Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нуӕзтыл чи сахуыр, уыдонӕн йӕ ныууадзынӕн хистӕр нӕлгоймӕгты бон куыд у баххуыс кӕнын?

Нуӕзтыл чи сахуыр, уыдонӕн йӕ ныууадзынӕн хистӕр нӕлгоймӕгты бон куыд у баххуыс кӕнын?

Нуӕзтыл чи сахуыр, уыдонӕн йӕ ныууадзынӕн хистӕр нӕлгоймӕгты бон куыд у баххуыс кӕнын?

ЦЫ МА нӕ бафӕлвӕрдта сылгоймаг йӕ нуӕзт ныууадзынӕн, ахӕм нал баззад. Фӕлӕ йын ницы баххуыс. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ куы фембӕлдис, уӕд ын уыдон йӕ рис сӕ зӕрдӕтӕм айстой ӕмӕ йын Фыстадӕй хиуылхӕцындзинады тыххӕй уынаффӕтӕ радтой. Фӕлӕ йын уый дӕр нӕ баххуыс кодта. Йӕ уавӕр уӕззаудӕр разынд. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыди алкоголик.

Ахӕм уавӕры фӕзыны тынг ахсджиаг фарста: хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, сӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй нуӕзты уацары чи бахауы, уыдонӕн?

Бӕрӕг у, Сыгъдӕг Фыстад фыднозт кӕнынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы, уый. Цӕвиттонӕн, чырыстон цӕстдарджытӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй фыднозт чи кӕны ӕмӕ йӕ ныууадзын кӕй нӕ фӕнды, ахӕмты ӕмбырды ма уадзой; уыдоныл хъӕуы хъоды бакӕнын (1 Коринфӕгтӕм 5:11—13; Галатӕгтӕм 5:19—21). Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фыццаджыдӕр уымӕ хъуамӕ тырной, цӕмӕй нозтыл чи сахуыр, фӕлӕ йыл фӕсмон чи кӕны, уыдонӕн баххуыс кӕной. Уӕдӕ цы хъуамӕ сараза хистӕр нӕлгоймаг, нозты фыдӕй чи сӕфы, фӕлӕ йӕ ныууадзын кӕй фӕнды, ахӕм хо кӕнӕ ӕфсымӕр дзы ӕххуыс куы кура, уӕд?

Фыццаджыдӕр банысан кӕнын хъӕуы, кӕддӕр иухатт ӕнӕрхъуыдыйӕ ӕгӕр чи банызта, уый, ӕмӕ алкоголик чи у, ома ӕнӕ нозтӕй йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдон кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнынц. Ӕркӕсӕм Нойы цӕвиттонмӕ, уый иухатт ӕгӕр бирӕ сӕн банызта ӕмӕ фӕрасыг (Уӕвынад 9:20, 21). Фӕлӕ Ной расыггӕнаг нӕ уыди. Ной ма ноджыдӕр искуы фӕрасыг, уый тыххӕй Фыстады ӕндӕр никуы ницы дзырдӕуы. (Абар Дзуттытӕм 11:7.)

Уӕдӕ, ӕххуыс цы хистӕр нӕлгоймагӕй ракуырдтой, уымӕн хорз уаид сбӕрӕг кӕнын: ахӕм хабар уыцы адӕймагыл ӕрмӕстдӕр иу хатт ӕрцыд? Ӕппӕт тыхтӕй архайы, цӕмӕй йыл дыккаг хатт афтӕ мауал ӕрцӕуа? Йӕ рӕдыдыл ӕргомӕй сӕтты ӕмӕ Хуыцауӕй хатыр куры? Кӕд ацы фарстытыл «о» зӕгъӕн ис, ӕмӕ йыл кӕд расыггӕнӕджы ном не сбадт, уӕд фаг уыдзӕн, хистӕр нӕлгоймаг ын «фӕлмас удӕй» ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ хиуылхӕцындзинады тыххӕй уынаффӕ куы радта, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй бафидар кӕна, цӕмӕй йӕ рӕдыд мауал сфӕлхат кӕна (Галатӕгтӕм 6:1).

Фӕлӕ кӕд арӕх бануазы кӕнӕ йӕ фыднозты хабар айхъуысти, уӕд та? Уӕд хъуыддаг хъуамӕ равзара барадон комитет. Ӕмӕ цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕнцондӕр уа ӕфсымӕрӕн (кӕнӕ хойӕн) баххуыс кӕнын, уый тыххӕй хорз уаид базонын, йӕ бӕллӕх алкоголизм у ӕви нӕ.

Алкоголизм

Ӕмӕ кӕд алкоголизм у, уӕд уымӕй цы ивы? Бирӕ цыдӕртӕ! Райдианы цы сылгоймаджы кой кодтам, уый хабарӕй бӕрӕг у, адӕймаг алкоголик куы уа, уӕд ын уыцы уынаффӕ, ома нозтӕй бӕрц зон, кӕй нӕ баххуыс кӕндзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, дохтыртӕн-наркологтӕн сӕ фылдӕр куыд зӕгъынц, афтӕмӕй алкоголик бынтондӕр куы нӕ нуаза, уый йын хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ нуазын куы райдайы, уӕд дзы арӕх бӕрц нал фӕзоны.

Уымӕй уӕлдай, бирӕ алкоголиктӕ сӕ низыл нӕ фӕсӕттынц. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ митыл фӕсмон чи нӕ кӕны, ахӕм къухауигъинаг расыггӕнджытӕ сты? Алыхатт нӕ. Рох кӕнын нӕ хъӕуы, алкоголиктӕ арӕх, цы уавӕры сты, уый кӕй нӕ фембарынц. Нуӕзт сын ӕвзӕрырдӕм ӕндавы се ’нӕниздзинадыл, сӕ зонд, сӕ зӕрдӕйы уаг ӕмӕ сӕ уырнындзинадыл, ӕмӕ уый нымайын хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ сын тынг зын вӕййы бамбарын кӕнын, рынчын кӕй сты, уый.

Ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн хорз уаид цалдӕр фарстамӕ ӕркӕсын.

Адӕймаг алкоголик у ӕви нӕ, уый уӕ бон куыд у базонын? Кӕсут, 1992 азы 8 июлы номыры статьятӕ иумӕйаг сӕргондимӕ «Ӕххуыс алкоголиктӕн ӕмӕ сӕ бинонтӕн» (уыр.). Уым дзырд цӕуы, алкоголизм цӕмӕй базонӕн ис, ууыл.

Арфуынӕг ут. Иуӕй-иу хатт фыццаг бакастӕй бӕрӕг нӕ вӕййы, адӕймагӕн йӕ зындзинӕдты аххосаг алкоголизм кӕй у, уый. Зӕгъӕм, иу ӕмбырды иу хо хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕххуысмӕ бацыд, уымӕн ӕмӕ йӕхи тынг ӕвзӕр хатыд, сагъӕсты бын фӕци. Уыдон зӕрдиагӕй архайдтой хойӕн баххуыс кӕныныл, фӕлӕ йӕ уавӕр нӕ фӕхуыздӕр. Фӕстӕдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ базыдтой, хо нуазгӕ кӕй кодта, уый. Дарддӕр ын куы ӕххуыс кодтой, уӕд та рабӕрӕг, алкоголик кӕй у, уый. Ӕмӕ йын йӕ нуӕзт ныууадзынӕн куы баххуыс кодтой, уӕд та раздӕрау йӕхи тынг дзӕбӕх хатын райдыдта.

Куыд у уӕ бон баххуыс кӕнын адӕймагӕн, цӕмӕй бамбара, алкоголизмӕй рынчын кӕй у, уый? Ахӕм уавӕры арӕх цы фӕдзурынц, уыдӕттӕй уӕхи хизут, зӕгъӕм, ахӕм ныхӕстӕй: «Куыд зыны, афтӕмӕй ӕгӕр нуазыс». Уӕд алкоголик, гӕнӕн ис, ноджы тынгдӕр райдайа йӕхи раст кӕнын. Хуыздӕр уаид йӕ цардӕй йын бӕлвырд цаутӕ ӕрхъуыды кӕнын, цӕмӕй фена, йӕ нуӕзт-иу ӕй цӕмӕ ӕркодта, уый. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй уе сныхасӕй дӕр зына, куыд ыл мӕт кӕнут, уый: «Нӕ зӕрдӕ дыл риссы, ӕмӕ цӕй тыххӕй, уый нӕ фӕнды зӕгъын...».

Иу хистӕр нӕлгоймаг, кӕддӕр йӕхӕдӕг дӕр алкоголик чи уыди ӕмӕ йӕ низыл чи фӕтыхи, уый афтӕ зӕгъы: «Ӕз фӕхатыдтӕн, ахсджиаг кӕй у, адӕймагӕн куысты кӕнӕ та йӕ бинонты ’хсӕн цы зындзинӕдтӕ ис, уыдон сбӕлвырд кӕнын. Стӕй йӕм ахӕм фарстытӕ хъӕуы радтын, цӕмӕй уыдоныл ахъуыдыгӕнгӕйӕ бамбара, йӕ зындзинӕдты аххосаг нуӕзт кӕй у, уый. Иухатт мын иу ӕфсымӕримӕ ахӕм ныхас рауад:

— Нуазгӕ кӕй кӕныс, уый дӕ бинонты цардыл ӕвзӕрырдӕм не ’ндавы?

— Нӕ, цӕмӕ гӕсгӕ?

— Дӕ бинойнагимӕ истӕуыл фӕбыцӕу вӕййыс?

— О.

— Нуазгӕ кӕй кӕныс, уый нӕу йӕ аххосаг?

— Нӕ.

— Уӕдӕ, куы бануазыс, уӕд нӕ фӕхыл вӕййыс йемӕ?

— М-м... ӕвӕццӕгӕн... о.

Бирӕ цӕуылдӕртыл куы аныхас кодтам, уӕд ын мӕ бон сси фенын кӕнын, йӕ зындзинӕдты аххосаг-иу алыхатт дӕр нуӕзт кӕй уыди, уый».

Цы зӕгъӕн ис медицинон ӕххуысы тыххӕй та? Цӕмӕй алкоголик йӕ къахыл слӕууа, уый тыххӕй йӕ гӕнӕн ис ахӕм ӕххуыс дӕр бахъӕуа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕхицӕн куыд хъуамӕ схос кӕна, уый тыххӕй йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ уынаффӕ кӕндзысты — уый адӕймагӕн йӕхи хъуыддаг у. Ӕмӕ йӕ кӕд дохтыртӕм цӕуын нӕ фӕнды, уӕд ӕрмӕст уымӕ гӕсгӕ ахӕм хатдзӕг хъуамӕ ма скӕной, ома йӕ митыл нӕ фӕсмон кӕны. Фӕлӕ уыимӕ, ӕнцад дӕр хъуамӕ ма бадой. Уыцы адӕймаг хъуамӕ хорз ӕмбара, сӕйраджыдӕр дзырд ууыл кӕй цӕуы, Иегъовӕ ма йӕ йӕ лӕггадгӕнӕгыл нымайдзӕн ӕмӕ ма йын чырыстон ӕмбырды бынат уыдзӕн ӕви нӕ.

Ӕмбырдӕй йӕ ацух кӕнын хъӕуы ӕви нӕ? Сӕйраджыдӕр хъӕуы дзуапп радтын ахӕм фарстытӕн: адӕймаг нуазгӕ кӕй кӕны, уымӕ йӕхицӕн цавӕр ахаст ис? Фӕразонӕй, фӕлӕ йын фидарӕй йӕ уавӕр бамбарынӕн кӕй ӕххуыс кӕнут, уый ницӕмӕ дары ӕмӕ дарддӕр дӕр йӕ нуӕзт нӕ уадзы? Цымыдисаг у, йӕ кусджыты ’хсӕн алкоголиктӕ кӕмӕн ис, ахӕм куыстуӕтты хицӕуттӕн иу чиныджы цы уынаффӕ ис, уый: «Куы йӕ зонай, дӕ кусӕг йӕ нуӕзт нӕ ныууадздзӕн, уӕд ӕй сӕрибарӕй дӕ бон у йӕ бынатӕй сисын... Ахӕм адӕймагӕн, куыстӕй йӕ куы ратӕрой, уый гӕнӕн ис, феххуыс уа. Чи зоны йӕ растдӕр ахӕм хос хъӕуы» («Alcoholics Anonymous»). Раст афтӕ, адӕймаджы йӕ ахасты тыххӕй ӕмбырдӕй ацух кӕнын куы бахъӕуа, цӕмӕй ӕмбырд сыгъдӕг уа, уӕд ын уый, гӕнӕн ис, йӕ нуӕзт ныууадзынӕн ӕй цы «хос» хъӕуы, уый разына.

Цы аразын хъӕуы, бӕлвырдӕй йӕ куы зонат, адӕймаджы ӕцӕг кӕй фӕнды йӕ нуӕзт ныууадзын? Кӕд ахӕм адӕймаг ӕххуысыл разы у, уӕд ӕй бахъӕудзӕн цасдӕр рӕстӕг, цӕмӕй рабӕрӕг уа, йӕ ныхасӕн хицау у ӕви нӕ. Чи зоны йын дохтырты ӕххуыс дӕр фӕахъаз уа. Фӕлӕ уыимӕ хъуамӕ ӕмбара, ӕрмӕст уый фаг кӕй нӕу.

Фылдӕр хатт ӕй бахъӕуы иудадзыг ӕххуыс, уӕлдайдӕр та чырыстӕтты ’рдыгӕй. Раздӕр-иу, чи зоны, уый тыххӕй банызта, цӕмӕй-иу дзы йӕ сагъӕстӕ, йӕ маст ӕмӕ йӕ зындзинӕдтӕ ферох уыдаиккой. Ныр та йӕ хъӕуы уе ’ххуыс, цӕмӕй йын уыцы зындзинӕдтӕм раст цӕстӕнгас уа ӕмӕ йӕ зондахаст фӕива. Уымӕй уӕлдай ма, гӕнӕн ис, бирӕ рӕстӕджы дӕргъы йӕхи хӕра алыхуызон хъуыдытӕй, зӕгъӕм, йӕхи аххосджын кӕна кӕнӕ йӕхимӕ мацыуал кӕса. Гӕнӕн ис, хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, Иегъовӕмӕ кувыны аккаг нал дӕн, ӕмӕ йӕ уе ’ххуыс хъӕуа, цӕмӕй йын Хуыцауимӕ ногӕй ӕнгом ахастытӕ уа. Йемӕ иумӕ ӕмӕ уый тыххӕй куы куват, стӕй ма йын Хуыцауы Ныхасӕй зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ куы кӕсат, уӕд гӕнӕн ис, йӕ гуырысхойаг хъуыдытӕй фервӕза (Иаковы 5:14—16).

Йӕ къах кӕмӕн асӕтты, уый цасдӕр рӕстӕг фӕхъӕуы искӕй ӕххуыс. Раст афтӕ, йӕ нозт ныууадзыныл чи архайы, уый дӕр фӕхъӕуы, чи йӕ ӕмбардзӕн, чи йӕм хъусдзӕн ӕмӕ кӕуыл банцой кӕндзӕн, ахӕм адӕймаджы ӕххуыс. Цӕттӕ стут баххуыс кӕнынмӕ?

«Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу мӕм ӕрбацыдысты, стӕй ма бирӕ ӕфсымӕртӕ дӕр,— дзуры, йӕ нуӕзт ныууадзын кӕмӕн сси йӕ бон, иу ахӕм ӕфсымӕр.— Мӕ бон ӕй зӕгъын дӕр нӕу, куыд тынг бузныг сӕ дӕн сӕ уарзӕгой ӕмӕ ӕмбаргӕ ахасты тыххӕй. Диссаг, ногӕй та мӕ бон сси Иегъовӕмӕ кувын. Куыд тынг мын фенцон!»

«Ӕфсымӕртӕ мын алы хъуыддаджы дӕр ӕххуыс кодтой,— дзуры, алкоголизмӕй фервӕзын кӕмӕн баххуыс кодтой, иу ахӕм ӕндӕр ӕфсымӕр.— Суанг-иу мӕ фембӕлдтӕм семӕ бакодтой ӕмӕ-иу мӕ сӕ цуры сбадын кодтой, уымӕн ӕмӕ-иу мӕхицӕн мӕ цӕсгом нӕ хъӕцыд. Иу ӕфсымӕр мын уӕлдай тынг баххуыс кодта. Уый-иу мӕ абӕрӕг кодта, ӕххуыс-иу мӕ тынгдӕр куы хъуыди, уӕд — кӕд-иу йӕхицӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ уыд, уӕддӕр. Тынг бузныг дзы дӕн йӕ уарзондзинад ӕмӕ фӕразондзинады тыххӕй».

Хаттӕй-хатт хорз вӕййы, йӕ нуӕзт ныууадзыныл чи архайы, уый куы аныхас кӕны, нуӕзтыл чи фӕтых, ахӕм ӕфсымӕримӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йын уый йӕ уавӕр ӕмбары ӕмӕ зоны, алкоголик цӕмӕй йӕ нуӕзт ныууадза, уый тыххӕй йӕ цас тыхтӕ хъӕуы. Уымӕй уӕлдай, йӕ нозт ныууадзын кӕй фӕнды, уый уындзӕн, уымӕн гӕнӕн кӕй ис. Уыны йӕ разы уыцы ӕфсымӕры дӕнцӕг. Бӕгуыдӕр, алкоголикыл тынгдӕр ӕндавы, цы хъусы, уый нӕ, фӕлӕ цы уыны, уый.

Цы аразын хъӕуы, адӕймаг ногӕй нуазын куы райдайа, уӕд? Афтӕ дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ рауайа. Ногӕй та ахъуыды кӕнын хъӕуы ахӕм фарстайыл: цавӕр ахаст ис уыцы хъуыддагмӕ адӕймагӕн йӕхицӕн? Ӕцӕгдӕр ис зӕгъӕн, йӕ нуӕзт ныууадзын ӕй кӕй фӕнды? Ӕмбары йӕ, ныр ӕй дыууӕ хатты фылдӕр тыхтӕ кӕй хъӕуы ӕрӕвӕрын йӕ ныууадзынӕн? Кӕд о, уӕд ын хъӕуы хӕларзӕрдӕйӕ баххуыс кӕнын.

Уӕдӕ, адӕймаг алкоголик кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй йӕ ӕмбырдӕй ацух кӕнын нӕ хъӕуы. Кӕд ӕй зӕрдиагӕй фӕнды йӕ нуӕзт ныууадзын, уӕд ын хъӕуы фадат радтын. Фӕлӕ уый йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куы нӕ уа, уӕд та куыд? Кӕд дарддӕр дӕр фыднозт кӕны ӕмӕ йын ницы ӕххуыс кӕны, уӕд та? Уӕд ӕй хъӕуы ӕмбырдӕй ацух кӕнын, апостол Павел 1 Коринфӕгтӕм 5:11—13-ӕм стихты цы зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ.

Нуӕзты фыдӕй чи сӕфы, уыдонӕн баххуыс кӕнынӕн хъуамӕ уат арфуынӕг, фӕразон ӕмӕ фидар. Хъуыддаг ӕрмӕст уый мидӕг нӕй, цӕмӕй хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕн дзурат: «Дӕхиуыл фӕхӕц», йе та: «Кӕд Иегъовӕйы уарзыс, уӕд дӕ нуӕзт ныууадздзынӕ». Хуыздӕр уыдзӕн, алкоголизм цы у ӕмӕ адӕймагӕн цы бакӕны, уый бамбарын. Рох уӕ ма уӕд, алкоголикмӕ афтӕ кӕй нӕ фӕкӕсы, ӕмӕ алкоголик у, ӕмӕ ӕцӕгӕй цы уавӕры ис, уый йын бамбарын кӕнын кӕй хъӕуы. Сымах ын хъуамӕ фенын кӕнат, нозт ын зиан кӕй хӕссы ӕмӕ йӕ ӕххуыс кӕй хъӕуы, уый. Ӕдзухдӕр ӕй хъӕудзӕн уе ’ххуыс. Фӕлӕ цымӕ уыцы фыдӕбон уый аргъ нӕу, адӕймаг алкоголизмӕй кӕй фервӕздзӕн?

Алкоголизмӕй фервӕзынӕн кӕмӕн баххуыс кодтой, иу ахӕм хо загъта: «Нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахӕм уарзӕгой ӕмӕ ӕмбараг уыдысты, ӕмӕ алы бон Иегъовӕйӕн бузныг дзырдтон, кӕй мӕм сӕ ӕрбарвыста, уый тыххӕй. Ныр мӕхимӕ ӕрцыдтӕн. Сыгъдӕг цӕсгомӕй мӕ бон у Иегъовӕимӕ ныхас кӕнын. Афтӕ ма алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуын ӕмӕ дзы ӕцӕг ӕхцондзинад исын». Куыд тынг бузныг сты ахӕм адӕймӕгтӕ, сӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, ӕнӕзивӕгӕй дзугыл чи ауыды, уыцы цӕстдарджытӕй! (1 Петры 5:1, 2)