Агурут Иегъовӕйы, цалынмӕ йӕ масты бон не ’рцыд
Агурут Иегъовӕйы, цалынмӕ йӕ масты бон не ’рцыд
«Агурут Иегъовӕйы. Тырнут рӕстдзинадмӕ, тырнут сӕрныллӕгдзинадмӕ. Чи зоны, Иегъовӕйы масты бон ӕмбӕхст ӕрцӕуат» (СОФОНИ 2:3).
1. Софони пехуымпарӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд Иудӕйы паддзахад цы уавӕры уыд?
СОФОНИ пехуымпарӕй лӕггад кӕнын райдыдта, Иудӕйы паддзахад къуырцдзӕвӕнмӕ куы ӕрцыд, уыцы рӕстӕджы. Адӕмӕн Хуыцауимӕ сӕ ахастытӕ уыдысты тынг мӕгуырау уавӕры. Сӕ ныфс Иегъовӕйыл нал дардтой, фӕлӕ хъуыстой, муртаттаг дзуарылӕгтӕ ӕмӕ астрологтӕ цы дзырдтой, уымӕ. Кӕдӕмфӕнды ма акастаис, адӕм куывтой Ваалӕн ӕмӕ йӕ тыллӕджы бардуӕгтӕн. Сӕргълӕуджытӕ — сауджынтӕ, уӕздӕттӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕ — сӕ бӕрны цы адӕм уыд, уыдоны хъахъхъӕнгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ сӕ алы ӕгъдауӕй дӕр ӕфхӕрдтой ӕмӕ ссӕстой (Софони 1:9; 3:3). Уӕдӕ диссаг нӕу, Иегъовӕ Иудӕ ӕмӕ Иерусалим ныппырх кӕнынмӕ «йӕ къух [кӕй] систа», уый! (Софони 1:4).
2. Иудӕйы адӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдон цы ныфс уыд?
2 Фӕлӕ уавӕр бынтон къухауигъинаг нӕ уыд. Уыцы заман паддзах уыд Амонны фырт Иоси. Кӕд хӕрз ӕрыгон уыд, уӕддӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзта Иегъовӕйы. Ахъуыды ма кӕн, ног паддзах раст кувынад йӕ къахыл куы слӕууын кодтаид, уӕд уый цӕй стыр ныфс уыдаид, Иудӕйы адӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдонӕн! Чи зоны, уый уынгӕйӕ иннӕтӕ дӕр сӕ фарс слӕууыдаиккой ӕмӕ Иегъовӕйы масты бон ӕбмӕхст ӕрцыдаиккой.
Удӕгас баззайынӕн цы хъуыд?
3, 4. «Иегъовӕйы масты бон» удӕгас баззайын кӕй фӕндыд, уыдон цавӕр ӕртӕ домӕны хъуыд ӕххӕст кӕнын?
3 Хицӕн адӕймӕгтӕн ӕцӕгдӕр уыд Иегъовӕйы масты бон ӕмбӕхст ӕрцӕуыны фадат? О, ӕмӕ Софонийы 2:2, 3-ӕм стихты куыд кӕсӕм, афтӕмӕй ӕххӕст кӕнын хъуыд ӕртӕ домӕны. Ацы стихтӕ куы кӕсӕм, уӕд нӕ хъус уӕлдай тынгдӕр дарӕм уыцы домӕнтӕм. Софони ныффыста: «Цалынмӕ бардзырд ӕххӕст кӕнын нӕ райдыдта, цалынмӕ бон хъӕмпы халау нӕ атахт, цалынмӕ уӕ Иегъовӕйы масты цӕхӕр нӕ басыгъта, цалынмӕ уӕ Иегъовӕйы масты бон не ’рӕййӕфта, уӕдмӕ, зӕххы къорийыл цы сӕрныллӕг адӕм ис, Йӕ закъонмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уе ’ппӕт дӕр, агурут Иегъовӕйы. Тырнут рӕстдзинадмӕ, тырнут сӕрныллӕгдзинадмӕ. Чи зоны, Иегъовӕйы масты бон ӕмбӕхст ӕрцӕуат».
4 Уӕдӕ удӕгас баззайынӕн адӕймаджы хъуыди: 1) Иегъовӕйы агурын, 2) рӕстдзинадмӕ тырнын ӕмӕ 3) сӕрныллӕгдзинадмӕ тырнын. Уыцы домӕнтӕ тынг ахсджиаг сты махӕн дӕр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ н. э. агъоммӕ ӕвдӕм ӕнусы Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп радтын куыд бахъуыд, афтӕ рӕхджы «стыр зындзинады» Иегъовӕ Хуыцауы раз сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп радтын бахъӕудзӕни чырыстон дунейы адӕмы дӕр, стӕй канд уыдоны нӕ, фӕлӕ ма ӕппӕт фыдгӕнджыты дӕр (Матфейы 24:21). Уыцы бон ӕмбӕхст ӕрцӕуын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайой абон. Куыд? Цалынмӕ нӕ байрӕджы, уӕдмӕ агурӕнт Иегъовӕйы, тырнӕнт рӕстдзинадмӕ ӕмӕ сӕрныллӕгдзинадмӕ!
5. «Иегъовӕйы агурын» абон цы нысан кӕны?
5 Чи зоны, ды зӕгъай: «Ӕз Иегъовӕйӕн нывонддзырд радтон, донаргъуыд дӕр райстон ӕмӕ ныр дӕн йӕ Ӕвдисӕнтӕй сӕ иу. Исты не ’ххӕст кӕнын уыцы домӕнтӕ?» Раст куы Дыккаг закъон 6:5; Галатӕгтӕм 5:22—25; Филиппӕгтӕм 4:6, 7; Раргомад 4:11).
зӕгъӕм, уӕд Иегъовӕйӕн ӕрмӕст нывонддзырд радтын фаг нӕу. Израилӕгтӕ Иегъовӕйӕн нывондгонд адӕм уыдысты, фӕлӕ Софонийы рӕстӕджы сӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты. Ӕппынфӕстаг сӕ уый тыххӕй Хуыцау бынтондӕр ныууагъта. «Иегъовӕйы агурын» абон нысан кӕны, йӕ зӕххон организацийы лӕггадгӕнгӕйӕ, йемӕ сӕрмагонд ахастытӕ скӕнын ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ алы бон дӕр цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнын. Уый ма нысан кӕны, Хуыцау алы хъуыддагмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый зонын ӕмӕ йын нӕ алы къахдзӕф дӕр ӕхсызгон уыдзӕн ӕви хъыг, ууыл хъуыды кӕнын. Иегъовӕйы агурӕм, зӕгъгӕ, нӕ бон уӕд уыдзӕни зӕгъын, кӕд ӕмӕ йын йӕ Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм, цы дзы базонӕм, ууыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ зондамындтӕй пайда кӕнӕм царды. Иегъовӕйы разамынд ма ноджыдӕр уӕд агурдзыстӕм, зӕрдӕбынӕй йӕм куы кувӕм ӕмӕ нӕ йӕ сыгъдӕг уды уылты цы фӕндагыл кӕны, ууыл куы цӕуӕм, йемӕ нӕ ахастытӕ ӕдзухдӕр куы фидар кӕнӕм ӕмӕ йын «ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» куы лӕггад кӕнӕм (6. Цы нысан кӕны «рӕстдзинадмӕ тырнын», ӕмӕ суанг ацы дунейы дӕр уымӕн гӕнӕн цӕмӕн ис?
6 Софонийы 2:3-ӕм стихмӕ гӕсгӕ дыккаг домӕн у «рӕстдзинадмӕ тырнын». Донаргъуыдмӕ куы цӕттӕ кодтам, уӕд нӕ фылдӕр царды стыр ивындзинӕдтӕ скодтой, фӕлӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр ӕппӕт фӕзилӕнты дӕр нӕ хъус дарӕм Хуыцауы рӕстаг домӕнтӕм. Чырыстон фӕндагыл тынг хорз чи райдыдта цӕуын, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фӕстӕдӕр дунейӕн сӕхи счъизи кӕныны бар радтой. Ай-гъай дӕр, ӕнцон нӕу абон рӕстдзинадмӕ тырнын, уымӕн ӕмӕ нӕ алыварс адӕммӕ хӕтындзинад, сайын ӕмӕ ӕндӕр тӕригъӕддзинӕдтӕ ӕппындӕр ӕвзӕр нӕ кӕсынц. Фӕлӕ Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ аразын нӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы фӕнда, уӕд цыфӕндыйӕ дӕр фӕлӕудзыстӕм дунейы ӕндӕвдады ныхмӕ. Иудейтӕ сӕ сыхаг ӕнӕхуыцау адӕмты кӕй фӕзмыдтой, уый тыххӕй фесты ӕнӕхай Хуыцауы хорзӕхӕй. Цӕй уӕдӕ дунейы фӕдыл цӕуыны бӕсты кусӕм «Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕцӕг рӕстдзинады ӕмӕ иузӕрдиондзинады фӕлдыст чи ӕрцыд ахӕм ног адӕймаг» суӕвыныл, ӕмӕ уымӕй «фӕзмӕм Хуыцауы» (Ефесӕгтӕм 4:24, НД; 5:1).
7. Нӕ бон куыд у «сӕрныллӕгдзинадмӕ тырнын»?
7 Софонийы 2:3-ӕм стихмӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы масты бон ӕмбӕхст ӕрцӕуынӕн ӕртыккаг домӕн та у «сӕрныллӕгдзинадмӕ тырнын». Мах алы бон дӕр ӕмбӕлӕм, сӕрныллӕгдзинад кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕмыл: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтыл, ӕвзонг лӕппутӕ ӕмӕ чызджытыл. Фӕлмас адӕймаг дунейы ӕгад у. Коммӕ кӕсын сӕм кӕсы стыр лӕмӕгъдзинад. Уыдон сты хиуарзон ӕмӕ сӕрбӕрзонд, хъуыды кӕнынц, алцыдӕр цӕмӕй уыдонӕн уа, ууыл, иууыл сӕйрагдӕрыл нымайынц сӕхи «бартӕ» ӕмӕ сӕхи цы фӕнды, уый. Уыцы миниуджытӕ махыл дӕр куы бандавой, уӕд уый бӕллӕхы хабар куыннӕ уыдзӕн! Ныртӕккӕ уый рӕстӕг у, цӕмӕй «сӕрныллӕгдзинадмӕ тырнӕм». Фӕлӕ куыд? Алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ кӕсӕм, цы нын дзуры, уый кӕнӕм ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм.
«Чи зоны» — цӕмӕн?
8. Софонийы 2:3-ӕм стихы дзырд «чи зоны» кӕй цӕуы пайдагонд, уый цы нысан кӕны?
8 Цымыдисаг у, Софонийы 2:3-ӕм стихы афтӕ кӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «чи зоны, Иегъовӕйы масты бон ӕмбӕхст ӕрцӕуат». «Зӕххы къорийыл цы сӕрныллӕг адӕм ис», уыдоны кой куы цӕуы, уӕд дзы дзырд «чи зоны» цӕмӕн цӕуы пайдагонд? Бӕгуыдӕр, уыцы сӕрныллӕг адӕм раст къахдзӕфтӕ скодтой, фӕлӕ сын уый уый бар нӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ сӕ сӕр бӕрзӕндты хастаиккой. Сӕ цард нырма разӕй кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн нӕ уыд, ӕмӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадаиккой. Уыдонӕй чифӕнды дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ тӕригъӕд сарӕзтаид. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис махӕй алкӕмӕй дӕр. «Кӕронмӕ ныффӕразӕг... фервӕздзӕн»,— загъта Йесо (Матфейы 24:13). Уӕдӕ Иегъовӕйы масты бон нӕ ирвӕзындзинад баст у, дарддӕр дӕр йӕ цӕсты раст цы у, уый араздзыстӕм ӕви нӕ, ууыл. Цӕттӕ дӕ дарддӕр дӕр афтӕ аразынмӕ?
9. Ӕвзонг паддзах Иоси цавӕр раст къахдзӕфтӕ сарӕзта?
9 Куыд зыны, афтӕмӕй Софонийы ныхӕстӕ паддзах Иосийы сразӕнгард кодтой «Иегъовӕйы агурынмӕ». «[Иоси] ӕстӕм аз куы паддзахиуӕг кодта, уӕд, хӕрз ӕрыгонӕй [цыдис ыл 16 азы бӕрц], агурын райдыдта 2 Паралипоменон 34:3). Иоси «тырныдта рӕстдзинадмӕ» дӕр, уымӕн ӕмӕ мах кӕсӕм: «Дыууадӕсӕм аз [Иосийыл 20 азы бӕрц куы цыд, уӕд] ӕрӕвнӕлдта Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы цыдӕриддӕр бӕрзонд бынӕттӕ, сыгъдӕг къохтӕ, хъӕд ӕмӕ дурӕй конд гуымирытӕ ӕмӕ згъӕрӕй конд цыртсурӕттӕ уыд, уыдон скуынӕг кӕнынмӕ. Уымӕй дарддӕр ын йӕ разы ныппырх кодтой Ваалты нывондхӕссӕнтӕ» (2 Паралипоменон 34:3, 4). Иоси «тырныдта сӕрныллӕгдзинадмӕ» дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кодта, Иегъовӕйы цы фӕндыд, уый: бӕстӕйы цыдӕриддӕр гуымирытӕ ӕмӕ мӕнг динимӕ баст ӕндӕр хъуыддӕгтӕ уыд, уыдон куынӕг кӕнын райдыдта. Цӕй стыр циндзинад ӕрхаста уый иннӕ сӕрныллӕг адӕмӕн!
йӕ фыд Давиды Хуыцауы»,— дзырдӕуы Фыстады (10. Н. э. агъоммӕ 607 азы Иудӕйыл цы ӕрцыд, фӕлӕ дзы сӕрӕгасӕй чи баззад?
10 Иосийы паддзахиуӕгады рӕстӕджы иудейтӕй бирӕтӕ се ’ргом фӕстӕмӕ Иегъовӕмӕ раздӕхтой. Фӕлӕ куы амард, уӕд та сӕ фылдӕр аздӕхтысты сӕ зӕронд хъуыддӕгтӕм — Хуыцау бынтондӕр цы митӕ нӕ уарзы, уыдоныл та бафтыдысты. Уымӕ гӕсгӕ н. э. агъоммӕ 607 азы Иегъовӕйы фӕндӕй вавилойнӕгтӕ басастой Иудӕйы паддзахад ӕмӕ йын йӕ сӕйраг сахар Иерусалим зӕххы ӕмвӕз скодтой. Фӕлӕ уавӕр бынтон къухауигъинаг нӕ уыд. Пехуымпар Иереми, ефиопаг Авдимелех, Ионадавы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр Иегъовӕйы масты бон ӕмбӕхст ӕрцыдысты (Иереми 35:18, 19; 39:11, 12, 15—18).
Хуыцау уыны йе знӕгты!
11. Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын абон ӕнцон цӕуылнӕ у, фӕлӕ Иегъовӕйы адӕмы ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн хорз цы уаид саразын?
11 Ацы фыддунейы цардӕвӕрдыл Иегъовӕйы масты бон цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ ӕмбӕлӕм «алыхуызон фӕлварӕнтыл» (Иаковы 1:2). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн афтӕ зынаргъ цы сӕрибардзинад у, уый байсыны тыххӕй бирӕ бӕстӕты сауджынты ӕндӕвдадӕй хицӕуттӕ Хуыцауы адӕмы фӕдыл зилынц ӕмӕ сӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрынц. Ӕдзӕсгом адӕм хахуыр кӕнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл, сӕ дин «тӕссаг дин» у, зӕгъгӕ. Хуыцау сын уыны сӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзысты. Абон йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн хорз уаид, рагзаманы йӕ адӕмы знӕгтыл, зӕгъӕм, филистимӕгтыл цы ’рцыд, уымӕ куы ӕркӕсиккой, уый. Пехуымпарады дзырдӕуы: «Газӕ ӕдзӕрӕг сахар фестдзӕн; Аскалон дӕр дзӕгъӕл баззайдзӕн. Азот бонсихорафон афтид аззайдзӕн; ӕмӕ Екрон дӕр сӕфт ӕрцӕудзӕн». Филистимаг сахартӕ Газӕ, Аскалон, Азот ӕмӕ Екронӕй дур-дурыл дӕр хъуама мауал баззадаид (Софони 2:4—7).
12. Цы ’рцыд Филисти, Моав ӕмӕ Аммоныл?
12 Пехуымпарады дарддӕр дзырдӕуы: «Ӕз фехъуыстон Моавы фидистӕ ӕмӕ Аммоны фыртты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, мӕ адӕмӕн мын куыд фидис кодтой ӕмӕ сӕм сӕ зӕххытӕ байсынӕй куыд ӕртхъирӕн кодтой, уый» (Софони 2:8). О, вавилойнаг тыхгӕнджыты къухӕй хъизӕмар кодтой Египет ӕмӕ Ефиопи. Фӕлӕ цавӕр тӕрхон рахаста Хуыцау Моав ӕмӕ Аммонӕн, Авраамы ӕфсымӕры лӕппу Лотӕй цы адӕмтӕ рацыд, уыдонӕн? Иегъовӕ загъта: «Моавыл акӕндзӕн Содомы бон, Аммоны фырттыл та — Гоморры бон». Содом ӕмӕ Гоморр куы фесӕфтысты, уӕд удӕгас чи баззад, Лоты уыцы дыууӕ чызгӕй — сӕ рагмадӕлтӕй — хъауджыдӕр Моав ӕмӕ Аммон нӕ аирвӕздзысты Хуыцауы тӕрхонӕй (Софони 2:9—12; Уӕвынад 19:16, 23—26, 36—38). Кӕм ис абон Филисти, кӕм сты йӕ сахартӕ? Кӕм сты кӕддӕры сӕрбӕрзонд Моав ӕмӕ Аммон? Бирӕ сӕ куы фӕагурай, уӕддӕр сӕ не ссардзынӕ.
13. Ниневийы археологтӕ цы скъахтой?
13 Софонийы дуджы Ассирийы дунеон паддзахад уыд йӕ тӕккӕ тыхыл. Йӕ сӕйраг сахар Ниневийы бынаты археолог Остен Лейард паддзахы галуанӕй цы хай скъахта, уый тыххӕй ныффыста: «[Галуаны] цар... дих уыд цыппӕрдигъон хӕйттыл, алы хай дӕр дзы нывӕфтыд уыд дидинджытӕй кӕнӕ та сырдты нывтӕй. Уыцы нывтӕй иуӕй-иутӕ конд уыдысты пылы стӕгӕй, алы цыппӕрдигъоны кӕрӕттӕ дӕр уыдысты рӕсугъд нывӕфтыд. Уӕтты уӕладзӕн хъӕдтӕ уыдысты сыгъзӕрин доны тылд, йе та ӕмбӕрзт уыдысты сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй; арӕзтадон хъӕдӕрмӕгӕн пайда кодтой иууыл стӕмдӕр ӕмӕ тӕккӕ зынаргъдӕр хъӕды мыггӕгтӕй, арӕхдӕр кедрӕй». Фӕлӕ Софони куыд загъта, афтӕмӕй Ассири хъуамӕ пырхгонд ӕрцыдаид, йӕ сӕйраг сахар Ниневи та хъуамӕ фестадаид «ӕдзӕрӕг бынат» (Софони 2:13).
14. Софонийы пехуымпарад Ниневийыл куыд сӕххӕст?
Софони 2:14, 15). Ниневийы рӕсугъд галуантӕ хъуамӕ баззайой уызынтӕ ӕмӕ кӕсагластӕн. Сахары уынгты нал хъуысдзӕн базаргӕнджыты хъӕлӕба, хӕстонты хъӕр ӕмӕ сауджынты ивазгӕ зард. Адӕм ӕмӕзмӕлд кӕм кодтой, уыцы уынгты ма ӕрмӕстдӕр рудзгуытӕй хъуысдзӕн ӕнахуыр уасын, ӕвӕццӕгӕн мӕргъты ӕнкъард зард кӕнӕ дымгӕйы ниуын. Афтӕ фесӕфӕнт Хуыцауы знӕгтӕ иууылдӕр!
14 Софони уыцы пехуымпарад куы загъта, уымӕй 15 азы йедтӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ фидар сахар Ниневи пырхгонд ӕрцыд, паддзахы галуан та фестад дурты цӕнд. О, кӕддӕры сӕрбӕрзонд сахарӕй дур-дурыл дӕр нал баззад. Уыцы бӕллӕхы фӕстиуджыты тыххӕй развӕлгъау загъд уыд ахӕм ныхӕстӕй: «Сӕйраг сахары хӕлддзӕгты ’хсӕн ӕхсӕвиуат кӕндзысты кӕсаглас ӕмӕ уызын. Рудзынгӕй хъуысдзӕн уасын. Йӕ гӕныстон уыдзӕн йӕ къӕсӕрыл» (15. Филисти, Моав, Аммон ӕмӕ Ассирийыл цы ’рцыд, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?
15 Филисти, Моав, Аммон ӕмӕ Ассирийыл цы ’рцыд, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны? Иегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ не знӕгтӕй тӕрсын кӕй нӕ хъӕуы, ууыл. Хуыцау уыны, йӕ адӕмы ныхмӕ йын чи цӕуы, уыдон цы аразынц, уый. Иегъовӕ ивгъуыд заманты йӕхӕдӕг архайдта йе знӕгты ныхмӕ, уӕдӕ абон йӕ тӕрхон ӕрцӕудзӕн зӕххыл ӕппӕт адӕмыл дӕр. Фӕлӕ дзы уыдзӕн, удӕгас чи баззайдзӕн, ахӕмтӕ дӕр — «тынг бирӕ адӕм... ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй» (Раргомад 7:9). Ды дӕр уыдзынӕ уыдоны ’хсӕн, ӕрмӕст кӕд дарддӕр дӕр Иегъовӕйы агурай, рӕстдзинадмӕ ӕмӕ сӕрныллӕгдзинадмӕ тырнай, уӕд.
Додой уӕ къона, налат фыдгӕнджытӕ!
16. Софони Иудӕйы паддзахады кънйӕзтӕ ӕмӕ дины разамонджыты тыххӕй цы загъта, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ чырыстон дунемӕ дӕр цӕмӕн хауынц?
16 Софони йӕ пехуымпарады ногӕй йе ’ргом раздӕхта Иудӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ. «Додой йӕ Софонийы 3:1, 2-ӕм стихты. Цӕй мардӕрцыды хабар у уый, Иегъовӕ йӕ адӕмы раздахынӕн цы тыхтӕ бахардз кодта, уыдон хӕрз дзӕгъӕлы кӕй фесты! Кънйӕзтӕ, уӕздӕттӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты. Софони хурмӕ калы дины разамонджыты чъизи хъуыддӕгтӕ: «Йӕ пехуымпартӕ сты налат ӕмӕ мӕнгард. Йӕ сауджынтӕ сӕхӕдӕг чъизи кӕнынц, табуйаг цы у, уый; сӕ къӕхты бын кӕнынц закъон» (Софони 3:3, 4). Куыд хорз ӕвдисынц ацы ныхӕстӕ абон чырыстон дунейы пехуымпартӕ ӕмӕ сауджынтӕ цы аразынц, уый! Сӕ цӕсгомыл афтӕ сӕ къух систой, ӕмӕ Библийӕ айстой Хуыцауы ном ӕмӕ сӕ ахуырӕдтӕй худинаг кӕнынц, афтӕ кӕмӕй зӕгъынц, йӕ кувӕг адӕм стӕм, зӕгъгӕ, Уый.
къона, ныхмӕ чи рацыд ӕмӕ йӕхи чи счъизи кодта, уыцы ӕфхӕрӕг сахарӕн! Ныхасмӕ нӕ хъусы, зондамынд нӕ исы. Иегъовӕйыл йӕ ныфс нӕ дары. Йӕ Хуыцаумӕ хӕстӕг нӕ цӕуы»,— кӕсӕм17. Адӕм хорз уацхъуыдмӕ хъусынц ӕви нӕ, уӕддӕр нӕ цӕмӕн хъӕуы хъусын кӕнын?
17 Рагзаманты Иегъовӕ аудыдта йӕ адӕмыл ӕмӕ сын уый тыххӕй развӕлгъау дзырдта, цы саразынмӕ хъавыд, уый. Ӕрвыста сӕм йӕ пехуымпарты, уыдон нымӕцы Софони ӕмӕ Иеремийы дӕр, ӕмӕ уыдон адӕммӕ фӕсмондзинадмӕ сидтысты. О, «Иегъовӕ... фыддзинад нӕ кӕны. Алы райсом дӕр ӕргом хъусын кӕны йӕ тӕрхон. Нӕ йӕ ӕргъӕвы». Цавӕр уыд дзуапп? Софони дзуры: «Фӕлӕ фыдгӕнӕг ӕфсарм нӕ зоны» (Софони 3:5). Ахӕм фӕдисхъӕр хъуысы абон дӕр. Кӕд хорз уацхъуыд хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд ды дӕр хайад исыс уыцы ахсджиаг хъуыддаджы. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр зӕрдӕбынӕй хъусын кӕн хорз уацхъуыд! Адӕм дӕм хъусынц ӕви нӕ, уӕддӕр цалынмӕ иузӕрдион дӕ, уӕдмӕ Хуыцауы раз дӕ лӕггаддзинад уыдзӕн ӕнтыстджын; макуы ӕфсӕрмы кӕн, Хуыцауы хъуыддаг зӕрдиагӕй кӕй кӕныс, уымӕй.
18. Софонийы 3:6-ӕм стих куыд сӕххӕст уыдзӕн?
18 Хуыцауы тӕрхон канд чырыстон дунейыл не ’рцӕудзӕн. Иегъовӕ тӕрхон рахаста ӕппӕт адӕмтӕн дӕр: «Ӕз ныццагътон адӕмты; сӕ фисынты амад мӕсгуытӕ ныппырх сты. Сӕ уынгтӕ сын сафтид кодтон, змӕлӕг дзы нал баззад. Сӕ сахартӕ дзӕгъӕл баззадысты» (Софони 3:6). Ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕнӕдызӕрдыггаг сты, ӕмӕ Иегъовӕ адӕмты кӕй скуынӕг кӕндзӕн, уый тыххӕй дзуры ивгъуыд афоны, цыма уыцы хабар ныридӕгӕн ӕрцыд, уыйау. Цы ’рцыд Филисти, Моав ӕмӕ Аммоныл? Науӕд Ассирийы сӕйраг сахар Ниневийыл та? Абон адӕмтӕ Хуыцаумӕ сӕ ахаст куы нӕ фӕивой, уӕд уыдонмӕ дӕр уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Хуыцау хынджылӕггаг нӕу.
Дарддӕр дӕр агур Иегъовӕйы
19. Цавӕр фарстытыл у нӕ бон ахъуыды кӕнын?
19 Софонийы бонты Хуыцауы азар баййӕфта, фыддӕрадӕн «алы хъуыддаджы дӕр зыгъуыммӕ [чи] архайдта», уыдоны (Софони 3:7). Афтӕ уыдзӕн нӕ рӕстӕджы дӕр. Иегъовӕйы масты бон хӕстӕг кӕй у, уымӕн исты бӕлвырдгӕнӕнтӕ зоныс? Дарддӕр дӕр Иегъовӕйы кӕй агурыс, уый ӕвдисыс, йӕ Ныхас ын ӕдзухдӕр, алыбон дӕр, кӕй кӕсыс, уымӕй? Хуыцауы домӕнтӕм гӕсгӕ хӕрзӕгъдауӕй кӕй цӕрыс, уымӕй ӕвдисыс, «рӕстдзинадмӕ [кӕй] тырныс», уый? Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсыс ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕнынӕн цы мадзӕлттӕ аразы, уыдон ӕнӕзивӕгӕй кӕй исыс, уымӕй бӕрӕг у, «сӕрныллӕгдзинадмӕ [кӕй] тырныс», уый?
20. Цӕуыл дзурдзыстӕм ӕртыккаг статьяйы?
20 Уӕдӕ кӕд дарддӕр дӕр Иегъовӕйы зӕрдӕбынӕй агурӕм, рӕстдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинадмӕ тырнӕм, уӕд ныридӕгӕн, ацы уырнындзинадфӕлварӕн «фӕстаг бонты» дӕр исдзыстӕм стыр арфӕдзинӕдтӕ (2 Тимофеймӕ 3:1—5; Фӕсномыг ныхӕстӕ 10:22). Фӕлӕ нӕм, чи зоны, ӕвзӕры фарста: Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ныридӕгӕн куыд арфӕ кӕны ӕмӕ, фӕдисонау цы масты бон ӕрхӕстӕг кӕны, уым удӕгас чи баззайа, уыдонмӕ уый фӕстӕ та цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
Цавӕр дзуапп радтис?
• Адӕм куыд «агурынц Иегъовӕйы»?
• Цы нысан кӕны «рӕстдзинадмӕ тырнын»?
• Нӕ бон куыд у «сӕрныллӕгдзинадмӕ тырнын»?
• Цӕмӕн хъӕуы ӕдзухдӕр Иегъовӕйы агурын, ӕмӕ рӕстдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинадмӕ тырнын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 15 фарсыл]
Тынг бирӕ адӕм Иегъовӕйы ӕдзухдӕр кӕй агурынц, уый тыххӕй йӕ масты бон удӕгас баззайдзысты.