Хӕсты хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕх кӕнынц
Хӕсты хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕх кӕнынц
АБРАХАМ 20 азы уыд партизанты рӕнхъыты *. Ныр уый нал хӕцы ӕмӕ никуыуал ацӕудзӕн хӕцынмӕ. Суанг ма йӕ раздӕры знӕгтӕй иуӕй-иутӕ ныр сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ. Цы йӕ фӕивта афтӕ? Библи. Уый Абрахамӕн радта ныфс ӕмӕ зондджындзинад, уый йын баххуыс кодта адӕмы хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй кӕсынӕн. Библийы руаджы уый ныууагъта йӕ хӕцын ӕмӕ нал уыд ӕрхӕндӕг, никӕмӕуал каст знаджы цӕстӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы маст нал хаста. Уый базыдта, Библи кӕй у зӕрдӕйы хос.
Куыд ӕххуыс кӕны Библи адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕх кӕнынӕн? Абрахамы ивгъуыд цардӕн аивӕн нӕй. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас кӕсгӕйӕ ӕмӕ ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ, уый хъуыды кӕнын райдыдта, Сфӕлдисӕг куыд хъуыды кӕны, афтӕ. Уымӕн ныр ис фидӕны ныфс ӕмӕ ма царды ног нысӕнттӕ дӕр. Хуыцауӕн ахсджиаг цы у, уый ныр уымӕн дӕр ахсджиаг у. Уый фӕстиуӕгӕн йӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕх кӕнын райдыдтой. Афтӕ Библи Абрахамы цард фӕивта.
Хӕсты цӕхӕры бахауын
Абрахам райгуырд Африкӕйы 1930-ӕм азты. Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ йӕ бӕстӕ уыд сыхаг бӕстӕйы уӕззау ӕфсондзы бын, ӕмӕ Абрахамы ӕмбӕстӕгтӕй бирӕтӕ тырныдтой сӕрибардзинадмӕ. 1961 азы Абрахам баиу сӕрибардзинадыл тохгӕнӕг къордмӕ, кӕцы хӕстмӕ сидтис тыхджын сыхаг бӕстӕйы ныхмӕ.
«Уыдон уыдысты не знӕгтӕ. Уыдон нӕ хъавыдысты марынмӕ, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ мах дӕр марынвӕнд скодтам»,— загъта Абрахам.
Абрахам-иу арӕх бахауд тӕссаг уавӕрты ӕмӕ уый тыххӕй 1982 азы, 20 азы бӕрц куы фӕтох кодта, уӕд Европӕмӕ алыгъд. Ныр ыл 40 азӕй фылдӕр куы цыд, уӕд ын рӕстӕг фӕзынд йӕ цардыл ахъуыды кӕнынӕн. Цӕмӕ бӕллыд, уый йӕ къухы бафтыд? Цы йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы фидӕны? Абрахам сӕмбӕлд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл ӕмӕ райдыдта сӕ фембӕлдтӕм цӕуын. Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, цалдӕр азы размӕ йын Африкӕйы иу Ӕвдисӕн трактат кӕй радта, уый. Трактаты дзырд цыд фидӕны зӕххон дзӕнӕты тыххӕй ӕмӕ уӕларвон хицауиуӕгады тыххӕй, кӕцы адӕмыл къухдариуӕг кӕндзӕн. Уый гӕнӕн ис?
Абрахам дзуры: «Библийӕ базыдтон, хӕсты цы азтӕ арвыстон, уыдон дзӕгъӕлы кӕй уыдысты. Зӕххыл рӕстдзинад сфидар
кӕнын ӕрмӕстдӕр иу хицауадӕн у йӕ бон,— уый у Хуыцауы Паддзахад».Абрахам аргъуыд куы райста ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ, цы горӕты цард, уырдӕм Африкӕйӕ ӕрлыгъд иу нӕлгоймаг, йӕ ном хуындис Роберт. Роберт дӕр ӕмӕ Абрахам дӕр иу хӕсты хӕцыдысты, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ. Роберт арӕх хъуыды кодта царды нысаниуӕгыл. Уый уырныдта Хуыцау, ӕмӕ Библийӕ цавӕрдӕр хӕйттӕ куы бакаст, уӕд базыдта, Хуыцауы ном Иегъовӕ кӕй у, уый. Абрахамы ӕмбырдӕй Ӕвдисӕнтӕ Робертӕн куы загътой, зӕгъгӕ дын баххуыс кӕндзыстӕм Библи хуыздӕр бамбарынӕн, уӕд уый цингӕнгӕйӕ сразы.
Роберт дзуры: «Фыццаг хатт сыл куы сӕмбӕлдтӕн, уӕд мыл тынг бандӕвта, Ӕвдисӕнтӕ куыд пайда кодтой Иегъовӕ ӕмӕ Йесойы нӕмттӕй, уый. Уыдон сӕ нымадтой хицӕн гоймӕгтыл. Уыцы цӕстӕнгас разы уыд, Библийӕ цы зыдтон, уыимӕ. Ӕвдисӕнтӕ ма дарынц аив дарӕс ӕмӕ адӕмыхатмӕ нӕкӕсгӕйӕ, алкӕйдӕр хӕларзӕрдӕйӕ исынц. Уыдӕттӕ мыл иууылдӕр тынг бандӕвтой».
Знӕгтӕ систы хӕлӕрттӕ
Роберт ӕмӕ Абрахам кӕддӕр знӕгтӕ уыдысты, ныр та сты ӕввахс хӕлӕрттӕ. Уыдон лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды. «Хӕсты рӕстӕджы-иу арӕх хъуыды кодтон, уый гӕнӕн куыд ис, цӕмӕй сыхаг бӕстӕты чи цӕры ӕмӕ арӕх иу диныл хӕст чи вӕййы, уыдон кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон уой,— дзуры Абрахам.— Ӕз ӕмӕ Роберт иу аргъуанмӕ хаудтам, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ хӕцыдыстӕм. Ныр нӕ дыууӕ дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стӕм ӕмӕ нӕ нӕ уырнындзинад баиу кодта».
«Растдӕр уымӕй хицӕн кӕнӕм,— загъта ма Роберт дӕр.— Нӕ уырнындзинады руаджы ссардтам ӕцӕг ӕфсымӕрад. Мах хӕцынмӕ никуыуал ацӕудзыстӕм». Библи тынг бандӕвта сӕ зӕрдӕтыл кӕддӕры знӕгтӕн. Ӕнӕуынондзинад ӕмӕ маст сабыргай раивтой ӕууӕнк ӕмӕ хӕлардзинадмӕ.
Абрахам дӕр ӕмӕ ма Роберт дӕр хӕсты куы уыдысты, уӕд дыууӕ ӕндӕр ӕрыгон нӕлгоймаджы, дыууӕ сыхаг бӕстӕйы ӕхсӕн цы хӕст цыд, уым кӕрӕдзийы ныхмӕ хӕцыдысты. Тагъд рӕстӕджы Библи уыдон зӕрдӕтыл дӕр хосау хуыздӕрырдӕм бандӕвта. Куыд?
Фыццаг уал марын, уый фӕстӕ — хъӕбатырӕй амӕлын
Габриэл схъомыл уырнӕг бинонты ӕхсӕн, ӕмӕ йын амыдтой, йӕ бӕстӕйы цы хӕст цыд, уый сыгъдӕг хӕст у, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ 19-аздзыдӕй барвӕндонӕй ацыд хӕстмӕ ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ хӕсты тӕккӕ цӕхӕрмӕ арвыстаиккой. 13 мӕйы дӕргъы хӕсты цӕхӕрӕн йӕ тӕккӕ астӕу уыд, хаттӕй-хатт-иу знагӕй 1,5 километры йеддӕмӕ нӕ уыд. «Иу цау уӕлдай тынг бахъуыды кодтон,— дзуры уый.— Нӕ командир нын загъта, ӕхсӕвы нӕм знаг кӕй хъавы ӕрбабырсынмӕ. Афтӕ сызнӕт стӕм, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв минометӕй ӕхстам». Уый сыхаг бӕстӕйы цӕрӕг адӕмы нымадта цӕгъдинаг знӕгтыл. «Ӕз хъуыды кодтон фылдӕр адӕмы ныццӕгъдыныл. Уый фӕстӕ та мӕ хӕлӕрттӕй бирӕтау мӕн дӕр фӕндыд хъӕбатырӕй амӕлын».
Фӕлӕ фӕстагмӕ Габриэл фыдӕнхъӕл Матфейы 24:3—14; 2 Тимофеймӕ 3:1—5).
фӕци. Уый алыгъд хӕхтӕм, арӕнтыл йӕ гуыбыны цъарыл абырыд, бахауд нейтралон бӕстӕм ӕмӕ уый фӕстӕ ацыд Европӕмӕ. Уый ӕппынӕдзух Хуыцаумӕ лӕвӕрдта фарст, зӕгъгӕ, цард афтӕ уӕззау цӕмӕн у ӕмӕ зындзинӕдтӕ Хуыцауы фыдӕхӕй сты ӕви нӕ. Уый сӕмбӕлд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл ӕмӕ йын уыдон Библийы ӕххуысӕй бамбарын кодтой, абон уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ис, уый (Габриэл цас фылдӕр зонындзинӕдтӕ иста Библийӕ, уыйас фылдӕр ӕмбӕрста, уым ӕцӕгад кӕй ис, уый. «Ӕз базыдтон, нӕ бон кӕй у зӕххыл ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрын. Цӕй диссаг у, сывӕллонӕй растдӕр уымӕ бӕллыдтӕн». Библи Габриэлӕн ныфс радта ӕмӕ йын йӕ рыст зӕрдӕ ӕрсабыр кодта. Йӕ зӕрдӕйы арф хъӕдгӕмттӕ ӕгас кӕнын байдыдтой. Уыцы рӕстӕджы сӕмбӕлд йӕ кӕддӕры знаг Даниэлыл, фӕлӕ йӕм Габриэл знаджы цӕстӕй нал каст. Фӕлӕ Даниэль та цӕмӕн ӕрцыд Европӕмӕ?
«Кӕд ӕцӕг искуы дӕ, уӕд дӕ курын, баххуыс мын кӕн!»
Даниэль уыд католик ӕмӕ йӕм 18-аздзыдӕй ӕфсадмӕ фӕсидтысты. Уыцы аз уый дӕр, Габриэл кӕм хӕцыд, уырдӕм хӕстмӕ арвыстой, фӕлӕ хӕцыдысты кӕрӕдзийы ныхмӕ. Иухатт, Даниэль цы танкы бадти, ууыл сӕмбӕлд сармадзаны нӕмыг. Йӕ хӕлӕрттӕ фӕмард сты, йӕхӕдӕг та тынг фӕцӕф ӕмӕ йӕ уацары акодтой. Уый цалдӕр мӕйы фӕхуыссыд ӕфсӕддон рынчындоны, уый фӕстӕ йӕ арвыстой лагермӕ, хаст адӕмы кӕдӕм ӕрвыстой, уырдӕм, стӕй та йӕ арвыстой нейтралон бӕстӕмӕ. Иунӕгӕй кӕй уыд ӕмӕ йын цӕмӕй цардаид, уый кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодта йӕхи амарын. Даниэль куывта Хуыцаумӕ: «Кӕд ӕцӕг искуы дӕ, уӕд дӕ курын, баххуыс мын кӕн!». Дыккаг бон ӕм бахостой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ йын йӕ фарстытӕн дзуапп радтой. Фӕстагмӕ уый Европӕмӕ ацыд лигъдонӕй. Уым дӕр та ногӕй сӕмбӕлд Ӕвдисӕнтыл ӕмӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Библийы ӕцӕгад ын баххуыс кодта йӕ зындзинад ӕмӕ йӕ маст сфӕразынӕн.
Габриэл ӕмӕ Даниэль ныр хорз хӕлӕрттӕ сты, уыдон аргъуыд райстой, систы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ иугонд сты чырыстон ӕфсымӕрады. «Иегъовӕмӕ уарзондзинад ӕмӕ мын Библийы зонындзинӕдтӕ баххуыс кодтой алцӕмӕдӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсынӕн. Даниэль ме знаг нал у. Цалдӕр азы размӕ йӕ амардтаин ӕмӕ йыл хъуыды дӕр нӕ акодтаин. Фӕлӕ мын Библи мӕ зондахаст бынтондӕр фӕивта. Ныр ӕз цӕттӕ дӕн уый тыххӕй мӕ цард раттынмӕ дӕр»,— дзуры Габриэл.
«Ӕз федтон, алыхуызон динты минӕвӕрттӕ ӕмӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕ кӕрӕдзи куыд цагътой, уый,— дзуры Даниэль.— Ӕмӕ ма, иу диныл хӕст адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ куыд хӕцыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи куыд цагътой, уый дӕр. Уый куы федтон, уӕд мӕм афтӕ каст, Хуыцау у аххосджын. Ныр ӕй зонын, хӕстытӕ иууылдӕр Сайтанӕй кӕй сты, уый. Ӕз ӕмӕ Габриэл ныр стӕм ӕмуырнджытӕ. Мах никуыуал хӕцдзыстӕм!»
«Хуыцауы Дзырд у ӕгас ӕмӕ архайӕг»
Афтӕ цы фӕивта Абрахам, Роберт, Габриэл ӕмӕ Даниэлы? Куыд сси сӕ бон арф ӕнӕуынондзинад ӕмӕ маст ссӕрфын сӕ зӕрдӕтӕй?
Уыдонӕй алчидӕр кастис Библи, хъуыды йыл кодта ӕмӕ бамбӕрста, цы ӕцӕгад дзы ис, уый кӕй у «ӕгас ӕмӕ архайӕг» (Дзуттытӕм 4:12). Библийы автор у адӕмы Сфӕлдисӕг ӕмӕ йӕ уый зоны, хуыздӕр куыд ис бандавӕн, Хуыцаумӕ хъусын кӕй фӕнды ӕмӕ ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдон зӕрдӕтыл. «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, сраст уӕвынӕн, амонынӕн рӕстдзинады». Адӕймаг Библийы разамындмӕ гӕсгӕ куы райдайы цӕрын, уӕд йӕ уагахаст ӕмӕ йӕ зондахаст фӕивынц. Уый базоны, Иегъовӕ куыд кӕсы алыхуызон фарстатӕм, уый. Ахӕм зондахаст тынг ӕххуыс кӕны адӕймагӕн, уыимӕ ма хӕсты хъӕдгӕмттӕ дӕр дзӕбӕх кӕны (2 Тимофеймӕ 3:16).
Хуыцауы Ныхас ӕмбарын кӕны, иу наци дӕр, иу расӕ дӕр ӕмӕ иу адӕмыхатт дӕр иннӕмӕй хуыздӕр кӕнӕ ӕвзӕрдӕр кӕй нӕу, уый. «Хуыцау нӕ кӕсы цӕсгоммӕ, фӕлӕ алы адӕмы ӕхсӕн, Уымӕй чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, [уый] ӕхсызгон у Уымӕн». Ацы ныхӕстимӕ разы чи у, уымӕн уый цадӕггай баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын ӕнӕуынон мауал уой ӕндӕр расӕйы адӕм ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ (Куыстытӕ 10:34, 35).
Библийы пехуымпарӕдтӕй бӕрӕг у, тагъд Хуыцау кӕй баивдзӕн абоны адӕймагон хицауиуӕгады сконд йӕ Мессианон Паддзахадӕй. Уыцы паддзахады руаджы Хуыцау «бауромдзӕн хӕстытӕ зӕххы кӕронмӕ». Хӕстытӕн цы организацитӕ ӕххуыс кӕны ӕмӕ адӕмы хӕстмӕ чи разӕнгард кӕны, уыдон иууылдӕр фесӕфдзысты. Хӕсты чи фӕмард, уыдон райгас уыдзысты ӕмӕ сын уыдзӕн зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны фадат. Никӕйуал бахъӕудзӕн лидзын ӕфхӕрджытӕй ӕмӕ тыхгӕнджытӕй (Псалом 45:10; Данел 2:44; Куыстытӕ 24:15).
Уыцы рӕстӕджы цы адӕм цӕра, уыдоны тыххӕй Библийы дзырдӕуы: «Уыдон араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты; садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Уыдон нӕ араздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи цӕра... Сӕ фӕллой дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ мастӕн нӕ ардзысты». Адӕмы хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ низтӕ иууылдӕр фесӕфдзысты. Уыцы ныфсыл ӕууӕндгӕйӕ, адӕмы зӕрдӕтӕй сындӕггай фесӕфдзӕн маст ӕмӕ хъыгдзинад (Исай 65:21—23).
Библи ӕцӕгӕйдӕр у зӕрдӕйы хос. Йӕ ахуырӕдтӕ ныр дӕр дзӕбӕх кӕнынц хӕсты хъӕдгӕмттӕ. Раздӕры знӕгтӕ ныр иу кӕнынц ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрады. Уыцы дзӕбӕх кӕныны хъуыддаг дарддӕр кӕндзӕн Хуыцауы ног дунейы, цалынмӕ адӕмы зӕрдӕтӕй не ссӕуа ӕнӕуынондзинад ӕмӕ маст, хъыгдзинад ӕмӕ ӕнкъарддзинад, уӕдмӕ. Сфӕлдисӕг нын дзырд дӕтты, зӕгъгӕ, «раздӕрыон хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстут ӕмӕ уӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрлӕудзӕн» (Исай 65:17).
[Фиппаинаг]
^ 2 абз. Статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ сты ивд.
[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]
«Библийӕ базыдтон, хӕсты цы азтӕ арвыстон, уыдон дзӕгъӕлы кӕй уыдысты».
[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]
Библийӕн йӕ бон у раздӕры знӕгты зӕрдӕтыл тынг бандавын.
[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]
Ӕнӕуынондзинад ӕмӕ маст сабыргай раивтой ӕууӕнк ӕмӕ хӕлардзинадмӕ.
[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]
Библийы разамындмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нӕ уагахаст ӕмӕ нӕ зондахаст фӕивдзысты.
[Ныв 7 фарсыл]
Раздӕры знӕгтӕ ныр иу кӕнынц ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрады.
[Ныв барлӕвӕрдӕй 4 фарсыл]
Лигъдӕтты лагер: UN PHOTO 186 811/J. Isaac