Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ирвӕзындзинад, рухс чи равзара, уыдонӕн

Ирвӕзындзинад, рухс чи равзара, уыдонӕн

Ирвӕзындзинад, рухс чи равзара, уыдонӕн

«Хицау [«Иегъовӕ», НД] — мӕ рухс ӕмӕ мӕ ирвӕзындзинад: кӕмӕй тӕрсон ӕз?» (ПСАЛОМ 26:1).

1. Иегъовӕ нын цӕрынӕн цы дӕтты?

ИЕГЪОВӔ у, зӕххыл цард цӕй руаджы ис, уыцы хуры рухсы Гуырӕн (Уӕвынад 1:2, 14). Фӕлӕ ма уый дӕтты, Сайтаны дунейы мӕлӕтхӕссӕг талынг чи суры, ахӕм рухс дӕр (Исай 60:2; 2 Коринфӕгтӕм 4:6; Ефесӕгтӕм 5:8—11; 6:12). Рухс чи равзӕрста, уыдонӕн сӕ бон у псаломзарӕггӕнӕгимӕ зӕгъын: «Хицау [«Иегъовӕ», НД] — мӕ рухс ӕмӕ мӕ ирвӕзындзинад: кӕмӕй тӕрсон ӕз?» (Псалом 26:1а). Фӕлӕ Йесойы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ ныр дӕр талынг чи равзара, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы карз тӕрхон (Иоанны 1:9—11; 3:19—21, 36).

2. Рагзаманты, Иегъовӕйы рухсӕй чи аздӕхт, уыдоныл цы ӕрцыд, ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ чи байхъуыста, уыдон та цы баисты?

2 Исайы рӕстӕджы, Иегъовӕимӕ цӕдисы цы адӕм уыдысты, уыдонӕн сӕ фылдӕр рухсӕй аздӕхтысты. Уый фӕстиуӕгӕн Исай федта, цӕгат паддзахад Израиль куыд адӕм, афтӕ куынӕггонд кӕй ӕрцыд, уый. Н. э. агъоммӕ 607 азы та куынӕггонд ӕрцыд Иерусалим ӕд кувӕндон, Иудӕйы цӕрджыты та акодтой уацары. Фӕлӕ Иегъовӕйы ныхасмӕ чи хъуыста, уыдонмӕ уыди хъарутӕ, цӕмӕй уӕды рӕстӕджы аздӕхынадӕй сӕхи бахызтаиккой. Н. э. агъоммӕ 607 азы цауты тыххӕй развӕлгъау дзургӕйӕ, Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, чи йӕм байхъуса, уыдон аирвӕздзысты (Иереми 21:8, 9). Уӕд цы ӕрцыд, уымӕй абон махӕн, рухс чи уарзы, уыдонӕн, нӕ бон у бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр кӕнын (Ефесӕгтӕм 5:5).

Рухсы чи ис, уыдон сты амондджын

3. Абон нӕ ныфс кӕуыл дарӕм, цавӕр «рӕстгӕнӕг адӕмы» уарзӕм ӕмӕ уыцы «адӕмӕн» цавӕр «фидар сахар» ис?

3 «Махӕн ис фидар сахар. [Хуыцау] сис ӕмӕ быруйы бӕсты дӕтты ирвӕзындзинад. Мӕнӕ адӕм, бакӕнут кулдуӕрттӕ, цӕмӕй мидӕмӕ бацӕуой, иузӕрдиондзинад чи хъахъхъӕны, уыцы рӕстгӕнӕг адӕм» (Исай 26:1, 2). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи дардта, уыцы адӕм кӕй цин кӕнынц, уый. Исайы бонты иузӕрдион иудейтӕ сӕ зӕрдӕ дардтой се ’мбӕстӕгты мӕнг хуыцӕуттыл нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйыл, куыд ӕдасдзинады иунӕг ӕцӕг Гуырӕныл. Абон ыл мах дӕр нӕ ныфс афтӕ дарӕм. Уымӕй уӕлдай ма мах уарзӕм Иегъовӕйы «рӕстгӕнӕг адӕмы» — «Хуыцауы Израилы» (Галатӕгтӕм 6:16; Матфейы 21:43). Иегъовӕ дӕр уарзы уыцы адӕмы, сӕ зӕрдӕтӕ йыл кӕй нӕ ивынц, уый тыххӕй. «Хуыцауы Израилӕн» кӕй арфӕ кӕны, уымӕ гӕсгӕ йын ис, чи йын ӕххуыс кӕны ӕмӕ йӕ чи хъахъхъӕны, ахӕм «фидар сахар» — сахары хуызӕн организаци.

4. Цавӕр зондахастыл хъуамӕ кусӕм?

4 Уыцы «сахары» чи ис, уыдон ӕмбарынц: «Фидар удыхъӕды хицау чи у, уымӕн [Иегъовӕ] дӕтты ӕнӕкӕрон фарн, уымӕн ӕмӕ [Иегъовӕйыл] дары йӕ зӕрдӕ». Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ дарын кӕй фӕнды ӕмӕ йӕ рӕстаг домӕнтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдонӕн уый ӕххуыс кӕны. Уымӕ гӕсгӕ Иудӕйы цӕрӕг иузӕрдион адӕм байхъуыстой Исайы фӕдзӕхстмӕ: «Адӕм, Иегъовӕйыл дарут уӕ ныфс ӕнустӕм, уымӕн ӕмӕ Иагъ Иегъовӕ у ӕнусон фидар» (Исай 26:3, 4; Псалом 9:11; 36:3; Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:5). Ахӕм зондахаст кӕмӕн ис, уыдонӕн ӕрмӕстдӕр «Иагъ Иегъовӕ» у ӕдас фидар. Уыдон цин кӕнынц, «ӕнӕкӕрон фарн» сын кӕй дӕтты, ууыл (Филиппӕгтӕм 1:2; 4:6, 7).

Хуыцауы знӕгтӕ фегад сты

5, 6. а) Рагон Вавилон куыд фегад? ӕ) «Стыр Вавилон» ӕгады бынатмӕ куыд ӕрхауд?

5 Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлой, уӕд сын цы кӕнгӕ у? Хъуамӕ мацӕмӕй тӕрсой. Иегъовӕ уыдӕттӕ уадзы рӕстӕгмӕ, фӕлӕ фӕстагмӕ уый радты удӕнцой, зындзинӕдтӕ чи ӕвзарын кӕны, уыдоныл та сӕххӕст кӕны йӕ тӕрхон (2 Фессалоникӕгтӕм 1:4—7; 2 Тимофеймӕ 1:8—10). Ӕркӕсӕм, иу «стыр сахарыл» цы ӕрцыд, уымӕ. Исай дзуры: «[Иегъовӕ] фегад кодта, бӕрзонд бынаты чи цард, уыдоны, стыр сахар. Ӕрӕппӕрста йӕ, ӕрӕппӕрста йӕ зӕхмӕ; сыджытмӕ йӕ ныппӕрста. Къӕхты бын фӕуыдзӕн, ӕфхӕрд адӕмы къӕхты бын, хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ йӕ ссӕнддзысты» (Исай 26:5, 6). Ӕвӕццӕгӕн, ам цы стыр сахары кой цӕуы, уый у Вавилон. Уыцы сахар Хуыцауы адӕмӕн ӕцӕгдӕр бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодта. Фӕлӕ цы ӕрцыд Вавилоныл? Н. э. агъоммӕ 539 азы йӕ басастой мидиӕгтӕ ӕмӕ персӕгтӕ. Цӕй ӕгаддзинад уыд уый!

6 Ныртӕккӕ Исайы пехуымпарадон ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, 1919 азӕй фӕстӕмӕ «стыр Вавилоныл» цытӕ цӕуы, уый. Уыцы аз стыр сахар ӕгады бынатмӕ ӕрхауд, бабын, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уыцы уацарӕй куы ссӕрибар кӕнын кодта, уӕд (Раргомад 14:8). Уый фӕстӕ цы ӕрцыд, уый та йӕ ноджы тынгдӕр фегад кодта. Чырыстӕтты гыццыл къорд райдыдта йӕ «къӕхты бын кӕнын» сӕ раздӕры ӕфхӕрӕджы. 1922 азы уыдон райдыдтой хъусын кӕнын, чырыстон дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны, уый, стӕй ма Раргомады 8:7—12-ӕм стихты цыппар зӕды хӕтӕлтӕй уасгӕйӕ цы хабӕрттӕ хъусын кодтой, уыдон тыххӕй ӕмӕ Раргомады 9:1—11:15-ӕм стихты цы ӕртӕ «зындзинады» уыдысты рагзагъд, уыдон тыххӕй.

«Рӕстгӕнӕджы фӕндаг у раст»

7. Иегъовӕйы рухсмӕ йе ’ргом чи здахы, уыдонӕн цавӕр разамынд цӕуы лӕвӕрд, сӕ зӕрдӕ кӕуыл дарынц ӕмӕ цӕмӕн аргъ кӕнынц?

7 Иегъовӕ, йӕ рухсмӕ йе ’ргом чи раздахы, уыдонӕн дӕтты ирвӕзындзинад, ӕмӕ Исай дарддӕр куыд ӕвдисы, афтӕмӕй сын дӕтты разамынд сӕ къахдзӕфтӕн: «Рӕстгӕнӕджы фӕндаг у раст. Ды, раст Хуыцау уӕвгӕйӕ, лӕгъз кӕныс рӕстгӕнӕджы фӕндаг. Дӕ тӕрхӕтты фӕндагыл, Иегъовӕ, дардтам нӕ зӕрдӕ дӕуыл. Уд бӕллы дӕ номмӕ ӕмӕ дӕ мысы» (Исай 26:7, 8). Иегъовӕ у раст Хуыцау, ӕмӕ йын чи кувы, уыдон хъуамӕ цӕрой йӕ рӕстаг домӕнтӕм гӕсгӕ. Куы йӕм фӕхъусынц, уӕд сын Иегъовӕ фӕдӕтты разамынд, слӕгъз сын кӕны сӕ фӕндаг. Йӕ разамындмӕ хъусгӕйӕ, уыцы сӕрныллӕг адӕм ӕвдисынц, сӕ зӕрдӕ Иегъовӕйыл кӕй дарынц ӕмӕ йын йӕ номӕн зӕрдиагӕй кӕй аргъ кӕнынц, ома йӕ кӕй «мысынц», уый (Рацыд 3:15).

8. Исайӕн цавӕр фӕзминаг ахаст уыд?

8 Исай аргъ кодта Иегъовӕйы номӕн. Уый бӕрӕг у, дарддӕр цы дзуры, уымӕй: «Ӕппӕт зӕрдӕйӕ дӕм бӕллыдтӕн ӕхсӕвы; о, ӕдзухдӕр дӕ агуры мӕ уд, уымӕн ӕмӕ зӕххӕн тӕрхӕттӕ куы фӕкӕныс, уӕд хъӕздыг зӕххы цӕрджытӕ сахуыр вӕййынц рӕстдзинадыл» (Исай 26:9). Исай «ӕппӕт зӕрдӕйӕ» бӕллыд Иегъовӕмӕ, ома ӕгасӕй дӕр йӕхи уымӕн радта. Ахъуыды ма кӕн: пехуымпар ӕхсӕвы, бӕстӕ куы ныссабыр, уӕд кувы Иегъовӕмӕ, ӕргом ын кӕны йӕ арф хъуыдытӕ ӕмӕ дзы зӕрдиагӕй куры разамынд. Диссаджы дӕнцӕг! Уымӕй уӕлдай ма Исай сахуыр рӕстдзинадыл Иегъовӕйы тӕрхоны хъуыддӕгтӕй. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, ӕдзухдӕр кӕй хъуамӕ уӕм цырддзаст, кӕй хъуамӕ архайӕм Иегъовӕйы фӕндон ӕмбарыныл.

Иуӕй-иутӕ равзӕрстой талынг

9, 10. Иегъовӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ йӕ мӕнгард адӕмы сӕраппонд цавӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта, фӕлӕ уыдон цавӕр ахаст ӕвдыстой?

9 Иегъовӕ Иудӕйы адӕммӕ дардта тынг хӕларзӕрдӕ ахаст, фӕлӕ, хъыгагӕн, уымӕн се ’ппӕт нӕ саргъ кодтой. Сӕ фылдӕр Иегъовӕйы ӕцӕгады рухс нӕ равзӕрстой, фӕлӕ-иу арӕх цыдысты йӕ ныхмӕ ӕмӕ-иу дзы аздӕхтысты. Исай загъта: «Фыдгӕнӕгӕн куы ныххатыр кӕнай, уӕддӕр нӕ сахуыр уыдзӕн рӕстдзинадыл. Рӕстдзинады зӕххыл уый ӕвзӕр митӕ кӕндзӕн ӕмӕ нӕ уындзӕн Иегъовӕйы стырад» (Исай 26:10).

10 Исайы бонты-иу Иегъовӕ Иудӕйы цӕрджыты се знӕгтӕй куы хъахъхъӕдта, уӕд-иу сӕ фылдӕр уый ницӕмӕ дардтой. Куы-иу сын раарфӕ кодта ӕмӕ-иу ӕнӕ хӕстӕй куы цардысты, уӕд не ’вдыстой, бузныг кӕй уыдысты, уый. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Иегъовӕ ныууагъта, цӕмӕй лӕггад кодтаиккой «ӕндӕр хицӕуттӕн», ӕппынфӕстаг та бауагъта, цӕмӕй сӕ н. э. агъоммӕ 607 азы акодтаиккой уацары Вавилонмӕ (Исай 26:11—13). Фӕлӕ уӕддӕр фӕстагмӕ, адӕмӕй ма чи баззад, уыдон куы ӕрфӕсмон кодтой, куы ссыгъдӕг сты, уӕд раздӕхтысты сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ.

11, 12. а) Иудӕйы ӕфхӕрджытӕм цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ каст? ӕ) 1919 азӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджыты раздӕры ӕфхӕрӕгӕн йӕ фидӕн цыхуызӕн уыд?

11 Цы ис зӕгъӕн Иудӕйы ӕфхӕрджытӕй та? Исай дӕтты дзуапп пехуымпарады хуызы: «Уыдон сты мард, уыдон нӕ цӕрдзысты. Мард сты, нӕ райгас уыдзысты. Уымӕн ӕмӕ ды де ’ргом раздӕхтай уымӕ, цӕмӕй сӕ скуынӕг кӕнай ӕмӕ сын сӕ кой дӕр фесафай» (Исай 26:14). О, н. э. агъоммӕ 539 азы Вавилон куы бабын, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕм фидӕны хорзӕй ницыуал ӕнхъӕлмӕ каст. Ӕппынфӕстаг та хъуамӕ бынтондӕр фесӕфтаид. Уый хъуамӕ «амардаид», йӕ егъау империйы кой та баззадаид ӕрмӕстдӕр историон чингуыты. Уӕдӕ ацы дунейы ахадгӕ адӕмыл йӕ ныфс чи дары, уыдонмӕ дӕр уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы!

12 Ацы пехуымпарады иуӕй-иу хӕйттӕ сӕххӕст сты, Хуыцау куы бауагъта, цӕмӕй йӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕ 1918 азы уацары бахаудаиккой, ома йӕ рухс мауал истаиккой, ӕмӕ сӕ стӕй 1919 азы куы ссӕрибар кодта, уӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ раздӕры ӕфхӕрӕгӕн, сӕйраджыдӕр чырыстон дунейӕн, йӕ фидӕны хорзӕй ницы уыд. Иегъовӕйы адӕммӕ та каст бирӕ хорздзинӕдтӕ.

«Ды фӕфылдӕр кодтай адӕмы»

13, 14. 1919 азӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ цавӕр диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕнкъарынц?

13 Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый тыххӕй сын Хуыцау 1919 азы раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ фӕфылдӕр кодта. Хъусдард фыццаг здӕхт уыд, «Хуыцауы Израилӕй» ма зӕххыл чи баззад, уыдоны ӕрӕмбырд кӕнынмӕ, стӕй та ӕмбырд кӕнын райдыдтой «тынг бирӕ адӕм» «ӕндӕр фыстӕй» (Раргомад 7:9; Иоанны 10:16). Уыцы арфӕдзинӕдты тыххӕй рагзагъд уыд Исайы пехуымпарады: «Ды фӕфылдӕр кодтай адӕмы; Иегъовӕ, ды фӕфылдӕр кодтай адӕмы, скадджын кодтай дӕхи. Фӕуӕрӕхдӕр кодтай бӕстӕйы арӕнтӕ иууылдӕр. О Иегъовӕ, тыхст заман-иу дӕм раздӕхтысты; куы-иу сӕ бафхӕрдтай, уӕд-иу дӕм сабырӕй куывтой» (Исай 26:15, 16).

14 Абон «Хуыцауы Израилы» арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр сты ӕнӕхъӕн зӕххыл, ӕмӕ ма йӕм чи бафтыд, уыцы «тынг бирӕ адӕм» сты ӕхсӕз милуаны бӕрц — зынгзӕрдӕ архайджытӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаджы (Матфейы 24:14). Цӕй стыр арфӕдзинад у уый Иегъовӕйӕ! Ӕмӕ уый куыд кадджын кӕны йӕ ном! Ацы ном хъуыстгонд цӕуы 235 бӕстӕйы — йӕ зӕрдӕвӕрд ӕххӕст кӕны диссаджы хуызы.

15. 1919 азы ахӕсгӕ нысаниуӕджы цавӕр райгасдзинад ӕрцыд?

15 Иудӕйы хъуыд Иегъовӕйы ӕххуыс, цӕмӕй Вавилоны уацарӕй ссӕрибар уыдаид. Адӕмӕн сӕхи бон нӕ уыд уый саразын (Исай 26:17, 18). Уӕдӕ 1919 азы «Хуыцауы Израиль» куы ссӕрибар, уӕд уый дӕр дзурӕг уыд, Иегъовӕ сын кӕй баххуыс кодта, ууыл. Ӕнӕ уымӕй уыцы хабар не ’рцыдаид. Сӕ уавӕр куыд фӕивта, уый афтӕ диссаг уыд, ӕмӕ йӕ Исай абарста райгасдзинадимӕ: «Чи дын амард, уыдон фӕстӕмӕ цӕрдзысты. Мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Райхъал ут ӕмӕ фырцинӕй хъӕр кӕнут, сыджыты уӕвджытӕ! Уымӕн ӕмӕ дӕ ӕртӕх у, бӕгъайы сыфыл цы ӕртӕх уа, уый хуызӕн, ӕмӕ ма зӕхх дӕр ратдзӕн мӕрдты» (Исай 26:19; Раргомад 11:7—11). О, ахӕсгӕ нысаниуӕджы мӕрдтӕ хъуамӕ райгас уыдаиккой, цӕмӕй ног тыхтимӕ архайдтаиккой!

Хъахъхъӕд уыдзысты тӕссаг рӕстӕджыты

16, 17. а) Н. э. агъоммӕ 539 азы Вавилонӕн йе сӕфт куы ӕрцыд, уӕд иудейты цы хъуыд аразын, цӕмӕй фервӕзтаиккой? ӕ) Куыд зыны, афтӕмӕй абон «мидӕггаг уӕттӕ» цы сты ӕмӕ нын цы пайда хӕссынц?

16 Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты алкӕддӕр хъӕуы йе ’ххуыс. Фӕлӕ уый тагъд фӕстаг хатт йӕ къух сисдзӕн Сайтаны дунемӕ ӕмӕ уӕды хуызӕн тынг йӕ лӕггадгӕнджыты йе ’ххуыс никуы хъӕудзӕн (1 Иоанны 5:19). Уыцы тӕссаг рӕстӕгмӕ амонгӕйӕ нӕ Иегъовӕ фӕдзӕхсы: «Ацӕут, мӕ адӕм, бацӕут уӕ мидӕггаг уӕттӕм, ӕмӕ уӕ фӕстӕ дуӕрттӕ сӕхгӕнут. Уӕхи бамбӕхсут цыбыр рӕстӕгмӕ, цалынмӕ тӕрхон сӕххӕст уа, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ мӕнӕ! Иегъовӕ йӕ бынатӕй рацӕуы, цӕмӕй ӕрдома, йӕ ныхмӕ зӕххы цӕрӕг цы тӕригъӕд ракодта, уый тыххӕй дзуапп, ӕмӕ зӕхх, цы туг ыл ныккалд, уый раргом кӕндзӕн ӕмӕ мӕрдты нал ӕмбӕхсдзӕн» (Исай 26:20, 21; Софони 1:14). Иудейтӕн уыцы фӕдзӕхст равдыста, н. э. агъоммӕ 539 азы Вавилонӕн йе сӕфт куы ӕрцыд, уӕд сӕ бон фервӕзын куыд уыд, уый. Чи йӕм байхъуыста, уыдон сӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ нӕ рацыдысты ӕмӕ уынгты цы уӕлахиздзау ӕфсӕддонтӕ рацу-бацу кодтой, уыдон сын ницы зиан ракодтой.

17 Абон пехуымпарадон «мидӕггаг уӕттӕ», куыд зыны, афтӕмӕй сты, ӕгас дунейыл Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн цы дӕсгай мин ӕмбырдтӕ ис, уыдон. Уыцы ӕмбырдтӕ нӕ хъахъхъӕнынц ныртӕккӕ дӕр, уым чырыстӕттӕн сӕ бон у се ’фсымӕрты ӕхсӕн ӕдасдзинад ссарын ӕмӕ ма сыл аудынц уарзӕгой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр (Исай 32:1, 2; Дзуттытӕм 10:24, 25). Ӕмбырды уӕвын уӕлдайдӕр ахсджиаг у ныр, ацы цардӕвӕрды кӕрон куы ӕрбахӕццӕ кӕны, уӕд, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕджы ирвӕзындзинад баст уыдзӕн коммӕгӕсдзинадыл (Софони 2:3).

18. Тагъд Иегъовӕ «денджызы цӕрӕг кӕфхъуындары» куыд амардзӕн?

18 Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Исай пехуымпариуӕг кӕны: «Уыцы бон Иегъовӕ йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ фидар цирхъ сисдзӕн левиафанмӕ, йӕ гуыбыны цъарыл чи быры, уыцы калммӕ, растдӕр левиафанмӕ, къӕлӕсытӕгӕнаг калммӕ, ӕмӕ денджызы цӕрӕг кӕфхъуындары амардзӕн» (Исай 27:1). Цымӕ цы у нырыккон «левиафан»? Куыд зыны, афтӕмӕй уый у «рагон калм», Сайтан, ӕмӕ «Хуыцауы Израилы» ныхмӕ хӕцынӕн кӕмӕй пайда кӕны, уыцы фыддунейы цардӕвӕрд (Раргомад 12:9, 10, 17; 13:14, 16, 17). 1919 азӕй фӕстӕмӕ левиафанӕн Хуыцауы адӕмыл йӕ бар нал цӕуы. Иу афон та бынтондӕр фесӕфдзӕн (Раргомад 19:19—21; 20:1—3, 10). Афтӕмӕй Иегъовӕ «амардзӕн денджызы цӕрӕг кӕфхъуындары». Фӕлӕ уӕдмӕ левиафан Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ цы мадзӕлттӕй пайда кӕна, уыдонӕй иу дӕр ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн (Исай 54:17). Ууыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нын уый цӕй удӕнцой хӕсдзӕн!

«Сӕр-сӕргӕнаг сӕны сӕнӕфсирдон»

19. «Хуыцауы Израилӕй» ма чи баззад, уыдоны уавӕр абон цыхуызӕн у?

19 Иегъовӕ нын цы рухс дӕтты, ууыл цин кӕнын нӕ хъӕуы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы! Исай аив ныхӕстӕй фыссы Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты циндзинады тыххӕй: «Уыцы бон сзарут йӕ кадӕн, мӕнӕ адӕм: „Сӕр-сӕргӕнаг сӕны сӕнӕфсирдон! Ӕз, Иегъовӕ, ӕз дӕн йӕ хъахъхъӕнӕг. Ӕдзухдӕр ӕй донхӕр кӕндзынӕн. Ӕз ӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй хъахъхъӕндзынӕн, цӕмӕй йӕм мачи бацӕуа“» (Исай 27:2, 3). Иегъовӕ ауды йӕ «сӕнӕфсирдоныл», ома, «Хуыцауы Израилӕй» ма чи баззад, уыдоныл, ӕмӕ семӕ зӕрдиагӕй чи архайы, уыцы ӕмбӕлццӕттыл (Иоанны 15:1—8). Уый фӕстиуӕгӕн фӕзынынц, йӕ номӕн кад чи хӕссы ӕмӕ зӕххыл йӕ лӕггадгӕнджытӕн цины хос чи у, уыцы дыргътӕ.

20. Иегъовӕ чырыстон ӕмбырд куыд хъахъхъӕны?

20 Иегъовӕ кӕддӕр йӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕм кӕй смӕсты, уымӕ гӕсгӕ 1918 азы бауагъта, цӕмӕй талынджы уыдаиккой. Фӕлӕ йӕ маст кӕй ссыд, ууыл цин кӕнӕм. Иегъовӕ йӕхӕдӕг дзуры: «Мӕ маст ссыд. Тохы мын какон сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджытӕ чи ратдзӕн? Ӕз сӕ мӕ къӕхты бын ныссӕнддзынӕн. Ӕз сӕ уайтагъд арты амӕттаг фӕкӕндзынӕн. Уӕд та уыцы адӕймаг мӕнӕй ныфсджын уӕд, куыд фидар мӕсыгӕй, ӕмӕ мемӕ бафидауӕд; бафидауӕд мемӕ» (Исай 27:4, 5). Цӕмӕй йӕ сӕнӕфсиртӕй дарддӕр дӕр бирӕ «сӕр-сӕргӕнаг сӕн» цӕуа, уый тыххӕй Иегъовӕ куынӕг кӕны, судзы, сындзыты хуызӕн чи у ӕмӕ сӕнӕфсиртӕн тӕссаг чи у, уыцы ӕндӕвдад. Уӕдӕ мачи хъыгдарӕд чырыстон ӕмбырды фӕрныгад! Уый бӕсты иууылдӕр «ныфсджын уӕм [Иегъовӕйӕ], куыд фидар мӕсыгӕй», архайӕм, цӕмӕй нӕ хорзӕхджын кӕна ӕмӕ нӕ хъахъхъӕна. Афтӕ аразгӕйӕ, мах фидауӕм Хуыцауимӕ — уый ахӕм ахсджиаг хъуыддаг у, ӕмӕ йыл Исай дзуры дыууӕ хатты (Псалом 84:2, 3, 9; Ромӕгтӕм 5:1).

21. Хъӕздыг зӕхх «дыргътӕй» куыд дзаг кӕны?

21 Арфӕдзинӕдтӕ ууыл нӕ фесты: «Фидӕны Иаков уидӕгтӕ ауадздзӕн, Израиль дидинӕг рафтаудзӕн ӕмӕ рӕзын райдайдзӕн; ӕмӕ хъӕздыг зӕхх иууылдӕр дыргътӕй байдзаг кӕндзысты» (Исай 27:6). Ацы стих ӕххӕст кӕны 1919 азӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ у Иегъовӕйы хъаруйӕн диссаджы ӕвдисӕн. Сӕрст чырыстӕттӕ зӕхх байдзаг кодтой «дыргътӕй», уырнындзинадӕн ахъаз хӕринагӕй. Хӕлд дунейы ’хсӕн цӕргӕйӕ, уыдон ӕхсызгонӕй ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы хӕрзӕгъдау домӕнтӕ. Ӕмӕ сын Иегъовӕ арфӕ кӕны — фылдӕр сын кӕны сӕ нымӕц. Уый фӕстиуӕгӕн сӕ милуангай ӕмбӕлццӕттӕ, ӕндӕр фыстӕ, «кад дӕттынц [Хуыцауӕн] ӕхсӕвӕй-бонӕй» (Раргомад 7:15). Уӕдӕ макуы рох кӕнӕм, цы диссаджы фадат нын ис, уый — «дыргътӕй» пайда кӕнын ӕмӕ дзы иннӕтӕн дӕр дӕттын!

22. Йӕхимӕ рухс чи уадзы, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын?

22 Ацы уӕззау рӕстӕджыты — зӕххы тар куы ӕмбӕрзы ӕмӕ адӕмтӕ саудалынджы куы сты, уӕд — Иегъовӕйӕ бузныг не стӕм, йӕ рухс нын кӕй дӕтты, уый тыххӕй? (Исай 60:2; Ромӕгтӕм 2:19; 13:12). Уыцы рухс йӕхимӕ чи уадзы, уыдонӕн уый дӕтты удӕнцой ӕмӕ циндзинад ныртӕккӕ ӕмӕ фидӕны та суанг ӕнусон цард дӕр. Уӕдӕ махӕн, рухс чи уарзы, уыдонӕн, нӕ бон у Иегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнын ӕмӕ псаломзарӕггӕнӕгимӕ иумӕ зӕгъын: «Хицау [«Иегъовӕ», НД] — мӕ царды фидардзинад: кӕмӕй тӕрсон ӕз? Ӕнхъӕлцау у Хицауыл, хъӕбатыр у, ӕмӕ уадз фидар кӕнӕд дӕ зӕрдӕ, ӕнхъӕлцау у Хицауыл» (Псалом 26:1ӕ, 14).

Хъуыды ма кӕныс?

• Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты чи ӕфхӕры, уыдонмӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

• Исайы чиныджы цавӕр рӕзт уыд рагзагъд?

• Цавӕр «мидӕггаг уӕтты» хъуамӕ лӕууӕм ӕмӕ цӕмӕн?

• Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджыты уавӕр кад цӕмӕн хӕссы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 31 фарсыл]

НОГ ЧИНЫГ

Ацы дыууӕ ахуыргӕнӕн статьяйӕн сӕ фылдӕр хайыл дзырд цыд раныхасы 2000/2001 азы облӕстон конгресты. Раныхасы кӕрон загъдӕуыд, кӕй рацыд ног чиныг «Исайы пехуымпарад — рухс ӕппӕт адӕмӕн», I том. Ацы 416-фарсон чиныджы ӕвзӕрст цӕуынц Исайы чиныджы фыццаг 40 сӕры, стих стихы фӕдыл.

[Ныв 28 фарсыл]

Иегъовӕйы «фидар сахармӕ», йӕ организацимӕ, бацӕуыны бар ис ӕрмӕстдӕр рӕстгӕнджытӕн.

[Ныв 29 фарсыл]

Исай агуырдта Иегъовӕйы «ӕхсӕвы».

[Ныв 32 фарсыл]

Иегъовӕ хъахъхъӕны йӕ «сӕнӕфсирдон» ӕмӕ йын йӕ дыргътӕ фылдӕр кӕны.