Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хӕсты хъӕдгӕмттӕ

Хӕсты хъӕдгӕмттӕ

Хӕсты хъӕдгӕмттӕ

«ХӔСТЫ уӕлахиздзау адӕм нӕ вӕййы,— загъта Дыккаг дунеон хӕстыуӕвӕг ӕфсӕддон.— Уым иууылдӕр фембылд вӕййынц». Ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕ йемӕ разы уыдзысты. Хӕст тынг зынаргъ слӕууы куыд уӕлахиздзаутӕн, афтӕ чи фембылд вӕййы, уыдонӕн дӕр. Хӕсты фӕстӕ дӕр ма уӕддӕр бирӕ азты дӕргъы милуангай адӕм фӕхъизӕмар кӕнынц хӕсты арф хъӕдгӕмттӕй.

Цавӕр хъӕдгӕмттӕй? Хӕст куынӕг кӕны адӕмы ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн фылдӕр кӕнынц сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ. Удӕгасӕй чи баззайы, уыдонӕй та бирӕты зӕрдӕты скӕны арф хъӕдгӕмттӕ ӕмӕ сӕ ныууадзы уӕнгхъуӕгтӕй. Милуантӕ та бар-ӕнӕбары ныууадзынц сӕ хӕдзӕрттӕ кӕнӕ свӕййынц лигъдӕттӕ. Ахъуыды ма кӕн, хӕст чи бавзӕрста, уыдон цас фӕхӕссынц сӕ зӕрдӕты маст ӕмӕ ӕнӕуынондзинад!

Хъӕдгӕмттӕ нӕ дзӕбӕх кӕнынц

Хӕсты хъӕдгӕмттӕ адӕмы зӕрдӕты арф фӕд ныууадзынц ӕмӕ ма, фӕстаг ӕхстыты фӕстӕ, ӕфсӕддонтӕ сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ куы радтынц ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм куы аздӕхынц, уӕддӕр ма бирӕ азты фӕстӕ уыцы хъӕдгӕмттӕ фӕриссынц. Сӕ фӕстӕ иннӕ фӕлтӕртӕ арӕх кӕрӕдзимӕ сӕ зӕрдӕты маст фӕхӕссынц. Афтӕмӕй иу хӕсты хъӕдгӕмттӕ свӕййынц иннӕ хӕсты сӕйраг аххосаг.

Зӕгъӕм, 1919 азы Версалы сабырдзинады бадзырдмӕ гӕсгӕ дунейы бӕстӕтӕ сӕ къухтӕ ӕрфыстой Фыццаг дунеон хӕстӕн кӕрон скӕныныл. Уым Германӕй домдтой, цы разиан кодта, уый бафидын, фӕлӕ йӕ немыцӕгтӕ банымадтой фыд ӕмӕ мастисӕн хъуыддагыл. «Бритайнаг энциклопедимӕ» гӕсгӕ бадзырд «немыцӕгты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ сӕ уый сразӕнгард кодта маст исынӕн фадат агурынмӕ». Цалдӕр азы фӕстӕ «сабырдзинады бадзырд кӕй ӕрцыд арӕзт, уый Гитлерӕн фадат радта архайынӕн» ӕмӕ уый уыд Дыккаг дунеон хӕсты райдианы аххосӕгтӕй сӕ иу.

Дыккаг дунеон хӕст райдыдта Польшӕйы ӕмӕ уырдыгӕй анхъӕвзта Балкантӕм. 1940 азты этникон хӕстытӕ Балканты адӕмы зӕрдӕты стыр хъӕдгӕмттӕ ныууагътой ӕмӕ та уый 1990 азты ӕркодта хӕстытӕм. «Ӕнӕуынондзинад ӕмӕ маст исыны фӕндон афтӕ стыхджын, ӕмӕ ма махмӕ дӕр ӕрхӕццӕ»,— дзырдӕуыд иу немыцаг газеты («Die Zeit»).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй адӕм сабырӕй цӕрой, уый тыххӕй хӕсты хъӕдгӕмттӕ хъӕуы байгас кӕнын. Уымӕн куыд ис гӕнӕн? Куыд ис фесафӕн ӕнӕуынондзинад ӕмӕ маст? Чи сдзӕбӕх кӕндзӕн хӕсты хъӕдгӕмттӕ?

[Ныв барлӕвӕрдӕй 2 фарсыл]

COVER: Fatmir Boshnjaku

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

U.S. Coast Guard photo; UN PHOTO 158 297/​J. Isaac