Уӕлахиз кӕн адӕймагон лӕмӕгъдзинадыл
Уӕлахиз кӕн адӕймагон лӕмӕгъдзинадыл
«Буарон хъуыдытӕ кӕнынц мӕлӕтмӕ» (РОМӔГТӔМ 8:6, НД).
1. Иуӕй-иутӕ адӕймаджы буармӕ куыд кӕсынц ӕмӕ цавӕр фарст хъӕуы равзарын?
«КАДДЖЫН кӕнын Дӕу, уымӕн ӕмӕ ӕз диссаджы арӕзт дӕн» (Псалом 138:14). Афтӕ зарыд псаломзарӕггӕнӕг Давид, Иегъовӕ цы сфӕлдыста уыдонӕй иу цӕмӕдӕр — адӕймаджы буармӕ — куы каст, уӕд. Ахӕм ӕмбӕлон кады бӕсты динамонджытӕй иуӕй-иутӕ буар нымайынц, тӕригъӕд кӕм ӕрбынат кодта ӕмӕ цӕй руаджы архайы, ахӕм цӕуылдӕрыл. Буар хонынц «талынгдзинады бынат, ӕвзӕрдзинады бындур, ӕнӕгъдаудзинады хъадамантӕ, талынг ахӕстон». Раст у, апостол Павел ахӕм ныхӕстӕ кӕй загъта: «Нӕ цӕры... мӕ буары хорздзинад» (Ромӕгтӕм 7:18). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын тӕригъӕдджын буары къӕппӕгӕй фервӕзӕн нӕй?
2. а) Цы нысан кӕнынц «буарон хъуыдытӕ»? ӕ) Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразыныл чи архайы, уыдоны мидӕг «уд» ӕмӕ «буар» куыд фӕтох кӕнынц?
2 Библи иуӕй-иухатт дзырд «буар»-ӕй пайда кӕны адӕймаджы ӕнӕххӕст уавӕрмӕ бацамонынӕн, куыд змӕнтӕг Адамы тӕригъӕдджын цот, афтӕ цы уавӕры стӕм, уымӕ (Ефесӕгтӕм 2:3; Псалом 50:7; Ромӕгтӕм 5:12). Уымӕй кӕй равзӕрдыстӕм, уый бӕрӕг у нӕ «лӕмӕгъ буарӕй» (Ромӕгтӕм 6:19). Павел та бафӕдзӕхста: «Буарон хъуыдытӕ кӕнынц мӕлӕтмӕ» (Ромӕгтӕм 8:6, НД). «Буарон хъуыдытӕ» нысан кӕнынц, адӕймагыл тӕригъӕдджын буары монцтӕ кӕй тых кӕнынц ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй архайы, уый (1 Иоанны 2:16). Уӕдӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразыныл куы архайӕм, уӕд нӕ ӕнӕрынцайгӕйӕ «буары хъуыддӕгтӕм» чи разӕнгард кӕны, уыцы тӕригъӕдджын буар ӕмӕ уды, ома цы ног адӕймаджы сфӕлындыдтам, уый ӕхсӕн ӕппынӕдзух цӕудзӕн тох (Галатӕгтӕм 5:17—23; 1 Петры 2:11). Павелы мидӕг ахӕм уӕззау тох кӕй цыд, уый куы афыста, уӕд загъта: «Мӕгуыр адӕймаг дӕн ӕз! чи фервӕзын кӕндзӕн мӕн ацы мӕлӕтон буарӕй?» (Ромӕгтӕм 7:24). Цымӕ Павел цыбӕлты ӕнӕбон амӕттаг уыди? Библи дзуры, нӕ!
Раст зонындзинӕдтӕ цыбӕл ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй
3. Бирӕтӕ тӕригъӕд ӕмӕ цыбӕлмӕ куыд кӕсынц ӕмӕ нӕ Библи ахӕм ахастӕй куыд фӕдзӕхсы?
3 Абон бирӕтӕ, тӕригъӕд цы у, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц. Иуӕй-иутӕ дзырд «тӕригъӕд»-ӕй пайда кӕнынц ӕлхыскъ ныхасы, цӕмӕй адӕймаджы рӕдыдтытӕм бацамоной. Уыдон не ’мбарынц, «не ’ппӕтӕн [дӕр кӕй] ӕмбӕлы фӕзынын Чырыстийы тӕрхондоны, цӕмӕй алчидӕр райса буары цӕргӕйӕ, хорзӕй кӕнӕ ӕвзӕрӕй цы бакодта, уымӕ гӕсгӕ» (2 Коринфӕгтӕм 5:10). Иннӕтӕн сӕ бон у зӕгъын, цыбӕлмӕ сын куыдфӕндыйы ахаст кӕй ис. Адӕмӕй иуӕй-иутӕ цӕрынц ахӕм ӕхсӕнады, цыран сӕйраг бынат ахсынц, ӕхцондзинадхӕссӕг хъуыддӕгтӕ; уырдӕм хауы хӕрд, ӕрдон ахастытӕ, хиирхӕфсӕнтӕ кӕнӕ та ӕнтыстдзинӕдтӕ. Уыдон цы сӕ фӕфӕнды, ӕрмӕст уый нӕ кӕнынц, фӕлӕ ма сӕ уый фӕхъӕуы уыцы тӕккӕ дӕр! (Лукайы 15:12). Уыдон сӕ цыбыр рӕстӕгмӕйы ӕхцондзинӕдтӕй нӕ уынынц, фидӕны «ӕцӕг царды» циндзинад (1 Тимофеймӕ 6:19, НД). Фӕлӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм ӕмӕ дардмӕуынӕг уӕм, нӕ уырнындзинадӕн кӕнӕ нӕ ӕнӕниздзинадӕн зиан чи ӕрхӕсса, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм. Хуыцауы удцырынӕй фыст фӕсномыг ныхасы дзырдӕуы: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылызӕй йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрд та размӕ цӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафы» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:12).
4. Павел 1 Коринфӕгтӕм 10:12, 13-ӕм стихты цавӕр фӕдзӕхст радта?
4 Коринф зындгонд уыд йӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй. Ӕмӕ Павел уымы цӕрӕг чырыстӕттӕм куы фыста, уӕд сӕ бафӕдзӕхста, фӕлварӕнтӕ ӕмӕ тӕригъӕдӕн стыр тых кӕй ис, уымӕй. Уый загъта: «Чи хъуыды кӕны, уый кӕй лӕууы, хъахъхъӕн, цӕмӕй ма ахауай. Сымахыл сӕмбӕлд фӕлварӕн, ӕндӕрхуызон нӕ, куыд адӕймаджы; ӕмӕ раст у Хуыцау: Кӕцы нӕ бауадздзӕн сымахыл фӕлварӕнтӕ уӕ хъаруйӕ фылдӕр, фӕлӕ фӕлварӕнты ратдзӕн ӕнцондзинад дӕр, афтӕ, цӕмӕй сӕ уӕ бон ахӕссын уа» (1 Коринфӕгтӕм 10:12, 13). Мах иууылдӕр — ӕрыгӕттӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — ӕмбӕлӕм бирӕ фӕлварӕнтыл скъолайы, куысты кӕнӕ та ӕндӕр искуы. Цӕй уӕдӕ, ӕркӕсӕм Павелы ныхӕстӕм ӕмӕ фенӕм, махӕн цы нысан кӕнынц, уый.
Ӕгӕр ныфсхаст ма у
5. Адӕймаг ӕгӕр ныфсхаст куы уа, уӕд уый тӕссаг цӕмӕн у?
5 Павел дзуры: «Чи хъуыды кӕны, уый кӕй лӕууы, хъахъхъӕн, цӕмӕй ма ахауай». Хӕрзӕгъдау кӕй дӕ ӕмӕ дӕ кӕй ничи фехалдзӕн, уымӕй ӕгӕр ныфсхаст уӕвын тӕссаг у. Уымӕй бӕрӕг кӕны, тӕригъӕды хъӕд ӕмӕ тых кӕронмӕ кӕй не ’мбарӕм, уый. Моисей, Давид, Соломон ӕмӕ апостол Петры хуызӕн адӕм кӕм ракодтой тӕригъӕд, уым мах уыдонӕй тыхджындӕр стӕм? (Нымӕцтӕ 20:2—13; 2 Паддзахӕдты 11:1—27; 3 Паддзахӕдты 11:1—6; Матфейы 26:69—75). «Зондджын адӕймаг тӕрсы ӕмӕ йӕхи ӕвзӕрдзинадӕй хизы, ӕдылы та вӕййы мӕстыгӕр ӕмӕ йӕхицӕй ныфсджын»,— дзырдӕуы Фӕсномыг ныхӕсты 14:16-ӕм стихы. Уымӕй уӕлдай ма Йесо загъта: «Уд цӕрдӕг у, буар та ӕнӕхъару» (Матфейы 26:41). Ӕнӕххӕст адӕймаг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ӕмхиц кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Павелы фӕдзӕхстмӕ лӕмбынӕг хъусӕм ӕмӕ нӕхи цыбӕлтӕй хизӕм, кӕннод фыдбылызы бахаудзыстӕм (Иереми 17:9).
6. Фӕлварӕнмӕ нӕхи кӕд ӕмӕ куыд хъуамӕ цӕттӕ кӕнӕм?
6 Раст уаид, нӕхи цӕттӕ куы дариккам, ӕнӕнхъӕлӕджы цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдонмӕ. Паддзах Асӕ ӕмбӕрста, ӕнӕ хӕстӕй куы цардысты, уӕд уый хорз рӕстӕг кӕй уыд, цӕмӕй самадтаид хъахъхъӕнӕн систӕ (2 Паралипоменон 14:2, 6, 7). Уый зыдта, бабырсты рӕстӕджы уыдӕттӕ аразын тынг ӕрӕгмӕ кӕй уыдаид, уый. Уӕдӕ, фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕудзӕн, ууыл хуыздӕр уаид хъуыды кӕнын, куы ницы нӕ фӕтыхсын кӕны ӕмӕ нӕ бон раст хъуыды кӕнын куы вӕййы, уӕд (Псалом 62:7). Данел ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ, Хуыцауӕй чи тарст, уыдон, Иегъовӕйы закъоныл иузӕрдионӕй баззайыны уынаффӕ рахастой раздӕр, цалынмӕ сын паддзахы фынгӕй тыхӕй хӕрын кодтой, уӕдмӕ. Уымӕ гӕсгӕ уыдон сӕ фӕндон нӕ фӕивтой ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг хӕринагӕй нӕ бахордтой (Данелы 1:8). Уӕдӕ цалынмӕ фӕлварӕны нӕ бахауӕм, уӕдмӕ фидар кӕнӕм нӕ фӕндон, цӕмӕй нӕ намыс сыгъдӕгӕй баззайа. Уӕд нӕм уыдзӕн тых, цӕмӕй тӕригъӕд ма ӕруадзӕм.
7. Иннӕтӕ фӕлварӕны ныхмӕ ӕнтыстджынӕй кӕй фӕлӕууынц, уый нын ныфс цӕмӕн дӕтты?
7 Цӕй ныфс нын дӕттынц Павелы ныхӕстӕ: «Сымахыл сӕмбӕлд фӕлварӕн, ӕндӕрхуызон нӕ, куыд адӕймаджы» (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Апостол Петр фыста: «Ныхмӕ йӕм [Хӕйрӕгмӕ] лӕуут фидар уырнындзинадӕй, зонгӕйӕ, ахӕм фыдӕбӕттӕ кӕй ӕрцӕуынц уе ’фсымӕртыл дӕр дунейы» (1 Петры 5:9). О, иннӕтӕ дӕр ӕмбӕлынц ахӕм фӕлварӕнтыл ӕмӕ Хуыцауы фӕрцы сӕ ныхмӕ фӕлӕууынц; уӕдӕ махӕн дӕр нӕ бон у афтӕ кӕнын. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ хӕлд дунейы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ махӕй алчидӕр, абон уа ӕви райсом, фӕлварӕны бахаудзӕн. Уӕдӕ, куыд у нӕ бон ныфсджын уын, кӕй фӕуӕлахиз уыдзыстӕм адӕймагон лӕмӕгъдзинадыл ӕмӕ тӕригъӕды фӕлварӕныл?
Фӕлварӕны ныхмӕ фӕлӕууын нӕ бон у!
8. Фӕлварӕнӕй нӕхи хизын сӕйраджыдӕр нӕ бон куыд у?
8 Цӕмӕй «тӕригъӕдӕн цагъартӕ мауал уӕм», уый тыххӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хъуамӕ фӕлварӕнӕй нӕхи хизӕм (Ромӕгтӕм 6:6, НФ). Фӕсномыг ныхӕсты 4:14, 15-ӕм стихтӕ нӕ фӕдзӕхсынц: «Фыдгӕнджыты фӕндагыл ма слӕуу ӕмӕ ӕвзӕр адӕмы фӕдыл ма цу. Ныууадз ӕй, ма йыл цу дарддӕр, дӕхи дзы айс, ӕмӕ йӕ иувӕрсты ацу». Мах ӕй арӕх рагацау фӕзонӕм, тӕригъӕдмӕ цы уавӕртӕ ӕркӕндзысты, уый. Уымӕ гӕсгӕ куыд чырыстӕттӕ, афтӕ хъуамӕ сӕ «иувӕрсты цӕуӕм», ома нӕхи хизӕм, ӕвзӕр фӕндӕттӕм ӕмӕ нӕ чъизи хъуыддӕгтӕм чи сцырын кӕна, ахӕм адӕмӕй, дзаумӕттӕй ӕмӕ бынӕттӕй.
9. Цыбӕлгӕнаг уавӕртӕй лидзын кӕй хъӕуы, уымӕ Сыгъдӕг Фыстад куыд амоны?
9 Цыбӕлгӕнаг уавӕртӕй лидзын у ӕндӕр сӕйраг къахдзӕф фӕлварӕнты ныхмӕ фӕлӕууынӕн. Павел уынаффӕ кодта: «Лидзут хӕтындзинадӕй» (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Уый ма фыста: «Лидзут гуымирытӕн кусынӕй» (1 Коринфӕгтӕм 10:14). Апостол ма Тимофейы фӕдзӕхста, цӕмӕй лыгъдаид «лӕппуйы цыбӕлтӕй», ӕмӕ ма схъӕздыг уӕвыны фӕндтӕй дӕр (2 Тимофеймӕ 2:22, НФ; 1 Тимофеймӕ 6:9—11).
10. Фӕлварӕнӕй лидзын ахсджиаг кӕй у, уый цавӕр дыууӕ ныхмӕвӕрд цауы ӕвдисынц?
10 Ӕркӕсӕм, Израилы паддзах Давидыл цы ӕрцыд, уымӕ. Йӕ галуаны тъӕпӕн сӕрӕй куы фӕлгӕсыд, уӕд федта рӕсугъд сылгоймаджы йӕхи найгӕ, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы фӕзынд ӕвзӕр фӕндтӕ. Уый хъуамӕ ӕрхызтаид галуаны сӕрӕй ӕмӕ фӕлварӕнӕй алыгъдаид. Давид та ӕрфарста, уыцы сылгоймаг — Вирсави — чи у, ӕмӕ уый фӕстиуджытӕ уыдысты кӕуинаг (2 Паддзахӕдты 11:1—12:23). Куыд бакодта Иосиф та, йӕ хицауы хъахбай ус ын куы дзырдта, цӕмӕй йемӕ схуыссыдаид, уӕд? Библи нын дзуры: «Ӕмӕ уый алы бон дӕр дзырдта Иосифӕн, цӕмӕй йемӕ схуыссыдаид ӕмӕ йемӕ фӕуыдаид, фӕлӕ йӕм уый нӕ байхъуыста». Кӕд Моисейы Закъоны фӕдзӕхстытӕ уӕд нырма лӕвӕрд дӕр нӕ уыдысты, уӕддӕр ын Иосиф загъта: «Куыд хъуамӕ саразон ӕз ахӕм стыр фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ ракӕнон?» Иу бон ӕй ус ӕнӕнхъӕлӕджы ацахста ӕмӕ йын загъта: «Схуысс мемӕ!» Цымӕ Иосиф йемӕ ӕрлӕууыд ӕмӕ ма йын цыдӕртӕ ӕмбарын кӕнын райдыдта? Нӕ. Уый «йӕхи атыдта ӕмӕ ӕддӕмӕ ралыгъд». Иосиф ӕнӕгъдау хъуыддаг не ’руагъта. Уый алыгъд! (Уӕвынад 39:7—16).
11. Цы ис саразӕн, фӕлварӕны ногӕй-ногмӕ куы хауӕм, уӕд?
11 Иуӕй-иу хатт исчи искӕцӕй куы алидзы, уӕд ӕй схонынц тӕппуд, фӕлӕ арӕх уый вӕййы зондджын ми. Чи зоны, куысты рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕлварӕны бахауӕм. Нӕ бон куы нӕ уа нӕ куыст фӕивын, уӕддӕр ис хи бахизӕн рӕдийынгӕнӕг хъуыддӕгтӕй. Мах хъуамӕ лидзӕм алы ӕвзӕрдзинадӕй дӕр ӕмӕ хъуамӕ фидарӕй архайӕм, цӕмӕй раст аразӕм (Амос 5:15). Фӕлварӕнӕй лидзын ма нысан кӕны Интернеты порнографион сайттӕй ӕмӕ дызӕрдыггаг хиирхӕфсӕн бынӕттӕй хи хизын. Уый ма нысан кӕны ӕнӕгъдаудзинадыл кӕм цӕуы дзырд, ахӕм журнал аппарын кӕнӕ, Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ног хӕлӕрттӕ ссарын (Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:20). Цыфӕнды нӕ ма разӕнгард кӕна тӕригъӕд саразынмӕ, уӕддӕр зондджындзинад равдисдзыстӕм, нӕ сӕрӕй уыцы хъуыды куы аппарӕм, уӕд (Ромӕгтӕм 12:9).
Куыд ӕххуыс кӕны куывд
12. Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, «ма бакӕн мах фыдӕвзарӕны», зӕгъгӕ, уӕд дзы цы фӕкурӕм?
12 Павел радта ацы зӕрдӕфидаргӕнӕн уынаффӕ: «Раст у Хуыцау, Кӕцы нӕ бауадздзӕн сымахыл фӕлварӕнтӕ уӕ хъаруйӕ фылдӕр, фӕлӕ фӕлварӕнты ратдзӕн ӕнцондзинад дӕр, афтӕ, цӕмӕй сӕ уӕ бон ахӕссын уа» (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Фӕлварӕны куы бахауӕм ӕмӕ ӕххуысы тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд нын Иегъовӕ баххуыс кӕны, нӕ куывтытӕн нын дзуапп кӕй радты, уымӕй. Йесо Чырысти нӕ ахуыр кодта афтӕ кувын: «Ма бакӕн мах фыдӕвзарӕны, фӕлӕ фервӕзын кӕн мах хинӕйдзагӕй» (Матфейы 6:13). Ахӕм зӕрдӕбын куывдӕн Иегъовӕ дзуапп ратдзӕн ӕмӕ нӕ фӕлварӕны иунӕгӕй нӕ ныууадздзӕн; уый нӕ бахъахъхъӕндзӕн Сайтанӕй ӕмӕ йӕ хин митӕй (Ефесӕгтӕм 6:11). Мах хъуамӕ Хуыцауӕй курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна фӕлварӕнтӕ базонынӕн ӕмӕ нын радта тых сӕ ныхмӕ фӕлӕууынӕн. Фӕлварӕны дзы фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс куы курӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нӕ «хинӕйдзаг», Сайтан, нӕ фӕсайдзӕн.
13. Фӕлварӕныл ногӕй-ногмӕ куы ӕмбӕлӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?
13 Сӕйраджыдӕр та нӕ зӕрдӕбынӕй хъӕуы кувын, фӕлварӕныл ногӕй-ногмӕ куы ӕмбӕлӕм, уӕд. Иуӕй-иу фӕлварӕн, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ мидӕг расайа стыр тох, ӕцӕгдӕр лӕмӕгъ кӕй стӕм, уый нын нӕ зӕрдыл цы хъуыдытӕ ӕмӕ цӕстӕнгӕстӕ лӕууын кӕнынц, уыдонимӕ (Псалом 50:7). Цӕвиттонӕн, цы гӕнгӕ у, раздӕр цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтам, уыдонӕй искӕцы нӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууа, уӕд? Уыцы хъуыддаг саразын та нӕ ногӕй куы фӕнда, уӕд та? Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ химидӕг нӕ хъӕуы сӕттын, фӕлӕ хуыздӕр уаид, Иегъовӕйӕн уый тыххӕй куывды зӕгъын, куы бахъӕуа, уӕд та цалдӕр хатты дӕр (Псалом 54:23). Хуыцау нын йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зонд ссыгъдӕг кӕнӕм ӕвзӕр хъуыдытӕй (Псалом 18:9, 10).
14. Фӕлварӕнтӕ фӕразынӕн ӕнӕмӕнг кувын цӕмӕн хъӕуы?
14 Гефсиманы дыргъдоны апостолты хуыссӕг ахсын куы райдыдта, уӕд сӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Хъӕлдзӕг [«цырддзаст», НД] ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй ма бахауат фыдӕвзарӕны: уд цӕрдӕг у, буар та ӕнӕхъару» (Матфейы 26:41). Цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, фӕлварӕнтӕ цавӕртӕ вӕййынц, уый ӕмӕ сӕм цырддзаст уӕм. Ахсджиаг ма у, фӕлварӕн куыддӕр фӕзыны, афтӕ ӕвӕстиатӕй кувын, ӕмӕ нын уый ратдзӕн тых йӕ ныхмӕ фӕлӕууынӕн. Фӕлварӕн нын фӕзыны лӕмӕгъдӕр кӕм стӕм, уым, ӕмӕ йыл иунӕгӕй нӕ фӕтых уыдзыстӕм. Кувын ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы тых дӕтдзӕн, уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн Сайтаны ныхмӕ фӕлӕууын (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Мах ма хъӕуы, цӕмӕй нын «ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» нӕ уырнындзинад фидар кӕной ӕмӕ мах тыххӕй кувой (Иаковы 5:13—18, НД).
Фӕлварӕны ныхмӕ ныфсджынӕй фӕлӕуу
15. Фӕлварӕны ныхмӕ лӕууын цы нысан кӕны?
15 Фӕлварӕнӕй хи бахизын зын куы уа, уӕд хъуамӕ йӕ ныхмӕ ныфсджынӕй фӕлӕууӕм, цалынмӕ йыл нӕ фӕуӕлахиз уӕм Матфейы 4:1—11). Ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут ӕмӕ сымахӕй алидздзӕн» (Иаковы 4:7). Ныхмӕ лӕууын райдайӕм, нӕ зонд Хуыцауы Ныхасӕй куы фидар кӕнӕм ӕмӕ фидарӕй куы аскъуыддзаг кӕнӕм, йӕ домӕнтӕ йын зӕрдӕбынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм, уӕд. Хорз уаид, нӕ зӕрдыл куы дариккам ӕмӕ куы хъуыды кӕниккам, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕм сӕйрагдӕр цы библион стихтӕ хауы, уыдоныл. Куы фӕхатӕм ӕвзӕр хъуыддагмӕ нӕ нӕ лӕмӕгъдзинад кӕй разӕнгард кӕны, уӕд хорз уаид аныхас кӕнын, чи ныл тыхсы ӕмӕ нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм фӕлтӕрдджын чырыстонимӕ, гӕнӕн ис, хистӕр нӕлгоймагимӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 22:17).
кӕнӕ уавӕртӕ нӕ фӕивой, уӕдмӕ. Цалынмӕ Сайтан Йесойы нӕ ныууагъта, уӕдмӕ уый Хӕйрӕджы ныхмӕ лӕууыд (16. Куыд ис ӕгъдауджынӕй цӕрӕн?
16 Сыгъдӕг Фыстад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ног адӕймаджы сфӕлындӕм (Ефесӕгтӕм 4:24). Уый нысан кӕны Иегъовӕйӕн бар дӕттын, цӕмӕй нӕ фӕлтӕра ӕмӕ нӕ ива. Йе ’мкусӕг Тимофеймӕ фысгӕйӕ, Павел загъта: «Ӕнтыстджын у рӕстдзинады, хорз намысы, уырнындзинады, уарзондзинады, фӕразондзинады, фӕлмасдзинады; архай уырнындзинады хорз скуыхтӕй, хӕц мыггагмӕйы цардыл, кӕцымӕ ды хуынд дӕр дӕ» (1 Тимофеймӕ 6:11, 12). Мах «ӕнтыстджын уыдзыстӕм рӕстдзинады», Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй йын йӕ миниуджытӕ хуыздӕр базонӕм ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ домӕнтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд. Стыр нысаниуӕг ма ис чырыстон хъуыддӕгты хайад исынӕн дӕр: хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуынӕн. Хуыцауимӕ нӕ ахастытӕ куы ӕнгомдӕр кӕнӕм ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн уырнындзинады рӕзынӕн ӕмӕ ӕгъдауджынӕй цӕрынӕн (Иаковы 4:8).
17. Хуыцау нӕ фӕлварӕны кӕй нӕ ныууадздзӕн, уый кӕцӕй зонӕм?
17 Павел нӕ фидар кӕны, зӕгъгӕ, цыфӕнды фӕлварӕныл дӕр ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ нӕ Хуыцау цы курдиӕттӕй хайджын кӕны, уыдоны фӕрцы йыл ма фӕуӕлахиз уӕм. Иегъовӕ нын «ратдзӕн ӕххуыс дӕр, цӕмӕй йӕ нӕ бон уа... ахӕссын» (1 Коринфӕгтӕм 10:13, НФ). Ӕцӕгдӕр, Хуыцауыл дарддӕр дӕр нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд уый нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фӕлварӕн афтӕ уӕззау уа, ӕмӕ нӕм тых мауал уа иузӕрдионӕй баззайынӕн. Уый фӕнды, цӕмӕй йӕ цӕсты ӕвзӕр цы у, уыимӕ ныфсджынӕй тохгӕнгӕйӕ уӕлахиз кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма, мах хъуамӕ ӕууӕндӕм йӕ зӕрдӕвӕрдыл: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн» (Дзуттытӕм 13:5).
18. Адӕймагон лӕмӕгъдзинадыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзыстӕм, уый дызӕрдыггаг цӕуылнӕ у?
18 Павел ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, адӕймагон лӕмӕгъдзинадимӕ тохы кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, ууыл. Уый йӕ буары монцты раз йӕхи ӕдых нӕ хатыд ӕмӕ йӕхицӕн тӕригъӕд дӕр нӕ кодта. Уый хыгъд уый загъта: «Ӕз згъорын афтӕ нӕ, куыд ӕнӕрастмӕ, тухи кӕнын афтӕ нӕ, цӕмӕй ӕрмӕст уӕлдӕф нӕмон; фӕлӕ сабыр кӕнын ӕмӕ цагъар кӕнын мӕ буары, цӕмӕй иннӕтӕн хъусын кӕнгӕйӕ, мӕхӕдӕг ма баззайон ӕнӕаккагӕй» (1 Коринфӕгтӕм 9:26, 27). Махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ ӕнтыстджын уӕм нӕ ӕнӕххӕст буары ныхмӕ тохы. Цӕмӕй раст фӕндагыл цӕуӕм, уый тыххӕй нын нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд ӕппынӕдзух дӕтты разамындтӕ Фыстады, Библийыл бындуриуӕггӕнӕг публикациты, чырыстон фембӕлдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕтты уылты. Йӕ фӕрцы нӕ бон суыдзӕн адӕймаджы лӕмӕгъдзинӕдтыл фӕуӕлахиз уын!
Хъуыды ма кӕныс?
• Цы нысан кӕнынц «буарон хъуыдытӕ»?
• Куыд у нӕ бон фӕлварӕнмӕ нӕхи цӕттӕ кӕнын?
• Куыд у нӕ бон фӕлварӕныл уӕлахиз кӕнын?
• Фӕлварӕны ныхмӕ фӕлӕууынӕн куывд цас ахсджиаг у?
• Кӕцӕй йӕ зонӕм, адӕймагон лӕмӕгъдзинадыл фӕуӕлахиз уӕвӕн кӕй ис, уый?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 8 фарсыл]
Нӕ буары монцты раз ӕдых стӕм, зӕгъгӕ, ууыл Библи нӕ ахуыр кӕны.
[Ныв 10 фарсыл]
Фӕлварӕнӕй алидзын у тӕригъӕдӕй хи бахизыны мадзӕлттӕй иу.