Ӕххуыс кӕн, иннӕтӕн Иегъовӕйӕн аккаг куыд у, афтӕ кӕнынӕн
Ӕххуыс кӕн, иннӕтӕн Иегъовӕйӕн аккаг куыд у, афтӕ кӕнынӕн
«Нӕ кувынӕй нӕ ӕнцайӕм сымах тыххӕй ӕмӕ курӕм, цӕмӕй... кӕнат Хуыцауӕн аккаг [куыд у, афтӕ], алцӕмӕй дӕр Уый зӕрдӕ ӕлхӕнгӕйӕ, алкӕцы хорз хъуыддаджы дыргъ хӕсгӕйӕ» (КОЛОССӔГТӔМ 1:9, 10).
1, 2. Царды мидӕг адӕймагӕн иууыл стырдӕр циндзинад ӕмӕ амонд цы хӕссы?
«МАХ цӕрӕм фермӕйы автоприцепы. Хуымӕтӕг цард кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы нын ис фылдӕр рӕстӕг адӕмӕн хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕн. Мах тынг арфӕгонд стӕм: бирӕтӕн баххуыс кодтам сӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кӕнынӕн»,— загътой Хуссар Африкӕйӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ, лӕг ӕмӕ ус.
2 Уӕвгӕ чи нӕ сразы уыдзӕн, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын циндзинад кӕй хӕссы, ууыл? Иуӕй-иутӕ сӕ цард-цӕрӕнбонты феххуыс кӕнынц рынчынтӕн, мӕгуыртӕн ӕмӕ иунӕгӕй чи цӕры, ахӕм адӕймӕгтӕн, ӕмӕ уымӕй вӕййынц амондджын. Ӕцӕг чырыстӕттӕ та фидарӕй зонынц, адӕмӕн Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕй сын кӕй кӕнынц иууыл стырдӕр хӕрзиуӕг. Ӕрмӕстдӕр уыцы зонындзинӕдты фӕрцы у адӕймагӕн йӕ бон Йесойы ӕлхӕнӕг нывондыл баууӕндын, Хуыцауимӕ ӕнгом ахастытӕ скӕнын ӕмӕ ӕнусон цардмӕ кӕнӕг фӕндагыл цӕуын (Куыстытӕ 3:19—21; 13:48).
3. Цавӕр ӕххуысыл нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын?
3 Фӕлӕ цы ис зӕгъӕн, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, чырыстон «фӕндагыл» чи цӕуы, уыдонӕн ӕххуысы тыххӕй та? (Куыстытӕ 19:9). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр нысаниуӕг ис, кӕй сӕ хъуыды кӕныс ӕмӕ сыл кӕй тыхсыс, уымӕн, фӕлӕ арӕх афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ адӕймаг нӕ фӕхаты, фылдӕр сын цӕмӕй ис баххуысгӕнӕн, уый. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнай, куыд дӕ фӕнды, афтӕ кӕй нӕу дӕ бон баххуыс кӕнын де ’муырнджытӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дӕ зӕрдӕ нӕ райы (Куыстытӕ 20:35). Уыцы дыууӕ хъуыддагӕй нӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕны Колоссӕгтӕм ӕрвыст.
4. а) Павел Колоссы чырыстӕттӕм куы фыста, уӕд цы уавӕры уыд? ӕ) Чи уыд Епафрас?
4 Павел Колоссы чырыстӕттӕм фыста Ромӕй. Уым уыд хӕдзары ахст, фӕлӕ йын бар уыд, цӕмӕй-иу ӕм исчи ӕрбацыдаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павелӕн цы гыццыл сӕрибардзинад уыд, уымӕй дӕр пайда кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн (Куыстытӕ 28:16—31). Чырыстӕттӕн сӕ бон уыд Павелы бӕрӕг кӕнын, иуӕй-иуты та-иу, ӕвӕццӕгӕн, цасдӕр рӕстӕгмӕ йемӕ дӕр бакодтой (Колоссӕгтӕм 1:7, 8; 4:10). Уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕй иу уыд Епафрас Фригийы сахар Колоссӕй — Къаннӕг Азийы Ефесы скӕсӕнфарс уӕлвӕз бӕстӕй (абон у Турчы зӕхх). Епафрас уыд Колоссы ӕмбырды бындурӕвӕрджытӕй сӕ иу, уый ма ӕххуыс кодта, сыхаг сахартӕ Лаодики ӕмӕ Иераполы цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдонӕн дӕр (Колоссӕгтӕм 4:12, 13). Епафрас Павелы фенынмӕ Роммӕ цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ йын Павел уый тыххӕй цы загъта, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?
Ахъаззаг ӕххуыс колоссӕгтӕн
5. Павел колоссаг чырыстӕттӕм цӕмӕн ныффыста?
5 Епафрас Роммӕ уӕззау фӕндӕгтыл фӕцыд, Колоссы ӕмбырд цы уавӕры уыд, уый тыххӕй Павелимӕ бауынаффӕ кӕнынмӕ. Уый Павелӕн радзырдта уыцы чырыстӕтты уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинады тыххӕй, стӕй куыд зӕрдӕбынӕй хъусын кӕнынц, уый тыххӕй дӕр (Колоссӕгтӕм 1:4—8). О, фӕлӕ ма йын ӕнӕмӕнг радзырдтаид, колоссӕгты уырнындзинадӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдадӕй тӕссаг кӕй уыд, ууыл кӕй тыхст, уый тыххӕй дӕр. Павел дзуапп радта Хуыцауы удцырынӕй фыст ӕрвыстӕй, цыран дзырдта, мӕнг ахуыргӕнджытӕ цы ахуырӕдтӕ парахат кодтой, уыдонӕй иуӕй-иуты ныхмӕ. Уӕлдай тынгдӕр йӕ хъус ӕрдардта, сӕйраг ахадындзинад Йесо Чырыстийӕн кӕй ис, уымӕ *. Цымӕ Павел Библийы бындурон ӕцӕгдзинӕдтыл кӕй дзырдта, ӕрмӕст ууыл ахицӕн йе ’ххуыс? Ноджы ма куыд уыд йӕ бон колоссӕгтӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ уый мах та цӕуыл ахуыр кӕны иннӕтӕн ӕххуыс кӕныны хъуыддаджы?
6. Павел йе ’рвысты йӕ хъус уӕлдай тынгдӕр цӕмӕ ӕрдардта?
6 Павел йе ’рвысты райдианы дзуры, гӕнӕн ис, мах хъуыды дӕр цӕуыл нӕ акӕнӕм, ахӕм ӕххуысы тыххӕй. Уый у, дардӕй дӕр чи ахады, ахӕм ӕххуыс, уымӕн ӕмӕ уӕд Павел ӕмӕ Епафрас Колоссӕй уыдысты дард. Павел дзуры: «Арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Фыдӕн, ӕдзухдӕр сымах тыххӕй кувгӕйӕ». О, уыцы куывтытӕ уыдысты сӕрмагондӕй Колоссы чырыстӕтты тыххӕй. Дарддӕр Павел дзуры: «Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр, уыдон куы фехъуыстам, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ нӕ кувынӕй нӕ ӕнцайӕм сымах тыххӕй ӕмӕ курӕм, цӕмӕй сымах ӕххӕст кӕнат Уый фӕндон бамбарыны алы уӕлзонды ӕмӕ удӕй ӕмбарынады» (Колоссӕгтӕм 1:3, 9).
7, 8. Куыд ӕмбырдимӕ иумӕ, афтӕ хицӕнӕй дӕр арӕх цӕй тыххӕй фӕкувӕм?
7 Мах зонӕм, Иегъовӕ кӕй «хъусы куывд», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ куывтытӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куы вӕййынц, уӕд сӕм ӕхсызгонӕй кӕй фӕхъусы, ууыл (Псалом 64:3, СПб; 85:6; Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:8, 29; 1 Иоанны 5:14). Фӕлӕ иннӕты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд цы у нӕ бон курын?
8 Арӕх фӕхъуыды кӕнӕм «дунейы не ’фсымӕрты» тыххӕй ӕмткӕй райсгӕйӕ ӕмӕ уыдон тыххӕй кувгӕ дӕр фӕкӕнӕм (1 Петры 5:9). Йе та, цавӕрдӕр бӕллӕх кӕнӕ ӕнамонд хабар кӕм ӕрцыд, уым цы чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕм цӕры, уыдоны тыххӕй Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ фӕкӕнӕм. Фыццаг ӕнусы алы рӕтты цы ахуыргӕнинӕгтӕ уыд, уыдон уый куы фехъуыстой, ӕмӕ Иудейы ӕххормаг заман скодта, уӕд ӕдзухдӕр куывтой се ’фсымӕрты тыххӕй, ӕххуыс сын цалынмӕ нӕ арвыстой, уӕдмӕ дӕр (Куыстытӕ 11:27—30). Афтӕ абон дӕр ӕгас дунейы ӕфсымӕрты кӕнӕ кӕцыдӕр бӕлвырд бӕстӕйы ӕфсымӕрты тыххӕй арӕх фӕкувынц чырыстон фембӕлдты, ӕмӕ дзы цӕмӕй чи вӕййы, уыдон иууылдӕр «аминь» зӕгъой, уый тыххӕй хъуамӕ зоной, дзырд кӕуыл цӕуы, уый (1 Коринфӕгтӕм 14:16).
Кув бӕлвырд хъуыддӕгты тыххӕй
9, 10. а) Хицӕн адӕймӕгты тыххӕй кувын ӕмбӕлон кӕй у, уымӕн цавӕр дӕнцӕгтӕ ис? ӕ) Сӕрмагондӕй Павелы тыххӕй чи куывта?
9 Библийы ис иннӕты тыххӕй бӕлвырд куывтытӕ. Ӕркӕсӕм, Лукайы 22:31, 32-ӕм стихты Йесо цы загъта, уымӕ. Йӕ алыварс уыдысты йӕ 11 иузӕрдион апостолы. Йесо ӕмбӕрста, дарддӕры зындзинӕдты се ’ппӕты дӕр Хуыцауы ӕххуыс кӕй хъӕудзӕн, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куывта уыдоны тыххӕй (Иоанны 17:9—14). О фӕлӕ уыцы куывды Йесо рахицӕн кодта Петры ӕмӕ сӕрмагондӕй уый тыххӕй куывта. Ис ӕндӕр дӕнцӕгтӕ дӕр: Елисей Хуыцауӕй ӕххуыс куырдта иу бӕлвырд адӕймаджы тыххӕй; уый уыд йӕ лӕггадгӕнӕг (4 Паддзахӕдты 6:15—17). Апостол Иоанн куывта Гайы тыххӕй, цӕмӕй уый дарддӕр дӕр фидар уыдаид, куыд уӕнгдыхӕй, афтӕ уырнындзинадӕй дӕр (3 Иоанны 1, 2). Афтӕ ма ис куывтытӕ бӕлвырд адӕмы къордты тыххӕй дӕр (Иов 42:7, 8; Лукайы 6:28; Куыстытӕ 7:60; 1 Тимофеймӕ 2:1, 2).
10 Павелы ӕрвыстыты ирдӕй зыны, бӕлвырд куывтытӕн стыр нысаниуӕг кӕй лӕвӕрдта, уый. Павел куырдта, цӕмӕй куывтаиккой сӕрмагондӕй уый тыххӕй, йе та уый тыххӕй ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдоны тыххӕй. Колоссӕгтӕм 4:2, 3-ӕм стихты мах кӕсӕм: «Ӕдзухдӕр ут куывды, уый мидӕг хъӕлдзӕг уӕвгӕйӕ бузныгӕй; кувут афтӕ мах тыххӕй дӕр, цӕмӕй Хуыцау байгом кӕна махӕн дуар дзырдӕн, Чырыстийы сусӕгдзинад хъусын кӕнынӕн, кӕцыйы тыххӕй ӕз дӕн ахӕстоны». Ӕркӕс ӕндӕр дӕнцӕгтӕм дӕр: Ромӕгтӕм 15:30, НФ; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:25; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:1; Дзуттытӕм 13:18.
11. Ромы Епафрас кӕй тыххӕй куывта?
Колоссӕгтӕм 4:12, НФ). Дзырд «рӕвдзӕй лӕууын», гӕнӕн ис, нысан кӕна рагон хъӕзтыты-иу гимнаст «ӕппӕт тыхтӕй куыд архайдта», уый. Цымӕ Епафрас афтӕ зӕрдиагӕй ӕппӕт дунейы уырнджыты тыххӕй кӕнӕ Къаннӕг Азийы цы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ уыд, ӕппӕт уыдоны тыххӕй иумӕйагӕй куывта? Нӕ, Павел куыд дзуры, афтӕмӕй Епафрас куывта сӕрмагондӕй Колоссы чырыстӕтты тыххӕй. Уый сын зыдта сӕ уавӕр. Мах уыцы чырыстӕттӕй алкӕй ном нӕ зонӕм, нӕ зонӕм, бӕлвырдӕй цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уый дӕр, фӕлӕ цы уавӕры уыдысты, уый тыххӕй гыццыл цыдӕртӕ уӕддӕр ис раиртасӕн. Чи зоны ӕвзонг ӕфсымӕр Лины тох кӕнын хъуыд дардыл парахат философиты ӕндӕвдады ныхмӕ; ӕфсымӕр Руфы та хъуыд фидар лӕууын, цӕмӕй фӕстӕмӕ ма аздӕхтаид, цы иудейаг ӕгъдӕуттӕ ныууагъта, уыдонмӕ. Зӕгъӕм, Персидийӕн йӕ мой уыд ӕнӕуырнӕг, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хъуыдис стыр фӕразондзинад ӕмӕ зонд йӕ сывӕллӕтты ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ схъомыл кӕнынӕн. Асинкрит та, чи зоны, уыд мӕлӕтдзаг рынчын, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ уӕлдай тынгдӕр хъуыд барӕвдауын? Епафрас йе ’мбырды уӕнгтӕй алкӕйдӕр зыдта, ӕмӕ зӕрдиагӕй куывта уыдоны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый дӕр ӕмӕ Павелы дӕр фӕндыд, цӕмӕй уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ алцыдӕр арӕзтаиккой, Иегъовӕйӕн аккаг куыд уыд, афтӕ.
11 Афтӕ кодтой, Павелимӕ Ромы чи уыд, уыдон дӕр. «Дзӕбӕхӕй уӕ фӕрсы уӕхи Епафрас... ӕдзухдӕр сымах тыххӕй рӕвдзӕй чи лӕууы кувыны» (12. Хицӕнӕй куы фӕкувӕм, уӕд нӕ бон куыд у бӕлвырд хъуыддӕгты тыххӕй кувын?
12 Махӕн дӕр иннӕтӕн нӕ бон ӕххуыс кӕнын куыд у, уый ацы цаутӕй бамбӕрстай? Куыд загътам, афтӕмӕй чырыстон фембӕлдты рӕстӕджы куывтытӕн арӕх вӕййы иумӕйаг нысаниуӕг, уымӕн ӕмӕ уыцы куывтыты ӕвдыст фӕцӕуы ӕппӕт ӕрбацӕуджыты хъуыды дӕр. Фӕлӕ иунӕгӕй кӕнӕ нӕ бинонтимӕ та нӕ бон у кувын бӕлвырд адӕймӕгты кӕнӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Арӕх Хуыцауӕй фӕкурӕм, цӕмӕй йӕ разамынд ӕмӕ йӕ арфӕдзинадӕй цух ма уадза ӕппӕт цӕуӕг цӕстдарджытӕ ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты, фӕлӕ нӕй гӕнӕн, ӕмӕ искуы-иу хатт уыцы ӕфсымӕртӕй сӕрмагондӕй кӕйдӕр тыххӕй акувын? Цӕвиттон, цӕуылнӕ ис гӕнӕн, де ’мбырдмӕ цы районон цӕстдарӕг ӕрцӕуы кӕнӕ де ’мбырды чиныгахуыркӕнынады къорды разамонӕг чи у, уыцы ӕфсымӕры тыххӕй акувын? Филиппӕгтӕм 2:25—28 ӕмӕ 1 Тимофеймӕ 5:23-ӕм стихты уынӕм, Павел уӕлдай тынг Тимофей ӕмӕ Епафродиты ӕнӕниздзинадыл кӕй тыхст, уый. Кӕд мах дӕр рынчын искӕй зонӕм, уӕд ын нӕ бон нӕу ахӕм хуызы баххуыс кӕнын?
13. Нӕ сӕрмагонд куывтыты Хуыцауӕн цавӕр уавӕрты тыххӕй уаид хорз дзурын?
13 Раст у, искӕй царды нӕхи хъуамӕ ма тъыссӕм, фӕлӕ хорз уаид, кӕй зонӕм ӕмӕ кӕуыл тыхсӕм, уыдоны тыххӕй кувын (1 Петры 4:15; 1 Тимофеймӕ 5:13). Зӕгъӕм, ӕфсымӕр ӕнӕкуыстӕй баззад, махӕн та нӕ бон нӕу, ӕмӕ йын ӕндӕр куыст радтӕм. Фӕлӕ уый хыгъд нӕ бон у, нӕ сӕрмагонд куывтыты йын йӕ ном ссарын ӕмӕ йӕ уавӕр куыд тыхст у, уый тыххӕй Хуыцауӕн радзурын (Псалом 36:25; Фӕсномыг ныхӕстӕ 10:3). Кӕд мыййаг зонӕм, «ӕрмӕст Хицауы мидӕг» смой кӕнын фидарӕй чи аскъуыддзаг кодта, ӕмӕ уый тыххӕй, кӕд йӕ афон у, уӕддӕр чындзы чи нӕ ацыд ӕмӕ сывӕллоны ад чи нӕ зоны, ахӕм хойы? (1 Коринфӕгтӕм 7:39). Цӕуылнӕ ис гӕнӕн, ӕмӕ иунӕгӕй куы кувай, уӕд Иегъовӕйӕн зӕгъай, цӕмӕй уыцы хойӕн раарфӕ кӕна ӕмӕ йын ӕххуыс кӕна дарддӕр ӕнувыдӕй лӕггад кӕнынӕн? Кӕнӕ зӕгъӕм, дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы уынаффӕ радтой, чи фӕрӕдыд, ахӕм ӕфсымӕрӕн. Цӕуылнӕ ис гӕнӕн, ӕмӕ сӕ алчидӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уыцы ӕфсымӕры тыххӕй кува?
14. Нӕ бӕлвырд куывтытӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕныны хъуыддагимӕ куыд баст сты?
14 Дӕ бон у, ӕмӕ хицӕнӕй кувгӕйӕ ӕрхъуыды кӕнай, дӕ зонгӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй Иегъовӕйы ӕххуыс, рӕвдыд, зонд ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уд, кӕнӕ сыгъдӕг уды дыргътӕй кӕцыдӕр уӕлдай тынгдӕр кӕй хъӕуы, ахӕмты. Чи зоны, дард кӕй дӕ, кӕнӕ дӕ дӕ уавӕртӕ кӕй нӕ амонынц, уый аххосӕй исты фӕрӕзтӕй кӕнӕ уынаффӕйӕ дӕ бон нӕу баххуыс кӕнын. Фӕлӕ де ’фсымӕртӕ ӕмӕ хоты тыххӕй кувын макуы рох кӕн. Ды зоныс, кӕй сӕ фӕнды алцыдӕр Иегъовӕйы кадӕн кӕнын, фӕлӕ цӕмӕй азӕй-азмӕ уый аразой, уый тыххӕй сӕ ӕцӕгдӕр хъӕуы ӕххуыс. Ӕмӕ сын ахъаззагдӕр ӕххуыс дӕ бон цы у бакӕнын, уый та — кув уыдоны тыххӕй (Псалом 17:3; 19:2, 3; 33:16; 45:2; 120:1—3).
Иннӕтӕн у ӕнцой
15. Колоссӕгтӕм ӕрвысты кӕронбӕттӕн хай нӕ хъуамӕ цӕмӕн цымыдис кӕна?
15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрмӕст нӕ зӕрдӕбын, бӕлвырд куывтытӕй нӕу нӕ бон иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, уӕлдайдӕр та нӕ фарсмӕ чи ис ӕмӕ нын зынаргъ чи у, уыдонӕн. Цы ма ис ноджыдӕр саразӕн, уый фенӕн ис Колоссӕгтӕм ӕрвысты. Ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Павел йе ’рвысты ахуырӕдты тыххӕй куы бацамыдта ӕмӕ царды хъӕугӕ уынаффӕтӕ куы радта, уый фӕстӕ салӕмттӕ арвыста, сӕрмагондӕй зонгӕ кӕимӕ уыд, уыдонӕн (Колоссӕгтӕм 4:7—18). Фӕлӕ куыд федтам, афтӕмӕй, ацы ӕрвысты фӕстаг хайы салӕмттӕй дарддӕр ис, нӕ хъус ӕрдарын нӕ кӕмӕ хъӕуы, ахӕм уынаффӕ.
16, 17. Колоссӕгтӕм 4:10, 11-ӕм стихы цы ӕфсымӕрты кой цӕуы, уыдоны тыххӕй цы зӕгъӕн ис?
16 Павел фыста: «Саламтӕ уӕм Аристархӕй, мемӕ ахӕстуӕвӕг, ӕмӕ Варнавӕйы хӕрӕфырт Маркӕй,— кӕцыйы тыххӕй сымах райстат бардзырдтӕ: куы уӕм ӕрцӕуа, райсут ӕй,— афтӕ Йесо дӕр, Иуст кӕй хонынц, дыууӕйӕ дӕр сунӕтгӕндтӕй; иунӕг уыдон — ӕмкусджытӕ Хуыцауы Паддзахадӕн, кӕцытӕ уыдысты мӕ циндзинадӕн [«мын уыдысты ӕнцой», НД]» (Колоссӕгтӕм 4:10, 11).
17 Ам Павел дзуры, сӕрмагонд хъусдарды аккаг чи уыд, ахӕм бӕлвырд ӕфсымӕрты тыххӕй. Уый ӕмбарын кӕны, уыдон кӕй уыдысты сунӕтгонд иудейтӕй. Сунӕтгонд иудейтӕй бирӕтӕ цардысты Ромы ӕмӕ дзы чидӕртӕ систы чырыстӕттӕ. Уый ӕддейӕ Павел дзуры, уыдон ӕм ӕххуысмӕ кӕй ӕрцыдысты, уый тыххӕй. Ӕвӕццӕгӕн, муртаттӕй чырыстон фӕндагыл чи слӕууыд, уыдонимӕ иу кӕнын ӕфсӕрмы нӕ кодтой ӕмӕ Павелимӕ ӕхсызгонӕй хъусын кодтой муртаттӕн (Ромӕгтӕм 11:13; Галатӕгтӕм 1:16; 2:11—14).
18. Цы загъта Павел, йемӕ чи уыд, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй?
18 Ахъуыды ма кӕн, куыд загъта Павел: «Иунӕг уыдон... мын уыдысты ӕнцой». Павел цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый Библийы ӕндӕр никуы ӕмбӕлы. Тӕлмацгӕнджытӕй йӕ бирӕтӕ фыссынц «рӕвдауынӕй». Фӕлӕ уыцы дзырдӕн грекъаг ӕвзаджы ис йӕхи дзырд, паракале́о, зӕгъгӕ. Павел уыцы дзырдӕй пайда кӕны йе ’рвысты алкуыдӕр, ӕрмӕст Колоссӕгтӕм 4:11-ӕм стихы (НД) нӕ (Матфейы 5:4; Куыстытӕ 4:36; 9:31; 2 Коринфӕгтӕм 1:4; Колоссӕгтӕм 2:2; 4:8).
19, 20. а) Павелӕн Ромы цы ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кодтой, уыдоны тыххӕй дзургӕйӕ, цы дзырдӕй спайда кодта, уымӕн йӕ мидис цӕй мидӕг ис? ӕ) Уыцы ӕфсымӕртӕ Павелӕн цӕмӕй ӕххуыс кодтой?
19 Павел цы ӕфсымӕрты ранымадта, уыдон ӕй ӕрмӕст дзыхы ныхасӕй нӕ рӕвдыдтой. Колоссӕгтӕм 4:11-ӕм (НД) стихы «ӕнцой»-йӕ тӕлмац грекъаг дзырд-иу хаттӕй-хатт пайдагонд цыди ӕнӕуи чингуыты, мастӕфхӕрд адӕймагӕн кӕй амыдтой, ахӕм хосыл-иу дзырд куы цыд, уӕд. Ӕндӕр тӕлмацты та у афтӕ: «Цӕй стыр ӕххуыс мын уыдысты!» («New Life Version») ӕмӕ «Уыдон мын уыдысты стыр ӕххуыс» («Today’s English Version»). Павелмӕ хӕстӕг цы чырыстон ӕфсымӕртӕ цардысты, уыдон ын цӕмӕй ӕххуыс кодтой?
20 Кӕд Павелӕн уый бар уыдис, цӕмӕй-иу ӕм исчи ӕрбацыдаид, уӕддӕр йӕхицӕн йӕ авналӕнтӕ тынг къуындӕг уыдысты, зӕгъӕм, йӕ бон нӕ уыд балхӕнын, тынг ӕхсызгонӕй йӕ цы хъуыд, уый дӕр — хойраг ӕмӕ зымӕгмӕ уӕлӕдарӕс. Фыстытӕ цы тыхтонтӕй ахуыр кодта, уыдон ӕм куыдӕй бафтыдаиккой кӕнӕ йӕ фыссынӕн цы хъуыд, уыддӕттӕ куыд самал кодтаид? 2 Тимофеймӕ 4:13). Ӕнӕмӕнг, уыцы ӕфсымӕртӕ Павелӕн ӕххуыс кодтой, тынг ӕхсызгон ӕй цы хъуыд, ууыл кӕй тыхстысты, уымӕй, зӕгъӕм: зымӕгмӕ йӕ цы хъуыд, уый йын кӕй ӕлхӕдтой ӕмӕ йын йӕ хӕслӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кодтой, уымӕй. Чи зоны-иу ӕй фӕндыд ӕмбырдты цы цӕуы, уый тыххӕй бӕлвырд хабӕрттӕ базонын ӕмӕ сӕ бафидар кӕнын. Хӕдзары ахст уӕвгӕйӕ, йӕхицӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бон нӕ уыд уый аразын. Уымӕ гӕсгӕ-иу Павелмӕ цы ӕфсымӕртӕ ӕрбацыд, уыдон-иу ын йӕ амындтӕ ӕмбырдтӕм семӕ ахастой ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ дӕр дзуапп хӕццӕ кодтой. Уый Павелӕн стыр ӕххуыс куыннӕ хъуамӕ уыдаид!
(21, 22. а) Колоссӕгтӕм 4:11-ӕм стихы ныхӕстӕ нӕ хъуамӕ цӕмӕн цымыдис кӕной? ӕ) Павелимӕ чи уыд, уыцы ӕфсымӕрты нӕ бон цы хуызы у фӕзмын?
21 Ӕфсымӕртӕ Павелӕн «ӕнцой» кӕй уыдысты, уый тыххӕй кӕй ныффыста, уый нын ӕххуыс кӕны, нӕ бон иннӕтӕн куыд у ӕххуыс кӕнын, уый бамбарынӕн. Не ’фсымӕртӕ алцыдӕр архайынц, Иегъовӕйӕн аккаг куыд у, афтӕ кӕныныл: сӕ уагахастӕй, чырыстон фембӕлдтӕм кӕй цӕуынц ӕмӕ уацамынды хайад кӕй исынц, уымӕй дӕр. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, куы-иу сӕ раппӕликкам. Фӕлӕ цымӕ Павелимӕ чи уыд, уыдонау махӕн дӕр нӕ бон нӕу иннӕты «ӕнцой» балӕууынӕн фылдӕр исты саразын?
22 Кӕд ахӕм хойы зоныс, 1 Коринфӕгтӕм 7:37-ӕм стихы зондджын уынаффӕмӕ гӕсгӕ чи цӕры, фӕлӕ уыимӕ бинонты ’хсӕн цы рӕвдыд ӕмӕ уарзондзинад вӕййы, уый кӕмӕн нӕ фаг кӕны, уӕд дӕ бон нӕу ӕмӕ ӕгас бинонтӕй исты куы фӕаразут, уӕд уый дӕр фӕхонат, зӕгъӕм иумӕ ӕхсӕвӕр бахӕрынмӕ йе та уе ’ввахс хӕлӕрттӕ кӕнӕ хиуӕттимӕ цалдӕр адӕймагӕй куы фембырд уат, уӕд? Науӕд та конгрессмӕ кӕнӕ уӕ фӕллад уадзынмӕ искуыдӕм куы цӕуат, уӕд уый уӕ бон нӕу уемӕ акӕнын? Кӕнӕ йын зӕгъ, цӕмӕй йын рӕстӕг куы уа, уӕд иумӕ ацӕуат хойрӕгтӕ ӕлхӕнынмӕ. Ахӕм ӕрхъуыдыдзинад ма тынг ӕхсызгон уаид, идӕдз устытӕ ӕмӕ лӕгтӕн, кӕнӕ ныртӕккӕ машинӕ скъӕрын йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕмтӕн. Сӕ царды хабӕрттӕ уын куы ракӕной кӕнӕ ахӕм хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ, куыд дыргътӕ кӕнӕ сывӕллӕттӕн дарӕс ӕвзарыны тыххӕй цы зонынц, уый уын куы радзурой, уӕд уын гӕнӕн ис ӕмӕ искуы бабӕзза (Левит 19:32; Фӕсномыг ныхӕстӕ 16:31). Уый фӕрцы, гӕнӕн ис, тынгдӕр балымӕн уат. Ӕмӕ сын уӕд бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, афтиаджы сӕ хос кӕнӕ ӕндӕр исты балхӕнын куы хъӕуа, уӕд дӕумӕ бахатын, уый ма мын ӕрбахӕсс, зӕгъгӕ. Павелимӕ Ромы цы ӕфсымӕртӕ уыд, уыдон ын ӕххуыс кодтой канд ныхасӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ аразын. Уӕды заман куыд уыд, афтӕ абон дӕр уый хӕссы стыр арфӕдзинӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ фидар кӕнынц уарзондзинады тӕгтӕ ӕмӕ тыхджындӕр кӕны Иегъовӕйӕн иумӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕныны фӕндон.
23. Цавӕр хъуыддӕгтӕн нӕ хъӕуы алкӕйдӕр рӕстӕг арын?
23 Хорз уаид, ацы статьяйы цӕуыл дзырдтам, уый нӕ сӕрмагондӕй алкӕмӕдӕр куыд хауы, ууыл куы ахъуыды кӕниккам. Адон сты хуымӕтӕг цаутӕ, фӕлӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты «ӕнцой» балӕууынӕн ӕрвылбон дӕр нӕ бон цы у аразын, уый. Уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ иннӕтӕн гуманитарон ӕххуыс чи кӕны, уыдоны фӕзмӕм. Колоссӕгтӕм 4:10, 11-ӕм стихты кӕй кой цӕуы, уыцы ӕфсымӕртӕн уый нӕ уыд сӕ нысан. Уыдон уыдысты «ӕмкусджытӕ Хуыцауы Паддзахадӕн». Ӕмӕ растдӕр уымӕн уыдысты ахъаз Павелӕн. Уӕдӕ афтӕ кӕнӕм мах дӕр!
24. Иннӕты тыххӕй сӕйраджыдӕр цӕмӕн фӕкувӕм ӕмӕ цӕмӕн архайӕм се ’нцой балӕууыныл?
24 Нӕ сӕрмагонд куывтыты не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты ном уый тыххӕй арӕм ӕмӕ сӕ фидар кӕныныл уымӕн архайӕм, ӕмӕ нӕ уырны, кӕй сӕ фӕнды аразын «Хуыцауӕн аккаг [куыд у, афтӕ], алцӕмӕй дӕр Уый зӕрдӕ ӕлхӕнгӕйӕ» (Колоссӕгтӕм 1:10). Фӕлӕ канд уый нӕу ахсджиаг. Павел ма загъта, Епафрас колоссӕгты тыххӕй кӕй куывта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид «лӕууын алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ» (Колоссӕгтӕм 4:12, НД). Цӕмӕй нӕ уыцы хъуыддаг алкӕй къухы дӕр ӕфта, уый тыххӕй цы хъӕуы? Ӕркӕсӕм дарддӕр.
[Фиппаинаг]
^ 5 абз. Кӕс Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 490, 491 фӕрстӕ ӕмӕ «„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда», 226—228 фӕрстӕ (англ.).
Дӕ хъус ӕрдардтай?
• Цӕмӕй иннӕтӕн нӕ сӕрмагонд куывтытӕ тынгдӕр ӕххуыс кӕной, уый тыххӕй цы ис саразӕн?
• Иуӕй-иу чырыстӕттӕ Павелӕн «ӕнцой» цы хуызы уыдысты?
• Цавӕр уавӕрты у нӕ бон иннӕты «ӕнцой» балӕууын?
• Цӕмӕн фӕкувӕм не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты тыххӕй ӕмӕ цӕмӕн архайӕм се ’нцой лӕууыныл?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 10 фарсыл]
Дӕ бинонтимӕ иумӕ исты куы аразат, уӕд нӕй гӕнӕн, ӕмӕ де ’мчырыстӕттӕй искӕмӕ фӕдзурай?
[Барлӕвӕрдӕй]
Green Chimney’s Farm-ы тавиц барлӕвӕрдӕй.