Сӕрмагонд хъусинаг
Сӕрмагонд хъусинаг
ХЪАХЪХЪӔНӔГ мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) ӕрвылазон ӕмбырд уыд 2000 азы 7 октябры. Ӕмбырды кӕрон сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр Джон Барр, Разамонӕг советы уӕнг, фехъусын кодта сӕрмагонд хъусинаг. Уыцы хъусинаг бындуриуӕг кодта, уыцы бон Теодор Ярач ӕмӕ Дэниел Сидлик цы раныхӕстимӕ рацыдысты, уыдоныл. (Кӕс ацы номыры 8—12 ӕмӕ 29—32 фӕрстӕм.)
Ӕфсымӕр Барр бахахх кодта ахсджиаг хъуыды: «„Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн“ ӕмӕ йӕ Разамонӕг советӕн йӕ бӕрны цы ис, уый у юридикон оргӕнты бӕрндзинадӕй ахсджиагдӕр ӕмӕ бирӕ фылдӕр. Алы юридикон оргӕнӕн дӕр йӕ уставы цы нысӕнттӕ ис, уыдон хауынц ӕрмӕстдӕр уыцы оргӕнтӕм. Фӕлӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти ӕууӕнкджын цагъары сӕвӕрдта йе ’ппӕт «мулкы» сӕргъыл, ома йын бабар кодта Паддзахады хъуыддаг зӕххыл» (Матфейы 24:45—47).
Пенсильванийы корпорацийы тыххӕй ӕфсымӕр Барр загъта: «1884 азы Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад (Пенсильвани) регистрацигонд куы ӕрцыд, уӕдӕй нырмӕ йын стыр ахадындзинад ис нырыккон ӕвдисӕнты историйы. Фӕлӕ уӕддӕр уый ӕрмӕстдӕр у юридикон оргӕн ӕмӕ дзы „ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар“ спайда кӕны, куы йӕ бахъӕуы, уӕд».
Сӕ раныхӕсты ӕфсымӕртӕ Сидлик ӕмӕ Ярач бамбарын кодтой, зӕгъгӕ, кӕд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» йӕ Хицауы мулк зӕххыл иууылдӕр баргонд у, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ цагъары къордӕн йӕ бон нӕу фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгты «ӕндӕр фыстӕй» дӕр нысан кӕнын, цӕмӕй разамынды хъуыддӕгты искуы хайад исой (Иоанны 10:16). Уымӕй уӕлдай ма Библийы дӕр никуы дзырдӕуы, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы юридикон оргӕнтӕй пайда кӕнынц, уыдоны директортӕ иууылдӕр кӕнӕ сӕ исчи ӕнӕмӕнг сӕрст чырыстон кӕй хъуамӕ уа.
Ӕфсымӕр Барр хъусджытӕн загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы уӕнгтӕй директортӕ ӕмӕ разамонджытӕй чи лӕггад кодта, ӕрӕджы уыдонӕй цалдӕр барвӕндонӕй ныууагътой, Иугонд Штатты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы корпорацитӕй пайда кӕны, уыдоны директорты советты цы бынӕттӕ ахстой, уыдон. Сӕ бӕсты ӕвзӕрст ӕрцыдысты ӕууӕнчы аккаг ӕфсымӕртӕ «ӕндӕр фысты» къордӕй.
Уыцы уынаффӕ хӕссы ӕцӕгдӕр стыр пайда. Уый Разамонӕг советы уӕнгтӕн дӕтты фадат, цӕмӕй сын фылдӕр рӕстӕг уа, Хуыцауы Ныхасыл чи бындуриуӕг кӕны, ахӕм хӕринаг цӕттӕ кӕнынӕн ӕмӕ ма ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрады уырнындзинад фидар кӕнынӕн дӕр.
Кӕроны сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр райгонд хъусджытӕн загъта: «Кӕд фӕлтӕрдджын цӕстдарджытӕн ис алыхуызон хӕстӕ юридикон ӕмӕ разамынды хъуыддӕгты... уӕддӕр уыдон се ’ппӕт дӕр лӕггад кӕнынц, Разамонӕг совет сын дины хъуыддӕгты цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ... Мах кувӕм Иегъовӕмӕ ӕмӕ нӕ ныфс ис, кӕй нын раарфӕ кӕндзӕн, иумӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕн, цӕмӕй йын уый йе стыр номӕн кад ӕмӕ цыт хӕсса».