Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесойы райгасыл дызӕрдыг кӕнынц

Йесойы райгасыл дызӕрдыг кӕнынц

Йесойы райгасыл дызӕрдыг кӕнынц

«Раст зӕгъгӕйӕ, Йесо ӕцӕгӕйдӕр кӕй цард, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕм... фӕлӕ нӕ бон афтӕ фидарӕй нӕу зӕгъын, Хуыцау ӕй мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уый»,— загъта Англикайнаг аргъуаны сӕйраг сауджын, Кентерберийы архиепископ.

ЧЫРЫСТОН апостол Павел та ууыл нӕ дызӕрдыг кодта. Рагон Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕм Хуыцауы удцырынӕй цы фыццаг фыстӕг арвыста, уым 15-ӕм сӕры ныффыста: «Ӕз райдианӕй бацамыдтон сымахӕн мӕхӕдӕг цы райстон, уый, ома, Чырысти кӕй амардис мах тӕригъӕдты тыххӕй, Фыстмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ Уый ныгӕд кӕй уыд, ӕмӕ кӕй райгас ӕртыккаг бон, Фыстмӕ гӕсгӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:3, 4).

Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕууӕндыдысты, Йесо кӕй райгас, ууыл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ евангели хъусын кодтой ӕгас Греци ӕмӕ Ромы — «арвы бын ӕппӕт скӕндтытӕн» дӕр (Колоссӕгтӕм 1:23). Уӕвгӕ та, Йесо кӕй райгас, уый у чырыстон дины бындур.

Фӕлӕ суанг йӕ тӕккӕ райдианӕй дӕр, Йесо кӕй райгас, ууыл бирӕтӕ дызӕрдыг кодтой, йе та йыл ӕппындӕр не ’ууӕндыдысты. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ куы хъусын кодтой, зӕгъгӕ, цы адӕймаджы байтыгътой, уый Мессиа у, уӕд уый иудейтӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, нымадтой Хуыцауы фауыныл. Ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырадыл чи ӕууӕндыд, уыцы ахуыргонд грекъӕгтӕй та сӕ фылдӕр райгасдзинад нымадтой ӕнӕсӕрфат хъуыдыйыл (Куыстытӕ 17:32—34).

Абоны дызӕрдыггӕнджытӕ

Фӕстаг азты иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ, сӕхи чырыстӕттӕ хонгӕйӕ, ныффыстой чингуытӕ ӕмӕ статьятӕ, цыран Йесойы райгасы хабар схуыдтой ӕрымысгӕ, ӕмӕ уыцы фарстайы фӕдыл ис стыр быцӕутӕ. «Ӕцӕгӕй чи цард, уыцы Йесойы» иртасгӕйӕ, алыхуызон ахуыргӕндтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, афтид зӕппадз ӕмӕ Йесо йӕ райгасы фӕстӕ цалдӕр хатты кӕй фӕзынд, уый тыххӕй евангелиты цы дзырдӕуы, уый йӕ мӕлӕтӕй бирӕ фӕстӕдӕр чидӕр ӕрымысыд, цӕмӕй уыдаид бӕлвырдгӕнӕн, Йесойӕн уӕлӕрдзон тых кӕй ис, уымӕн.

Цӕвиттонӕн, ӕркӕсӕм, немыцаг ахуыргонд, профессор Герд Людеман, Ног Фӕдзӕхсты иртасӕг ӕмӕ чиныг «Цы ӕрцыд Йесойыл ӕцӕгӕй — историон цӕстӕнгас йӕ райгасы хабармӕ»-йы автор, цы зӕгъы, уымӕ («What Really Happened to Jesus​—A Historical Approach to the Resurrection»). Уый дзуры, зӕгъгӕ, Йесойы райгасы хабарӕн «бындур нӕй», ӕмӕ «дунемӕ зонады цӕстӕй чидӕриддӕр кӕсы», уыдон ӕй хъуамӕ аиуварс кӕной.

Профессор Людеман дзуры, зӕгъгӕ, апостол Петрмӕ райгасуӕвӕг Чырысти куы фӕзынд, уӕд уый Чырысти нӕ уыд, фӕлӕ Петр тынг кӕй хъыг кодта ӕмӕ Йесойыл кӕй бавдисӕн кодта, уый тыххӕй йӕхи аххосджын кӕй хатыд, уымӕ гӕсгӕ ауад йӕ цӕстытыл. Стӕй ма йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Йесо уыцы иу рӕстӕг йӕ фӕдылдзӕуджытӕй иу-500 адӕймагмӕ кӕй фӕзынд, уый банымайӕн ис, ӕвиппайды се ’ппӕтдӕр «ӕррайау кӕй систы», уый фӕстиуӕгыл (1 Коринфӕгтӕм 15:5, 6). Иудзырдӕй, ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ разы не сты, Библи Йесойы райгасы тыххӕй цы дзуры, уый кӕй ис ахӕссӕн, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхи цӕстӕй кӕй федтой, стӕй сын ӕдзухдӕр сӕ уырнындзинад чи фидар кодта ӕмӕ сын зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынӕн чи ӕххуыс кодта, ахӕм цаутӕм.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕтӕм ахуыргӕндты быцӕутӕ нымады дӕр не сты. Фӕлӕ Йесойы райгасы хабармӕ хъуамӕ не ’ппӕт дӕр нӕ хъус ӕрдарӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ кӕд Йесо нӕ райгас, уӕд чырыстон дин бындуриуӕг кӕны мӕнгдзинадыл. Иннӕрдыгӕй, кӕд ӕцӕгӕйдӕр райгас, уӕд чырыстон дин бындуриуӕг кӕны ӕцӕгадыл. Ӕмӕ уӕд уый ууыл дзурӕг у, Чырыстийӕн йӕ ахуырӕдтӕ дӕр кӕй сты раст ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты. Уымӕй уӕлдай ма кӕд райгасдзинад ис, уӕд мӕлӕт уӕлахиздзау нӕу, фӕлӕ фесафӕн кӕмӕн ис, ахӕм знаг (1 Коринфӕгтӕм 15:55).

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

From the Self-Pronouncing Edition of the Holy Bible, containing the King James and the Revised versions