Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уды хъуыдытӕ ӕмӕ цард!

Уды хъуыдытӕ ӕмӕ цард!

Уды хъуыдытӕ ӕмӕ цард!

«Уды хъуыдытӕ... сты цард» (РОМӔГТӔМ 8:6, НФ).

1, 2. Библийы «буар» ӕмӕ «уд» кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц?

АЦЫ ӕгъдаухӕлд ӕхсӕнады, буары фӕндӕттӕ кӕм кадджын кӕнынц, уым ӕнцон нӕу Хуыцауы раз сыгъдӕгӕй баззайын. Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыстады кӕрӕдзийы ныхмӕ ӕвӕрд цӕуынц «буар» ӕмӕ «уд», бӕлвырд хицӕн кӕнынц тӕригъӕдджын буары фӕндӕтты фӕдыл цӕуыны кӕуинаг фӕстиуджытӕ ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды коммӕ кӕсыны циндзинадхӕссӕг дыргътӕ.

2 Цӕвиттонӕн Йесо Чырысти загъта: «Царды уд фӕлдисы, буарӕй чысыл пайда дӕр нӕй; Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдон та сты уд ӕмӕ цард» (Иоанны 6:63, «Мах дуг» № 5, 1992 аз). Апостол Павел та Галатийы цӕрӕг чырыстӕттӕм фыста: «Буары фӕнды уды ныхмӕ, уды та — буары ныхмӕ: уыдон кӕрӕдзийы ныхмӕ сты, афтӕ ӕмӕ сымах уый нӕ кӕнут, цы уӕ фӕндыдаид» (Галатӕгтӕм 5:17). Павел ма загъта: «Йӕ буарӕн чи тауы, уый буарӕй ӕркӕрддзӕн бынысӕфт; фӕлӕ удӕн чи тауы, ахӕм удӕй ӕркӕрддзӕн ӕнусон цард» (Галатӕгтӕм 6:8, НФ).

3. Ӕвзӕр фӕндӕттӕ ӕмӕ митӕ ныууадзынӕн цы хъӕуы саразын?

3 Иегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы, ома йӕ архайгӕ тыхы фӕрцы ӕнтыстджынӕй ис иуварс кӕнӕн «буары фӕндӕттӕ» ӕмӕ тӕригъӕдджын буары зианхӕссӕг хицауиуӕгад (1 Петры 2:11). Цӕмӕй не ’взӕр митӕ ныууадзӕм, уый тыххӕй тынг ахсджиаг у Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуыс, ӕмӕ Павел уый тыххӕй фыста: «Буарон хъуыды у мӕлӕт, уды хъуыдытӕ та сты цард ӕмӕ фарн» (Ромӕгтӕм 8:6, НФ). Цы сты уды хъуыдытӕ?

«Уды хъуыдытӕ»

4. «Уды хъуыдытӕ» цы нысан кӕнынц?

4 Павел «уды хъуыдыты» тыххӕй куы фыста, уӕд спайда кодта грекъаг дзырдӕй, кӕцы нысан кӕны «хъуыдыкӕнынад, зондахаст,... нысан, тыхджын фӕндон, тырнындзинад». Ахӕм мивдисӕджы формӕ ма нысан кӕны «хъуыды кӕнын, бӕрӕг зондахастыл хӕст уын». Уӕдӕ «уды хъуыдытыл» хӕцын нысан кӕны Иегъовӕйы архайгӕ тыхы коммӕ кӕсын ӕмӕ йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Уый ууыл дзурӕг у, Хуыцауы сыгъдӕг удӕн кӕй дӕттӕм бар, цӕмӕй нын ӕндава нӕ зондахаст, нӕ ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ нӕ фӕндӕттыл.

5. Сыгъдӕг уды коммӕ куыд хъуамӕ кӕсӕм?

5 Сыгъдӕг уды коммӕ куыд хъуамӕ кӕсӕм, уый бахахх кодта Павел, куы дзырдта, цӕмӕй «цагъартӕ уӕм... удмӕ гӕсгӕ» (Ромӕгтӕм 7:6, НД). Йесойы ӕлхӕнӕг нывонды фӕрцы чырыстӕттӕ ссӕрибар сты тӕригъӕды хицауиуӕгадӕй ӕмӕ афтӕмӕй раздӕр цы уавӕры уыдысты, уымӕн «амардысты», ома йӕ цагъартӕ нал сты (Ромӕгтӕм 6:2, 11). Уыдон ахӕсгӕ нысаниуӕджы амардысты уыцы цардыуагӕн, фӕлӕ физикон ӕгъдауӕй сты удӕгас, ӕмӕ ныр барвӕндонӕй цӕуынц Чырыстийы фӕдыл, куыд «рӕстдзинады цагъартӕ», афтӕ (Ромӕгтӕм 6:18—20).

Стыр ивындзинад

6. «Рӕстдзинады цагъартӕ» чи свӕййы, уыдон куыд фӕивынц?

6 Чырыстӕтты царды стыр ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуы, «тӕригъӕды цагъартӕ» куы нал вӕййынц ӕмӕ Хуыцауӕн куыд «рӕстдзинады цагъартӕ», афтӕ лӕггад кӕнын куы райдайынц, уӕд. Афтӕ цы адӕм фӕивтой, уыдон тыххӕй Павел фыста: «Ӕхсад ӕрцыдысты... сыгъдӕггонд ӕрцыдысты... растгонд ӕрцыдысты нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы Удӕй» (Ромӕгтӕм 6:17, 18; 1 Коринфӕгтӕм 6:11).

7. Ахсджиаг цӕмӕн у алцӕмӕдӕр Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсын?

7 Ахӕм диссаджы ивындзинӕдтӕ скӕнынӕн фыццаджыдӕр хъӕуы зонын, Иегъовӕ хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Бирӕ ӕнусты размӕ псаломзарӕггӕнӕг Давид зӕрдӕбынӕй куырдта Хуыцауӕй: «Бацамон мын, Хицау [«Иегъовӕ», НД], Дӕ фӕндӕгтӕ... Сараз мӕн Дӕ ӕцӕгадыл, ӕмӕ мӕ сахуыр кӕн» (Псалом 24:4, 5). Иегъовӕ байхъуыста Давидмӕ, ӕмӕ йӕм абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕй афтӕ чи кувы, уыдонӕн дӕр дзуапп дӕтты. Хуыцауы фӕндӕгтӕ ӕмӕ йӕ ӕцӕгад раст ӕмӕ сыгъдӕг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн нӕ ӕнӕсыгъдӕг буарон фӕндӕтты ныхмӕ фӕлӕууынӕн.

Хуыцауы Ныхасӕн ис стыр ахадындзинад

8. Библи ахуыр кӕнын тынг ахсджиаг цӕмӕн у?

8 Хуыцауы Ныхас Библи фыст ӕрцыд йӕ сыгъдӕг удӕй. Уымӕ гӕсгӕ ныл цӕмӕй сыгъдӕг уд ӕндава, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы Библи кӕсын ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын — гӕнӕн уӕвгӕйӕ алы бон дӕр (1 Коринфӕгтӕм 2:10, 11; Ефесӕгтӕм 5:18). Библийы ӕцӕгад ӕмӕ принциптыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы исӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд фидар фӕлӕууынӕн. О, ӕнӕгъдау хъуыдытӕ ныл куы ӕртыхсой, уӕд нын Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ нын ныфсджынӕй архайынӕн цы библион амындтӕ ӕмӕ принциптӕ баххуыс кӕндзысты, уыдон (Псалом 118:1, 2, 99; Иоанны 14:26). Уӕдӕ уый фӕрцы ӕнӕраст фӕндагыл нӕ ацӕудзыстӕм (2 Коринфӕгтӕм 11:3).

9. Библи ахуыр кӕнын нын куыд ӕххуыс кӕны Иегъовӕимӕ нӕ ахастытӕ бахъахъхъӕнынӕн?

9 Сыгъдӕг Фыстад дарддӕр дӕр Библийыл бындуриуӕггӕнӕг публикациты ӕххуысӕй зӕрдӕбынӕй ӕмӕ лӕмбынӕгӕй куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕтыл ӕндавдзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы та тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕн. Царды нын ӕппӕты ахсджиагдӕр уыдзысты нӕ ахастытӕ Хуыцауимӕ. Фӕлварӕны бахаугӕйӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм тӕригъӕды фӕдыл куы ацӕуӕм, уӕд цы ӕхцондзинад райсдзыстӕм, ууыл, фӕлӕ фыццаджыдӕр хъуыды кӕндзыстӕм Иегъовӕйы раз сыгъдӕгӕй баззайӕн куыд ис, ууыл. Нӕ ахастытӕ нын тынг зынаргъ куы уой, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, нӕ ахастытыл нын чи бандава кӕнӕ сӕ бынтондӕр чи фехала, ахӕм фӕндӕттимӕ тох кӕнынмӕ.

«Куыд тынг уарзын ӕз Дӕ закъон!»

10. Цӕмӕй нын сыгъдӕг уд нӕ зондахастыл ӕндава, уый тыххӕй цӕмӕн хъӕуы Иегъовӕйы закъонмӕ хъусын?

10 Цӕмӕй нын сыгъдӕг уд нӕ зондахастыл ӕндава, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхас ӕрмӕст зонын фаг нӕу. Паддзах Соломон тынг хорз зыдта Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ, фӕлӕ куы базӕронд, уӕд уыдонмӕ гӕсгӕ нал цард (3 Паддзахӕдты 4:29, 30; 11:1—6). Сыгъдӕг удӕн ӕндавыны бар куы дӕттӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, Библи цы дзуры, ӕрмӕст уый зонын кӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ ма ӕппӕтзӕрдӕйӕ Хуыцауы закъоны коммӕ кӕсын дӕр. Уый тыххӕй та хъӕуы лӕмбынӕг ахуыр кӕнын Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ сӕ зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕнын. Псаломзарӕггӕнӕгӕн уыд растдӕр ахӕм ахаст. Уый зарыд: «Куыд тынг уарзын ӕз Дӕ закъон! Бон-изӕрмӕ хъуыды кӕнын ууыл» (Псалом 118:97, НД). Хуыцауы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ ӕцӕгдӕр куы фӕнда, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн йӕ миниуджытӕ ӕвдисынмӕ (Ефесӕгтӕм 5:1, 2). Мах ӕнӕраст хъуыддӕгты ӕдых амӕттӕгтӕ не стӕм — мах ӕвдисӕм сыгъдӕг уды дыргътӕ, ӕмӕ нӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ ссарын кӕй фӕнды, уый та нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй иуварс кӕнӕм «буары [ӕлгъаг] хъуыддӕгтӕ» (Галатӕгтӕм 5:16, 19—23; Псалом 14:1, 2).

11. Бамбарын кӕн, Иегъовӕйы закон, хӕтындзинадӕй чи фӕдзӕхсы, уый мах куыд хъахъхъӕны?

11 Куыд у нӕ бон Иегъовӕйы закъонӕн тынгдӕр аргъ кӕнын ӕмӕ йӕ уарзын? Зӕгъӕм, лӕмбынӕг хъуыды кӕнын, цӕй стыр пайда хӕссы, ууыл. Цӕвиттонӕн, Хуыцауы закъон дзуры, ӕрдон ахастытӕ ӕрмӕстдӕр ӕмкъайады кӕй сты ӕмбӕлон ӕмӕ бар нӕ дӕтты хӕтындзинад ӕмӕ хъахбайдзинадӕн (Дзуттытӕм 13:4). Ацы закъонмӕ хъусынӕй исты сафӕм? Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд ахӕм закъон радтаид, кӕцы нӕ исты хорздзинадӕй цух кодтаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Ӕркӕсӕм, Иегъовӕйы раст домӕнтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонӕй бирӕтыл цы ӕрцӕуы, уымӕ. Ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй басывӕрджын вӕййынц, уый сӕ ӕркӕны аборт кӕнынмӕ, кӕнӕ та ӕнамонд ӕмкъайадмӕ. Бирӕтӕ та сӕ сывӕллоны фӕхъомыл кӕнынц ӕнӕ лӕгӕй кӕнӕ та ӕнӕ усӕй. Уымӕй уӕлдай ма хӕтгӕ чи кӕны, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕвзӕр низӕй фӕрынчын уа (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Ӕмӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг искӕимӕ куы фӕрӕдийа, уӕд стыр зындзинад бавзардзӕн. Йӕ намыс ын ӕнцой кӕй нӕ дӕтдзӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕрвитдзӕн ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ ӕмӕ удхар кӕндзӕн (Псалом 31:3, 4; 50:5). Уӕдӕ бӕрӕг нӕу, Иегъовӕйы закъон, хӕтындзинадӕй чи фӕдзӕхсы, уый мах кӕй хъахъхъӕны, уый? О, ӕцӕгдӕр стыр арфӕдзинад у хӕрзӕгъдау цард кӕнын!

Кув Иегъовӕмӕ ӕххуысы тыххӕй

12, 13. Тӕригъӕдджын фӕндӕттӕ нӕ куы тыхсын кӕной, уӕд кувын цӕмӕн хъӕуы?

12 Цӕмӕй нын сыгъдӕг уд нӕ зондахастыл ӕндава, уый тыххӕй ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуы зӕрдӕбынӕй кувын. Раст у Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуыс курын, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта: «Сымах кӕд... зонут хорз лӕвӕрттӕ дӕттын уӕ сывӕллӕттӕн, уӕд уӕлдайдӕр Уӕларвон Фыд ратдзӕн Сыгъдӕг Уды, уымӕй чи кура, уыдонӕн» (Лукайы 11:13). Куывды мидӕг нӕ бон у дзурын, сыгъдӕг уды ӕххуыс нӕ тынг кӕй хъӕуы, цӕмӕй нӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл фӕуӕлахиз уӕм (Ромӕгтӕм 8:26, 27). Нӕхӕдӕг куы хатӕм, тӕригъӕдджын фӕндӕттӕ кӕнӕ ныл ӕнӕраст хъуыдытӕ кӕй ӕндавынц, уый, кӕнӕ нын нӕ уарзӕгой ӕмчырыстӕттӕ уымӕ нӕ хъус куы ӕрдарын кӕной, уӕд раст уаид, сӕрмагондӕй уыцы зындзинады тыххӕй кувын ӕмӕ Хуыцауӕй курын ӕххуыс, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уӕм.

13 Иегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм рӕстдзинадыл, сыгъдӕг, ӕгъдауджын ӕмӕ кады аккаг хъуыддӕгтыл. Ӕмӕ куыд раст у ӕппынӕдзух уымӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй нын «Хуыцауы фарн» хъахъхъӕна нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зондахаст! (Филиппӕгтӕм 4:6—8). Уӕдӕ кувӕм Иегъовӕмӕ, цӕмӕй нын баххуыс кӕна «ӕнтыстджын уын рӕстдзинады, хорз намысы, уырнындзинады, уарзондзинады, фӕразондзинады, фӕлмасдзинады» (1 Тимофеймӕ 6:11—14). Нӕ уӕларвон Фыд нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый фӕрцы нӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ фӕлварӕнтӕ афтӕ не стыхджын уыдзысты, ӕмӕ сыл нӕ бар ма уал цӕуа. Фӕлӕ цӕрдзыстӕм Хуыцауӕй лӕвӕрд сабырдзинады.

Ма ӕфхӕрут сыгъдӕг уды

14. Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕ куыд разӕнгард кӕны сыгъдӕгдзинадмӕ?

14 Иегъовӕйы фӕлтӕрдджын лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр хъусы Павелы уынаффӕмӕ: «[Сыгъдӕг] уды мынӕг ма кӕнут» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:19). Хуыцауы сыгъдӕг уд «сыгъдӕгдзинады уд» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ у алцӕмӕйдӕр сыгъдӕг (Ромӕгтӕм 1:4). Уымӕ гӕсгӕ ныл сыгъдӕг уд куы фендавы, уӕд нӕ фӕразӕнгард кӕны сыгъдӕгдзинадмӕ. Уый нын ӕххуыс кӕны царды сыгъдӕг фӕндагыл цӕуынӕн, ӕмӕ уыцы фӕндаг иннӕтӕй хицӕн кӕны Хуыцауы коммӕ кӕсынӕй (1 Петры 1:2). Алы ӕвзӕр хъуыддаг дӕр нысан кӕны Хуыцауы сыгъдӕг уд ницӕмӕ дарын, ӕмӕ уый та гӕнӕн ис ӕркӕна кӕуинаг фӕстиуджытӕм. Куыд?

15, 16. а) Цавӕр хъуыддӕгтӕй бафхӕрдзыстӕм Хуыцауы сыгъдӕг уды? ӕ) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы сыгъдӕг уды ма ӕфхӕрӕм?

15 Павел фыста: «Ма ӕфхӕрут Хуыцауы Сыгъдӕг Уды, Кӕцыйӕ сымах мыхуыргонд ӕрцыдыстут балхӕды бон» (Ефесӕгтӕм 4:30). Сыгъдӕг Фыстад Хуыцауы сыгъдӕг уд абарста мыхуыримӕ — хуыйны «фидӕны нысан», ома иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ сомбон цы райсдзысты, уый. Уый та нысан кӕны ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон цард (2 Коринфӕгтӕм 1:22, НД; 1 Коринфӕгтӕм 15:50—57; Раргомад 2:10). Хуыцауы сыгъдӕг уд разамынд кӕны сӕрст чырыстӕттыл ӕмӕ се ’мбӕлццӕттыл, зӕххон ныфс кӕмӕн ис, уыдоныл, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайой ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕй хи хизынӕн.

16 Апостол фӕдзӕхста мӕнг ныхас кӕнынӕй, давынӕй, ӕнӕуаг митӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕй. Ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнын куы райдаиккам, уӕд Хуыцауы удцырын Ныхасы уынаффӕты ныхмӕ рацӕуиккам (Ефесӕгтӕм 4:17—29; 5:1—5). Афтӕмӕй мах Хуыцауы сыгъдӕг уд бафхӕриккам, ӕмӕ уый та махӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, никӕй фӕнды аразын. Уымӕ гӕсгӕ махӕй чифӕнды дӕр Иегъовӕйы Ныхасы уынаффӕ куы ницӕмӕуал дара, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕхи афтӕ дарын райдайа ӕмӕ барвӕндонӕй фӕрӕдийа, ӕмӕ Хуыцауы арфӕдзинад бынтондӕр фесафа (Дзуттытӕм 6:4—6). Ӕмӕ кӕд ныр нӕ рӕдийӕм, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ тӕригъӕд саразынмӕ бирӕ ма хъӕуа. Фӕлӕ дарддӕр дӕр сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд ӕй ӕфхӕрдзыстӕм. Уый ма ууыл дзурӕг дӕр уыдзӕн, ӕмӕ мах сыгъдӕг уды раттӕджы, Иегъовӕйы ныхмӕ дӕр кӕй цӕуӕм ӕмӕ йӕ кӕй ӕфхӕрӕм. Уӕдӕ Хуыцауы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ афтӕ никуы бакӕндзыстӕм. Цӕй ӕмӕ Иегъовӕмӕ кувӕм ӕххуысмӕ, цӕмӕй йын йӕ сыгъдӕг уды ма хъыг кӕнӕм, фӕлӕ йын йӕ сыгъдӕг номӕн кад кӕнӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр сыгъдӕг удӕн нӕ зондахастыл ӕндавыны бар дӕттӕм.

Сыгъдӕг удӕн ӕдзухдӕр уӕ зондахастыл ӕндавыны бар дӕттут

17. Уырнындзинадӕн ахъаз нысӕнттӕй нӕ разы цавӕртӕ у нӕ бон сӕвӕрын ӕмӕ уыдонмӕ тырнын раст цӕмӕн у?

17 Цӕмӕй нын сыгъдӕг уд ӕдзухдӕр нӕ зондахастыл ӕндава, уый тыххӕй нӕ нӕ хъус ӕрдарын хъӕуы иу хъуыддагмӕ — уырнындзинадӕн ахъаз нысӕнттӕ ӕвӕрын ӕмӕ сӕм тырнын. Нӕ домӕнтӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ бон у нӕ разы сӕвӕрын ахӕм нысӕнттӕ: фылдӕр рӕстӕг арын Библи ахуыр кӕнынӕн, фӕхуыздӕр ӕй кӕнын, фылдӕр хъусын кӕнын кӕнӕ та лӕггаддзинады ӕндӕр ахсджиаг хуызмӕ тырнын, зӕгъӕм: ӕххӕстрӕстӕг пионерон лӕггаддзинадмӕ, Вефилы лӕггад кӕнынмӕ кӕнӕ миссионерон лӕггаддзинадмӕ. Уӕд ӕрмӕстдӕр хъуыды кӕндзыстӕм нӕ уырнындзинад нын цы фидар кӕны, ууыл ӕмӕ нын ӕнцондӕр уыдзӕн, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл кӕнӕ ӕрмӕстдӕр нӕхицӕн пайда цы у, ууыл хъуыды кӕныны монцы ныхмӕ лӕууын ӕмӕ Библийы ныхмӕ цы фӕндӕттӕ сты ӕмӕ ацы цардӕвӕрды адӕм ахуыр кӕуыл сты, уыдон иуварс кӕнын. Уырнындзинадӕн ахъаз нысӕнттӕм тырнын раст у, уымӕн ӕмӕ Йесо сидти: «Ма ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ зӕххыл, кӕм рӕмпӕг ӕмӕ згӕ уыдоны сафынц, ӕмӕ кӕм давджытӕ бакъахынц ӕмӕ давынц; фӕлӕ ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ арвыл, кӕм нӕдӕр рӕмпӕг, нӕдӕр згӕ нӕ сафынц, ӕмӕ кӕм давджытӕ нӕ бакъахынц ӕмӕ нӕ давынц; уымӕн ӕмӕ кӕм ис уӕ хӕзна, уым уыдзӕн уӕ зӕрдӕ дӕр» (Матфейы 6:19—21).

18. Ацы фӕстаг бонты ахсджиаг цӕмӕн у сыгъдӕг удӕн ӕдзухдӕр нӕ зондахастыл ӕндавыны бар дӕттын?

18 Ацы «фӕстаг бонты» сыгъдӕг удӕн нӕ зондахастыл ӕндавыны бар дӕттын ӕмӕ ацы дунейы фӕндӕттӕ иуварс кӕнын у ӕппӕт хуыздӕр хъуыддаг (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Уымӕн ӕмӕ «дуне... фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:15—17). Уӕдӕ ӕвзонг чырыстон ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинадмӕ куы тырна, уӕд ын уый цырагъ талынг бынаты куыд ӕххуыс кӕны, афтӕ ӕххуыс кӕндзӕн йӕ ӕвзонджы бонты ӕмӕ ӕххӕсткар царды райдианы. Суанг ӕй исчи йӕ раст фӕндагӕй куы иппӕрд кӕна, уӕддӕр ӕй хорз зондзӕн, Иегъовӕйӕн лӕггаддзинады цӕмӕ тырны, уый. Ахӕм адӕймаг уырнындзинадӕн ахъаз нысӕнттӕ мулк кӕнӕ тӕригъӕдджын ӕхцондзинадыл баивын ӕнӕраст, ӕгӕрыстӕмӕй ӕдылы мийыл дӕр банымайдзӕн. Уӕ зӕрдыл дарут: Моисей, кӕцыйӕн фидар уырнындзинад уыд, «хуыздӕрыл банымадта Хуыцауы адӕмимӕ тухӕн кӕнын, цӕйнӕфӕлтау уӕвын рӕстӕгмӕйы тӕригъӕды циндзинады» (Дзуттытӕм 11:24, 25). Ӕвзонг стӕм ӕви нӕ, буары хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ уды хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Моисейау архайдзыстӕм.

19. «Уды хъуыдытӕ» нын куыд баххуыс кӕндзысты?

19 «Буарон хъуыдытӕ сты знагдзинад Хуыцауы ныхмӕ», «уды хъуыдытӕ та сты цард ӕмӕ фарн» (Ромӕгтӕм 8:6, 7, НФ). Сыгъдӕг удӕн ӕппынӕдзухдӕр нӕ зондахастыл ӕндавыны бар куы дӕттӕм, уӕд ӕнкъардзыстӕм стыр фарн. Нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зондыл нӕ тӕригъӕдджын буар афтӕ тынг нал ӕндавдзӕн. Мах нӕхи тынгдӕр бахъахъхъӕндзыстӕм тӕригъӕд саразынӕй. Ӕмӕ нын Хуыцау ӕххуыс кӕндзӕн, буар ӕмӕ уды ’хсӕн иудадзыг цы тох цӕуы, уым.

20. Цӕуылнӕ хъӕуы дызӕрдыг кӕнын, буар ӕмӕ уды ’хсӕн цы тох ис, уым фӕулахиз уӕвӕн кӕй ис, ууыл?

20 Сыгъдӕг удӕн ӕдзухдӕр нӕ зондахастыл ӕндавыны бар куы дӕттӕм, уӕд нын уыдзӕн фидар бастдзинад Иегъовӕимӕ — цард ӕмӕ сыгъдӕг уды суадонимӕ (Псалом 35:10; 50:13). Сайтан Хӕйрӕг ӕмӕ йе ’ххуырстытӕ сӕ тых сӕ бонӕй архайынц, цӕмӕй нын Иегъовӕ Хуыцауимӕ нӕ ахастытӕ фехалой. Уыдон архайынц, цӕмӕй нын нӕ зондыл бандавой, уымӕн ӕмӕ се ’ндӕвдады бын куы бахауӕм, уӕд нӕ Хуыцауы ныхмӕ скӕндзысты, ӕмӕ нӕ уый та ӕркӕндзӕн мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у фӕуӕлахиз уын буар ӕмӕ уды ’хсӕн цы тох цӕуы, уым. Павел уый йӕхӕдӕг бавзӕрста ӕмӕ йӕ тох афысгӕйӕ, радта фарст: «Чи фервӕзын кӕндзӕн мӕн ацы мӕлӕтон буарӕй?» Ӕмӕ уый фӕстӕ, фервӕзӕн кӕй ис, уымӕ амонгӕйӕ, уый дзуры: «Ӕз арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй» (НФ) (Ромӕгтӕм 7:21—25). Мах дӕр хъӕуы Хуыцауӕн Йесо Чырыстийы номӕй бузныг дзурын, ӕнусон царды диссаджы ныфсимӕ нын адӕймагон лӕмӕгъдзинадимӕ тох кӕнынӕн ӕмӕ уды хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй (Ромӕгтӕм 6:23).

Хъуыды ма кӕныс?

• Цы нысан кӕнынц «уды хъуыдытӕ»?

• Иегъовӕйы сыгъдӕг удӕн куыд у нӕ бон дӕттын бар, цӕмӕй ныл ӕндава?

• Бамбарын кӕн, тӕригъӕдимӕ тохы тынг ахсджиаг цӕмӕн у Библи ахуыр кӕнын, Иегъовӕйы законмӕ хъусын ӕмӕ кувын.

• Куыд нын баххуыс кӕндзысты уырнындзинадӕн ахъаз нысӕнттӕ цардмӕ кӕнӕг фӕндагыл цӕуынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 14 фарсыл]

Библи кӕй ахуыр кӕнӕм, уый нын ӕххуыс кӕны нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнынӕн.

[Ныв 15 фарсыл]

Тӕригъӕдджын фӕндӕттыл фӕуӕлахиз уӕвынӕн Иегъовӕйӕ ӕххуыс курын раст у.

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Уырнындзинадӕн ахъаз нысӕнттӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нын сыгъдӕг уд ӕдзухдӕр нӕ зондахастыл ӕндава.