Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг у!

Иегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг у!

Иегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг у!

«Иегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны» (СОФОНИ 1:14).

1. Хуыцау Софонийы уылты иудейты цӕмӕй бафӕдзӕхста?

ИЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ рӕхджы сыстдзӕн фыддзинады ныхмӕ. Байхъус ма! Мӕнӕ куыд фӕдзӕхсы: «Ӕз скъуынӕг кӕндзынӕн зӕххон адӕмы... Иу адӕймаг дӕр нал ныууадздзынӕн зӕххы цъарыл» (Софони 1:3). Ацы ныхӕстӕ Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕ загъта йӕ пехуымпар, ӕвӕццӕгӕн, рӕстзӕрдӕ паддзах Езекийы фырты фырты фырты фырт Софонийы уылты. Хуыцау хорз паддзах Иосийы рӕстӕджы кӕй фехъусын кодта, уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ Иудӕйы паддзахады фыдгӕнджытӕм хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ каст.

2. Кӕд Иоси фыддзинад фесафыныл зӕрдиагӕй архайдта, уӕддӕр Иегъовӕйы тӕрхоны бонӕн ӕнӕрцӕугӕ цӕуылнӕ уыд?

2 Ӕвзонг Иоси пехуымпар Софонийы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ноджы хуыздӕр бамбӕрста, Иудӕйы паддзахад мӕнг хуыцӕуттӕн кувынӕй ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уый. Фӕлӕ уӕддӕр паддзахӕн йӕ бон не сси, адӕм цы фыдхъуыддӕгтӕ кодтой, уыдонӕн иууылдӕр кӕрон скӕнын, стӕй йӕ фыды фыд, «Иерусалим ӕнаххос тугӕй» чи байдзаг кодта, уыцы паддзах Манасийы тӕригъӕдтӕ бамбӕрзын дӕр (4 Паддзахӕдты 24:3, 4; 2 Паралипоменон 34:3). Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы тӕрхоны бонӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕ уыд.

3. «Иегъовӕйы масты бон» фервӕзӕн кӕй ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?

3 О, фӕлӕ уыцы тӕссаг бон, удӕгас чи баззадаид, ахӕмтӕ дӕр хъуамӕ уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы пехуымпар ӕрсидт: «Цалынмӕ бардзырд ӕххӕст кӕнын нӕ райдыдта, цалынмӕ бон хъӕмпы халау нӕ атахт, цалынмӕ уӕ Иегъовӕйы масты цӕхӕр нӕ басыгъта, цалынмӕ уӕ Иегъовӕйы масты бон не ’рӕййӕфта, уӕдмӕ, зӕххы къорийыл цы сӕрныллӕг адӕм ис, Йӕ закъонмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уе ’ппӕт дӕр, агурут Иегъовӕйы. Тырнут рӕстдзинадмӕ, тырнут сӕрныллӕгдзинадмӕ. Чи зоны, Иегъовӕйы масты бон ӕмбӕхст ӕрцӕуат» (Софони 2:2, 3). Иегъовӕйы тӕрхоны бон фервӕзӕн кӕй ис, уый нӕ зӕрдыл даргӕйӕ, ӕркӕсӕм Библимӕ, Софонийы номӕй цы чиныг хуыйны, уымӕ. Ацы чиныг фыст ӕрцыд Иудӕйы паддзахады, н. э. агъоммӕ 648 азы размӕ, ӕмӕ у, ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ хъус цы «пехуымпарадон дзырдмӕ» хъуамӕ дарӕм, уый хай (2 Петры 1:19, НФ).

Иегъовӕ йӕ къух систа

4, 5. Софонийы 1:1—3-ӕм стихты ныхӕстӕ Иудӕйы фыдгӕнджытыл куыд сӕххӕст сты?

4 «Иегъовӕйы ныхас» Софонимӕ райдыдта уӕлдӕр цы фӕдисы уац бакастыстӕм, уымӕй. Хуыцау фӕдзӕхсы: «„Зӕххы цъарыл цы ис, уыдон иууылдӕр фесафдзынӕн,— дзуры Иегъовӕ.— Ныццӕгъддзынӕн зӕххон адӕмы дӕр ӕмӕ сырдты дӕр. Ныццӕгъддзынӕн ӕрвон мӕргътӕ ӕмӕ денджызы кӕсӕгты, фесафдзынӕн фыдгӕнджыты, цӕлхдур сын цы у, уыдӕттимӕ иумӕ. Зӕххы цъарыл адӕм нал ныууадздзынӕн“,— зӕгъы Иегъовӕ» (Софони 1:1—3).

5 О, Иегъовӕ кӕрон хъуамӕ скодтаид, Иудӕйы паддзахады цы фыдхъуыддӕгтӕ цыд, уыдонӕн. «Зӕххы цъарыл цыдӕриддӕр ис, уый фесафынӕн» Хуыцау кӕмӕй хъуамӕ спайда кодтаид? Софони паддзах Иосийы хицауиуӕгады райдианы (хицауиуӕг кӕнын та райдыдта н. э. агъоммӕ 659 азы) кӕй хъусын кодта, уымӕ гӕсгӕ уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст сты фӕстӕдӕр, н. э. агъоммӕ 607 азы Иудӕйы паддзахад ӕмӕ йӕ сӕйраг сахар Иерусалим вавилойнӕгтӕ гӕныстон куы фӕкодтой, уӕд. Растдӕр уӕд «фесӕфтысты», Иудӕйы паддзахады цы фыдгӕнджытӕ уыд, уыдон.

6—8. Софонийы 1:4—6-ӕм стихты цы уыд развӕлгъау загъд ӕмӕ уыцы пехуымпарад рагон Иудӕйы паддзахадыл куыд сӕххӕст?

6 Мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, уыдоны ныхмӕ Иегъовӕ кӕй растдзӕн, уый тыххӕй Софонийы 1:4—6-ӕм стихты дзырдӕуы: «Мӕ къух сисдзынӕн Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, ацы зӕххыл Ваалӕн йӕ кой дӕр нал ныууадздзынӕн, сӕ ном фесафдзынӕн, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн чи кувы, уыцы дзуарылӕгтӕ ӕмӕ сауджынтӕн, сӕ уӕлхӕдзӕртты ӕрвон бардзтӕн чи табу кӕны, уыцы-иу рӕстӕджы Иегъовӕйӕ дӕр ӕмӕ Милхомӕй дӕр сомы кӕнгӕйӕ, йӕ зонгуытыл чи хауы, уыдонӕн, Иегъовӕмӕ йӕ чъылдым чи сыздӕхта, чи йӕ нӕ агуырдта ӕмӕ йӕм чи нӕ тырныдта, уыдонӕн».

7 Иегъовӕ йӕ къух систа Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы адӕммӕ. Ныццагъта, ханаайнаг тыллӕджы хуыцау Ваалӕн чи куывта, уыдоны. Алыхуызон бынӕттон хуыцӕутты хуыдтой Ваалы номӕй, уымӕн ӕмӕ сын чи куывта, уыдон уырныдта, бӕрӕг бынӕттӕ уыдон кӕй уыдысты ӕмӕ сыл сӕ бар кӕй цыди, уый. Зӕгъӕм, моавитӕгтӕ ӕмӕ мадиамӕгтӕн уыдис сӕхи Ваал, ӕмӕ йын куывтой Фегоры хохыл (Нымӕцтӕ 25:1, 3, 6). Иегъовӕ скуынӕг кодта, Иудӕйы зӕххыл Ваалӕн цыдӕриддӕр дзуарылӕгтӕ уыд, уыдоны; семӕ иумӕ ныццагъта, Хуыцауы закъон чи ферох кодта ӕмӕ Ваалы дзуарылӕгтимӕ чи слымӕн, уыцы мӕнгард левиттӕ-сауджынты дӕр (Рацыд 20:2, 3).

8 Хуыцау ныццагъта, «ӕрвон бардзтӕн чи табу кодта», ӕвӕццӕгӕн, астрологийыл чи бафтыд ӕмӕ хурӕн чи куывта, уыдоны дӕр (4 Паддзахӕдты 23:11; Иереми 19:13; 32:29). Хуыцау куыд загъта, афтӕмӕй йӕ азар баййӕфта, уыцы-иу рӕстӕджы «Иегъовӕйӕ дӕр ӕмӕ Милхомӕй дӕр сомы кӕнгӕйӕ», раст кувынад мӕнг динимӕ чи хӕццӕ кодта, уыдоны дӕр. Куыд зыны, афтӕмӕй Милхом у аммонитӕгты сӕйраг хуыцау Молохы иннӕ ном. Молохӕн цы адӕм куывтой, уыдон нывондӕн хастой сӕ сывӕллӕтты дӕр (3 Паддзахӕдты 11:5; Иереми 32:35).

Чырыстон дунейы кӕрон ӕввахс у!

9. а) Чырыстон дунейыл цавӕр тӕригъӕд ис? ӕ) Иудӕйы паддзахады мӕнгард адӕмӕй хъауджыдӕр мах дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм?

9 Уыдон нын иууылдӕр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц нырыккон чырыстон дуне: уый дӕр афтӕ бафтыд мӕнг кувынад ӕмӕ астрологийыл. Нӕ дуджы хӕсты нывондхӕссӕныл цы бирӕ адӕмы цард ӕрцыд хаст, уыдоны туджы чырыстон дунейы разамонджытыл цы стыр тӕригъӕд ис, уый алчидӕр зоны! Цӕй уӕдӕ мах, сӕ зӕрдӕтӕ кӕмӕн ныддур сты, Хуыцауы чи нал агуырдта, йӕ зондмӕ йын чи нал хъуыста, ӕмӕ афтӕмӕй «Иегъовӕмӕ йӕ чъылдым чи сыздӕхта», уыцы мӕнгард иудейты хуызӕн макуы суӕм. Уый бӕсты дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн.

10. Софонийы 1:7-ӕм стихы цы пехуымпарад фыст ис, уый абон цы нысан кӕны?

10 Пехуымпар дарддӕр цы загъта, уый Иудӕйы ӕнӕхуыцау адӕммӕ куыд хауд, афтӕ хауы абоны ӕнӕуаг адӕммӕ дӕр. Софонийы 1:7-ӕм стихы дзырдӕуы: «Ныхъхъус ут Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйы раз, уымӕн ӕмӕ хӕстӕг у Иегъовӕйы бон, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ ӕрцӕттӕ кодта нывонд; сбӕрӕг кодта, кӕй ӕрхондзӕн, уыдон». Иегъовӕ «кӕй ӕрхуыдта, уыдон» уыдысты Иудӕйы фыдӕзнӕгтӕ — халдейтӕ. «Нывонд» та уыд Иудӕйы паддзахад йӕхӕдӕг йӕ сӕйраг сахаримӕ. Афтӕ Софони фехъусын кодта, Хуыцау Иерусалим гӕныстон кӕй фӕкӕндзӕн, уый тыххӕй ӕмӕ уыцы пехуымпарад амоны чырыстон дунейы сӕфтмӕ дӕр. Хуыцауы тӕрхоны бон тынг хӕстӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕгас дуне дӕр хъуамӕ «ныхъхъус уа Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйы раз», ӕмӕ хъуса, «гыццыл дзуг», ома Йесойы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ сӕ цӕдисӕмбӕлтты, «ӕндӕр фысты», уылты Иегъовӕ цы дзуры, уымӕ (Лукайы 12:32; Иоанны 10:16). Чи нӕ хъуса ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ чи лӕууа, уыдон иууылдӕр куынӕггонд ӕрцӕудзысты (Псалом 2:1, 2).

Фыдохы бон тагъд уыдзӕн!

11. Софонийы 1:8—11-ӕм стихты мидис цӕй мидӕг ис?

11 Иегъовӕйы боны тыххӕй Софонийы 1:8—11-ӕм стихты дарддӕр дзырдӕуы: «Иегъовӕйы нывонд хӕссӕн бон ӕз ме ’ргом раздахдзынӕн кънйӕзтӕм, паддзахы фырттӕм ӕмӕ ӕцӕгӕлон адӕмы дарӕсы чи цӕуы, ӕппӕт уыдонмӕ. Уыцы бон ӕз ӕркӕсдзынӕн, къӕсӕры сӕрты чи гӕпп кӕны ӕмӕ сӕ хицӕутты хӕдзар тыхми ӕмӕ мӕнгдзинады руаджы чи дзаг кӕны, уыдонӕй алкӕй хъуыддагмӕ дӕр. „Уыцы бон,— дзуры Иегъовӕ,— Кӕсӕгты кулдуарӕй хъуысдзӕн хъӕр, сахары иннӕ хайӕ цӕудзӕн ӕрдиаг ӕмӕ къуылдымтӕй ӕнахуыр хъӕлӕба. Ӕрдиаг кӕнут, Мактесы цӕрджытӕ, уымӕн ӕмӕ базаргӕнджытӕ иууылдӕр ныссабыр сты, ӕвзист чи барста, уыдон куынӕггонд ӕрцыдысты“».

12. Иуӕй-иутӕ куыд ӕвдисынц, «ӕцӕгӕлон адӕмы дарӕс» сыл кӕй ис, уый?

12 Иосийы фӕстӕ паддзахиуӕг кӕндзысты Иоахаз, Иоаким ӕмӕ Иехони. Уыдон фӕстӕ та Седеки, ӕмӕ растдӕр уыцы рӕстӕджы ӕрцӕудзӕн пырхгонд Иерусалим. Кӕд уыцы бӕллӕхӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕ уыд, уӕддӕр иуӕй-иутӕ, ӕвӕццӕгӕн, агуырдтой сыхаг адӕмты хорзӕх, «ӕцӕгӕлон адӕмы дарӕсы» цӕугӕйӕ. Абон дӕр бирӕтӕ Иегъовӕйы организацийӕ кӕй не сты, уый ӕвдисынц алыхуызӕтты. Сайтаны организацийӕ кӕй сты, уый ӕргомӕй кӕй ӕвдисынц, уый тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзысты.

13. Софонийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ вавилойнӕгтӕ Иерусалиммӕ куы бабырстой, уӕд цы ’рцыд?

13 Иудӕйыл тӕрхоны бон ӕрцыд, Иегъовӕ йе знӕгтыл йӕ фыдӕх куы ныккалдта, фыддзинадӕн кӕрон куы скодта ӕмӕ хицауиуӕг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Уымӕн кӕй ис, уый куы сбӕлвырд кодта, уӕд. Вавилойнӕгтӕ Иерусалиммӕ куы бабырстой, уӕд Кӕсӕгты кулдуарӕй райхъуыст хъӕр. Ӕввӕццӕгӕн уыцы кулдуар уымӕн афтӕ хуынд, ӕмӕ йӕ цуры уыд кӕсӕгты базар (Нееми 13:16). Вавилоны ӕфсӕдтӕ бафсӕрстой сахары иннӕ хаймӕ, ӕмӕ «къуылдымтӕй ӕнахуыр хъӕлӕба» кӕй цыд, уый та дзурӕг уыд, халдейаг ӕфсӕдтӕ кӕй ӕрбацӕйхӕстӕг кодтой, ууыл. «Ӕрдиаг кӕндзысты» Мактес, кӕнӕ Тиропеоны дӕлвӕзы, цӕрджытӕ. Цӕмӕн хъуамӕ ӕрдиаг кодтаиккой? Уымӕн ӕмӕ нал базар кӕндзысты уӕйгӕнджытӕ, уыимӕ «ӕвзист чи барста», уыдон дӕр.

14. Хуыцау, ӕрмӕстӕр ӕй дзыхӕй чи нымайы, уыдоны хъуыддӕгтӕ куы ӕвзара, уӕд цы уыдзӕн?

14 Иегъовӕ, ӕрмӕстдӕр ӕй дзыхӕй чи нымайы, уыдоны хъуыддӕгтӕ куы ӕвзара, уӕд цы уыдзӕн? Пехуымпарады дарддӕр дзырдӕуы: «Уыцы рӕстӕджы Ӕз рухсгӕнӕнтимӕ мӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдардзынӕн Иерусалиммӕ, ӕркӕсдзынӕн, йӕ бынтыл чи сбадт, ӕмӕ йӕхицӕн афтӕ чи дзуры: „Иегъовӕ хорзӕй дӕр ницы аразы ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр“, уыдоны хъуыддӕгтӕм. Сӕ хъӕздыгдзинад сын фӕхӕсдзысты ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕл баззайдзысты. Хӕдзӕрттӕ бӕргӕ сараздзысты, фӕлӕ сӕ цӕргӕ нӕ кӕндзысты; сӕнӕфсиртӕ садздзысты, фӕлӕ сын сӕ сӕн нӕ нуаздзысты» (Софони 1:12, 13).

15. а) Иерусалимы аздӕхӕг сауджынтыл цы ’рцыд? ӕ) Абон мӕнг диныл хӕст чи у, уыдонмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

15 Иерусалимы аздӕхӕг сауджынтӕ Иегъовӕйы кувынад схӕццӕ кодтой мӕнг динимӕ. Кӕд мӕнг кувынады талынджы сӕхи бааууон кодтой ӕмӕ дзы сӕхи ӕдас хатынц, уӕддӕр сӕ Хуыцау уым дӕр ссардзӕн, тыхджын рухсгӕнӕнтӕй талынг бынат куыд срухс кӕнай, афтӕ. Иу адӕймаг дӕр ахӕм нӕ баззайдзӕн, Хуыцауы тӕрхон чи нӕ фехъуса ӕмӕ кӕуыл не ’рцӕуа. Сӕны бынтӕ боцкъайы куыд ныббадынц, афтӕ уыцы сӕрбӕрзонд аздӕхджытӕ дӕр сӕхи ауагътой, ӕмӕ сыл иу ран бадынӕй хъуына схӕцыд. Нӕ сӕ фӕндыд, Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзӕн, уый тыххӕй хъусын ӕмӕ сӕхи тыхсын кӕнын, фӕлӕ сын Хуыцауы фыдӕхӕй алидзӕн никуыдӕм уыд. Афтӕ никуыдӕм уыдзӕн алидзӕн, абон мӕнг диныл хӕст чи у, уыдонӕн дӕр; уыимӕ чырыстон дунейы минӕвӕрттӕн ӕмӕ Иегъовӕйы фӕндаг чи ныууагъта, уыдонӕн дӕр. Абон «фӕстаг бонтӕ» кӕй сты, ууыл нӕ разы кӕнынц ӕмӕ сӕхимидӕг дзурынц: «Иегъовӕ хорзӕй дӕр ницы аразы ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр». Фӕлӕ куыд тынг рӕдийынц! (2 Петры 3:3, 4, 10; 2 Тимофеймӕ 3:1—5).

16. Хуыцауы тӕрхоны бон Иудӕйы паддзахадыл цы ’рцыд ӕмӕ уыцы хабар махыл куыд хъуамӕ ӕндава?

16 Иудӕйы аздӕхджыты Хуыцау развӕлгъау бафӕдзӕхста, вавилойнӕгтӕ сын сӕ хъӕздыгдзинад кӕй фӕхӕсдзысты, сӕ хӕдзӕрттӕ сын кӕй ныппырх кӕндзысты ӕмӕ сӕ сӕнӕфсирдӕттӕй цы тыллӕг райстой, уый сӕхицӕн кӕй афардӕг кӕндзысты, уый тыххӕй. Иудӕйы Хуыцауы азар куы баййӕфта, уӕд ын йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ мулк нӕ баххуыс кодтой. Афтӕ уыдзӕн, Иегъовӕйы тӕрхоны бон нырыккон цардӕвӕрдыл куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр. Цӕй уӕдӕ алы хъуыддагмӕ дӕр уырнындзинады цӕстӕй кӕсӕм, Иегъовӕйы хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, ӕмӕ афтӕмӕй «нӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнӕм арвыл»! (Матфейы 6:19—21, 33).

«Иегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у»

17. Софонийы 1:14—16-ӕм стихтӕм гӕсгӕ Иегъовӕйы тӕрхоны бон цас хӕстӕг у?

17 Иегъовӕйы тӕрхоны бон цас хӕстӕг у? Софонийы 1:14—16-ӕм стихты нын Хуыцау йӕхӕдӕг дзуры: «Иегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны. Иегъовӕйы боны хъӕр хъуысы ӕввахсӕй. Уӕд иууыл тыхджын чи у, уый дӕр ӕрдиаг кӕндзӕн. Уыцы бон у масты бон, фыдох ӕмӕ хъизӕмары бон, ӕмтъеры ӕмӕ гӕныстоны бон, тар ӕмӕ хъуынтыз бон, асӕст ӕмӕ саудалынг бон, сыкъайӕ уасын ӕмӕ фӕдисхъӕры бон фидар сахартӕ ӕмӕ фисынты амад бӕрзонд мӕсгуытӕн».

18. Цӕуылнӕ у раст афтӕ хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы тӕрхоны бон нырма тагъд нӕ уыдзӕн?

18 Иудӕйы тӕригъӕдджын сауджынтӕ, кънйӕзтӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр зыдтой, «Иегъовӕйы стыр бон хӕстӕг» кӕй уыд, уый. Уыцы иудейтӕн «Иегъовӕйы бон... тынг тагъд кодта». Уӕдӕ абон дӕр афтӕ мачи хъуыды кӕнӕд, ӕмӕ Иегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон нырма тагъд не скӕндзӕн. Нӕ, Хуыцау Иудӕйы паддзахады куыд ӕвӕстиатӕй архайдта, афтӕ ныр дӕр «фӕтагъд кӕндзӕн» йӕ тӕрхоны бон (Раргомад 16:14, 16). Цӕй ӕвирхъау рӕстӕг уыдзӕн уый, Иегъовӕ йӕ Ӕвдисӕнты уылты фӕдисхъӕр кӕй кӕны, уый чи ницӕмӕ дары ӕмӕ раст кувынад чи нӕ исы, уыдонӕн!

19, 20. а) Иудӕ ӕмӕ Иерусалимыл Хуыцау йӕ фыдӕх куы ныккалдта, уӕд цы ӕрцыд? ӕ) Ацы цардӕвӕрды кӕрон скуынӕг кӕнын кӕй ӕмбӕлы, уыдон кӕй ӕрцӕудзысты куынӕггонд, уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры?

19 Хуыцауы фыдӕх Иудӕ ӕмӕ Иерусалимыл цы бон ӕрцыд, уыцы бон уыд «фыдох ӕмӕ хъизӕмары бон». Вавилойнаг лӕгсырдтӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой Иудӕйы цӕрджытӕн, уыимӕ сын бирӕ рис бавзарын кодта, мӕлӕты раз кӕй лӕууыдысты ӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕ сӕ цӕстыты раз пырхгонд кӕй цыд, уый дӕр. Уыцы «ӕмтъеры ӕмӕ гӕныстоны бон», тар, асӕст ӕмӕ саудалынг бон, чи зоны, ӕрмӕст ахӕсгӕ нысаниуӕджы нӕ уыд, фӕлӕ ӕцӕгӕй саубон дӕр, уымӕн ӕмӕ фӕздӕгӕй ницыуал зынд, алыран адӕм сӕ туджы мӕцыдысты. Уый уыд «сыкъайӕ уасын ӕмӕ фӕдисхъӕры бон», фӕлӕ уыцы фӕдисхъӕр никӕмӕ хъардта.

20 Вавилоны ӕфсӕдтӕ, цыргъ ӕфсӕйнаг цъуппытӕ кӕмӕн уыд, ахӕм ставд, рӕхыстыл ауыгъд ӕмӕ уӕрдӕттыл фидардгонд хъӕдтӕй «фисынты амад бӕрзонд мӕсгуытӕ» куы батыдтой, уӕд Иерусалимы хъахъхъӕнджытӕн сӕ бон ницы уыд. Абоны фыддунейы хӕстон фидӕрттӕ дӕр афтӕ ницы баххуыс кӕндзысты, Хуыцауы уӕларвон тыхтӕ куы растой, уӕд; уыдон ныридӕгӕн дӕр цӕттӕ сты, алкӕйы нӕ, фӕлӕ кӕй ӕмбӕлы, уыдоны скуынӕг кӕнынмӕ. Уыцы бон удӕгас кӕй баззайдзынӕ, уый ныфс дӕ ис? Дӕхицӕн фидарӕй аскъуыддзаг кодтай, «чи йӕ уарзы, уыдоны се ’ппӕты дӕр [чи] хъахъхъӕны, фӕлӕ ӕнӕгъдауты се ’ппӕты [чи] фесафдзӕн», уыцы Хуыцау Иегъовӕйы фарс кӕй лӕудзынӕ, уый? (Псалом 144:20, МГТ).

21, 22. Софонийы 1:17, 18-ӕм стихты цы фыст ис, уый нӕ рӕстӕджы куыд сӕххӕст уыдзӕн?

21 Софонийы 1:17, 18-ӕм стихтӕ цӕй тӕссаг боны тыххӕй дзурынц, ӕвӕдза! «Мӕ азар баййафдзӕн ӕппӕт адӕмы дӕр,— дзуры Иегъовӕ,— ӕмӕ куырмытау рахау-бахау кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы ныхмӕ тӕригъӕд ракодтой. Сӕ туг цъыфау лӕсӕнтӕ кӕндзӕн, сӕ хуылфыдзаумӕттӕ та ныппырх уыдзысты фаджысау. Иегъовӕйы фыдӕхы бон сӕ нӕдӕр сӕ ӕвзист фервӕзын кӕндзӕн, нӕдӕр сӕ сыгъзӕрин; йӕ масты цӕхӕрӕй басудздзӕн зӕхх ӕгасӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ зӕххыл цӕрджыты иууылдӕр ныццӕгъддзӕн, бындзагъд сӕ фӕкӕндзӕн».

22 Иегъовӕ Софонийы бонты куыд бакодта, афтӕ тагъд рӕстӕджы дӕр «зӕххыл цӕрджыты», йӕ фӕдисхъӕр ын чи ницӕмӕ дары, уыдоны иууылдӕр йӕ азар баййафдзӕн. Хуыцауы ныхмӕ тӕригъӕд кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ, куырм адӕймаг уырдзӕй сгаргӕйӕ куыд агура рахизӕн, афтӕ уыдон дӕр, ирвӕзындзинад агургӕйӕ, ныфссастӕй рахау-бахау кӕндзысты. Иегъовӕйы тӕрхоны бон сӕ туг «цъыфау лӕсӕнтӕ кӕндзӕн», ӕппындӕр ын ницы аргъ уыдзӕн. Худинаджы мӕлӕт сӕ баййафдзӕн: Хуыцау сын сӕ мӕрдтӕ — суанг сӕ хуылфыдзаумӕттӕ дӕр — «фаджысау» ныппырх кӕндзӕн зӕххыл.

23. Кӕд «Иегъовӕйы фыдӕхы бон» фыдгӕнджытӕ нӕ фервӕздзысты, уӕддӕр Софонийы пехуымпарад цавӕр ныфс дӕтты?

23 Хуыцау ӕмӕ йӕ адӕмы ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны ничи фервӕзын кӕндзӕн. Иудӕйы фыдгӕнджыты се ’взист дӕр ӕмӕ сӕ сыгъзӕрин дӕр куыд нӕ фервӕзын кодта, афтӕ «Иегъовӕйы фыдӕхы бон» дӕр, куыд чырыстон дунейы, афтӕ ӕгас дунейы дӕр нӕ бахъахъхъӕндзысты се стыр хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ ма сӕ гӕртӕмттӕ дӕр. Уыцы тӕрхоны бон, Хуыцау фыддзинад куы сафа, уӕд йӕ масты цӕхӕртӕй «басудздзӕн ӕгас зӕхх дӕр». Хуыцауы пехуымпарадон дзырд нӕ кӕй уырны, уымӕ гӕсгӕ мах фидарӕй зонӕм, «кӕроны рӕстӕгӕн» йӕ тӕккӕ фӕуды кӕй цӕрӕм, уый (Данелы 12:4, НД). Иегъовӕйы тӕрхоны бон тынг хӕстӕг у, рӕхджы уый йӕ фыдӕх ныккалдзӕн йе знӕгтыл. О, фӕлӕ Софонийы пехуымпарад дӕтты ирвӕзындзинады ныфс дӕр. Цӕмӕй Иегъовӕйы масты бон удӕгас баззайӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

Цавӕр дзуапп радтис?

• Софонийы пехуымпарад Иудӕ ӕмӕ Иерусалимыл куыд сӕххӕст?

• Абон чырыстон дунемӕ дӕр ӕмӕ ӕппӕт фыдгӕнджытӕм дӕр цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

• Цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Иегъовӕйы тӕрхоны бон нырма тагъд нӕ уыдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Софони уӕндонӕй хъусын кодта, Иегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг кӕй уыд, уый.

[Барлӕвӕрдӕй]

From the Self-Pronouncing Edition of the Holy Bible, containing the King James and the Revised versions

[Ныв 10 фарсыл]

Иегъовӕ фыдгӕнджыты куы куынӕг кӕна, уӕд дӕ удӕгасӕй баззайыны ныфс ис?