Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рухсы чи цӕуы, уыдонӕн циндзинады хос

Рухсы чи цӕуы, уыдонӕн циндзинады хос

Рухсы чи цӕуы, уыдонӕн циндзинады хос

«Ӕрбацӕут, ӕмӕ райдайӕм цӕуын Иегъовӕйы рухсы!» (ИСАЙ 2:5).

1, 2. а) Рухс цас ахсджиаг у? ӕ) Тар ӕрбамбӕрздзӕн зӕхх, зӕгъгӕ, уыцы ныхӕстӕм хъус ӕрдарын цӕмӕн хъӕуы?

ИЕГЪОВӔ у рухсы Гуырӕн. Библимӕ гӕсгӕ уый у, «хур боныгон рухс кӕнынӕн Чи радта, мӕй ӕмӕ стъалытӕн уагӕвӕрдтӕ ӕхсӕвыгон рухс кӕнынӕн Чи сфидар кодта», уый (Иереми 31:35; Псалом 8:4). Уый сфӕлдыста хур, кӕцы ис схонӕн стыр ядерон пец, ӕмӕ уый дӕтты тынг бирӕ энерги, йӕ иу хай цӕуы рухс ӕмӕ тӕвды хуызы. Уыцы энергийӕ махмӕ хӕццӕ кӕны хӕрзчысыл хай хуры рухсы хуызы, ӕмӕ уый дӕр фаг у, цӕмӕй зӕххыл цард уа. Ӕнӕ хуры рухсӕй нӕ бон цӕрын нӕ уыдаид. Зӕхх уыдаид ӕдзард планетӕ.

2 Уыдӕттӕ зӕрдыл даргӕйӕ бамбарӕн ис, Исай цы уӕззау уавӕрыл дзырдта, уый. Пехуымпар загъта: «Мӕнӕ! Тар ӕрбамбӕрздзӕн зӕхх, ӕмӕ адӕмтӕ уыдзысты саудалынджы» (Исай 60:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ам дзырд нӕ цӕуы комкоммӕ талынгыл. Исайы нӕ фӕндыд зӕгъын, иу бон хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ рухс кӕй нал дӕтдзысты, уый (Псалом 88:37, 38; 135:7—9). Исай дзырдта, адӕм Хуыцауы кӕй нӕ зондзысты ӕмӕ уый тыххӕй талынджы кӕй уыдзысты, ууыл. Фӕлӕ ахӕм талынг кӕны мӕлӕтмӕ. Бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та, нӕ бон ӕнӕ хуры рухсӕй куыд нӕу цӕрын, афтӕ нӕ бон нӕу цӕрын ӕнӕ Хуыцауы рухсӕй дӕр (Лукайы 1:79).

3. Исайы ныхӕстӕм гӕсгӕ чырыстӕттӕ цы хъуамӕ аразой?

3 Уый афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ банысан кӕнын хъӕуы, Исайы ныхӕстӕ кӕд рагон Иудӕйыл сӕххӕст сты, уӕддӕр ныртӕккӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц ӕгас дунейыл. О, абон дуне Хуыцауы нӕ зоны ӕмӕ уыцы хуызы ис талынджы. Ахӕм тӕссаг уавӕры стыр ахадындзинад ис Хуыцауы рухсӕн. Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хорз кӕнынц, Йесойы ныхӕстӕм кӕй хъусынц, уымӕй: «Ӕрттивӕд уӕ рухс адӕмы раз» (Матфейы 5:16). Иузӕрдион чырыстӕттӕн сӕ бон у сӕрныллӕг адӕмӕн талынджы рухс кӕнын ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕнусон цард райсынӕн баххуыс кӕнын (Иоанны 8:12).

Талынг заман Израилы

4. Исайы пехуымпарад фыццаг хатт кӕд сӕххӕст, фӕлӕ ма суанг йӕ рӕстӕджы дӕр цы уавӕр уыд?

4 Исайы ныхӕстӕ, тар ӕрбамбӕрздзӕн зӕхх, зӕгъгӕ, фыццаг сӕххӕст сты, Иудӕйы паддзахад заууатмӕ куы ӕрцыд, йӕ адӕм та Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд. Фӕлӕ ма суанг уый размӕ дӕр, Исайы рӕстӕджы, адӕмӕй сӕ фылдӕр Хуыцауӕй аздӕхтысты, уыдысты талынджы, ӕмӕ йӕ уый сразӕнгард кодта йе ’мбӕстӕгтӕм фӕсидынмӕ: «О, Иаковы хӕдзар, ӕрбацӕут, ӕмӕ райдайӕм цӕуын Иегъовӕйы рухсы!» (Исай 2:5; 5:20).

5, 6. Исайы рӕстӕджы адӕм талынджы цӕмӕн уыдысты?

5 Исай Иудӕйы пехуымпариуӕг кодта «Ози, Иоафам, Ахаз ӕмӕ Езекийы — Иудӕйы паддзӕхты — бонты» (Исай 1:1). Уый уыд ӕвзӕр рӕстӕг: сарӕх сты политикон змӕстытӕ, динон цӕстмӕхъусдзинад, рӕсттӕрхон сзыгъуыммӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ мӕгуырты сӕ къӕхты бын кодтой. Иузӕрдион паддзӕхтӕ куы хицауиуӕг кодтой, зӕгъӕм, Иоафам, уӕддӕр ма мӕнг хуыцӕутты нывондхӕссӕнтӕ уыд фенӕн бирӕ къуылдымтыл. Уӕдӕ мӕнгард паддзӕхты рӕстӕджы та уавӕр уымӕй фыддӕр уыд. Зӕгъӕм, ӕвзӕр паддзах Ахаз уый онг ӕрцыд, ӕмӕ ма йӕ сывӕллоны дӕр нывондӕн ӕрхаста мӕнг хуыцау Молохӕн. Адӕм ӕцӕгдӕр уыдысты талынджы! (4 Паддзахӕдты 15:32—34; 16:2—4).

6 Уымӕй уӕлдай ма сӕ алыварс уавӕр дӕр уыд тӕссаг. Моав, Едом ӕмӕ Филисти бабырсынӕввонгӕй лӕууыдысты Иудӕйы арӕнты цур. Цӕгат паддзахад Израилы кӕд сӕ тугхӕстӕджытӕ цардысты, уӕддӕр сын уый сси сӕ цыфыддӕр знаг. Дарддӕр ма цӕгатырдыгӕй уыд Сири, ӕмӕ уый дӕр Иудӕйы сабыр цӕрын нӕ уагъта. Ноджы тӕссагдӕр та уыд ӕгъатыр Ассири, уымӕн ӕмӕ алкӕддӕр агуырдта фадӕттӕ йӕ хицауиуӕгад апарахат кӕнынӕн. Исай куы пехуымпариуӕг кодта, уыцы рӕстӕджы Ассири басаста Израилы адӕмы ӕмӕ ныггӕныстон кодта Иудӕйы паддзахадӕн йӕ фылдӕр хай. Иу рӕстӕджы Иудӕйы фидар сахартӕ иууылдӕр, Иерусалимӕй фӕстӕмӕ, бахаудтой ассирийӕгты къухтӕм (Исай 1:7, 8; 36:1).

7. Израиль ӕмӕ Иудӕ цавӕр фӕндаг равзӕрстой ӕмӕ Иегъовӕйӕн уымӕ цавӕр ахаст уыд?

7 Хуыцауимӕ цӕдисы цы адӕм уыдысты — Израиль ӕмӕ Иудӕ,— Хуыцауыл иузӕрдион кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй сыл цыд ахӕм бӕллӕхтӕ. Фӕсномыг ныхӕсты чиныджы цы адӕмы кой цӕуы, уыдонау «ныууагътой рӕстдзинады фӕндӕгтӕ, цӕмӕй цӕуой талынджы фӕндӕгтыл» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:13). Фӕлӕ кӕд Иегъовӕ йӕ адӕммӕ мӕсты уыд, уӕддӕр сӕ бынтон нӕ ныууагъта. Уый бахӕс кодта Исай ӕмӕ ӕндӕр пехуымпартӕн, цӕмӕй рухс хастаиккой, адӕмӕй ма йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн. Уыцы пехуымпарты уылты цы рухс цыд лӕвӕрд, уый ӕцӕгӕйдӕр уыд тынг ахсджиаг. Уый лӕвӕрдта цард.

Ныртӕккӕйы талынг заман

8, 9. Абон дуне талынджы цӕмӕн ис?

8 Уавӕртӕ ныр дӕр сты, Исайы бонты цы уавӕртӕ уыд, уыдоны хуызӕн. Абон адӕмы разамонджытӕ аздӕхтысты Иегъовӕйӕ ӕмӕ йе снысангонд Паддзахӕй, Йесо Чырыстийӕ (Псалом 2:2, 3). Чырыстон дунейы разамонджытӕ сӕ дзугтыл сайдӕй цӕуынц. Уыдон сӕхицӕй дзурынц, Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ ӕцӕгӕй та сӕ фылдӕр разӕнгард кӕнынц ацы дунейы хуыцӕуттӕн — национализм, милитаризм, хъӕздыгдзинад ӕмӕ зындгонд адӕймӕгтӕн — кувынмӕ, уыимӕ ма адӕмӕн амонынц муртаттаг ахуырӕдтӕ.

9 Алы бӕстӕты чырыстон дунейы динтӕ хайад исынц, этникон цӕгъдӕн ӕмӕ ӕндӕр диссӕгтӕ ӕмбӕлон кӕм сты, уыцы хӕстытӕ ӕмӕ граждайнаг быцӕуты. Уымӕй уӕлдай ма бирӕ аргъуантӕ, Библи ӕгъдауы тыххӕй цы дзуры, уый фарс не сты, фӕлӕ сӕ цӕстытӕ ӕхгӕнынц кӕнӕ та разӕнгард дӕр кӕнынц ахӕм ӕнӕгъдау митӕм, куыд хӕтындзинад ӕмӕ гомосексуализм. Библийы ӕгъдӕуттӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, уый фӕстиуӕгӕн чырыстон дунейы дзугтӕ сты, псаломзарӕггӕнӕг кӕй тыххӕй дзырдта, уыцы адӕмы хуызӕн: «Нӕ зонынц, не ’мбарынц, талынджы цӕуынц» (Псалом 81:5). Ӕцӕгӕйдӕр, чырыстон дуне рагон паддзахад Иудӕйау ис саудалынджы (Раргомад 8:12).

10. Абон талынджы рухс куыд судзы ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмӕн цы пайда хӕссы?

10 Фӕлӕ ахӕм талынджы дӕр Иегъовӕ ӕрвиты рухс сӕрныллӕг адӕмӕн. Уый тыххӕй уый пайда кӕны, йӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕй, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй», ӕмӕ уыдон «ӕрттивынц, куыд рухсдӕттӕгтӕ дунейы» (Матфейы 24:45; Филиппӕгтӕм 2:15). Уыцы цагъары къорд йе ’мбӕлццӕттимӕ, «ӕндӕр фыстимӕ», дӕтты, Хуыцауы Ныхас Библийӕ чи цӕуы, уыцы рухс (Иоанны 10:16). Ацы талынг дунейы уыцы рухс сӕрныллӕг адӕмӕн дӕтты ныфс, ӕххуыс сын кӕны Хуыцауимӕ хорз ахастытӕ скӕнынӕн ӕмӕ сын амоны фӕндаг, цӕмӕй сӕ уырнындзинад тӕссаг къӕппӕджытӕй хъахъхъӕной. Уый у диссаджы рухс, уый дӕтты цард.

«Кадджын дын кӕнын дӕ ном»

11. Исайы бонты Иегъовӕ цы ӕргом кодта?

11 Исай цы талынг рӕстӕджы цард ӕмӕ уый фӕстӕ фыддӕр рӕстӕг куы скодта, вавилойнӕгтӕ Иегъовӕйы адӕмы цагъары куы акодтой, уӕд Иегъовӕ цавӕр разамынд лӕвӕрдта? Сӕхи дарыны тыххӕй сын амындтӕ кӕй лӕвӕрдта, уымӕй уӕлдай ма сын развӕлгъау ӕргом кодта, йӕ адӕмимӕ баст фӕндтӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый дӕр. Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм, Исайы 25—27-ӕм сӕрты цы диссаджы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонмӕ. Уыцы сӕрты цы фыст ис, уый ӕвдисы, Иегъовӕ уӕд разамынд куыд лӕвӕрдта ӕмӕ абон разамынд куыд дӕтты, уый.

12. Исай цавӕр зӕрдиаг ныхӕстӕ загъта?

12 Исай фыццаг дзуры: «О, Иегъовӕ, ды дӕ мӕ Хуыцау. Ӕз дӕ стауын, кадджын дын кӕнын дӕ ном». Цӕй зӕрдиаг ныхӕстӕ сты! Фӕлӕ цымӕ пехуымпары афтӕ кувынмӕ цы сразӕнгард кодта? Сӕйраг аххосаг ис бакӕсӕн стихы дыккаг хайы: «Уымӕн ӕмӕ ды [Иегъовӕ] аразыс диссаджы хъуыддӕгтӕ, цы сфӕнд кодтай суанг рагзамантӕй, уыдон дын сты раст, ӕууӕнчы аккаг» (Исай 25:1).

13. а) Исайӕн цавӕр зонындзинӕдтӕ ӕххуыс кодтой, цӕмӕй Иегъовӕйӕ бузныг уыдаид? ӕ) Исайы дӕнцӕг нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

13 Исайы размӕ Иегъовӕ Израилӕн сарӕзта бирӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыдон ӕрцыдысты фыст. Куыд зыны, афтӕмӕй Исайӕн зындгонд уыдысты уыцы хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, зыдта, Иегъовӕ йӕ адӕмы Египеты цагъарадӕй кӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ Сырх денджызы раз фараоны ӕфсадӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Зыдта, Иегъовӕ йӕ адӕмы ӕдзӕрӕг быдыры кӕй акодта ӕмӕ сӕ кӕй бакодта Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ, уый (Псалом 135:1, 10—26). Ахӕм историон цаутӕ ӕвдыстой, Иегъовӕ Хуыцау раст кӕй у ӕмӕ йыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый. Цы «сфӕнд кӕны» — цыдӕриддӕр снысан кӕны, уый — сӕххӕст вӕййы. Хуыцауы лӕвӕрд бӕлвырд зонындзинӕдтӕ Исайӕн ӕдзухдӕр ӕххуыс кодтой рухсы цӕуынӕн. Уый ӕцӕгӕйдӕр у фӕзминаг дӕнцӕг махӕн. Хуыцауы фыст Ныхас лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ дзы нӕ царды куы пайда кӕнӕм, уӕд мах дӕр цӕудзыстӕм рухсы (Псалом 118:105; 2 Коринфӕгтӕм 4:6).

Сахар бабын

14. Сахары тыххӕй цавӕр пехуымпарад ис ӕмӕ уый, куыд зыны, афтӕмӕй цавӕр сахар уыд?

14 Хуыцау цы сфӕнд кодта, уымӕн иу цӕвиттон фенӕн ис Исайы 25:2-ӕм стихы, цыран кӕсӕм: «Ды фестын кодтай сахар дурты цӕнд, фидар сахар — хӕлддзӕгтӕ, ӕцӕгӕлӕтты гӕнах сахар нал у ӕмӕ йӕ ничиуал сараздзӕн ӕнустӕм». Уый цавӕр сахар уыд? Куыд зыны, афтӕмӕй Исай пехуымпариуӕг кодта Вавилоны тыххӕй. Ӕцӕгӕйдӕр, ахӕм рӕстӕг ӕрцыд, ӕмӕ Вавилонӕй дурты цӕнд йеддӕмӕ ницы баззад.

15. Абон «стыр сахар» цы у ӕмӕ йыл цы ӕрцӕудзӕн?

15 Цымӕ, Исай цы сахары кой кодта, уый абон искӕцы сахар ӕвдисы? О. Раргомады чиныг дзуры «стыр сахарыл, зӕххон паддзӕхтыл паддзахиуӕггӕнӕгыл» (Раргомад 17:18). Уыцы стыр сахар у «стыр Вавилон», мӕнг дины дунеон импери (Раргомад 17:5). Абон стыр Вавилоны сӕйраг бынат ахсы чырыстон дуне, йӕ сауджынтӕ та лӕууынц, Иегъовӕйы адӕмы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн чи хъыгдары, уыдоны сӕргъы (Матфейы 24:14). Фӕлӕ рагон Вавилонау «стыр Вавилон» дӕр куынӕггонд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ никуыуал слӕудзӕн йӕ къахыл.

16, 17. Рагзаманты ӕмӕ абон дӕр Иегъовӕйы йе знӕгтӕ куыд кадджын кодтой?

16 Исай ма «фидар сахары» тыххӕй цы срагзагъд кодта? Иегъовӕмӕ дзургӕйӕ, Исай зӕгъы: «Тыхджын адӕм дӕ кадджын кӕндзысты, ӕгъатыр адӕмты сахар дӕ тӕрсдзӕн» (Исай 25:3). Цымӕ уыцы знаджы сахар, «ӕгъатыр адӕмты сахар», Иегъовӕйы куыд кадджын кӕндзӕн? Ӕрхъуыды ма кӕн, Вавилоны ӕппӕты хъомысджындӕр паддзах Навуходоносорыл цы ӕрцыд, уый. Ахъуыды кӕнынмӕ йӕ чи сразӕнгард кодта ӕмӕ йын йӕ ӕнӕбондзинад чи равдыста, уыцы цауы фӕстӕ бар-ӕнӕбары сразы, Иегъовӕйӕ стырдӕр ӕмӕ хъомысджындӕр кӕй нӕй, ууыл (Данелы 4:31, 32). Иегъовӕ йӕ хъомыс куы равдисы, уӕд йе знӕгтӕн дӕр ӕндӕр гӕнӕн нал вӕййы, ӕмӕ сразы вӕййынц, диссаджы хъуыддӕгтӕ кӕй аразы, ууыл.

17 Уӕдӕ «стыр Вавилон» та искуы сразы, Иегъовӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ кӕй аразы, ууыл? О. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕджы Иегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ хъусын кодтой тынг уӕззау уавӕрты. 1918 азы уыдон баззадысты ӕнӕ Хуыцауы рухсӕй, уымӕн ӕмӕ Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы Ӕхсӕнады разамонджыты бакодтой ахӕстоны. Зӕгъӕн ис, хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууыд. 1919 азы сӕ Иегъовӕ сӕ къахыл слӕууын кодта, схайджын сӕ кодта йӕ сыгъдӕг удӕй ӕмӕ уыдон райдыдтой хорз уацхъуыд ӕгас дунейыл хъусын кӕныны фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын (Маркы 13:10). Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй, уыимӕ уыцы цаутӕ ныхмӕдзӕуджытыл куыд бандавдзысты, уый тыххӕй дӕр развӕлгъау уыд загъд Раргомады чиныджы. Уыдоныл «тасдзинад ӕрбатыхст ӕмӕ кад радтой Уӕларвон Хуыцауӕн» (Раргомад 11:3, 7, 11—13). Нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ иууылдӕр Хуыцауӕн кувын райдыдтой, фӕлӕ Исай куыд загъта, афтӕмӕй бар-ӕнӕбары сразы сты, Иегъовӕ цы диссаджы хъуыддаг сарӕзта, уыимӕ.

«Фидар мӕсыг бонзонгӕ адӕймагӕн»

18, 19. а) Ныхмӕдзӕуджытӕн цӕуылнӕ рауад Иегъовӕйы адӕмы ӕнаипдзинад басӕттын? ӕ) «Ӕгъатыр адӕмы зарӕг» куыд бамыр уыдзӕн?

18 Рухсы цӕуӕг адӕмимӕ Иегъовӕйӕн цы фӕлмӕн ахастытӕ ис, уымӕ амонгӕйӕ, Исай Иегъовӕйӕн зӕгъы: «Ды дӕ фидар мӕсыг бонзонгӕ адӕймагӕн, фидар мӕсыг мӕгуырӕн йӕ тыхст заманы, ӕмбӕхсӕн уаддымгӕйӕ, аууон ӕнтӕф бон, уымӕн ӕмӕ ӕгъатыр адӕмы бабырст у, уаддымгӕ сисы ныхмӕ куыд сыста, уыйау. Хус бӕстӕйы ӕнтӕф куыд басӕттай, уыйау ды ныссабыр кӕныс ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕба, ӕнтӕф мигъы аууонӕй куыд басӕтта, афтӕ. Ӕгъатыр адӕмы зарӕг бамыр» (Исай 25:4, 5).

19 1919 азӕй ӕгъатыр адӕм архайдтой ӕцӕг лӕггадгӕнджыты иузӕрдиондзинад басӕттыныл, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ у йӕ адӕмы фидар мӕсыг ӕмӕ ӕмбӕхсӕн бынат. Уый амоны, карз ӕфхӕрдӕй кӕм ис бамбӕхсӕн, ахӕм бынат, ӕмӕ лӕууы фидар сисау, цӕмӕй нӕ бахъахъхъӕна ныхмӕдзӕуджыты уаддымгӕйы хуызӕн ӕфхӕрдӕй. Мах, ома Хуыцауы рухсы чи цӕуы, уыдон, фӕндфидарӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, «ӕгъатыр адӕмы зарӕг куы бамыр уа», уыцы рӕстӕгмӕ. О, мах ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Иегъовӕйы знӕгтӕн сӕ кой дӕр куы нал уа, уыцы бонмӕ.

20, 21. Иегъовӕ цавӕр куывд скодта ӕмӕ ма уыцы куывды ног дунейы цы уыдзӕн?

20 Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕрмӕст хъахъхъӕнгӕ нӕ кӕны. Уый сыл ауды, куыд сӕ уарзӕгой Фыд, афтӕ. 1919 азы сӕ «стыр Вавилоны» цагъарадӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сын скодта уӕлахизы куывд, сӕ разы сын ӕрӕвӕрдта дунейы «хӕринӕгтӕ». Уый тыххӕй рагзагъд уыд Исайы 25:6-ӕм стихы: «Ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ ацы хохыл ӕппӕт адӕмтӕн сараздзӕн куывд ӕмӕ дзы уыдзӕн дзаджджын хӕринӕгтӕ, бадт сӕн, дзаджджын хӕринӕгтӕ стӕджы магъзимӕ, уыдзӕн дзы сыгъдӕг сӕн». Цӕй амондджын адӕм стӕм, уыцы куывды кӕй минас кӕнӕм, уымӕй! (Матфейы 4:4). «Иегъовӕйы фынг» ӕцӕгӕйдӕр йедзаг у диссаджы хӕринӕгтӕй (1 Коринфӕгтӕм 10:21, НД). «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты нын лӕвӕрд цӕуы, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый.

21 Фӕлӕ Хуыцауы арӕзт куывд ууыл нӕ фӕуд кӕны. Ныртӕккӕ цы «куывды» минас кӕнӕм, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дунейы нын кӕй уыдзӕн алыхуызон хӕринаг. Уыцы рӕстӕг «дзаджджын хӕринӕгтӕм» хаудзӕн дуне алыхуызон хӕринаг, нӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр бацагура, уый. Куыд ӕнӕуи хӕринагӕй, афтӕ уырнындзинадӕн ахъаз «хӕринагӕй» дӕр хъуаг ничиуал ӕййафдзӕн. Йесо ӕнӕуынгӕ хуызы не ’хсӕн кӕй ис, уый «нысаны» хай, «ӕххормаг рӕстӕджытӕ», кӕй ӕххӕст кӕны ӕмӕ уый тыххӕй чи хъизӕмар кӕны, уыцы иузӕрдион адӕм уӕд куыд сулӕфдзысты (Матфейы 24:3, 7). Уыдоны псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ уӕлдай тынгдӕр фидар кӕнынц. Уый загъта: «Уыдзӕн хъӕздыг хорӕрзад зӕххыл, хӕхты сӕр» (Псалом 71:16).

22, 23. а) Цавӕр «уӕфт хъуымац», кӕнӕ «ӕмбӕрзӕн», ӕрцӕудзӕн ист ӕмӕ куыд? ӕ) Иегъовӕйы «адӕмӕй худинаджы къӕм» ист куыд ӕрцӕудзӕн?

22 Байхъус ма ныр та ноджы диссагдӕр зӕрдӕвӕрдмӕ. Тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт «уӕфт хъуымацимӕ», кӕнӕ «ӕмбӕрзӕнимӕ» абаргӕйӕ, Исай дзуры: «Ацы хохыл [Иегъовӕ] скуынӕг кӕндзӕн, ӕппӕт адӕмы чи ӕмбӕрзы, уыцы ӕмбӕрзӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмыхӕттытыл тыд чи у, уыцы уӕфт хъуымац» (Исай 25:7). Ахъуыды ма кӕн! Адӕмыл бӕмбӕг хъӕццулау йӕ уӕз чи ӕруагъта ӕмӕ сӕ сулӕфын чи нӕ уадзы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт фесӕфдзысты. Куыд тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йесойы ӕлхӕнӕг нывонд коммӕгӕс ӕмӕ иузӕрдион адӕмы сӕраппонд ӕххӕстӕй пайдагонд куы ӕрцӕуа, уыцы бонмӕ! (Раргомад 21:3, 4).

23 Уыцы диссаджы рӕстӕгмӕ амонгӕйӕ нын пехуымпар Хуыцауы удцырынӕй ныфс ӕвӕры: «[Хуыцау] мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн, ӕмӕ Иунӕг Кадджын Хуыцау Иегъовӕ ныссӕрфдзӕн цӕссыгтӕ се ’ппӕт цӕсгӕмттӕй дӕр. Ӕмӕ ӕгас зӕххыл йӕ адӕмӕй худинаджы къӕм сисдзӕн, уымӕн ӕмӕ уый Иегъовӕ йӕхӕдӕг загъта» (Исай 25:8). Низтӕ кӕнӕ зӕронддзинады тыххӕй ничиуал мӕлдзӕн ӕмӕ уарзон адӕймаджы мӕлӕтыл ничиуал кӕудзӕн. Диссаджы ивындзинӕдтӕ! Уымӕй уӕлдай ма, бирӕ рӕстӕджы дӕргъы Хуыцау ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куыд ӕфхӕрдтой ӕмӕ сыл цъыфкалӕн куыд кодтой, афтӕ никуы ничиуал кӕндзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ скуынӕг кӕндзӕн, уыдӕттӕ кӕмӕй цыдысты, уыцы гуырӕн — мӕнгдзинады фыды, Сайтан Хӕйрӕджы ӕд мыггаг (Иоанны 8:44).

24. Рухсы цӕуӕг адӕм, Иегъовӕ сӕ сӕраппонд цы диссаджы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон уынгӕйӕ сӕхи куыд дарынц?

24 Иегъовӕ йӕ тых куыд ӕвдисы, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, рухсы цӕуӕг адӕмы фӕнды хъӕрӕй зӕгъын: «Кӕс! Мӕнӕ нӕ Хуыцау. Мах ыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, ӕмӕ нӕ уый фервӕзын кӕндзӕн. Уый у Иегъовӕ. Мах ыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Уӕдӕ цин кӕнӕм ӕмӕ хъӕлдзӕг уӕм, ирвӕзындзинад уымӕй кӕй у, ууыл» (Исай 25:9). Тагъд рӕстгӕнджыты ницыуал хъыгдардзӕн цин кӕнынӕн. Талынг ӕппындӕр нал уыдзӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕхи найдзысты йӕ рухсы тынты ӕнустӕм. Уымӕй диссагдӕр ныфс ма ис? Нӕй!

Дӕ бон у бамбарын кӕнын?

• Ныртӕккӕ рухсы цӕуын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

• Исай Иегъовӕйы ном цӕмӕн кадджын кодта?

• Знӕгтӕн цӕуылнӕ бантысдзӕн Хуыцауы адӕмы ӕнаипдзинад басӕттын?

• Рухсы чи цӕуы, уыдонмӕ цавӕр диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 22, 23 фарсыл]

Иудӕйы цӕрджытӕ сӕ сывӕллӕтты нывондӕн хастой Молохӕн.

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Исай Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй кӕй зыдта, уый йӕ разӕнгард кодта Иегъовӕйы ном кадджын кӕнынмӕ.

[Ныв 26 фарсыл]

Рӕстгӕнджытӕ сӕхи найдзысты Иегъовӕйы рухсы тынты ӕнустӕм.