Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хуыцауы дзырд рӕзыд»

«Хуыцауы дзырд рӕзыд»

«Хуыцауы дзырд рӕзыд»

«Ӕрвиты Йӕ дзырд зӕххмӕ; тагъд хӕлиу кӕны Йӕ дзырд» (ПСАЛОМ 147:4).

1, 2. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ йӕм цы хауд?

БИБЛИЙЫ диссагдӕр пехуымпарӕдтӕй иу ис Куыстыты 1:8-ӕм стихы. Уӕларвмӕ ацӕуыны хӕдразмӕ Йесо йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Сымах райсдзыстут тых, Сыгъдӕг Уд уыл куы ӕрцӕуа, [уӕд] ӕмӕ уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕронмӕ». Ахъуыды ма кӕн, цӕй стыр куыст хъуыди бакӕнын!

2 Афтӕ зынд, ӕмӕ Хуыцауы дзырд ӕгас дунейыл фехъусын кӕнын уыцы ахуыргӕнинӕгты гыццыл къордӕн тынг зын хъуыддаг уыд. Ӕркӕсӕм, цы йӕм хауд, уымӕ. Хъуамӕ адӕмӕн ӕххуыс кодтаиккой Хуыцауы Паддзахады хорз уацхъуыд ӕмбарынӕн (Матфейы 24:14). Йесойы ӕвдисӕнтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ иннӕтӕн амыдтаиккой, уый сын цы диссаджы хъуыддӕгтӕ бацамыдта, уыдон ӕмӕ сын ӕмбарын кодтаиккой, Иегъовӕйы фӕндоны йын цавӕр ахадындзинад ис, уый. Хъуыди ма сӕ адӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ сын донаргъуыд дӕттын дӕр. Ӕмӕ стӕй иу цавӕрдӕр бӕстӕйы нӕ, фӕлӕ ӕгас дунейы! (Матфейы 28:19, 20).

3. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ныфс цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ сын сӕ хӕслӕвӕрдмӕ цавӕр ахаст уыд?

3 Фӕлӕ уыцы хъуыддаг цасфӕнды зын ма уыдаид, уӕддӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ныфс бавӕрдта, уыцы хъуыддаджы сын сыгъдӕг уд кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕй. Уӕдӕ кӕд уыцы хӕслӕвӕрд тынг стыр уыд ӕмӕ ныхмӕлӕуджытӕ ӕнӕрынцойӕ ӕмӕ ӕгъатырӕй архайдтой сӕ бауромыныл, уӕддӕр Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг ӕнусы ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кодтой, цы сын бахӕс кодта, уый. Уымӕн ӕвдисӕн сты, аиуварсгӕнӕн кӕй нӕй, ахӕм бӕлвырд цаутӕ.

4. Хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕныны хӕслӕвӕрды Хуыцауы уарзондзинад цы хуызы зыны?

4 Ӕгас дунейы адӕмӕн дӕр кӕй хъуыди хорз уацхъуыд хъусын кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын, уый дзурӕг уыд Хуыцауы уарзондзинадыл, чи йӕ нӕ зыдта, уыдонмӕ. Уый фӕрцы сӕ бон уыд Иегъовӕмӕ сӕхи баввахс кӕнын ӕмӕ тӕригъӕдты уаргъӕй фервӕзын (Куыстытӕ 26:18). Уыцы хӕслӕвӕрдӕй ма Хуыцау уарзондзинад равдыста, хорз уацхъуыд иннӕ адӕмӕн чи хъусын кодта, уыдонмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бон уыд равдисын, Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты ӕмӕ адӕмы кӕй уарзтой, уый (Матфейы 22:37—39). Апостол Павелӕн чырыстон лӕггаддзинад афтӕ зынаргъ уыд, ӕмӕ йӕ схуыдта «хӕзна» (2 Коринфӕгтӕм 4:7).

5. а) Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты архайды тыххӕй иууыл фылдӕр кӕм цӕуы дзырд ӕмӕ дзы цавӕр рӕзты кой цӕуы? ӕ) Куыстыты чиныг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн абон стыр ӕххуыс цӕмӕн у?

5 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ куыд хъусын кодтой, уый тыххӕй цы ӕцӕг хабӕрттӕ зонӕм, уыдонӕн сӕ фылдӕр сты, ахуыргӕнинаг Лука Хуыцауы удцырынӕй цы чиныг ныффыста, уым — Апостолты куыстыты чиныджы. Ацы чиныг нын хъусын кӕны ӕнахуыр стыр ӕмӕ тагъд рӕзты тыххӕй. Хуыцауы Ныхасы зонындзинӕдтӕ куыд парахат кодтой, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Псалом 147:4-ӕм стихы ныхӕстӕ: «[Иегъовӕ] ӕрвиты Йӕ дзырд зӕххмӕ; тагъд хӕлиу кӕны Йӕ дзырд». Фыццаг ӕнусы Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй кӕй схайджын кодта, уыцы чырыстӕтты тыххӕй фыст кӕй ӕрцыдис, уый абон махӕн тынг ӕххуыс кӕны ӕмӕ стыр ныфс дӕтты. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр хъусын кӕнынц ӕмӕ цӕттӕ кӕнынц ахуыргӕнинӕгты, ӕрмӕст махӕн нӕ авналӕнтӕ бирӕ уӕрӕхдӕр сты. Мах дӕр ӕмбӕлӕм, уыдон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, ахӕм зындзинӕдтыл. Ӕмӕ уыцы чырыстӕттӕн Иегъовӕ куыд арфӕ кодта ӕмӕ сын зӕххыл йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын сӕ бӕрны куыд бакодта, уый ахуыргӕнгӕйӕ фидар кӕны нӕ уырнындзинад, йе ’ххуысӕй нӕ цух кӕй нӕ ныууадздзӕн, ууыл.

Рӕзы ахуыргӕнинӕгты нымӕц

6. Куыстыты чиныджы рӕзты тыххӕй ӕртӕ хатты цавӕр дзырдбаст ӕмбӕлы ӕмӕ цы нысан кӕны?

6 Куыстыты 1:8-ӕм стих иуырдыгӕй куыд ӕххӕст кодта, уый фендзыстӕм, дзырдбаст «Хуыцауы дзырд рӕзыд», зӕгъгӕ, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд. Ацы дзырдбаст гыццыл ивындзинӕдтимӕ Библийы ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр ӕртӕ хатты, ӕмӕ ӕртӕ хатты дӕр Куыстыты чиныджы (Куыстытӕ 6:7; 12:24; 19:20). Ацы ран «Хуыцауы дзырд» нысан кӕны хорз уацхъуыд — Хуыцауы ӕцӕгады цины хабар, чи йӕ райсы, уыдоны цард чи ивы, ахӕм удӕгас ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ хабар (Дзуттытӕм 4:12).

7. Куыстыты 6:7-ӕм стихы Хуыцауы дзырды рӕзт цӕимӕ уыди баст ӕмӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон цы ӕрцыд?

7 «Хуыцауы дзырд рӕзы», зӕгъгӕ, фыццаг хатт ӕмбӕлы Куыстыты 6:7-ӕм стихы. Кӕсӕм дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцауы дзырд рӕзыд, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты нымӕц тынг бирӕ кодта Иерусалимы; ӕмӕ сауджынтӕй тынг бирӕтӕ басастысты уырнындзинадӕн». Ам стихы дзырд «рӕзын» баст уыд, ахуыргӕнинӕгты нымӕц кӕй фылдӕр кодта, уыимӕ. Уымӕй размӕ, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон, уӕллаг уаты цы 120 ахуыргӕнинаджы ӕрӕмбырд, уыдоныл ӕрцыд Хуыцауы сыгъдӕг уд. Уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕджы апостол Петр адӕмы раз ныхасы рацыд; йӕ ныхас афтӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ уыди, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдонӕй 3 мины бӕрц тӕккӕ уыцы бон систы уырнджытӕ. Ахъуыды ма кӕн, Иерусалим ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты цӕрджытӕй утӕппӕт адӕм Йесойы номӕй, бӕрцӕй 50 боны размӕ куыд фыдгӕнӕг, афтӕ кӕй амардтой, уый номӕй аргъуыд куы райстой, уӕд уый бӕстӕ куыд сызмӕлын кодтаид! (Куыстытӕ 2:41).

8. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ ахуыргӕнинӕгты нымӕц куыд фылдӕр кодта?

8 О, фӕлӕ уый ӕрмӕст йӕ райдиан уыд. Иудейаг дины разамонджытӕ кӕд дарддӕр дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайдтой хъусын кӕныны хъуыддаг бауромыныл, уӕддӕр сын дзы ницы уади. «Иегъовӕ сӕм [ахуыргӕнинӕгтӕм] алыбон дӕр ӕфтыдта, чи хъуамӕ фервӕзтаид, ахӕмты», ӕмӕ уыцы разамонджытӕ фыдӕнхъӕл кодтой (Куыстытӕ 2:47, НД). Хӕрз цыбыр рӕстӕгмӕ «ахӕм адӕмы нымӕц уыд фондз минмӕ ’ввахс». Уый фӕстӕ «уырнджытӕ фылдӕрӕй фылдӕр ӕмбырд кодтой Хицаумӕ, бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ» (Куыстытӕ 4:4; 5:14). Дарддӕр цы уыд, уый тыххӕй та кӕсӕм: «Аргъуантӕ та ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы уыдысты ӕнцойады, ныхасӕй ахуыр кӕнгӕйӕ, ӕмӕ Хицауы тасы цӕугӕйӕ, ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй рӕвдыдӕй фылдӕр кодтой» (Куыстытӕ 9:31). Цалдӕр азы фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн н. э. 58 азы, Павелӕн йе ’мчырыстӕттӕ загътой: «Кӕсыс... Иудейтӕй цал мины баууӕндыд» (Куыстытӕ 21:20). Уӕдмӕ муртаттӕй дӕр бирӕтӕ систы уырнджытӕ.

9. Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты тыххӕй цы у дӕ бон зӕгъын?

9 Ахуыргӕнинӕгты нымӕц сӕйраджыдӕр фылдӕр кодта, ӕндӕр динты минӕвӕрттӕй чырыстон дин кӕй истой, уый руаджы. Уый уыд ног дин, фӕлӕ йӕ минӕвӕрттӕ архайдтой тынг зӕрдиагӕй. Аргъуанты фынӕй ӕмӕ уӕнгмард уӕнгтӕй хъауджыдӕр Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ тынг ӕнувыд уыдысты Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Ныхасыл; уыдис иу афтӕ дӕр, ӕмӕ ӕцӕгад амыдтой, ӕгъатырӕй сӕ фӕдыл чи зылд, уыдонӕн (Куыстытӕ 16:23, 26—33). Адӕймаг-иу чырыстон фӕндагыл слӕууыд, алцыдӕр-иу дзӕбӕх куы бамбӕрста, ӕмӕ-иу афтӕмӕй куы аскъуыддзаг кодта уыцы къахдзӕф саразын, ӕрмӕстдӕр уӕд (Ромӕгтӕм 12:1). Уыдонӕн бацамыдтой Хуыцауы фӕндӕгтӕ; ӕцӕгад уыди сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕты (Дзуттытӕм 8:10, 11). Цӕуыл ӕууӕндыдысты, уый сӕраппонд цӕттӕ уыдысты мӕлӕтмӕ дӕр (Куыстытӕ 7:51—60).

10. Фыццаг чырыстӕттӕ сӕхимӕ цавӕр бӕрн райстой ӕмӕ абон дӕр афтӕ чи кӕны?

10 Чырыстон дин-иу чи райста, уыдон-иу ӕмбӕрстой, ӕцӕгад дзурыны бӕрн сыл кӕй уыди, уый. Уый тынг ахъаз уыди, сӕ нымӕц кӕй фылдӕр кодта, уымӕн. Иу Библииртасӕг афтӕ загъта: «Уырнджыты къордтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрмӕстдӕр ӕппӕты зынгзӕрдӕ адӕймӕгты кӕнӕ уыцы хъуыддагӕн сӕрмагондӕй чи ӕрцыд нысангонд, уыдоны барыл нӕ нымадтой. Хорз уацхъуыд хъусын кӕныны бар уыди аргъуаны алкӕцы уӕнгӕн дӕр; стӕй канд йӕ бар нӕ, фӕлӕ йӕ хӕс дӕр. [...] Ӕппӕт чырыстон баиугӕндты уӕнгтӕ дӕр барвӕндӕй кӕй хъусын кодтой, уый сын лӕвӕрдта стыр тых суанг райдианӕй». Фӕстӕдӕр уый ныффыста: «Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн Евангели хъусын кӕнынӕй стырдӕр тых ницы лӕвӕрдта». Уый дӕтты иууыл стырдӕр тых ӕцӕг чырыстӕттӕн абон дӕр.

Ӕнхъӕвзта бирӕ бӕстӕтӕм

11. Куыстыты 12:24-ӕм стихы цавӕр рӕзты кой цӕуы ӕмӕ цы зӕгъӕн ис уый тыххӕй?

11 Дзырдбаст «Хуыцауы дзырд рӕзы», зӕгъгӕ, дыккаг хатт ӕмбӕлы Куыстыты 12:24-ӕм стихы: «Хуыцауы дзырд та рӕзыд ӕмӕ хӕлиу кодта». Ацы дзырдбаст ам нысан кӕны, Хуыцауы ныхас бирӕ бӕстӕтӕм кӕй ӕнхъӕвзта, уый. Кӕд хицауад уыцы хъуыддаджы ныхмӕ уыди, уӕддӕр дарддӕрӕй-дарддӕр ӕнхъӕвзта. Хуыцауы сыгъдӕг уд фыццаг ӕрцыд Иерусалимы чи уыд, уыдоныл, ӕмӕ уырдыгӕй дзырд уайтагъд апарахат. Иерусалимы ахуыргӕнинӕгты фӕдыл кӕй зылдысты, уымӕ гӕсгӕ ныппырхытӕ сты алырӕтты, Иудейӕ ӕмӕ Самарийы. Цӕмӕ ӕркодта уый? «Чи ахӕлиу, уыдон цыдысты ӕмӕ хъусын кодтой хорз уацхъуыд» (Куыстытӕ 8:1, 4). Хуыцау Филиппы сразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕвдисӕнад радтаид, уый фӕстӕ донаргъуыд чи райста ӕмӕ цины хабар Ефиопимӕ чи ӕрхаста, уыцы адӕймагӕн (Куыстытӕ 8:26—28, 38, 39). Гыццыл рӕстӕгмӕ ӕцӕгад уидӕгтӕ ауагъта Лиддӕйы, Сароны ӕмӕ Иоппийы (Куыстытӕ 9:35, 42). Фӕстӕдӕр апостол Павел фӕцыд мингай километыртӕ денджыз ӕмӕ сур зӕххыл, ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы бӕстӕты арӕзта ног ӕмбырдтӕ. Апостол Петр та ацыд Вавилонмӕ (1 Петры 5:13). Фӕндзайӕм бон ахуыргӕнинӕгтыл Хуыцауы сыгъдӕг уд куы ӕрцыд, уымӕй 30 азы фӕстӕ Павел фыста, зӕгъгӕ, хорз уацхъуыд «хъуыстгонд ӕрцыд арвы бын ӕппӕт скӕндтытӕн», ӕвӕццӕгӕн, уӕды заманы зындгонд цы дуне уыд, уым (Колоссӕгтӕм 1:23).

12. Хуыцауы ныхас кӕй парахат кодта, ууыл чырыстон дины ныхмӕлӕуджытӕ куыд састысты?

12 Суанг чырыстон дины ныхмӕлӕуджытӕ дӕр састысты, Хуыцауы дзырд ӕгас Ромы империйы уидӕгтӕ кӕй ауагъта, ууыл. Зӕгъӕм, Куыстыты 17:6-ӕм стихы (НФ) кӕсӕм, Фессалоникӕйы, цӕгат Грецийы, ныхмӕлӕуджытӕ фырмӕстӕй куыд хъӕр кодтой: «Адон, ӕгас дунейы чи сызмӕста, ардӕм дӕр ӕрбацыдысты». Фӕстӕдӕр, дыккаг ӕнусы райдианы Кӕстӕр Плини фыста Ромы император Траянмӕ Вифинийӕ. Уый хъаст кодта чырыстон динӕй: «Йӕ зианхӕссӕг ӕндӕвдад ӕрмӕст сахартыл нӕ апарахат, фӕлӕ ма сыхаг хъӕутӕ ӕмӕ бӕстӕтӕм дӕр анхъӕвзта».

13. Хуыцауы дзырд бирӕ бӕстӕтыл кӕй апарахат, уымӕй куыд бӕлвырд кӕны, Хуыцау ӕппӕт адӕмы дӕр кӕй уарзы, уый?

13 Иегъовӕ йӕ ныхас дардыл кӕй апарахат кодта, уый дзурӕг уыд, тӕригъӕдӕй цы адӕм ӕрцыдысты ӕлхӕд, уыдоны се ’ппӕты дӕр тынг кӕй уарзта, ууыл. Муртаттаг лӕг Корнилийыл сыгъдӕг уд кӕй ӕрцыд, уый Петр куы федта, уӕд загъта: «Ӕцӕг бамбӕрстон, Хуыцау кӕй нӕ кӕсы цӕсгоммӕ, фӕлӕ алы адӕмы ӕхсӕн, Уымӕй чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, [уый] ӕхсызгон у Уымӕн» (Куыстытӕ 10:34, 35). О, хорз уацхъуыд уыди ӕмӕ у, ӕппӕт адӕм дӕр кӕй хъуамӕ фехъусой, ахӕм хабар ӕмӕ Хуыцауы дзырд кӕй парахат кӕны, уый адӕмӕн ӕппӕт бӕстӕты дӕр фадат дӕтты Хуыцауы уарзондзинадмӕ сӕ ахаст равдисынӕн. Абон, XXI ӕнусы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ зӕххы къорийыл ахӕм бынат нал баззади, Хуыцауы дзырд кӕдӕм нӕ анхъӕвзта.

Фылдӕр кодтой йӕ уӕлахиздзинӕдтӕ

14. Куыстыты 19:20-ӕм стихы цавӕр рӕзты кой цӕуы ӕмӕ Хуыцауы дзырд куыд уӕлахиз кодта?

14 Дзырдбаст, «Хуыцауы дзырд рӕзы», ӕртыккаг хатт та ӕмбӕлы Куыстыты 19:20-ӕм стихы (НФ): «Тыхджын рӕзыд ӕмӕ уӕлахиз кодта Хицауы дзырд». «Уӕлахиз кӕнынӕй» тӕлмац грекъаг дзырд нысан кӕны «фидар кӕнын». Ацы стихы размӕ мах кӕсӕм, Ефесы цӕрджытӕй бирӕтӕ уырнджытӕ кӕй систы ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕр бирӕтӕ адӕмы раз сӕ чингуытӕ кӕй басыгътой, уый тыххӕй. Афтӕ Хуыцауы дзырд фӕуӕлахиз мӕнг уырнындзинӕдтыл. Хорз уацхъуыд ма уӕлахиз кодта ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр, зӕгъӕм, фӕдылзылдыл. Ницӕмӕй йӕ уыди бауромӕн. Ӕмӕ та ногӕй уынӕм, ӕцӕг чырыстон дин абон дӕр куыд уӕлахиз кӕны, уый.

15. а) Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты тыххӕй иу историк цы загъта? ӕ) Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ ӕнтыстыты тыххӕй кӕмӕй бузныг уыдысты?

15 Фыццаг ӕнусы апостолтӕ ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ Хуыцауы дзырд хъусын кодтой зӕрдиагӕй. Библийы истори чи иртасы, иу ахӕм ахуыргонд банысан кодта: «Адӕмы сӕ Хицауы тыххӕй дзурын куы фӕнда, уӕд уымӕн ссардзысты тынг бирӕ фадӕттӕ. Уый разӕнгард кодта уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмӕ куыд хъусын кодтой, уымӕй нӕ тынгдӕр цымыдис кӕнынц сӕхӕдӕг». Фӕлӕ уӕддӕр уыцы рагон чырыстӕттӕ ӕмбӕрстой, уацамынды ӕрмӕст сӕхи хъарутӕй кӕй не сты ӕнтыстджын, уый. Уыцы хъуыддаг сын Хуыцау бахӕс кодта ӕмӕ сын йе ’ххӕст кӕнынӕн дӕр ӕххуыс кодта йӕхӕдӕг. О, Хуыцау фылдӕр кодта уырнӕг адӕмы нымӕц. Афтӕ кӕй уыд, уый ӕмбӕрста апостол Павел ӕмӕ йе ’рвысты Коринфы ӕмбырдмӕ ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Ӕз ныссагътон, Аполлос дон кодта, фӕлӕ сырӕзын кодта Хуыцау. Уымӕн ӕмӕ мах стӕм ӕмкусджытӕ Хуыцаумӕ» (1 Коринфӕгтӕм 3:6, 9).

Сыгъдӕг уды архайд

16. Ахуыргӕнинӕгтӕ сыгъдӕг уды фӕрцы кӕй дзырдтой уӕндонӕй, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

16 Ӕрхъуыды ма кӕн, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, Хуыцауы дзырды рӕзты сыгъдӕг удӕн стыр ахадындзинад кӕй уыдзӕн ӕмӕ сын хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕн сыгъдӕг уд тых кӕй дӕтдзӕн (Куыстытӕ 1:8). Куыд сӕххӕст уыцы зӕрдӕвӕрд? Фӕндзайӕм бон ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд куы ӕрцыд, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Петр ӕмӕ Иоаннмӕ фӕдзырдтой ӕвдисӕнад радтынмӕ иудейты Синедрионмӕ, йӕ рӕстӕджы тӕрхоны лӕгтӕ Йесо Чырыстийӕн мӕлӕты тӕрхон кӕм рахастой, уыцы сӕйраг тӕрхондонмӕ. Цымӕ апостолтӕ ахӕм тӕссаг бынаты, знӕгты раз фыртӕсӕй зыр-зыр кодтой? Ницы хуызы! Сыгъдӕг уд сын цы хъару радта, уый руаджы Петр ӕмӕ Иоанн афтӕ уӕндонӕй дзырдтой, ӕмӕ сӕ ныхмӕлӕуджыты дисӕн кӕрон нал уыди, уайтагъд дӕр «базыдтой, уыдон иу Йесоимӕ кӕй уыдысты», уый (Куыстытӕ 4:8, 13). Сыгъдӕг уд радта тых Стефанӕн дӕр Синедрионы раз уӕндонӕй ӕвдисӕнад радтынӕн (Куыстытӕ 6:12; 7:55, 56). Уый размӕ дӕр сыгъдӕг уд ахуыргӕнинӕгты разӕнгард кодта уӕндонӕй хъусын кӕнынмӕ. Лука фыссы: «Сӕ куывдӕй, ӕмбырд кӕм уыдысты, уыцы бынат банкъуысыд ӕмӕ сӕххӕст сты Сыгъдӕг Удӕй иуылдӕр ӕмӕ Хуыцауы ныхас дзырдтой уӕндонӕй» (Куыстытӕ 4:31).

17. Ахуыргӕнинӕгтӕн сыгъдӕг уд цавӕр хъуыддӕгты ӕххуыс кодта?

17 Хъусын кӕныны хъуыддагыл йӕ хъомысджын сыгъдӕг уды руаджы райгас уӕвӕг Йесоимӕ иумӕ къухдариуӕг кодта Иегъовӕ Хуыцау (Иоанны 14:28; 15:26). Корнилий, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕрттыл сыгъдӕг уд куы ӕрцыд, уӕд Петр бамбӕрста, ӕнӕсунӕт муртаттӕ дӕр Йесо Чырыстийы номӕй аргъуыд райсынмӕ цӕттӕ кӕй сты, уый (Куыстытӕ 10:24, 44—48). Фӕстӕдӕр Варнавӕ ӕмӕ Савл (апостол Павел) дӕр сыгъдӕг уды руаджы ӕрцыдысты миссионертӕй нысангонд, уый сын амыдта, кӕдӕм сӕ хъуыди цӕуын ӕмӕ сӕ кӕдӕм нӕ хъуыди, уый (Куыстытӕ 13:2, 4; 16:6, 7). Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Иерусалимы куы ӕрӕмбырд сты ӕмӕ куы ныхас кодтой, уӕд дӕр сын сыгъдӕг уд лӕвӕрдта разамынд (Куыстытӕ 15:23, 28, 29). Сыгъдӕг уды разамындӕй цыдысты нысангонд чырыстон ӕмбырды цӕстдарджытӕ дӕр (Куыстытӕ 20:28).

18. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ уарзондзинад куыд ӕвдыстой?

18 Уымӕй дарддӕр ма сыгъдӕг уды архайд ирдӕй зынд чырыстӕттӕн сӕхи мидӕг дӕр: ӕххуыс сын кодта Хуыцауы миниуджытыл, зӕгъӕм йӕ уарзондзинадыл ахуыр кӕнынӕн (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уарзондзинад та сӕ разӕнгард кодта кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Цӕвиттон, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ, кӕмӕ цы уыди, уый ӕрӕмбырд кодтой Иерусалимы цӕрӕг ахуыргӕнинӕгтӕн баххуыс кӕнынӕн. Библи уый тыххӕй дзуры: «Ничи уыд уыдоны ’хсӕн хъуагдзинады; уымӕн ӕмӕ иуылдӕр, кӕмӕ уыд зӕххытӕ, кӕнӕ хӕдзӕрттӕ, уӕй кӕнгӕйӕ уыдон, хас»той ауӕйгонды аргъ ӕмӕ Апостолты къӕхты раз ӕвӕрдтой; ӕмӕ алкӕмӕн дӕр лӕвӕрдтой цы хъуаг уыд, уымӕ гӕсгӕ» (Куыстытӕ 4:34, 35). Уыцы уарзондзинад ӕрмӕст се ’муырнджытӕм не ’вдыстой, фӕлӕ иннӕ адӕммӕ дӕр, хорз уацхъуыд сын кӕй хъусын кодтой ӕмӕ сын ӕндӕр хорз хъуыддӕгтӕ дӕр кӕй арӕзтой, уымӕй (Куыстытӕ 28:8, 9). Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕй хицӕн кӕндзысты удуӕлдай уарзондзинадӕй, уый (Иоанны 13:34, 35). Уӕдӕ растдӕр уыцы диссаджы миниуӕг хӕстӕг кӕны адӕмы Хуыцаумӕ ӕмӕ фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр ахъаз у Хуыцауы дзырды рӕзтӕн (Матфейы 5:14, 16).

19. а) Иегъовӕйы дзырд фыццаг ӕнусы цавӕр ӕртӕ фадыджы рӕзти? ӕ) Цы равзардзыстӕм иннӕ статьяйы?

19 Дзырдбаст «сыгъдӕг уд» Куыстыты чиныджы ӕмбӕлы 41 хатты. Уӕдӕ бӕрӕг у, ӕцӕг чырыстон дин фыццаг ӕнусы сыгъдӕг уды хъару ӕмӕ разамынды руаджы кӕй рӕзти, уый. Фылдӕрӕй-фылдӕр кодта ахуыргӕнинӕгты нымӕц, Хуыцауы дзырд хӕлиу кодта ӕгас дунейыл ӕмӕ уӕлахиз кодта, уӕды заманы цы динтӕ ӕмӕ философитӕ уыди, уыдоныл. Афтӕ парахат кӕны абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты архайд дӕр. Иннӕ статьяйы равзардзыстӕм, Хуыцауы дзырд нӕ рӕстӕджы дӕр куыд диссаджы хуызы рӕзы, уый.

Хъуыды ма кӕныс?

• Фыццаг ӕнусы ахуыргӕнинӕгты нымӕц куыд фылдӕр кодта?

• Хуыцауы дзырд алырдӕм куыд ӕнхъӕвзта?

• Хуыцауы дзырд фыццаг ӕнусы куыд уӕлахиз кодта?

• Хуыцауы дзырды рӕзты сыгъдӕг удӕн цавӕр ахадындзинад уыд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 19 фарсыл]

Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Иерусалимы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын разамынд лӕвӕрдта сыгъдӕг уд.

[Ныв 22 фарсыл]

Филипп ефиопаг евнухӕн хорз уацхъуыд кӕй фехъусын кодта, уый фӕрцы хъусын кӕныны хъуыддаг ноджы дарддӕр анхъӕвзта.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 20 фарсыл]

Уӕлейӕ рахизырдыгӕй къуымы: Reproduction of the City of Jerusalem at the time of the Second Temple-located on the grounds of the Holyland Hotel, Jerusalem