Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕг амонд куыд ис ссарӕн

Ӕцӕг амонд куыд ис ссарӕн

Ӕцӕг амонд куыд ис ссарӕн

Буддистты дины разамонӕг, далай-ламӕ, загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, царды нысаниуӕг у амонд агурын». Уый фӕстӕ бамбарын кодта, зӕгъгӕ йӕ уырны, амонд кӕй ис ссарӕн, адӕймаг йӕ зонд ӕмӕ йӕ зӕрдӕйыл куы куса, кӕнӕ сӕ куы ахуыр кӕна, уӕд. Уый ма загъта: «Ӕцӕг амонд сӕйраджыдӕр ссарӕн ис зонды фӕрцы». Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауыл ӕууӕндын ӕнӕмӕнг нӕ хъӕуы *.

Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта. Уый фидарӕй ӕууӕндыд Хуыцауыл, йӕ ахуырӕдтӕ та бирӕ ӕнусты дӕргъы ӕндавынц милуангай адӕймӕгтыл. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй адӕм уыдаиккой амондджын. Уый йӕ зындгонд Уӕлхох уацамынд райдыдта фараст фӕдзӕхстӕй амонды тыххӕй ӕмӕ-иу сӕ райдианы загъта ахӕм ныхӕстӕ: «амондджын сты...» (Матфейы 5:1—12, НД). Растдӕр уыцы уацамынды йӕ хъусджытӕн загъта, цӕмӕй сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕм кастаиккой, сыгъдӕг сӕ кодтаиккой ӕмӕ сӕ ахуыр кодтаиккой, ома тыхми, ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ хиуарзондзинады бӕсты хъуамӕ хъуыды кодтаиккой сабырдзинад, сыгъдӕгдзинад ӕмӕ уарзондзинадыл (Матфейы 5:21, 22, 27, 28; 6:19—21). Фӕстӕдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу фӕдзӕхста, цӕмӕй «ӕдзухдӕр хъуыды кӕнӕм, ӕцӕг, хъусдарды аккаг, раст, сыгъдӕг, уарзыны аккаг, ӕппӕлинаг, хӕрзуаг ӕмӕ кады аккаг цы у, ууыл» (Филиппӕгтӕм 4:8, НД).

Йесо зыдта, ӕцӕг амонд ма кӕй у баст, иннӕтимӕ нын цы ахастытӕ ис, ууыл дӕр. Мах, адӕм, афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды искӕимӕ ныхас кӕнын, нӕ рӕстӕг ӕрвитын. Ӕмӕ адӕмӕй нӕхи куы иуварс кӕнӕм кӕнӕ ӕдзухдӕр, нӕ алыварс чи ис, уыдонимӕ нӕ кӕрӕдзи куы нӕ ӕмбарӕм, уӕд амондджын нӕ уыдзыстӕм. Амондджын та ӕрмӕстдӕр уыдзыстӕм, иннӕтӕ нӕ куы уарзой ӕмӕ сӕ мах дӕр куы уарзӕм, уӕд. Йесо амыдта, зӕгъгӕ, уыцы уарзондзинад бындуриуӕг кӕны нӕ ахастытыл Хуыцауимӕ. Йесойы ахуырӕдтӕ уӕлдайдӕр ацы фарстайы хицӕн кӕнынц далай-ламӕйы ахуырӕдтӕй, уымӕн ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй куы цӕрой, уӕд сӕ бон нӕу ӕцӕг амондджын уӕвын. Цымӕ уый афтӕ цӕмӕн у? (Матфейы 4:4; 22:37—39).

Хъуыды кӕн дӕ монон домӕнтыл

Амонды тыххӕй фӕдзӕхстытӕй иу у ахӕм: «Амондджын сты, йӕ монон домӕнтӕ чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3, НД). Йесо афтӕ цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ мах, цӕрӕгойтӕй хъауджыдӕр, тырнӕм Хуыцаумӕ. Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ фӕлдыст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у Хуыцауы миниуджытыл ахуыр кӕнын, зӕгъӕм, уарзондзинадыл, рӕстдзинадыл, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ зондыл (Уӕвынад 1:27; Михей 6:8; 1 Иоанны 4:8). Уыцы домӕнтӕм ма хауы, цӕмӕй нӕ цардӕн нысаниуӕг уа.

Куыд у нӕ бон уыцы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн нӕ баххуыс кӕндзӕн ӕнахуыр цӕуылдӕрыл хъуыды кӕнын кӕнӕ ӕрмӕстдӕр, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый иртасын. Йесо загъта: «Ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй» (Матфейы 4:4). Дӕ хъус ма ӕрдар: Йесо загъта, нӕ цардӕн ахсджиаг цы «алы дзырд» у, уый суадон кӕй у Хуыцау. Иуӕй-иу фарстатӕн нын дзуапп ратдзӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцау. Уый ӕмбарын уӕлдай ахсджиаг у абон, уымӕн ӕмӕ царды нысаниуӕджы тыххӕй ӕмӕ амонд куыд ис ссарӕн, уый тыххӕй ис дуне хъуыдытӕ. Чингуыты дуканиты ис ӕнӕхъӕн хайӕдтӕ ӕмӕ дзы ис, ӕнӕниздзинад, хъӕздыгдзинад ӕмӕ амондӕй зӕрдӕ чи ӕвӕры, ахӕм чингуытӕ. Интернеты сарӕзтой, сӕрмагондӕй амондыл кӕм дзырдӕуы, ахӕм веб-сайттӕ.

Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, адӕймаг ацы фарстаты фӕрӕдийа. Адӕймаг арӕх фӕхъуыды кӕны, ӕрмӕстдӕр йӕхи цы хъӕуы ӕмӕ йӕхицӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, ууыл. Уый бындуриуӕг кӕны гыццыл зонындзинӕдтыл ӕмӕ ӕвӕлтӕрддзинадыл, арӕх та мӕнг хъуыдытыл. Зӕгъӕм, уынаффӕтӕ ӕмӕ амындтӕ кӕм ис, ахӕм хӕдахуыргӕнӕн чингуыты фысджытӕн сӕ уынаффӕтӕ фылдӕр бындуриуӕг кӕнын райдыдтой «эволюцион психологийы» теорийыл. Уыцы теоримӕ гӕсгӕ ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрдысты цадӕггай, адӕймаг кӕй ивта ӕмӕ размӕ кӕй цыд, уый фӕстиуӕгӕн. Бӕлвырдӕй зӕгъӕн ис ӕрмӕстдӕр иу: адӕймаг амонд куы агура, Сфӕлдисӕгӕн бынат кӕм нӕй, уыцы теориты, уӕд ницы ссардзӕн ӕмӕ ма фыдӕнхъӕл дӕр фӕуыдзӕн. Рагзаманты цӕрӕг пехуымпар загъта: «Фӕхудинаг сты зондджынтӕ... Кӕс ма! Уыдон ницӕмӕ ӕрдардтой Иегъовӕйы ныхас, ӕмӕ сӕм уӕд цӕй зонд ис?» (Иереми 8:9).

Иегъовӕ Хуыцау нын зоны не сконд ӕмӕ нӕ амондджын цы скӕндзӕн, уый. Уый йӕ зоны, адӕймаджы зӕххыл цӕмӕн ӕрцӕрын кодта, фидӕны йӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй дзуры Библийы. Уыцы удцырын чиныджы цы ӕргом кӕны, уымӕн аргъ кӕнынц, ӕцӕгадмӕ раст ахаст кӕмӕн ис, уыцы адӕм, ӕмӕ сын уый хӕссы амонд (Лукайы 10:21; Иоанны 8:32). Афтӕ рауад хъуыддаг Йесойы дыууӕ ахуыргӕнинагимӕ дӕр. Уыдон тынг хъыг кодтой йӕ мӕлӕтыл. Фӕлӕ сын райгасуӕвӕг Йесо йӕхӕдӕг куы загъта, Хуыцау адӕмы ирвӕзындзинады тыххӕй цы фӕнд кӕны, уым цы бынат ахсы, уый, уӕд уыдон загътой: «Нӕ сыгъдис нӕ зӕрдӕ нӕ хуылфы, куы нын дзырдта Уый фӕндагыл, ӕмӕ махӕн Фыст куы ӕмбарын кодта, уӕд?» (Лукайы 24:32).

Нӕ циндзинад фӕфылдӕр вӕййы, Библийы ӕцӕгадӕн бар куы фӕдӕттӕм, цӕмӕй нӕ цардыл къухдариуӕг кӕна, уӕд. Ахӕм хуызы амонд абарӕн ис арвӕрдынимӕ. Уый фӕзыны, уавӕртӕ йӕ фӕзынынӕн хорз куы вӕййынц, уӕд, фӕлӕ уавӕртӕ иттӕг хорз куы вӕййынц, уӕд та ноджы ирддӕрӕй ферттивы, суанг ма дыууӕ арвӕрдыны дӕр фӕзыны. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Библийы ахуырӕдтӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд амондджындӕр кӕй уыдзыстӕм, уый ӕвдисӕг цалдӕр цӕвиттонмӕ.

Хуымӕтӕг цард кӕн

Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Йесо хъӕздыгдзинады тыххӕй цы уынаффӕ радта, уымӕ. Уый куы загъта, адӕймагӕн хъӕздыгдзинад кӕй хъуамӕ ма уа йӕ царды нысан, уӕд скодта диссаджы хатдзӕг: «Уӕдӕ дӕ цӕст сыгъдӕг [«хуымӕтӕг», НД] куы уа, уӕд дӕ буар иуылдӕр уыдзӕн рухс» (Матфейы 6:19—22). Иудзырдӕй, Йесойы фӕндыд зӕгъын, зӕгъгӕ, куы зыд кӕнӕм, хъӕздыгдзинадмӕ, искӕуыл къухдариуӕг кӕнынмӕ куы тырнӕм кӕнӕ ма нӕ разы ӕндӕр ахӕм нысӕнттӕ куы ӕвӕрӕм, уӕд нӕ ферох уыдзысты ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ. Уымӕн ӕмӕ, Йесо ӕндӕр ран куыд загъта, афтӕмӕй «адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй нӕу» (Лукайы 12:15). Ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдон фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, зӕгъӕм, нӕ ахастытӕ Хуыцауимӕ, бинонтӕ ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм фарстатӕ, уӕд нӕ «цӕст» уыдзӕн «хуымӕтӕг», ома ӕнӕхъӕугӕ цыдӕртӕ дзы бынат нӕ ахсдзысты.

Банысан кӕнын хъӕуы, Йесо кӕй нӕ разӕнгард кодта царды хорздзинӕдтӕ ӕмӕ ӕхсызгондзинӕдтӕ аиуварс кӕнынмӕ ӕмӕ иунӕгӕй цӕрынмӕ. Уый йӕхӕдӕг дӕр нӕ цард афтӕ (Матфейы 11:19; Иоанны 2:1—11). Фӕлӕ Йесо дзырдта, зӕгъгӕ, йӕ царды нысан ӕрмӕстдӕр мулк скӕнын кӕмӕн у, уыдон сӕ цард сафынц.

Иу психотерапевт Сан-Францискойӕ (АИШ) загъта, ӕрыгонӕй тынг чи схъӕздыг, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй, зӕгъгӕ сын ӕхца у «маст ӕмӕ сӕрнизы хос». Ноджыдӕр ма загъта, уыцы адӕм кӕй «балхӕнынц дыгай-ӕртыгай хӕдзӕрттӕ, машинӕтӕ, ӕхца хардз кӕнынц алыхуызон дзаумӕттыл. Ӕмӕ сын хорзӕй куы ницы ӕрхӕссынц (ома сӕ амондджын куы нӕ скӕнынц), уӕд сӕ ныфс асӕтты, сӕ цард сӕм ницыуал фӕкӕсы ӕмӕ уӕвгӕ дӕр нал фӕзонынц, дарддӕр ма куыд цӕрой, уый». Уыдонӕй хъауджыдӕр Йесойы уынаффӕмӕ чи хъуса — хуымӕтӕг цард чи кӕна ӕмӕ йӕ царды Хуыцауӕн бынат чи скӕна,— уыдон ссардзысты ӕцӕг амонд.

Том, Гавайы сакъадӕхты цӕрӕг, у аразӕг. Уый барвӕндонӕй ӕххуыс кӕнынмӕ ацыд сыгъдӕг кувынады агъуыстытӕ аразынмӕ Сабыр океаны сакъадӕхтӕм, цыран адӕм хъӕздыг нӕ цӕрынц. Том уыцы сӕрныллӕг адӕмы цыдӕр фӕхатыд. Уый загъта: «Ацы сакъадӕхтыл цӕрӕг мӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ӕцӕгдӕр сты амондджын. Уыдон мын баххуыс кодтой хуыздӕр бамбарынӕн, амонд ӕхца ӕмӕ исбонӕй кӕй нӕу, уый». Уый ма уыдта, йемӕ чи куыста, уыцы бархи лӕггадгӕнджыты дӕр, ӕмӕ бафиппайдта, куыд райгонд уыдысты, уый. «Сӕ бон уыд бирӕ ӕхца бакусын,— дзуры Том.— Фӕлӕ уыдон Хуыцауы хъуыддӕгтӕ сӕвӕрдтой фыццаг бынаты ӕмӕ кӕнынц хуымӕтӕг цард». Уыцы дӕнцӕгтӕ Томыл афтӕ бандӕвтой, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр фӕхуымӕтӕгдӕр кодта йӕ цард ӕмӕ йын фылдӕр рӕстӕг фӕзынд йӕ бинонтӕн ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Афтӕ кӕй бакодта, ууыл никуы фӕфӕсмон кодта.

Амонд ӕмӕ адӕймаг йӕхицӕн кӕй аргъ кӕны, уыдон куыд баст сты

Амондджын уӕвынӕн ахсджиаг у, цӕмӕй адӕймаг йӕхицӕн кад ӕмӕ аргъ кӕна. Адӕймаг ӕнӕххӕст кӕй у ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕй рӕдийы, уый тыххӕй иуӕй-иутӕ сӕхимӕ ницӕййаг кӕсынц, ӕмӕ бирӕтӕм ахӕм ӕнкъарӕнтӕ ис сӕ гыццылӕй нырмӕ. Чи зоны, зын уа, фидар уидӕгтӕ чи ауагъта, уыцы ӕнкъарӕнтӕй фервӕзын, фӕлӕ уымӕн гӕнӕн ис. Уымӕн баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы Ныхасӕй царды пайда кӕнын.

Библи ӕмбарын кӕны, не Сфӕлдисӕг нӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Цымӕ Хуыцауы цӕстӕнгас цыфӕнды адӕймаджы цӕстӕнгасӕй дӕр, суанг ма нӕхи цӕстӕнгасӕй дӕр, ахсджиагдӕр нӕу? Хуыцау у уарзондзинад, ӕмӕ уый рагацау мах тыххӕй ӕвзӕр нӕ хъуыды кӕны, стӕй нӕм фыдзӕрдӕ дӕр нӕ дары. Ӕцӕгдӕр цы стӕм, уый Хуыцау зоны, стӕй нӕ бон цыхуызӕн у суӕвын, уый дӕр (1 Паддзахӕдты 16:7; 1 Иоанны 4:8). Ӕцӕгӕй та, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдон ын сты зынаргъ, зӕрдӕйӕн адджын, кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр (Данелы 9:23; Аггейы 2:7).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау нӕ аипдзинӕдтӕм ӕмӕ нӕ рӕдыдтытӕм йӕ цӕстытӕ не ’хгӕны. Уый фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, раст цы у, уый аразыныл, ӕмӕ нын уымӕн ӕххуыс кӕны (Лукайы 13:24). Фӕлӕ уӕддӕр Библи дзуры: «Куыд фыд тӕригъӕд кӕны фырттӕн, афтӕ тӕригъӕд кӕны Хицау Уымӕй тӕрсджытӕн». Стӕй ма: «Хицау, ды куы фиппайай ӕнӕзакъондзинӕдтӕ,— Хицау! чи бафӕраздзӕн? Фӕлӕ Дӕумӕ хатырдзинад, нымд кӕнӕнт Дӕ разы» (Псалом 102:13; 129:3, 4).

Уӕдӕ архай дӕхимӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсыныл. Хуыцауы чи уарзы, уыдоны уый зӕрдӕйӕн адджынтыл кӕй нымайы ӕмӕ сыл кӕй ӕууӕнды — кӕд сӕхӕдӕг сӕхи ницӕуыл нымайынц, уӕддӕр — уый зонын адӕймагӕн баххуыс кӕндзӕн амондджын уӕвынӕн (1 Иоанны 3:19, 20).

Ныфс ахъаз у амондӕн

Фӕстаг рӕстӕджы психологийы фӕзынд ахӕм ӕмбарынад, зӕгъгӕ, адӕймагӕн йӕ бон у, цӕмӕй уа амондджын, цардмӕ йын раст ахаст куы уа, йӕ хъус фылдӕр йӕ хорз миниуджытӕм куы дара ӕмӕ афтӕмӕй хорзмӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕса, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕтӕ сразы уыдзысты, нӕ цардмӕ ӕмӕ фидӕнмӕ хорзмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ амондджындӕр кӕй уыдзыстӕм, уыимӕ. Фӕлӕ уымӕн хъуамӕ уа фидар бындур, адӕймаг ӕрмӕст фынтӕй хъал хъуамӕ ма уа. Уымӕй уӕлдай ма цыфӕнды хорзмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсай кӕнӕ цыфӕнды раст ахаст ма дарай, уӕддӕр уый нӕ баххуыс кӕндзӕн, адӕймаджы амондӕй цы цух кӕны — хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, низтӕ, ӕрдз чъизи кӕнын, зӕронддзинад ӕмӕ мӕлӕт — уыдӕттӕн кӕрон скӕнынӕн. Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддаджы хорзмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн ис стыр ахадындзинад.

Банысан кӕнын хъӕуы, Библи кӕй нӕ пайда кӕны дзырдбаст «хорзмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй», уый пайда кӕны ноджы тыхджындӕр дзырд «ныфсӕй». Иу дзырдуат дзырд «ныфс» Библимӕ гӕсгӕ ӕмбарын кӕны куыд «цӕмӕдӕр ӕхсызгонмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын... цингӕнгӕйӕ хорзмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын» («Vine’s Complete Expository Dictionary»). Библимӕ гӕсгӕ ныфс нӕ нысан кӕны ӕрмӕстдӕр цавӕрдӕр уавӕры хорзмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Уымӕ ма хауы, адӕймаджы ныфс цӕуыл бындуриуӕг кӕны, уый дӕр (Ефесӕгтӕм 4:4; 1 Петры 1:3). Зӕгъӕм, чырыстӕтты ныфс ис, уӕлдӕр абзацы цы уӕззау уавӕртыл цыд дзырд, уыдонӕн тагъд кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый (Псалом 36:9—11, 29). Фӕлӕ ӕрмӕст уый нӕ.

Чырыстӕттӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, иузӕрдион адӕймӕгтӕ дзӕнӕтон зӕххыл куы цӕрой ӕмӕ ӕххӕст адӕймӕгтӕ куы суой, уыцы рӕстӕгмӕ (Лукайы 23:42, 43). Уыцы ныфсыл Раргомады 21:3, 4-ӕм стихты лӕмбынӕгдӕр дзырдӕуы: «Уый у Хуыцауы скини — адӕймӕгтимӕ, ӕмӕ Уый цӕрдзӕн семӕ; уыдон уыдзысты йӕ адӕм... Ӕмӕ ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта».

Ахӕм фидӕнмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕн ис фидар бындур амондджын уӕвынӕн, кӕд сӕ абоны уавӕртӕ хуыздӕр хъуаг сты, уӕддӕр (Иаковы 1:12). Уӕдӕ цӕуылнӕ ис Библи лӕмбынӕг раиртасӕн ӕмӕ базонӕн, ӕууӕндӕн ыл цӕмӕ ис, уый? Дӕ ныфс фидардӕр кӕн, Библи алыбон дӕр кӕсгӕйӕ. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ уырнындзинад дӕр фидардӕр кӕндзӕн, адӕмы амондджын уӕвынӕн цы хъыгдары, уымӕй дӕр дӕхи бахиздзынӕ ӕмӕ ма райгонд дӕр уыдзынӕ. О, ӕцӕг амонд сӕйраджыдӕр баст у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл (Екклесиаст 12:13). Библийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры, уый у амондджын, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта: «Тӕхудиаг сты [«амондджын сты», НД] Хуыцауы дзырд хъусджытӕ ӕмӕ уый ӕххӕстгӕнджытӕ» (Лукайы 11:28).

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Буддистты динмӕ гӕсгӕ Хуыцауыл ӕууӕндын ӕнӕмӕнг нӕ хъӕуы.

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Амонд нӕй ссарӕн мулк ӕмбырд кӕнгӕйӕ, адӕмӕй хи иуварс кӕнгӕйӕ кӕнӕ адӕймаджы гыццыл зонындзинӕдтыл зӕрдӕ даргӕйӕ.

[Ныв 6 фарсыл]

Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уый у амондджын.