисейы Закъон кӕй уылты ӕрцыд лӕвӕрд, уыцы хъомысджын ӕнӕуынгӕ тыхтыл. Ахъуыды ма кӕн, цӕй стыр ӕндӕвдад сыл уыд! Парахат уыдысты алыхуызон, кӕрӕдзиуыл чи нӕ бадт, ахӕм хӕццӕ ахуырӕдтӕ (13. Колоссы чырыстӕттӕн стыр ӕххуыс цӕй ӕмбарындзинад уыдаид ӕмӕ уый махӕн та куыд баххуыс уыдзӕн?
13 Уыцы ахуырӕдтӕ кӕй ницы сты, уый равдисынӕн Павел лӕмбынӕг дзуры Йесо Чырыстийы ахадындзинадыл. «Куыд райстат Хицау Йесо Чырыстийы, афтӕ цӕут Уый мидӕг, уидӕгтӕ ауадзгӕйӕ фидаргонд стут уырнындзинады Уый мидӕг, ахуыр дӕр куыд стут». О, (куыд колоссӕгты, афтӕ мах дӕр) ӕнӕмӕнг кӕронмӕ ӕмбарын хъӕуы, Йесойӕн Хуыцауы фӕндоны ӕмӕ нӕ царды цавӕр ахадындзинад ис, уый. Павел бамбарын кодта: «Уый мидӕг цӕры Хуыцауы ӕппӕт ӕххӕстдзинад буарӕй, ӕмӕ сымахмӕ ис ӕххӕстдзинад Уый мидӕг, Кӕцы у сӕр алкӕцы сӕргълӕуджытӕн ӕмӕ хицауадӕн» (Колоссӕгтӕм 2:6—10).
14. Колоссы чырыстӕттӕ сӕ ныфсыл фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндыдысты?
14 Колоссы ӕмбырды уӕнгтӕ сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ уыдысты. Уыдонӕн уыд уӕларвыл цӕрыны бӕлвырд ныфс, ӕмӕ сӕ цыфӕндыйӕ дӕр хъуыд уыцы ныфсыл фидар хӕцын (Колоссӕгтӕм 1:5). «Хуыцауы фӕндон» уый мидӕг уыд, цӕмӕй сын цы ныфс уыд, ууыл фидарӕй ӕууӕндыдаиккой. Цымӕ сын исты ӕфсон уыд дызӕрдыг кӕнынӕн? Ницы! Уӕдӕ цымӕ Хуыцау зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн дӕтты, уыдонӕн исты ӕфсон ис уыцы ныфсыл дызӕрдыг кӕнынӕн? Ницы! Уыцы фидар ныфс абон у «Хуыцауы фӕндоны» ахсджиаг хай. Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕнӕм: кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй «стыр утӕхсӕны» (НФ) удӕгас чи баззайдзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» ӕхсӕн уай, уӕд цас фидар у дӕ ныфс? (Раргомад 7:9, 14). «Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы», ууыл фидарӕй ӕууӕндыс?
15. Павел ныфс цавӕр ӕндӕр миниуджыты ӕмрӕнхъ ӕрхаста?
15 Уыцы «ныфс» фын кӕнӕ аргъау нӕу. Уый бӕрӕг у, Павел Ромӕгтӕм ӕрвысты цы миниуджытӕ ранымадта, уыдонӕй. Уыцы миниуджытӕ иууылдӕр баст сты кӕрӕдзиуыл, кӕнӕ та дзы иу кӕны иннӕмӕ. Нӕ хъус ӕрдарӕм, Павелы бӕлвырдгӕнӕнты ныфс цы бынат ахсы, уымӕ: «Ӕппӕлӕм хъыгдзинӕдтӕй дӕр [«цин кӕнӕм зындзинӕдты дӕр», НД], зонгӕйӕ хъыгдзинӕдтӕй кӕй цӕуы фӕразондзинад, фӕразондзинадӕй фӕлтӕрддзинад, фӕлтӕрддзинадӕй ныфс [«фӕразондзинадӕй Хуыцауы разыдзинад, Хуыцауы разыдзинадӕй — ныфс», НД], ныфс та къӕмдзӕстыг нӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы уарзондзинад байдзаг кодта нӕ зӕрдӕтӕ махӕн, лӕвӕрд Сыгъдӕг Удӕй» (Ромӕгтӕм 5:3—5).
16. Библийы ӕцӕгадимӕ куы базонгӕ дӕ, уӕд дын цавӕр ныфс фӕзынд?
16 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын Библийӕ фыццаг хатт куы радзырдтой цыдӕр, уӕд дӕм, ӕвӕццӕгӕн, тынг цымыдисаг кастысты ахӕм фарстатӕ: мӕрдтӕ цы уавӕры сты ӕмӕ райгасдзинад куыд уыдзӕн? Бирӕтӕн иууыл ахсджиагдӕр ног хабар вӕййы, Библимӕ гӕсгӕ зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны фадат кӕй ис, уый. Ӕрхъуыды ма кӕн, уыцы ахуырад фыццаг хатт куы фехъуыстай, уый. Диссаджы фидӕн — низ нал уыдзӕн, зӕронд ничиуал кӕндзӕн, дӕ фыдӕбон дын хӕсдзӕн ӕхцондзинад, адӕм сабыр ӕмӕ хӕларӕй цӕрдзысты суанг сырдтимӕ дӕр! (Екклесиаст 9:5, 10; Исай 65:17—25; Иоанны 5:28, 29; Раргомад 21:3, 4). Дӕуӕн фӕзынд диссаджы ныфс!
17, 18. а) Павел Ромӕгтӕм ӕрвысты цы миниуджытӕ ранымадта, уыдон ныфсмӕ куыд ӕркодтой? ӕ) Цавӕр ныфсы тыххӕй дзырдӕуы Ромӕгтӕм 5:4, 5-ӕм стихты ӕмӕ ахӕм ныфс дӕуӕн ис?
17 Фӕстӕдӕр чи зоны, фӕзынд, дӕ ныхмӕ чи рацыд, ӕмӕ дӕ чи хъыгдӕрдта, ахӕм адӕймӕгтӕ (Матфейы 10:34—39; 24:9). Фӕстаг рӕстӕджыты кӕцыдӕр бӕстӕты уыд ахӕм хабӕрттӕ, ӕмӕ-иу Ӕвдисӕнтӕн сӕ хӕдзӕрттӕ ныххафтой кӕнӕ-иу сӕ хӕдзӕрттӕй лидзинаг фесты. Иуӕй-иутӕм та-иу къухӕй дӕр бавнӕлдтой, цы библион литературӕ-иу сӕм уыд, уый-иу сын байстой, кӕнӕ та-иу сыл адӕмы ’хсӕн хахуыртӕ парахат кодтой. Цахӕмфӕнды ӕфхӕрд ма ӕййӕфтаис, уӕддӕр Ромӕгтӕм 5:3-ӕм стихы (НД) куыд дзырдӕуы, афтӕ зындзинӕдты дӕр ды цин кодтай, ӕмӕ уый та ӕркодта хорз фӕстиуджытӕм. Павел куыд фыссы, афтӕмӕй уыцы зындзинӕдты руаджы ды сдӕ фӕразон. Фӕразондзинад дӕм кӕй уыд, уый фӕрцы та дӕ Хуыцау уыд райгонд. Ды зыдтай, раст цы у, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ кӕй кӕныс, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кодтай, Хуыцау дӕ райгонд кӕй уыд, ууыл. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ ды хатыдтӕ, Хуыцау дӕ разы кӕй у, уый. Дарддӕр Павел фыссы, зӕгъгӕ, «Хуыцауы разыдзинад [хӕссы] ныфс». Фӕлӕ ацы хъуыды цыдӕр ӕнахуыр у. Павел ӕппӕт уыцы миниуджыты хыгъды «ныфс» афтӕ дард цӕмӕн сӕвӕрдта? Хорз уацхъуыд фыццаг хатт куы фехъуыстай, уӕдмӕ ӕнӕныфсӕй цардтӕ?
18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел ам нӕ дзуры, иууыл сӕрӕй нын цы ӕнусон царды ныфс фӕзынд, уый тыххӕй. Уый кӕны ӕндӕр цӕйдӕр кой, уый у арфдӕр ӕмбарынад ӕмӕ йын ис бирӕ стырдӕр тых. Нӕ иузӕрдиондзинады фидар кӕй лӕууӕм
ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауӕй хорзӕхджын кӕй цӕуӕм, уый кӕй ӕмбарӕм, уый фӕрцы фидардӕр кӕны, иууыл сӕрӕй нӕм цы ныфс уыд, уый. Ӕмӕ нын уыцы ныфс ныр у бӕлвырддӕр, фидардӕр ӕмӕ бирӕ зынаргъдӕр. Уыцы фидар ныфс ирдӕй зыны нӕ царды. Уыимӕ у баст нӕ царды алы фӕзилӕн дӕр, алы къахдзӕф дӕр. «Ныфс та къӕмдзӕстыг нӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы уарзондзинад байдзаг кодта нӕ зӕрдӕтӕ махӕн, лӕвӕрд Сыгъдӕг Удӕй».19. Дӕ куывтыты ӕдзухдӕр дӕ ныфсы кой куыд хъуамӕ кӕнай?
19 Епафрас колоссаг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты тыххӕй зӕрдиагӕй куы куывта, уӕд куырдта, цӕмӕй «Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ», уыдон ӕнӕгуырысхойӕ тырныдтаиккой, разӕй сӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ. Уӕдӕ махӕй дӕр алчидӕр ӕдзухдӕр кувӕд Хуыцаумӕ нӕ ныфсы тыххӕй. Хицӕнӕй куы кувай, уӕд-иу ын зӕгъ ног дунейы ныфсы тыххӕй дӕр. Иегъовӕйӕн ӕргом кӕн, ног дуне кӕй ӕрцӕудзӕн, уый дӕ куыд фидарӕй уырны ӕмӕ йӕм куыд тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, уый. Лӕгъстӕ йын кӕн, цӕмӕй дын дӕ уырнындзинад арфдӕр ӕмӕ фидардӕр кӕна. Епафрас куывта, цӕмӕй колоссӕгтӕ фидарӕй ӕууӕндыдаиккой, «Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл». Кув ды дӕр уый тыххӕй, кув арӕх.
20. Чырыстон фӕндаг исчи куы ныууадза, уӕд уый тыххӕй фыдӕнхъӕл кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?
20 Алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ алчи кӕй нӕ лӕууы, уый тыххӕй фыдӕнхъӕл кӕнын нӕ хъӕуы. Гӕнӕн ис, ӕмӕ исчи фӕцуда, суа аздӕхӕг, йе та ӕнӕуи зӕгъа, нал мӕ фӕнды Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, зӕгъгӕ. Ахӕм хабар рауад Йесойы ӕввахсдӕр ӕмбӕлтты, йӕ апостолты ’хсӕн дӕр. Фӕлӕ Йесойыл Иудӕ гадзрахатӕй куы рацыд, уӕд ӕй иннӕ апостолтӕ дӕр, мыййаг, ныууагътой? Ницы хуызы! Петр ӕрхаста Псалом 108:8-ӕм стих, цӕмӕй равдыстаид, Иудӕйы бынаты ӕндӕр чидӕр кӕй уыдзӕн, уый. Хуыцау равзӕрста ӕндӕр адӕймаджы, ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дарддӕр зӕрдиагӕй ӕххӕст кодтой хъусын кӕныны хӕслӕвӕрд (Куыстытӕ 1:15—26). Уыдон дарддӕр дӕр тырныдтой фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ лӕууынмӕ.
21, 22. Алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ кӕй лӕууыс, уый ӕнӕфӕхатгӕ куыд нӕ баззайдзӕн?
21 Дӕ бон у, ӕмӕ мисхал дӕр дызӕрдыг ма кӕнай, алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ кӕй лӕууыс ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыс, уый ӕнӕфӕхатгӕ кӕй нӕ баззайдзӕн, ууыл. Уый фендзысты ӕмӕ йын стыр аргъ скӕндзысты. Чи?
22 Зӕгъӕм, чи дӕ зоны ӕмӕ дӕ чи уарзы, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Кӕд дын уый тыххӕй сӕ фылдӕр зӕгъгӕ нӕ кӕной, уӕддӕр сыл уый ӕндавдзӕн, 1 Фессалоникӕгтӕм 1:2—6-ӕм стихты куыд кӕсӕм, афтӕ: «Ӕдзухдӕр арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн сымах уеппӕты тыххӕй, нӕ куывды сымах тыххӕй мысгӕйӕ, ӕнӕрынцойӕ нӕ зӕрдыл даргӕйӕ уӕ уырнындзинады хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады фӕллой ӕмӕ ӕнхъӕлцаудзинады фӕразондзинад нӕ Хицау Йесо Чырыстийыл, Хуыцауы ӕмӕ нӕ Фыды раз. Зонгӕйӕ... нӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕнын, сымахмӕ [кӕй] уыд ӕрмӕст дзырды нӕ, фӕлӕ тыхы мидӕг ӕмӕ Сыгъдӕг Уды, ӕмӕ бирӕ бӕлвырдгӕнӕнимӕ... Ӕмӕ сымах систут фӕзмынджытӕ махӕн ӕмӕ Хицауӕн». Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрдзӕн, дӕ алыварс цы иузӕрдион чырыстӕттӕ ис, уыдонмӕ дӕр, «алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ» кӕй лӕууыс, уый куы уыной, уӕд (Колоссӕгтӕм 1:23).
23. Ацы азы дӕргъы дӕ сӕйраг нысан цы хъуамӕ уа?
23 Иууыл фыццаг та уый фендзӕн дӕ уӕларвон Фыд ӕмӕ йын уыдзӕн ӕхсызгон. Ууыл ис фидарӕй ӕууӕндӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ды лӕууыс алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ «Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл» фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ. Павел Колоссы чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй цардаиккой, «Хуыцауӕн аккаг [куыд у, афтӕ], алцӕмӕй дӕр Уый зӕрдӕ ӕлхӕнгӕйӕ» (Колоссӕгтӕм 1:10). О, ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон у алцӕмӕйдӕр Иегъовӕйы зӕрдӕ райын кӕнын. Афтӕ кодтой Колоссы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Афтӕ аразынц, ныртӕккӕ дӕ алыварс цы чырыстӕттӕ ис, уыдон дӕр. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ аразын! Уымӕ гӕсгӕ ацы азы дӕргъы алыбон дӕр кув ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдис, дӕ нысан кӕй у «фӕстагмӕ алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ лӕууын».
Хъуыды ма кӕныс?
• Цы нысан кӕны «алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ лӕууын»?
• Дӕ куывтыты дӕхи тыххӕй цы у дӕ бон курын?
• Ромӕгтӕм 5:4, 5-ӕм стихтӕ куыд ӕвдисынц, уымӕ гӕсгӕ нын цавӕр ныфс хъуамӕ уа?
• Ацы статья дӕ ӕнӕхъӕн афӕдзы дӕргъы цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕн?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 15 фарсыл]
Дӕуау фидар ныфс ӕмӕ уырнындзинадимӕ цӕрынц милуангай адӕймӕгтӕ.