Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы адӕм сфидар сты ӕмӕ йӕ ӕгас зӕххыл кадджын кӕнынц

Иегъовӕйы адӕм сфидар сты ӕмӕ йӕ ӕгас зӕххыл кадджын кӕнынц

Иегъовӕйы адӕм сфидар сты ӕмӕ йӕ ӕгас зӕххыл кадджын кӕнынц

«Ӕз адӕмӕн ногӕй ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр сидой Иегъовӕйы номмӕ» (СОФОНИ 3:9).

1. Иудӕйы паддзахад ӕмӕ иннӕ адӕмты Хуыцауы фыдӕх цӕмӕн баййӕфта?

ЦӔЙ уӕззау хабӕрттӕ фехъусын кодта Иегъовӕ Софонийы уылты! Уыдон ӕрцыдысты Иудӕйы паддзахадыл ӕмӕ йӕ сӕйраг сахар Иерусалимыл, йӕ сӕргълӕуджытӕ дӕр ӕмӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ адӕм дӕр Иегъовӕйы фӕндон кӕй не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй. Хуыцауы азар баййӕфта сӕ сыхаг адӕмты дӕр: Филисти, Моав ӕмӕ Аммоны. Цӕмӕн? Ӕнусты дӕргъы Иегъовӕйы адӕмы ныхмӕ кӕй цыдысты, уымӕн. Уый тыххӕй фесӕфти ӕнустӕм Ассирийы дунеон паддзахад дӕр.

2. Софонийы 3:8-ӕм стихы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, кӕмӕ хауынц?

2 Фӕлӕ уӕддӕр рагон Иудӕйы паддзахады уыди растзӕрдӕ адӕймӕгтӕ дӕр. Уыдон ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон кӕд скодтаид, уымӕ, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдонмӕ хауынц ацы ныхӕстӕ: «Ӕнхъӕлмӕ мӕм кӕсут,— дзуры Иегъовӕ,— уыцы бонмӕ, цалынмӕ амӕттаджы фӕдыл нӕ ацӕуон. Уымӕн ӕмӕ мӕ фӕнд у адӕмты ӕрӕмбырд кӕнын, паддзахӕдтӕ иумӕ ӕрхонын, цӕмӕй сыл мӕ фыдӕх ӕмӕ мӕ масты цӕхӕртӕ иууылдӕр ныккалон; мӕ фыдӕхы арт бахӕрдзӕн ӕгас зӕхх дӕр» (Софони 3:8).

«Сыгъдӕг ӕвзаг» — кӕмӕн?

3. Софони Хуыцауы удцырынӕй цавӕр ныфсдӕттӕг хабар фехъусын кодта?

3 О, Софони хъусын кодта Иегъовӕйы карз тӕрхӕттӕ. Фӕлӕ йӕ пехуымпары уылты Иегъовӕ фехъусын кодта цины хабар дӕр; уый хъуамӕ стыр ныфс бауагътаид, иузӕрдион ыл чи уыд, уыдоны. Софонийы 3:9-ӕм стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Иегъовӕ Хуыцау загъта: «Уӕд Ӕз адӕмӕн ногӕй ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр сидой Иегъовӕйы номмӕ ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной».

4, 5. а) Ӕвзӕргӕнджытыл цы хъуамӕ ӕрцыдаид? ӕ) Уый пайда кӕмӕн ӕрхастаид ӕмӕ цӕмӕн?

4 Фӕлӕ сыгъдӕг ӕвзаг алкӕмӕн хъуамӕ ма ӕрцыдаид лӕвӕрд. Уый бӕрӕг у пехуымпарадӕй: «Ӕз дын де ’хсӕнӕй фесафдзынӕн сӕрбӕрзонд адӕмы» (Софони 3:11). О, куынӕг хъуамӕ ӕрцыдаиккой, Хуыцауы закъӕттӕ чи ницӕмӕ дардта ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыцы ӕвзӕргӕнджытӕ. Кӕмӕн ӕрхӕстаид уый пайда? «Ӕз [Иегъовӕ] дын де ’хсӕн ныууадздзынӕн ӕрмӕстдӕр сӕрныллӕг ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмы, ӕмӕ уыдон ӕцӕг ӕмбӕхсӕн ссардзысты Иегъовӕйы номы. Израилы адӕмӕй ма чи баззайа, уыдон ӕвзӕрдзинад нӕ кӕндзысты, гӕдыныхас ӕмӕ мӕнгдзинад нӕ уыдзӕни се ’взагыл; уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг хиздзысты ӕмӕ сӕхицӕн ӕнцад-ӕнцойӕ улӕфдзысты, ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕни»,— ахӕм ныхӕстӕ кӕсӕм Софонийы 3:12, 13-ӕм стихты.

5 Уый пайда ӕрхаста, рагон Иудӕйы ма чи баззади, уыдонӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон цардысты ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Зӕххы къорийыл цы сӕрныллӕг адӕм ис, Йӕ закъонмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уе ’ппӕт дӕр, агурут Иегъовӕйы. Тырнут рӕстдзинадмӕ, тырнут сӕрныллӕгдзинадмӕ. Чи зоны, Иегъовӕйы масты бон ӕмбӕхст ӕрцӕуат» (Софони 2:3).

6. Софонийы пехуымпарад фыццаг хатт куыд сӕххӕст?

6 Софонийы пехуымпарад фыццаг хатт сӕххӕст, Хуыцау ӕнӕууӕнк Иудӕйы паддзахадыл йӕ фыдӕх куы ныккалдта, ома н. э. агъоммӕ 607 азы Вавилоны дунеон паддзахадӕн йӕ басӕттыны ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты уацары акӕныны бар куы радта, уӕд. Иуӕй-иутӕ, уыдонимӕ пехуымпар Иереми дӕр, нӕ бахаудтой уацары, уыдис ахӕмтӕ дӕр, уацары уӕвгӕйӕ дӕр йӕ зӕрдӕ Иегъовӕйыл чи не сивта. Н. э. агъоммӕ 539 азы паддзах Киры разамындӕй мидийӕгтӕ ӕмӕ персӕгтӕ басастой Вавилоны паддзахад. Уымӕй дыууӕ азы фӕстӕдӕр Кир радта бардзырд, цӕмӕй иудейтӕй чи баззад, уыдон фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ аздӕхтаиккой. Цадӕггай Иерусалимы кувӕндон йӕ къахыл слӕууыд, ӕмӕ та сауджынтӕ адӕмӕн Закъон амыдтой (Малахи 2:7). Иудейтӕй фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхт, уыдон цалынмӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион уыдысты, уӕдмӕ сӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй цух нӕ уагъта.

7, 8. Софони 3:14—17-ӕм стихты пехуымпарад кӕмӕ хауди ӕмӕ цӕмӕн дӕттыс ахӕм дзуапп?

7 Уыцы ӕхсызгон хъуыддаг йӕхи цӕстӕй чи федтаид, уыдоны тыххӕй Софони загъта: «Цин кӕн, Сионы чызг! Уӕлахизы хъӕр кӕн, Израиль! Хъӕлдзӕг у, фырцинӕй райӕд дӕ зӕрдӕ Иерусалимы чызг! Иегъовӕ аивта, цы тӕрхон дын скодта, уый. Дард дын фӕсырдта де знӕгты. Израилы паддзах, Иегъовӕ, ис де ’хсӕн. Фыдбылызӕй дын тӕссаг никуыуал уыдзӕн. Уыцы бон Иерусалимӕн загъд уыдзӕн: „Ма тӕрс, Сион. Дӕ къухтӕ ма ӕрлӕмӕгъ уӕд. Дӕ Хуыцау Иегъовӕ де ’хсӕн ис. Уый Ӕппӕтхъомысджын у, фервӕзын дӕ кӕндзӕн. Дӕ цинӕй райдзӕн йӕ зӕрдӕ. Кӕй дӕ уарзы, уымӕ гӕсгӕ сабыр уыдзӕн. Дӕ цинӕй йӕ цинӕн кӕрон нӕ уыдзӕн“» (Софони 3:14—17).

8 Ацы пехуымпарады ныхӕстӕ хаудысты, Хуыцау Вавилоны уацарӕй йӕ фыдыбӕстӕм кӕй ӕрыздӕхта ӕмӕ иу ранмӕ кӕй ӕрӕмбырд кодта, уыдонмӕ. Уый бӕрӕг у Софонийы 3:18—20-ӕм стихтӕй: «„Ӕз [Иегъовӕ] ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, дӕ бӕрӕгбӕттӕ мысынӕй зӕрдӕхӕлд чи фӕци, уыдоны; кӕй йӕ [Израилы] фӕхудинаг кодтой, уый тыххӕй дард сты дӕуӕй. Уыцы рӕстӕджы Ӕз сыстдзынӕн де ’фхӕрджыты ныхмӕ; ӕмӕ йӕ адӕмӕй ӕнӕбон чи уа, уыдон фервӕзын кӕндзынӕн, чи ныппырх ис, уыдон иу ранмӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕз афтӕ сараздзынӕн, ӕмӕ худинаджы уавӕры цы зӕххыл уыдыстут, уым суыдзыстут кадджын ӕмӕ номдзыд. Уыцы рӕстӕджы уӕ ӕркӕндзынӕн ӕмӕ уӕ иу ранмӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Дӕ уацайрӕгты дын фӕстӕмӕ мӕ размӕ куы ӕркӕнон, уӕд Ӕз афтӕ сараздзынӕн, ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмты ’хсӕн дӕр суыдзыстут кадджын ӕмӕ номдзыд адӕм“,— загъта Иегъовӕ».

9. Иегъовӕ иудейты фӕстӕмӕ кӕй ӕркодта, уымӕй йӕхицӕн ном куыд скодта?

9 Хуыцауы адӕмӕй йе сӕфт чи уыдта, уыцы сыхаг адӕмтӕ арвыцӕфау куыннӕ фесты! Вавилоны хъомысджын ӕфсад Иудӕйы цӕрджыты уацары акодтой; уый ӕнхъӕл ма чи уыд, ӕмӕ ма фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзысты. Стӕй сӕ райгуырӕн бӕстӕ дӕр пырхӕй лӕууыд. Фӕлӕ 70 азы фӕстӕ Хуыцауы руаджы йӕ адӕм фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ ӕрӕздӕхтысты, се знӕгтӕм та ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт. Иегъовӕ сбӕрзонд кодта йӕ ном, иузӕрдионӕй йыл чи баззад, уыдоны фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕм кӕй ӕркодта, уымӕй! О, Хуыцау афтӕ сарӕзта, ӕмӕ уыдон «ӕппӕт адӕмты ’хсӕн дӕр систы кадджын ӕмӕ номдзыд». Иегъовӕ раст кувынад кӕй сбӕрзонд кодта, уый йын йӕхицӕн цӕй стыр кад ӕрхаста ӕмӕ йын йӕ ном чи хаста, уыцы адӕмӕн дӕр!

Иегъовӕйӕн кувынад сбӕрзонд

10, 11. Софони, раст кувынады тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уымӕн йӕ сӕйраг сӕххӕст кӕд хъуамӕ уыдаид ӕмӕ йӕ кӕцӕй зонӕм?

10 Раст кувынад ма йӕ къахыл слӕууыд нӕ дуджы фыццаг ӕнусы дӕр. Израилы ма Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдон Йесо Чырысти баиу кодта раст кувынады. Фӕлӕ фыццаг ӕнусы цаутӕ амыдтой, сомбон цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг кувынад ӕгас дунейы дӕр фидӕны хъуамӕ слӕууыдаид йӕ къахыл. Пехуымпар Михей развӕлгъау загъта: «Фӕстаг бонты афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы хӕдзар цы хохыл ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн иннӕ хӕхтӕй уӕлдӕр ӕмӕ къуылдымтӕй уыдзӕн бӕрзонддӕр; ӕмӕ йӕм адӕм цӕудзысты ӕмӕ цӕудзысты» (Михей 4:1).

11 Кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид уыцы хабар? Куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй «фӕстаг бонты», ома нӕ рӕстӕджы (2 Тимофеймӕ 3:1). Уый хъуамӕ ӕрцыдаид, ацы фыддунейы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ, адӕмтӕ ма сӕ мӕнг хуыцӕуттӕн куы куывтаиккой, уӕд. «Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕуынц сӕ хуыцӕутты номӕй»,— дзырдӕуы Михейы 4:5-ӕм стихы фыццаг хайы. Цы зӕгъӕн ис, Хуыцауӕн раст чи кувы, уыдонӕй та? Михей дарддӕр дзуры: «Мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй алкӕддӕр — ӕнусӕй-ӕнустӕм».

12. Раст кувынад ацы фӕстаг бонты куыд сбӕрзонд?

12 Уӕдӕ ацы фӕстаг бонты, «Иегъовӕйы хӕдзар цы хохыл ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцыд иннӕ хӕхтӕй уӕлдӕр». Иегъовӕйӕн раст кувынад йӕ къахыл куы слӕууыд, уӕд фидар ӕвӕрд ӕрцыд ӕппӕт динты сӕрмӕ. Михей ма ноджыдӕр куыд загъта, афтӕмӕй йӕм «адӕм цӕудзысты ӕмӕ цӕудзысты». Ӕмӕ раст диныл хӕст чи у, уыдон «цӕудзысты [сӕ] Хуыцау Иегъовӕйы номӕй алкӕддӕр — ӕнусӕй-ӕнустӕм».

13, 14. Ацы дунейы «фӕстаг бонтӕ» кӕд райдыдтой, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ раст кувынад куыд апарахат?

13 Библийы пехуымпарӕдтӕ цы цаутӕй ӕххӕст кӕнынц, уыдонӕй бӕрӕг у, 1914 азы ацы дунейы «фӕстаг бонтӕ» кӕй райдыдтой, уый (Маркы 13:4—10). Рӕстӕг куыд равдыста, афтӕмӕй Иегъовӕ раст кувынадмӕ фыццаг ӕмбырд кӕнын райдыдта, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдоны. Уый фӕстӕ та — «тынг бирӕ адӕмы... ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» (Раргомад 7:9).

14 Фыццаг дунеон хӕстӕй суанг абоны онг Иегъовӕйы разамындӕй тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕны, йӕ ном цы адӕм хӕссынц, уыдоны кувынад. Кӕд Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цалдӕр мины йедтӕмӕ нӕ уыдысты, уӕд ныр та сты ӕхсӕз милуаны бӕрц. Уыдон сӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц 235 бӕстӕйы ӕмӕ сты 91 000 ӕмбырды. Хуыцауы ӕппӕт адӕмы ’хсӕн дӕр кадджын кӕнгӕйӕ, уыцы хъусынгӕнджытӕ алы аз дӕр хардз кӕнынц миллиард сахатӕй фылдӕр. Афтӕмӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14).

15. Софонийы 2:3-ӕм стих абон куыд ӕххӕст кӕны?

15 Софонийы 3:17-ӕм стихы дзырдӕуы: «Дӕ Хуыцау Иегъовӕ де ’хсӕн ис. Уый Ӕппӕтхъомысджын у, фервӕзын дӕ кӕндзӕн». Ацы фӕстаг бонты Иегъовӕйы организаци рӕзы ӕмӕ размӕ цӕуы, сӕйраджыдӕр, йӕ ӕппӕтхъомысджын Хуыцау «йе ’хсӕн» кӕй ис, уый фӕрцы. Н. э. агъоммӕ 537 азы рагон Иудӕйы паддзахад куыд слӕууыд фӕстӕмӕ йӕ къахыл, раст афтӕ у абон дӕр. Уӕдӕ уынӕм, Софонийы 2:3-ӕм стихы пехуымпарад ӕгас дунейыл абон кӕй ӕххӕст кӕны, уый: «Зӕххы къорийыл цы сӕрныллӕг адӕм ис... уе ’ппӕт дӕр, агурут Иегъовӕйы». Н. э. агъоммӕ 537 азы уыцы «адӕммӕ» хаудысты Вавилоны уацарӕй ӕрыздӕхӕг иудейтӕ. Абон та йӕм хауынц, зӕххы къорийыл цыдӕриддӕр сӕрныллӕг адӕм ис, уыдон, ома ӕппӕт адӕмтӕй дӕр Паддзахады уацхъуыдмӕ чи хъусы, йӕ зӕрдӕмӕ йӕ чи исы ӕмӕ, «Иегъовӕйы хӕдзар цы хохыл ис», уырдӕм чи цӕуы, уыдон.

Раст кувынад тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕны

16. Абон Иегъовӕйы организаци куыд ӕнтыстджынӕй цӕуы размӕ, уый уынгӕйӕ не знӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, цы хъуыды кӕнынц?

16 Н. э. агъоммӕ 537 азы фӕстӕ Хуыцауы адӕм сӕ райгуырӕн зӕхмӕ куы ӕрыздӕхтысты ӕмӕ раст кувынад фӕстӕмӕ йӕ къахыл куы слӕууын кодтой, уӕд ууыл сӕ сыхаг адӕмтӕй бирӕтӕ фырдисӕй мардысты. Афтӕмӕй та уӕд раст кувынад зӕххыл ӕрмӕстдӕр иу ран слӕууыд йӕ къахыл. Ахъуыды ма кӕн, уӕд абон та, Иегъовӕйӕн кувынад ӕгас дунейыл диссаджы хуызы куыд парахат кӕны ӕмӕ размӕ куыд цӕуы, уый чи уыны, уыдон, суанг Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ дӕр, цы хъуыды кӕнынц? Фидарӕй ис зӕгъӕн, адӕм Йесойы фӕдыл куы цыдысты, уӕд фарисейтӕ цы хъуыды кодтой, абон не знӕгтӕй дӕр чидӕртӕ афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уый. «Ӕппӕт дуне цӕуы Йӕ фӕстӕ»,— мӕсты кодтой уыдон (Иоанны 12:19).

17. Иу фыссӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй цы загъта ӕмӕ цас фӕфылдӕр ис сӕ нымӕц?

17 Профессор Чарлз Браден йӕ чиныджы ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Зӕххыл ахӕм бынат нал ис, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕ хъусын кӕнынц. Фидарӕй ис зӕгъӕн, Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ хъусын кӕнынц, афтӕ дунейы ӕндӕр иу динон къорд дӕр кӕй нӕ хъусын кӕны. Дызӕрдыггаг нӕу, сӕ архайд дарддӕр ноджы тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕй кӕндзӕн, уый» («These Also Believe»). Куыд рӕстытӕ дзырдта уыцы лӕг! Фӕндзай азы размӕ, уыцы ныхӕстӕ куы ныффыста, уӕд ӕппӕт дунейы хъусын кодтой ӕрмӕстдӕр 300 мин Ӕвдисӕны. Цымӕ уыцы лӕг цы загътаид абон та, хорз уацхъуыд чи хъусын кӕны, уыдонӕн сӕ нымӕц ссӕдз хатты куы фӕфылдӕр — ӕхсӕз милуаны бӕрц куы сты — уӕд?

18. Цы у сыгъдӕг ӕвзаг ӕмӕ йӕ Хуыцау кӕмӕн дӕтты?

18 Хуыцау йӕ пехуымпары уылты зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз адӕмӕн ногӕй ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг, цӕмӕй се ’ппӕтдӕр сидой Иегъовӕйы номмӕ ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной» (Софони 3:9). Ацы фӕстаг бонты Иегъовӕйы номмӕ сидынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, уыдон иу кӕнынц уарзондзинады фидар тӕгтӕй ӕмӕ афтӕмӕй иумӕ «уӕхски-уӕхск» лӕггад кӕнынц Хуыцауӕн. Растдӕр уыдонӕн дӕтты Иегъовӕ сыгъдӕг ӕвзаг. Уыцы сыгъдӕг ӕвзаг зонын нысан кӕны, Хуыцау чи у ӕмӕ йӕм цавӕр фӕндӕттӕ ис, уый раст ӕмбарын. Ахӕм ӕмбарынад та ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ дӕтты йӕ сыгъдӕг уды руаджы (1 Коринфӕгтӕм 2:10). Фӕлӕ кӕмӕн дӕтты Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг уд? Йӕ «коммӕ... чи кӕсы, уыдонӕн» (Куыстытӕ 5:32). Иунӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты цӕттӕ алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ кӕсынмӕ. Уымӕн сын дӕтты Хуыцау йӕ сыгъдӕг уд, уый тыххӕй дзурынц сыгъдӕг ӕвзагыл, уымӕн сӕм ис раст зонындзинӕдтӕ, Иегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕм цы диссаджы фӕндӕттӕ ис, уый тыххӕй дӕр. Уыцы сыгъдӕг ӕвзагӕй уыдон кадджын кӕнынц Иегъовӕйы. Сӕ куыст апарахат ӕгас зӕххы къорийыл ӕмӕ дарддӕр дӕр уӕрӕхӕй-уӕрӕхдӕр кӕны.

19. Сыгъдӕг ӕвзагыл дзурын цы нысан кӕны?

19 Сыгъдӕг ӕвзагыл дзурын ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ дӕ ӕцӕгад уырна, стӕй йӕ иннӕтӕн дӕр амонай, фӕлӕ ма Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, ууыл ӕдзухдӕр кӕй хъуамӕ хъуыды кӕнай ӕмӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй хъуамӕ цӕрай, уый дӕр. Иегъовӕйы агурын ӕмӕ сыгъдӕг ӕвзагыл дзурыны хъуыддаджы разамынд сӕхимӕ исынц сӕрст чырыстӕттӕ. Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн, куыд ӕнтыстджын сты уыцы хъуыддаджы! Кӕд сӕрст чырыстӕттӕй ныртӕккӕ зӕххыл бирӕ нал ис, 8 700 адӕймагӕй къаддӕр, уӕддӕр сын сӕ уырнындзинад фӕзмынц ӕхсӕз милуан адӕймаджы бӕрц, Иегъовӕйы кӕй агурынц ӕмӕ сыгъдӕг ӕвзагыл кӕй дзурынц, уымӕй. Уыцы «тынг бирӕ адӕм» сты ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Уыдон ӕууӕндынц Йесойы ӕлхӕнӕг нывондыл ӕмӕ Хуыцауы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕрты ӕххӕст кӕнынц сӕ сыгъдӕг лӕггаддзинад. Рӕхджы ацы фыддуне «стыр утӕхсӕны» (НФ) куы фесӕфа, уӕд уыдон удӕгасӕй баззайдзысты (Раргомад 7:9, 14, 15).

20. Цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕм ӕмӕ «тынг бирӕ адӕммӕ»?

20 «Тынг бирӕ адӕмы» Хуыцау бакӕндзӕн йӕ рӕстаг ног дунемӕ (2 Петры 3:13). Уӕларвон цардмӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕй лӕггад кӕнынмӕ цы 144 000 сӕрст чырыстоны райгас уа, уыдон Йесо Чырыстиимӕ иумӕ уыдзысты зӕххы ног ӕмӕ иунӕг хицауад. (Ромӕгтӕм 8:16, 17; Раргомад 7:4; 20:6). «Стыр утӕхсӕны» удӕгас чи баззайа, уыдон зӕххӕй дзӕнӕт аразын райдайдзысты ӕмӕ дарддӕр дӕр дзурдзысты, Хуыцау сын цы сыгъдӕг ӕвзаг радта, ууыл. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдонмӕ хауынц ацы ныхӕстӕ: «Дӕ фыртты [ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ чызджыты дӕр] се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Иегъовӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты фӕрнӕйдзаг. Рӕстдзинады фидар уидӕгтӕ ауадздзынӕ» (Исай 54:13, 14).

Ӕппӕты стырдӕр ахуырадон куыст

21, 22. а) Куыстыты 24:15-ӕм стихмӕ гӕсгӕ кӕмӕн хъӕудзӕн сыгъдӕг ӕвзаг амонын? ӕ) Ӕгас зӕххыл дӕр Хуыцауы Паддзахад куы къухдариуӕг кӕна, уӕд цавӕр стыр ахуырадон куыст цӕудзӕн уагъд?

21 Ног дунейы сыгъдӕг ӕвзаг сахуыр кӕныны фадат уыдзӕн адӕмы стыр къордӕн. Уыцы адӕмы тыххӕй дзырдӕуы Куыстыты 24:15-ӕм стихы: «Уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты». Ивгъуыд заманты зӕххыл цы адӕм цард, уыдонӕй бирӕтӕ Иегъовӕйы тыххӕй бӕлвырдӕй ницы зыдтой. Иегъовӕ сӕ бӕрӕг фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн, ӕмӕ уыдонӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, амонын хъӕудзӕн сыгъдӕг ӕвзаг.

22 Ахъуыды ма кӕн, цӕй стыр циндзинад нын ӕрхӕсдзӕн уыцы стыр ахуырадон куысты хайад исын! Адӕмы равзӕрдӕй фӕстӕмӕ ахӕм стыр ахуырадон куыст никуы ма цыд. Уыцы куыст ӕххӕстгонд ӕрцӕудзӕн Йесо Чырыстийы фӕрнджын паддзахиуӕгады рӕстӕджы. Фӕстагмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй фендзысты, Исай 11:9-ӕм стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон сӕххӕст: «Дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы тыххӕй базонынадӕй».

23. Иегъовӕйы адӕмӕй кӕй дӕ, уый стыр кад цӕмӕн у?

23 Цӕй стыр арфӕдзинад у, зӕххыл алы адӕймаг дӕр Иегъовӕйы куы зондзӕн, уыцы диссаджы рӕстӕгмӕ ныридӕгӕн, ацы фӕстаг бонты, кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый! Цӕй стыр кад нын у, ныридӕгӕн Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй, Софонийы 3:20-ӕм стихы пехуымпарад цы адӕмыл ӕххӕст кӕны, уыдонӕй кӕй стӕм, уый! Уыцы стихы Иегъовӕ дзуры: «Ӕз афтӕ сараздзынӕн, ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмты ’хсӕн дӕр уыдзыстут номдзыд ӕмӕ кадджын адӕм».

Куыд бамбарын кӕнис?

• Софони раст кувынады тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый куыд сӕххӕст?

• Раст кувынад ацы фӕстаг бонты тыхджынӕй-тыхджындӕр куыд кӕны?

• Ног дунейы цавӕр стыр ахуырадон куыст цӕудзӕн уагъд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 20 фарсыл]

«Сыгъдӕг ӕвзагыл» дзургӕйӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн хъусын кӕнынц Библийы ныфсдӕттӕг хабар.