Теократон ӕгъдауӕй нысангонд цӕстдарджытӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ
Теократон ӕгъдауӕй нысангонд цӕстдарджытӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ
«Хъахъхъӕнут уӕхи ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд сымах хистӕртӕн [«цӕстдарджытӕй», НД] цы дзугӕн сӕвӕрдта,— уый дӕр» (КУЫСТЫТӔ 20:28, НФ).
1, 2. Куыд ӕххӕст кӕны Исайы 60:22-ӕм стих?
ИЕГЪОВӔ тынг раджы срагзагъд кодта, фӕстаг рӕстӕджыты ӕнахуыр цыдӕр кӕй ӕрцӕудзӕн, уый. Пехуымпар Исайы уылты уый загъта: «Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, лӕмӕгъ адӕмӕй — тыхджын. Ӕз, Иегъовӕ, уыцы хъуыддг фӕтагъд кӕндзынӕн йӕ рӕстӕджы» (Исай 60:22).
2 Зӕгъӕн ис, ацы пехуымпарад абон ӕххӕст кӕны? Ууыл дызӕрдыг кӕнын дӕр нӕ хъӕуы! 1870 азы Иегъовӕйы адӕм скодтой иу ӕмбырд Аллегейнийы (АИШ, штат Пенсильвани). Ахӕм гыццыл къордӕй ӕппӕт дунейы равзӕрд дӕсгай мин фидар ӕмбырдтӕ. Паддзахады милуангай хъусынгӕнджытӕ — тыхджын адӕм — абон 91 000 ӕмбырдӕй фылдӕр сты 235 бӕстӕйы. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ ӕцӕг кувджыты ӕмбырд кӕныныл кӕй тагъд кӕны, цалынмӕ тынг хӕстӕг чи у, уыцы «стыр зындзинад» нӕ райдыдта, уӕдмӕ (Матфейы 24:21; Раргомад 7:9—14).
3. Цы нысан кӕны донаргъуыд райсын «Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй»?
3 Уыцы милуангай адӕм Иегъовӕйӕн нывонддзырд куы радтой, уӕд донаргъуыд райстой «Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй», Йесо куыд бафӕдзӕхста, афтӕ (Матфейы 28:19). «Фыды... номӕй» донаргъуыд райсын нысан кӕны, уыцы нывонддзырдрадтӕг адӕм Иегъовӕйы кӕй нымайынц сӕ уӕларвон Фыдыл ӕмӕ Царддӕттӕгыл, ӕмӕ йӕ дӕлбар кӕй сты, уый. Донаргъуыд «Фырты... номӕй» райсын та амоны, уыдон Йесо Чырыстийы сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, сӕ Разамонӕг ӕмӕ сӕ Паддзахыл кӕй нымайынц, уымӕ. Уыдон ма аргъ кӕнынц, Хуыцауы сыгъдӕг удӕн, кӕнӕ йӕ архайгӕ тыхӕн, сӕ цардыл разамынд кӕныны цы нысаниуӕг ис, уымӕн. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыдон донаргъуыд исынц «Сыгъдӕг Уды номӕй».
4. Адӕймаг чырыстон лӕггадгӕнӕгӕй нысангонд куыд ӕрцӕуы?
4 Донаргъуыд у ног ахуыргӕнинӕгты Иегъовӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй снысан кӕнын. Чи сӕ снысан кӕны? Уыдонмӕ ахӕссӕн ис 2 Коринфӕгтӕм 3:5-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ: «Нӕ хъару [куыд лӕггадгӕнджытӕ, афтӕ] у Хуыцауӕй». Иегъовӕ Хуыцау дӕ йӕхӕдӕг снысан кӕна, уымӕй фылдӕр ма адӕймаг цӕмӕ хъуамӕ бабӕлла! Донаргъуыды фӕстӕ уыдонӕн, куыд «Евангелийы» лӕггадгӕнджытӕн, афтӕ сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг уды уынаффӕтӕм куы хъусой ӕмӕ йын йӕ Ныхасӕй куы пайда кӕной, уӕд (Матфейы 24:14; Куыстытӕ 9:31).
Нысан кӕнын демократон ӕгъдауӕй нӕ, фӕлӕ теократон ӕгъдауӕй
5. Чырыстон цӕстдарджытӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ демократон ӕгъдауӕй цӕуынц ӕвзӕрст? Бамбарын ӕй кӕн.
5 Хуыцауӕн зӕрдиагӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны нымӕц кӕй фылдӕр кӕны, уымӕ гӕсгӕ сӕ духовон домӕнтӕ ифтонг кӕнынӕн хъӕуы фӕлтӕрдджын цӕстдарджыты ӕмбаргӕ хъусдард ӕмӕ службӕйон лӕггадгӕнджыты хорз ӕххуыс (Филиппӕгтӕм 1:1, НД). Духовон ӕгъдауӕй уыцы фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгтӕ куыд цӕуынц нысангонд? Чырыстон дунейы сӕ куыд снысан кӕнынц, афтӕ нӕ. Цӕвиттонӕн, чырыстон цӕстдарджытӕ демократон ӕгъдауӕй ӕвзӕрст нӕ цӕуынц, ома ӕмбырды адӕм фылдӕр хъӕлӕстӕ кӕмӕн радтой, уый бахынцгӕйӕ. Уый хыгъд уыдон нысангонд цӕуынц теократон ӕгъдауӕй. Цы нысан кӕны уый?
6. а) Цы у ӕцӕг теократи? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, цӕстдарджытӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ теократон ӕгъдауӕй нысангонд кӕй цӕуынц?
6 Хуымӕтӕгӕй куы зӕгъӕм, уӕд ӕцӕг теократи у Хуыцауы хицауиуӕгад. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы хицауиуӕгадӕн барвӕндонӕй дӕлбариуӕг кӕнынц ӕмӕ йын иумӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынц (Псалом 142:10; Матфейы 6:9, 10). Чырыстон цӕстдарджытӕ, кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ нысангонд ӕрцӕуынц теократон ӕгъдауӕй, уымӕн ӕмӕ ахӕм бӕрнон ӕфсымӕртӕн рекомендаци радтын ӕмӕ се снысан кӕныны хъуыддаг вӕййы Хуыцауы разамындӕй, кӕцы фыст ис Сыгъдӕг Фыстады. Ӕмӕ Иегъовӕ «алцӕмӕндӕр сӕргълӕууӕг кӕй у», уымӕ гӕсгӕ йын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый бар ис, цӕмӕй уынаффӕ кӕна йӕ зӕххон организаци куыд хъуамӕ архайа, уымӕн (1 Паралипоменон 29:11; Псалом 96:9).
7. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм цавӕр хицауиуӕгад ис?
7 Чырыстон дунейы дины бирӕ къордтӕй уӕлдай Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхӕдӕг не ’вӕрынц, цавӕр динон хицауиуӕгад сӕм уыдзӕн, уый. Уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ чырыстӕттӕ архайынц, цӕмӕй Иегъовӕйы домӕнтӕ ӕххӕст кӕной. Уыдонмӕ цӕстдарджыты нӕ нысан кӕнынц, конгрегационалон кӕнӕ пресвитериалон аргъуанты — цыран аргъуаны кусджытӕ дихгонд цӕуынц сӕ титултӕм гӕсгӕ — цавӕрдӕр бынатмӕ куыд нысан кӕнынц, афтӕ. Иегъовӕйы адӕмы уыцы хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн дунейӕ исты куы фӕхъыгдары, уӕд сӕ ӕнӕрадзур-бадзурӕй аиуварс кӕнынц. Уыдон фӕндфидарӕй хӕцынц, фыццаг ӕнусы апостолтӕ цы цӕстӕнгасыл хӕцыдысты, ууыл: «Ӕмбӕлы адӕмӕй хъауджыдӕр, фылдӕр Хуыцауы коммӕ кӕсын» (Куыстытӕ 5:29, НФ). Уӕдӕ, Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы коммӕ кӕсынц алы хъуыддаджы дӕр (Иаковы 4:7; Дзуттытӕм 12:9). Хуыцауы организацийы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ уыдзӕн Хуыцауы хорзӕх.
8. Цӕмӕй хицӕн кӕнынц демократи ӕмӕ теократи?
8 Мах, Номдзыд Теократ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, демократи ӕмӕ теократийы ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый. Демократийы сӕйраг принциптӕ сты: иухуызон бартӕ, искӕцы бынатмӕ ӕвзӕрстыты хайад исыны бар, фылдӕр хъӕлӕстӕ райсыны фӕрцы ӕвзӕрст ӕрцӕуын. Теократийы та афтӕ нӕу. Теократон организацийы адӕймаджы адӕм не снысан кӕнынц; нӕ йӕ снысан кӕнынц цавӕрдӕр юридикон оргӕнтӕ дӕр. Павел галатӕгтӕн куы загъта, «адӕймӕгты ӕвзӕрст нӕ, ӕмӕ адӕймаджы сӕрты нӕ, фӕлӕ Йесо Чырыстийы ӕмӕ Уый — мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд Хуыцауы ӕвзӕрст» кӕй уыд, уӕд йӕ хъуыдыйы, ӕвӕццӕгӕн, уыд, Йесо ӕмӕ йӕ Иегъовӕ «дзыллӕты Апостолӕй» кӕй снысан кодтой, уый (Ромӕгтӕм 11:13, НД; Галатӕгтӕм 1:1).
Сыгъдӕг удӕй нысангонд
9. Куыстыты 20:28-ӕм стихы (НФ) чырыстон цӕстдарджыты нысан кӕныны тыххӕй цы дзырдӕуы?
9 Павел Ефесы цӕрӕг цӕстдарджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау сӕ сыгъдӕг уды уылты кӕй снысан кодта, уый. Уый загъта: «Хъахъхъӕнут уӕхи ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд сымах хистӕртӕн [«цӕстдарджытӕй», НД] цы дзугӕн сӕвӕрдта,— уый дӕр, цӕмӕй хизат Хицауы ӕмӕ Хуыцауы аргъуан [«ӕмбырд», НД], Уый Йӕ тугӕй Йӕхицӕн кӕй ссардта» (Куыстытӕ 20:28, НФ). Уыцы чырыстон цӕстдарджытӕ, Хуыцауы дзугы фыййӕутты хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ, хъуамӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕн дӕлбариуӕг кодтаиккой. Кӕй-иу снысан кодтой, уый-иу Хуыцауы домӕнты аккаг куы нал уыд, уӕд-иу ӕй сыгъдӕг уды архайды фӕрцы йӕ бартӕй ссӕрибар кодтой.
10. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, сыгъдӕг удӕн стыр ахадындзинад кӕй ис теократон ӕгъдауӕй нысан кӕныны хъуыддаджы?
10 Цӕмӕн ис зӕгъӕн, сыгъдӕг удӕн стыр ахадындзинад кӕй ис? Фыццаг уый, ӕмӕ ӕмбырды разамынд чи кӕны, уыцы нӕлгоймӕгтӕй цы домдӕуы, уый фыст ӕрцыд сыгъдӕг уды фӕрцы. Павел йӕ ӕрвыстыты 1 Тимофеймӕ 3:1—10, 12, 13; Титмӕ 1:5—9).
Тимофеймӕ ӕмӕ Титмӕ ныффыста, цӕстдарджытӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ цавӕр домӕнтӕн хъуамӕ дзуапп кӕной, уый. Ӕмткӕй райсгӕйӕ уым дзырд цӕуы иу-16 домӕныл. Цӕвиттонӕн, цӕстдарджытӕ хъуамӕ уой ӕнаипп, ӕвронг, хӕрзӕгъдау, намысджын, уазӕгуарзаг, зондамонӕг ӕмӕ хорз хӕдзары хистӕртӕ. Уыдон хъуамӕ нозтӕй сӕ бӕрц зоной, ӕхцауарзаг ма уой, ӕмӕ сӕхиуыл хӕцын зоной. Афтӕмӕй, бӕрзонд домӕнтӕ хауынц, службӕйон ӕххуысгӕнӕгӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонмӕ дӕр (11. Ӕмбырды йӕхимӕ бӕрндзинад исын кӕй фӕнды, уыдон цы домӕнтӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?
11 Уыцы домӕнтӕ равзаргӕйӕ бӕрӕг у, Иегъовӕйӕн кувынады разамынд йӕхимӕ чи исы, уыдон чырыстон уагахасты фӕзминаг кӕй хъуамӕ уой, уый. Ӕмбырды йӕхимӕ бӕрндзинад исын кӕй фӕнды, уыдоны уагахастӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, сыгъдӕг удӕн кӕй дӕлбариуӕг кӕнынц, уый (2 Тимофеймӕ 1:14, НФ). Хъуамӕ бӕрӕг уа, Хуыцауы сыгъдӕг уд уыцы нӕлгоймӕгты кӕй ӕвзӕрын кӕны ахӕм дыргътӕ, куыд «уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын» (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уыцы миниуӕг бӕлвырд кӕндзӕн, се ’мчырыстӕттимӕ ӕмӕ иннӕ адӕмимӕ сӕхи куыд дарынц, уымӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иутӕ гӕнӕн ис сыгъдӕг уды дыргътӕй цавӕрдӕртӕ хуыздӕр ӕвдисой, иннӕтӕ та цӕстдарджыты домӕнтӕй кӕцыдӕртӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕной. Фӕлӕ цӕстдарӕгӕй кӕнӕ службӕйон ӕххуысгӕнӕгӕй кӕй фӕнды лӕггад кӕнын, уыдон хъуамӕ сӕ цардӕй бӕлвырд кӕной, кӕй сты духовон ӕгъдауӕй фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы домӕнтӕн аккаг.
12. Кӕмӕй ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, сыгъдӕг удӕй ӕрцӕуынц нысангонд?
12 Павел иннӕты куы разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ фӕзмыдтаиккой, уӕд сӕрибарӕй дзырдта, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр фӕзмыдта Йесо Чырыстийы, кӕцы нын «ныууагъта... дӕнц, цӕмӕй мах цӕуӕм Йӕ къахфӕдтыл» (1 Петры 2:21; 1 Коринфӕгтӕм 11:1). Уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Библийы домӕнтӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон цӕстдарджытӕй кӕнӕ та службӕйон ӕххуысгӕнджытӕй куы снысан кӕнынц, уӕд сыгъдӕг удӕй кӕй ӕрцӕуынц нысангонд.
13. Ӕмбырды йӕхимӕ бӕрндзинад исын кӕй фӕнды, уымӕн рекомендаци цы ӕфсымӕртӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн сыгъдӕг уд куыд феххуыс кӕны?
13 Дӕлдӕр дзырд цӕуы, сыгъдӕг уд ма куыд архайы цӕстдарджытӕн рекомендаци радтыны ӕмӕ се снысан кӕныны хъуыддаджы, ууыл. Йесо загъта, зӕгъгӕ «Фыд ратдзӕн Сыгъдӕг Уды, уымӕй чи кура, уыдонӕн» (Лукайы 11:13). Ӕмбырды йӕхимӕ бӕрндзинад райсын кӕй фӕнды, уымӕн бынӕттон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ рекомендаци радтынмӕ куы фӕхъавынц, уӕд уыдон фӕкувынц, цӕмӕй сыл Хуыцауы сыгъдӕг уд разамынд кӕна. Сӕ рекомендацитӕ уыдон аразынц Хуыцауы удцырынӕй фыст Ныхасмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ сыгъдӕг уды руаджы фенынц, адӕймаг Библийы домӕнтӕ ӕххӕст кӕны ӕмӕ йӕ снысан кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ, уый. Рекомендацитӕ чи дӕтта, уыдонӕн сӕ уынаффӕйыл хъуамӕ ма ӕндава адӕймаджы ӕддаг бакаст, йӕ ахуырад кӕнӕ йӕ курдиӕттӕ. Уыдон сӕйраджыдӕр сӕ хъус хъуамӕ дарой, адӕймаг духовон ӕгъдауӕй фӕлтӕрдджын у ӕви нӕ; ӕмбырды уӕнгтӕ йӕм сӕрибарӕй цӕудзысты ӕххуысмӕ ӕви нӕ.
14. Куыстыты 6:1—3-ӕм стихтӕй цы базыдтам?
14 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕнӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕй лӕггад кӕныны тыххӕй рекомендацитӕ кӕд хистӕр нӕлгоймӕгты совет ӕмӕ цӕугӕ цӕстдарджытӕ радтынц, уӕддӕр фӕархайынц фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ. Иухатт иу ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй хъуыд ссарын, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, ахӕм нӕлгоймӕгты. Разамонӕг совет радта дӕлдӕр лӕвӕрд уынаффӕ: «Равзарут уӕ астӕуӕй авд адӕймаджы, фӕлтӕрд чи у, ӕххӕст Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ зондӕй: уыдоны сӕвӕрдзыстӕм уыцы куысты» (Куыстытӕ 6:1—3). Рекомендаци-иу радтой, цаутӕ-иу йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон, нысан та-иу сӕ скодтой бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕртӕ Иерусалимы. Афтӕ у абон дӕр.
15. Разамонӕг совет ӕфсымӕрты куыд нысан кӕны?
15 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет филиалты Комитетты уӕнгтӕй алкӕйдӕр йӕхӕдӕг снысан кӕны. Ахӕм ахсджиаг хӕслӕвӕрдтӕ радтыны тыххӕй Разамонӕг совет уынаффӕ куы фӕхӕссы, уӕд йӕ зӕрдыл фӕдары Йесойы фӕдзӕхст: «Алкӕмӕй, бирӕ лӕвӕрд кӕмӕ ис, уымӕй бирӕ агуырд уыдзӕн; ӕмӕ бирӕ кӕй бӕрны бакодтой, уымӕй фылдӕр бадомдзысты» (Лукайы 12:48). Разамонӕг совет ма филиалы Комитеты уӕнгты уӕлдай ноджыдӕр снысан кӕны Вефилы хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ цӕугӕ цӕстдарджыты. Фӕлӕ Разамонӕг совет бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕртӕн бар дӕтты, цӕмӕй сӕхӕдӕг ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ дӕр кӕной. Уымӕн ис библион бындур.
«Куыд дын бафӕдзӕхстон, афтӕ алы сахарты хистӕр нӕлгоймӕгты снысан кӕн»
16. Павел Титы цӕмӕн ныууагъта Криты ӕмӕ уый абон теократон ӕгъдауӕй нысан кӕныны хъуыддаджы тыххӕй цы дзуры?
16 Павел йе ’мкусӕг Титӕн дзырдта: «Криты дӕу уымӕн ныууагътон, ӕмӕ ӕрдӕггӕндтытӕ фӕуай, ӕмӕ, дын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ алы сахарты хистӕртӕ сӕвӕрай [«хистӕр нӕлгоймӕгты снысан кӕнай», НД]» (Титмӕ 1:5, НФ). Павел уый фӕстӕ бацамыдта, Тит кӕй снысан кодтаид, уыцы нӕлгоймӕгтӕн цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уыдаид, уый. Уӕдӕ абон Разамонӕг совет фӕлтӕрдджын ӕфсымӕрты снысан кӕны филиалты, цӕмӕй-иу йӕ номӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджыты снысан кӕной. Разамонӕг советы минӕвӕрттӕй ӕвӕрд чи ӕрцӕуы, уыдон хъуамӕ иттӕг хорз ӕмбарой ӕмӕ ӕххӕст кӕной, ӕфсымӕрты нысан кӕныны хъуыддагмӕ цы библион принциптӕ хауынц, уыдон. Уӕдӕ, ӕппӕт дунейы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты лӕггад кӕныны тыххӕй ӕмбӕлон адӕмы снысан кӕнынц Разамонӕг советы къухдариуӕгадӕй.
17. Цӕстдарджыты кӕнӕ службӕйон ӕххуысгӕнджыты кандидатурӕтӕн филиалы цы саразынц?
17 Цӕстдарджыты кӕнӕ службӕйон ӕххуысгӕнджыты кандидатурӕты тыххӕй фехъусын кӕнынц Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады филиалмӕ, ӕмӕ уым фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ уыцы хъуыддаг саразынц Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕй. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмбарынц уый тыххӕй дзуапп кӕй дӕттынц, ӕмӕ сӕ къухтӕ 1 Тимофеймӕ 5:22).
искӕуыл сӕвӕрынмӕ нӕ фӕтагъд кӕнынц, цӕмӕй искӕй тӕригъӕдты ӕмхайджын ма суой (18, 19. а) Искӕй куы снысан кӕнынц, уӕд уый тыххӕй куыд фехъусын кӕнынц? ӕ) Адӕймагӕн рекомендаци куыд радтынц ӕмӕ йӕ куыд снысан кӕнынц?
18 Искӕй куы снысан кӕнынц, уӕд уый тыххӕй иуӕй-иу хатт фехъусын кӕнынц фыстӕджы ӕмӕ йыл ӕвӕрд вӕййы юридикон оргӕны мыхуыр. Ахӕм фыстӕджы, гӕнӕн ис фыст уа ӕмбырды ӕрмӕст иу ӕфсымӕр кӕй не ’рцыд нысангонд, фӕлӕ цалдӕр.
19 Хуыцауы организацийы искӕй снысан кӕныны уынаффӕ цӕуы Иегъовӕйӕ, ӕххӕст та цӕуы йӕ Фырт ӕмӕ Хуыцауы уынгӕ мадзалы уылты зӕххыл — «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты ӕмӕ йӕ Разамонӕг советы уылты (Матфейы 24:45—47). Рекомендацитӕ радтыны ӕмӕ снысан кӕныны хъуыддаг фӕцӕуы сыгъдӕг уды разамындӕй. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ уыцы домӕнтӕ сыгъдӕг уды фӕрцы фыст сты Хуыцауы Ныхасы, ӕмӕ кӕй снысан кӕнынц, уымӕ та бӕрӕгӕй фӕзынынц уыцы уды дыргътӕ. Уымӕ гӕсгӕ снысан кӕныны хъуыддаг ӕххӕстгонд цӕуы сыгъдӕг уды фӕрцы. Фыццаг ӕнусы цӕстдарджытӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ цыдысты нысангонд Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ. Уый афтӕ у абон дӕр.
Бузныг стӕм Иегъовӕйы разамындӕй
20. Псалом 132:1-ӕм стихы Давид цы загъта, махӕн дӕр нӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн у?
20 Абон духовон ӕгъдауӕй ӕнтыстджын кӕй стӕм ӕмӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг теократон ӕгъдауӕй кӕй сфидар, уымӕ гӕсгӕ мах бузныг стӕм, Иегъовӕ сӕрмагондӕй йӕхӕдӕг кӕй дӕтты дзуапп цӕстдарджытӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджыты нысан кӕныны хъуыддагӕн. Уыцы библион сконд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы рӕстдзинады бӕрзонд нормӕтыл хӕцой. Уымӕй уӕлдай ма, уыцы нӕлгоймӕгты чырыстон зондахаст ӕмӕ сӕ удуӕлдай архайад ахъаз сты Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фарн ӕмӕ иудзинадӕн. Псаломзарӕггӕнӕг Давидау мах дӕр фӕнды ӕппӕт зӕрдӕйӕ зӕгъын: «Куыд хорз ӕмӕ куыд ӕхсызгон у ӕфсымӕртӕн иумӕ цӕрын!» (Псалом 132:1).
21. Исайы 60:17-ӕм стих абон куыд ӕххӕст кӕны?
21 Куыд бузныг стӕм, Иегъовӕйы Ныхас ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды уылты цы разамынд исӕм, уымӕй! Ӕцӕгдӕр стыр нысаниуӕг ис Исайы 60:17-ӕм стихы фыст ныхӕстӕн: «Ӕрхуыйы бӕсты дын хӕсдзынӕн сыгъзӕрин, ӕфсӕйнаджы бӕсты — ӕвзист, суджы бӕсты — ӕрхуы, дурты бӕсты та — ӕфсӕйнаг; ӕмӕ дын фарн снысан кӕндзынӕн цӕстдарӕгӕй, рӕстдзинад та — хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕгӕй». Рӕстӕг куыд цыди, афтӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ теократон мадзӕлттӕй царды уӕрӕхдӕр пайда кодтой, ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы зӕххон организаци ӕнкъары, уӕлдӕр цы арфӕдзинӕдтыл ӕрдзырдтам, уыдон.
22. Цӕй тыххӕй стӕм бузныг ӕмӕ фӕндфидарӕй цы хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнӕм?
22 Мах ӕппӕт зӕрдӕйӕ бузныг зӕгъӕм цы теократон фӕтк нӕм ис, уый тыххӕй. Ӕмӕ тынг аргъ кӕнӕм Хуыцауы разамындӕй нысангонд цӕстдарджыты ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджыты уӕззау, фӕлӕ циндзинадхӕссӕг куыстӕн. Мах зӕрдӕбынӕй кадджын кӕнӕм нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды, духовон ӕгъдауӕй ӕнтыстджын кӕй руаджы стӕмӕмӕ нын афтӕ рӕдауӕй чи арфӕ кӕны, уый (Фӕсномыг ныхӕстӕ 10:22). Цӕй уӕдӕ фӕндфидарӕй ӕмдзу кӕнӕм Иегъовӕйы организациимӕ. Сӕйраджыдӕр та, цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр иумӕ лӕггадгӕнгӕйӕ Иегъовӕйы стыр ӕмӕ сыгъдӕг номӕн кад кӕнӕм ӕмӕ дзы ӕппӕлӕм.
Цавӕр дзуапп радтис?
• Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, цӕстдарджытӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ демократон ӕгъдауӕй нӕ, фӕлӕ теократон ӕгъдауӕй кӕй ӕрцӕуынц нысангонд?
• Бӕрнхӕссӕг чырыстон нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕг удӕй нысангонд куыд ӕрцӕуынц?
• Разамонӕг совет цӕстдарджытӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджыты куыд нысан кӕны?
• Иегъовӕ кӕй снысан кӕны, уыдон тыххӕй бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 10 фарсыл]
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ нысангонд цӕуынц Хуыцауы разамындӕй.