Дӕ хъус лӕмбынӕг дар Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтӕм
Дӕ хъус лӕмбынӕг дар Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтӕм
«Бирӕ сты сӕ хыгъдӕй Дӕуӕй конд диссӕгтӕ, Хицау, мӕ Хуыцау, ӕмӕ Дӕ хъуыды кӕнын мах тыххӕй. Дӕ хуызӕн ничи у» (ПСАЛОМ 39:6, МГТ).
1, 2. Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтӕ кӕцӕй зынынц ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ цӕмӕ разӕнгард кӕна?
БИБЛИЙЫ бирӕ рӕтты ис фыст, Хуыцау рагзаманты йӕ адӕм Израилӕн цы диссӕгтӕ арӕзта, уый тыххӕй (Йесо Навины 3:5; Псалом 105:7, 21, 22). Ӕмӕ кӕд Иегъовӕ абон зӕххон хъуыддӕгты уӕды хуызӕн хайад нӕ исы, уӕддӕр нӕ алыварс ис тынг бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ, диссаг хъуыддӕгтӕ кӕй аразы, уымӕн. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о, Иегъовӕ! Иууылдӕр де стыр зондӕй арӕзт сты. Зӕхх йедзаг у де сконд хъуыддӕгтӕй» (Псалом 103:24, НД; 148:1—5).
2 Сфӕлдисӕджы хъуыддӕгтӕ афтӕ ирдӕй кӕй зынынц, уый абон бирӕтӕ нӕ уынынц, Ромӕгтӕм 1:20). Фӕлӕ мах хъӕуы, стӕй нын пайда дӕр у, уыцы хъуыддӕгтӕ уынын ӕмӕ не Сфӕлдисӕджы раз цы уавӕры стӕм ӕмӕ ныл цы хӕс ис, ууыл хъуыды кӕнын. Уыцы хъуыддаджы нын стыр ӕххуыс сты Иовы чиныджы 38—41-ӕм сӕртӕ, уымӕн ӕмӕ уым Иегъовӕ ӕрсидт Иовмӕ, цӕмӕй йӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдардтаид Йӕ диссаг хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕм. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцау цы фарстытӕй спайда кодта, уыдонӕй цалдӕрмӕ.
йе та сӕ нӕ фӕнды басӕттын, кӕй сӕ уынынц, ууыл (Стыр ӕмӕ диссаг хъуыддӕгтӕ
3. Иовы 38:22, 23, 25—29-ӕм стихтӕм гӕсгӕ Хуыцау Иовы цӕмӕй бафарста?
3 Иухатт Хуыцау Иовы бафарста: «Искуы уыдтӕ, миты ӕвӕрӕнтӕ кӕм сты, уым кӕнӕ искуы федтай, бӕллӕхы рӕстӕгмӕ, хӕст ӕмӕ тохы бонмӕ цы их ӕвӕрын, уый кӕм у ӕфснайд, уыцы бынат?» Зӕххыл бирӕ рӕтты фӕуары мит ӕмӕ их. Дарддӕр Хуыцау загъта: «Чи аразы цӕуӕнтӕ сӕх къӕвдайӕн ӕмӕ фӕндаг тӕрккъӕвдайы мигътӕн, чи ӕрвиты уарын, адӕймагӕн йӕ кой дӕр кӕм нӕй, уыцы бӕстӕн, зӕххон лӕгӕн йӕ бон цӕрын кӕм нӕу, уыцы ӕдзӕрӕг быдыртӕн, цӕмӕй сыгъд бӕстӕ донӕй бафсӕда ӕмӕ йӕ сӕр цы кӕрдӕг сдардта, уый сырӕза? Цымӕ къӕвдайӕн фыд ис? Кӕнӕ чи ӕвзӕрын кӕны ӕртӕх? Ӕцӕг кӕй хуылфӕй цӕуы их, йе уӕларвон халас, чи йӕ ӕвзӕрын кӕны?» (Иов 38:22, 23, 25—29).
4—6. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаг миты тыххӕй бирӕ ницы зоны?
4 Адӕм ӕмӕ машинӕтӕ ӕмӕзмӕлд кӕм кӕнынц, ахӕм стыр горӕтты мит иуӕй-иутӕн у ӕрмӕстдӕр къуылымпыйы хос. Фӕлӕ бирӕ кӕмӕдӕрты та мит кӕсы тынг рӕсугъд, зымӕг ӕрдз йӕхи ӕнахуыр рӕсугъд сфӕлынды, ӕмӕ фадат фӕзыны, иннӕ афонты цы нӕй саразӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕн. Дӕ хорзӕхӕй, Хуыцау цы фарстытӕ радта, уыдон ма ферох кӕн ӕмӕ афтӕмӕй ахъуыды кӕн: мит, кӕнӕ йӕ хуыз цавӕр у, ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр алцы зоныс? Алчидӕр нӕ федта миты хъӕпӕн, чи йӕхи цӕстӕй, чи та нывы. Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис миты хицӕн тъыфылтӕй та? Кӕм равзӕрынц, уый зӕрдыл даргӕйӕ, зоныс, цыхуызӕн сты?
5 Иуӕй-иутӕ сӕ ахуыр кӕнынц ӕмӕ сын сӕ къамтӕ исынц дӕсгай азты дӕргъы. Миты иу тъыфылы гӕнӕн ис уа сӕдӕ гыццыл ӕмӕ рӕсугъд ихы къӕртты дӕр, стӕй уыцы къӕрттытӕ сӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ сты алы ӕмӕ алыхуызӕттӕ. Чиныг «Атмосферӕйы» дзырдӕуы: «Миты тъыфылтӕ алыхуызӕттӕ кӕй сты, уый алчидӕр зоны, ӕмӕ сӕ кӕд, ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ницавӕр ӕрдзон закъон хъыгдары, цӕмӕй дзы иу иннӕйы хуызӕн уа, уӕддӕр дыууӕ ӕмхуызон тъыфылы никуыма ничи федта... Уыцы хъуыддаджы стыр иртасӕн куыст бакодта Уилсон Бентли. Дыууиссӕдз азы дӕргъы уый микроскопӕй фӕкаст миты тъыфылтӕм ӕмӕ сын сӕ къамтӕ фӕиста, фӕлӕ дзы уӕддӕр дыууӕ хӕрзӕмхуызоны не ссардта». Ӕниу, искуы дыууӕ ӕмхуызон тъыфылы куы сӕмбӕла, уӕддӕр цымӕ афтӕ алыхуызӕттӕ кӕй сты, уый диссаг нӕу?
6 Фӕлӕ раздӕхӕм Хуыцауы фарстытӕм: «Миты ӕвӕрӕнтӕ кӕм сты, уым искуы уыдтӕ?» Мит цы мигъты сӕвзӕры, уыдон ӕцӕгдӕр ис схонӕн ӕвӕрӕнтӕ. Гӕнӕн ис, ахӕм ӕвӕрӕнмӕ бацӕуай, ӕмӕ дзы миты алыхуызон гыццыл мур тъыфылтӕ фенай ӕмӕ куыд фӕзындысты, уый сахуыр кӕнай? Ӕрдззонӕн энциклопедийы дзырдӕуы: «Абоны онг дӕр бӕрӕг нӕу, 40 градусы уазалы мигъты мидӕг доны ӕртӕхтӕ чи ныссӕлын кӕны, уыцы ихы гыццыл къӕрттытӕ куыд ӕмӕ цы хуызы фӕзынынц, уый».
7. Адӕймаг къӕвдайы тыххӕй цас бирӕ зоны?
7 Цы зӕгъӕн ис къӕвдайӕ та? Хуыцау Иовы бафарста: «Цымӕ къӕвдайӕн фыд ис? Кӕнӕ чи ӕвзӕрын кӕны ӕртӕх?» Уый тыххӕй, уӕлдӕр цы энциклопедийы кой кодтам, уым дзырдӕуы: «Атмосферӕйы уылӕнты змӕлд тынг вазыгджын кӕй у, стӕй уӕлдӕфы мидӕг уымӕлад ӕмӕ дзы цы гыццыл хӕйттӕ ис, уыдон тынг кӕй ивынц, уымӕ гӕсгӕ къухы не ’фты, мигътӕ куыд фӕзынынц ӕмӕ сӕ къӕвда куыд ӕруары, уый бӕстон бамбарын кӕнын». Иудзырдӕй, кӕд ахуыргӕндтӕм бирӕ алыхуызон теоритӕ ис, уӕддӕр сӕ
бон нӕу, къӕвда куыд фӕзыны, уый ӕххӕстӕй бамбарын кӕнын. Фӕлӕ къӕвда дарддӕр дӕр уары ӕмӕ ӕфсады зӕхх, рӕзын кӕны зайӕгхал, махӕн та дӕтты канд цӕрыны фадат нӕ, фӕлӕ ма цардӕй циндзинад исыны фадат дӕр.8. Павел Куыстыты 14:17-ӕм стихы цы ныхӕстӕ загъта, уыдон раст цӕмӕн сты?
8 Цымӕ апостол Павел цы хатдзӕгмӕ ӕрцыд, ууыл ды не сразы уыдзынӕ? Уый адӕмы разӕнгард кодта, ӕрдзы диссӕгтӕм кӕсгӕйӕ, Чи сӕ сфӕлдыста, уый уынынмӕ. «Не ’нцад ӕвдисӕн лӕууын Йӕхи тыххӕй хорз хъуыддӕгтӕй, дӕтгӕйӕ махӕн арвӕй уарынтӕ ӕмӕ дыргъджын рӕстӕджытӕ, ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕфсӕста хӕринагӕй ӕмӕ циндзинадӕй»,— загъта Павел Иегъовӕ Хуыцауӕй (Куыстытӕ 14:17; Псалом 146:8).
9. Хуыцауы диссаг хъуыддӕгты йе стыр тых куыд зыны?
9 Дызӕрдыггаг нӕу, уыцы диссаг ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ Чи аразы, уымӕ стыр зонд ӕмӕ ӕгӕрон хъару кӕй ис, уый. Зӕгъӕм, алы бон дӕр 45 мин тӕрккъӕвдайы кӕй вӕййы, азы мидӕг та — 16 милуанӕй фылдӕр, уый дзурӕг у йӕ хъаруйыл. Ацы тӕккӕ ӕгас дунейы цӕуы 2 мин тӕрккъӕвдайы. Иу тӕрккъӕвда цы мигъты ӕрӕмбырд вӕййы, уыдоны мидӕг ис, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы цы ядерон бомбӕтӕ срӕмыгътой, уыдоны цы тых уыд, уымӕй дӕс хатты кӕнӕ та ноджы фылдӕр тых. Уыцы тыхӕн йӕ иу хай мах фенӕм арвӕрттывды хуызы. Фӕлӕ уыцы тыхджын арвӕрттывдтытӕ ӕрмӕст уый тыххӕй не сты, цӕмӕй адӕймаджы тас ӕфтауой, фӕлӕ ма арв куы ферттивы, уӕд рахицӕн вӕййы азот, ӕмӕ мӕрмӕ куы ныххауы, уӕд вӕййы диссаджы хъацӕн. Уӕдӕ арвӕрттывд канд стыр хъаруйыл дзурӕг нӕу, фӕлӕ ма ӕцӕг пайда дӕр хӕссы (Псалом 103:14, 15).
Дӕу цӕмӕ разӕнгард кӕнынц?
10. Иовы 38:33—38-ӕм стихты цы фарстытӕ ис, уыдонӕн цавӕр дзуапп радтис?
10 Дӕхи ма Иовы бынаты сӕвӕр ӕмӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма Дунескӕнӕг Хуыцау дӕумӕ дӕтты фарстытӕ. Ӕвӕццӕгӕн сразы уыдзынӕ, адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтӕм сӕ хъус куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нӕ дарынц, ууыл. Иегъовӕ нӕ цӕмӕй фӕрсы, уый кӕсӕм Иовы 38:33—38-ӕм : «Ӕрвтӕ цы закъӕттӕм гӕсгӕ лӕууынц, уый зоныс, кӕнӕ уыцы закъӕттӕ зӕххыл куыд ӕндавынц, уый ды сфидар кодтай? Дӕ бон у мигътӕм фӕхъӕр кӕнын, цӕмӕй дыл сӕ дӕттӕ ӕркалой? Дӕ бон у афтӕ саразын, цӕмӕй арв ферттива, куы йын зӕгъай, уӕд дӕм цымӕ байхъусдзӕн ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Мӕнӕ дӕн!“ Чи радта зонд сывӕлдагхуыз ӕврӕгътӕн кӕнӕ ӕмбаргӕдзинад ӕрвон фӕзындтӕн? Ахӕм зондджын чи у, ӕмӕ мигъты нымӕц банымайа, кӕй бон у, уӕларвон доны мигӕнӕнтӕ афӕлдахын, рыг цъыф куы фесты ӕмӕ зӕххы къуыбӕрттӕ кӕрӕдзиуыл куы нындӕдзынц, уӕд?» стихты
11, 12. Хуыцау диссӕгтӕ Аразӕг кӕй у, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй бӕлвырд кӕны?
11 Елиуй Иовы хъус цы хъуыддӕгтӕм ӕрдарын кодта, уыдонӕй мах ӕркастыстӕм ӕрмӕстдӕр цалдӕрмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ равзӕрстам Иегъовӕ Иовмӕ цы фарстытӕ радта, уыдонӕй цалдӕр (Иов 38:3). «Цалдӕр» уый тыххӕй дзурӕм, ӕмӕ 38 ӕмӕ 39-ӕм сӕрты Хуыцау Иовӕн йе сфӕлдыстадӕй ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр диссӕгтӕм бацамыдта. Зӕгъӕм, уӕларвон стъалыбардзтӕ. Сӕ закъӕттӕ кӕнӕ сын сӕ уагӕвӕрдтӕ иууыл чи зоны? (Иов 38:31—33). Иегъовӕ Иовы ӕргом аздӕхта цӕрӕгойтӕй дӕр иуӕй-иутӕм: домбай ӕмӕ халон, дзӕбидыр ӕмӕ зебрӕ, къамбец ӕмӕ страус, тыхджын бӕх ӕмӕ цӕргӕс. Уӕвгӕ та Хуыцау фӕрсы Иовы: хорз зоны уыцы цӕрӕгойты, куыд цӕрынц, куыд цӕуӕт кӕнынц, цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уыдӕттӕ. Цӕуылнӕ ис гӕнӕн, ӕмӕ искуы уыцы сӕртӕ дӕхӕдӕг равзарай, уӕлдайдӕр та кӕд бӕх кӕнӕ ӕндӕр исты цӕрӕгой дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, уӕд (Псалом 49:10, 11).
12 Дӕ бон ма у Иовы чиныджы 40 ӕмӕ 41-ӕм сӕртӕ сахуыр кӕнын дӕр, цыран Иегъовӕ ногӕй сиды Иовмӕ, цӕмӕй йын дзуапп радта, дыууӕ ӕнахуыр цӕрӕгойы тыххӕй йӕ цы бафӕрса, уымӕн. Мах зонӕм, ӕнахуыр дынджыр ӕмӕ тыхджын гиппопотам (бегемот) ӕмӕ тасӕфтауӕг Нилы крокодилыл (левиафаныл) кӕй цӕуы дзырд, уый. Сӕ дыууӕ дӕр сты Хуыцауы сконд диссӕгтӕ, ӕмӕ хорз уаид нӕ хъус сӕм куы ӕрдариккам. Ныр та ахъуыды кӕнӕм, цы базыдтам, уымӕй цавӕр хатдзӕг хъуамӕ скӕнӕм, ууыл.
13. Хуыцау Иовмӕ цы фарстытӕ радта, уыдон ыл куыд бандӕвтой ӕмӕ махыл та куыд хъуамӕ ӕндавой?
13 Иовы чиныджы 42-ӕм сӕры кӕсӕм, Хуыцау Иовы раз цы фарстытӕ ӕрӕвӕрдта, уыдон ыл куыд бандӕвтой, уый тыххӕй. Раздӕр Иов ӕгӕр стыр нысаниуӕг лӕвӕрдта йӕхицӕн ӕмӕ йӕ алыварс цӕрӕг адӕмӕн. Фӕлӕ Хуыцауы фарстыты руаджы Иов йӕ зондахаст фӕивта. Уый загъта: «Ныр зонын, ӕппӕтдӕр кӕй у [Иегъовӕ] дӕ бон ӕмӕ цыфӕнды ма сфӕнд кӕнай, уӕддӕр дӕ къухы бафты. „Уынаффӕ йе ’нӕсӕрфат ныхӕстӕй чи зыгъуыммӕ кӕны, уый чи у?“ Афтӕ, ӕз дзырдтон, кӕй не ’мбарын, мӕнмӕ диссаг чи кӕсы, мӕ зонд кӕй нӕ ахсы, уыцы хъуыддӕгтыл» (Иов 42:2, 3). О, Иов Хуыцауы хъуыддӕгтӕм йӕ хъус лӕмбынӕг куы ӕрдардта, уӕд загъта, уыцы хъуыддӕгтӕ йӕм диссаг кӕй кастысты, уый. Сфӕлдыстады диссӕгтӕм кӕсгӕйӕ, махыл дӕр хъуамӕ Хуыцауы зонд ӕмӕ хъару уымӕй къаддӕр ма бандава. Уӕдӕ цас тынг? Ӕрмӕстдӕр ныл афтӕ хъуамӕ бандава, ӕмӕ уыцы стыр тых ӕмӕ хъомысы раз зыр-зыр кӕнӕм? Ӕви ма нӕ ӕндӕр цӕмӕдӕр хъуамӕ сразӕнгард кӕна?
14. Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтӕ Давидыл куыд ӕндӕвтой?
14 85-ӕм псалмы дӕр ис, Давид уымӕй размӕ ӕндӕр псалмы кӕй загъта, ахӕм хъуыды: «Ӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад, ӕмӕ Йӕ къухты хъуыддӕгты тыххӕй дзуры арв. Бон бонӕн дӕтты ныхас, ӕхсӕв ӕхсӕвӕн ӕргом кӕны зонынад» (Псалом 18:2, 3). Фӕлӕ ма Давид загъта ноджы арфдӕр хъуыды. Псаломы 85:10, 11-ӕм стихты (МГТ) кӕсӕм: «Ды стыр дӕ ӕмӕ кӕныс диссӕгтӕ; Ды иунӕг Хуыцау дӕ! Фенын кӕн мӕнӕн, Хуыцау, Дӕ фӕндаг ӕмӕ ӕз цӕудзынӕн Дӕ ӕцӕгадыл; баныхас мӕ зӕрдӕ Дӕ номӕй тасыл». Диссаг хъуыддӕгтӕ Чи аразы, уый раз Давид цы тас ӕвзӕрста, уый дзурӕг уыд, Хуыцауӕй кӕй аргъуыц кодта ӕмӕ йын ӕмбӕлон цыт кӕй кодта, ууыл. О, Давиды нӕ фӕндыд, ахӕм диссӕгтӕ кӕнын кӕй бон у, Уый фӕхъыг кӕнын. Уыцы ӕнкъарӕн хъуамӕ уа махмӕ дӕр.
15. Давид Хуыцауы раз цы тас ӕнкъардта, уый ӕмбӕлон цӕмӕн уыди?
15 Давид ма ӕмбӕрста ноджыдӕр иу хъуыддаг: иугӕр Хуыцау ахӕм стыр тыхы хицау у, уӕд дзы йӕ бон спайда кӕнын у, бафхӕрын кӕй хъӕуы, уыдоны ныхмӕ. Уыдонӕн уый хорзӕй ницы ӕрхӕсдзӕн. Хуыцау бафарста Иовы: «Искуы уыдтӕ, миты ӕвӕрӕнтӕ кӕм сты, уым кӕнӕ искуы федтай, бӕллӕхы рӕстӕгмӕ, хӕст ӕмӕ тохы бонмӕ цы их ӕвӕрын, уый кӕм у ӕфснайд, уыцы бынат?» Мит, их, уад, дымгӕ ӕмӕ арвӕрттывд Хуыцауы къухы сты хӕцӕнгӕрзты Иов 38:22, 23).
хуызӕн. Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн, цӕйас тых ис сӕ мидӕг! (16, 17. Хуыцау стыр тыхы хицау кӕй у, уымӕн цавӕр цаутӕ сты бӕлвырдгӕнӕн ӕмӕ уыцы тых ивгъуыд заманы куыд равдыста?
16 Ӕрхъуыды кӕн, кӕм цӕрыс, уым ахӕм ӕрдзон фӕзындты фыдӕй цы бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уыдонӕй искӕцы: зӕгъӕм тыхджын дымгӕ, уадтымыгъ, зӕй, их кӕнӕ донивылд. Зӕгъӕм, 2000-ӕм азы райдианы Европӕйы хуссар-ныгуылӕн фарс ахӕм тыхджын уадтымыгътӕ сыстадысты, ӕмӕ уыцы фадыджы дӕсны специалисттӕ дӕр нӕ уыдысты уый ӕнхъӕл. Сахаты мидӕг 200 километры тагъдадӕй цы дымгӕ сыстад, уый ахаста мингай хӕдзӕртты сӕртӕ, афӕлдӕхта, электрон ток кӕм цӕуы, ахӕм телты стыр цӕджындзтӕ ӕмӕ уӕзласӕн машинӕтӕ. Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн: уыцы дымгӕ кӕм ӕд бындзар, кӕм та ӕнӕуи, афӕлдӕхта 270 милуан бӕласы, уыдонӕй 10 мины бӕласы, Парижы цур цы фӕлладуадзӕн бынат ис, уым, Версалы парчы. Милуангай хӕдзӕрттӕ баззадысты ӕнӕ рухсӕй. Сӕдӕ адӕймаджы бӕрц та дзы мӕлгӕ акодтой. Утӕппӕт бӕллӕхтӕ ӕрцыдысты хӕрз цыбыр рӕстӕгмӕ. Гъе уый дын дзы тых!
17 Ахӕм фӕзындтӕ адӕм хонынц ӕрдзон фыдбылызтӕ, ӕнамонд цаутӕ, адӕймаджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм фыдбӕллӕхтӕ. Уӕд ма ахъуыды кӕн, диссаджы хъуыддӕгтӕ Аразӕг уыцы ӕрдзон тыхтӕй бӕрӕг нысанӕн куы спайда кӕнид, уӕд та цы уаид? Ахӕм цыдӕр уый сарӕзта, кӕддӕр Авраам куы цард, уӕд. Авраам базыдта, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг кӕй сбарста, Содом ӕмӕ Гоморры фыддзинад куыд стыр уыд, уый. Уыцы сахарты цӕрджытӕ афтӕ хӕлд уыдысты, ӕмӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕй рӕстуд адӕмы дзыназын хъуысти Хуыцаумӕ. Уымӕ гӕсгӕ бацархайдта, цӕмӕй уыцы тӕрхонгонд сахартӕй рӕстгӕнджытӕ алыгъдаиккой. Истори нын хъусын кӕны: «Уӕд Иегъовӕ уыцы сахартыл ныккалдта сондон ӕмӕ зынг Иегъовӕйӕ, уӕларвӕй». Уыцы диссаг саразгӕйӕ, Хуыцау фервӕзын кодта рӕстгӕнджыты, ӕппындӕр кӕмӕ ницыуал хъардта, уыцы фыдгӕнджыты та ныццагъта (Уӕвынад 19:24).
18. Исайы чиныджы 25-ӕм сӕры цавӕр диссаг хъуыддӕгты кой цӕуы?
18 Фӕстӕдӕр ма Хуыцау стӕрхон кодта рагон сахар Вавилоныл дӕр, ӕвӕццӕгӕн уый кой цӕуы Исайы чиныджы 25-ӕм сӕры. Хуыцау развӕлгъау загъта, зӕгъгӕ, Вавилонӕй хӕлддзӕгтӕй дарддӕр ницыуал баззайдзӕн: «Ды фестын кодтай сахар дурты цӕнд, фидар сахар — хӕлддзӕгтӕ; ӕцӕгӕлӕтты гӕнах сахар нал у ӕмӕ йӕ ничиуал сараздзӕн ӕнустӕм» (Исай 25:2). Кӕддӕр Вавилоны сахар кӕм уыд, уыцы бынат абон чи фена, уый зӕгъдзӕн, ацы ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр кӕй сӕххӕст сты. Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Вавилон йӕхигъӕдӕй фесӕфт? Ницы хуызы. Мах разы стӕм, Исай цы хатдзӕг скодта, ууыл: «О Иегъовӕ, ды дӕ мӕ Хуыцау. Ӕз дӕ стауын, кадджын дын кӕнын дӕ ном, уымӕн ӕмӕ ды аразыс диссаджы хъуыддӕгтӕ, цы сфӕнд кодтай суанг рагзамантӕй, уыдон дын сты раст, ӕууӕнчы аккаг» (Исай 25:1).
Диссаг хъуыддӕгтӕ фидӕны
19, 20. Исайы 25:6—8-ӕм стихтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты?
19 Уӕлдӕр цы пехуымпарадыл цыди дзырд, уый Хуыцау раджы сӕххӕст кодта, фӕлӕ ма диссаг хъуыддаг сараздзӕн фидӕны дӕр. Исай «диссаг хъуыддӕгты» кой кӕм кӕны, уым ма ис фидӕны чи хъуамӕ сӕххӕст уа, ахӕм пехуымпарад дӕр, ӕмӕ уый дӕр сӕххӕст уыдзӕн, Вавилонӕн цы тӕрхон рахаста, уый куыд сӕххӕст, афтӕ. Цымӕ уыцы пехуымпарады цавӕр диссаджы хъуыддагыл цӕуы дзырд? Исайы 25:6-ӕм стихы кӕсӕм: «Ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ ацы хохыл ӕппӕт адӕмтӕн дӕр сараздзӕн куывд ӕмӕ дзы уыдзӕн дзаджджын хӕринӕгтӕ, бадт сӕн, дзаджджын хӕринӕгтӕ стӕджы магъзимӕ, уыдзӕн дзы сыгъдӕг сӕн».
20 Ацы пехуымпарад ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, Хуыцау нын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ нӕ тӕккӕ къӕсӕрыл чи ис, уыцы ног дунейы. Уӕд сӕ кой дӕр нал уыдзӕн, абон Исайы 25:7, 8-ӕм стихты пехуымпарадмӕ гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Хуыцау йӕ сфӕлдыстадон тыхӕй кӕй спайда кӕндзӕн иууыл стырдӕр диссаг саразынӕн: «Уый мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн ӕмӕ Иунӕг Кадджын Хуыцау Иегъовӕ ныссӕрфдзӕн цӕссыгтӕ се ’ппӕт цӕсгӕмттӕй дӕр. Ӕмӕ ӕгас зӕххыл йӕ адӕмӕй худинаджы къӕм сисдзӕн, уымӕн ӕмӕ уый Иегъовӕ йӕхӕдӕг загъта». Фӕстӕдӕр ацы ныхӕстӕ апостол Павел ӕрхаста, Хуыцау мӕрдты фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн, кӕй сӕ райгас кӕндзӕн, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнӕн. Цӕй диссаг хъуыддаг уыдзӕн уый! (1 Коринфӕгтӕм 15:51—54).
афтӕ бирӕ адӕм цы зындзинӕдтӕй тыхсынц, уыдонӕн.21. Ныртӕккӕ мард чи у, уыдонӕн Хуыцау цавӕр диссаг хъуыддӕгтӕ сараздзӕн?
21 Масты цӕссыгтӕ ма уый тыххӕй дӕр фесӕфдзысты, ӕмӕ адӕм низ нал зондзысты. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд дзӕбӕх кодта бирӕты — куырмыты, къуырматы, цӕнкуылты. Иоанны 5:5—9-ӕм стихты кӕсӕм, 38 азы дӕргъы уатон рынчын чи уыд, ахӕм адӕймаджы кӕй сдзӕбӕх кодта. Уыцы хабар йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон ӕй нымадтой диссагыл, кӕнӕ диссаг хъуыддагыл. Ӕмӕ ахӕм уыди ӕцӕгдӕр! О, фӕлӕ ма Йесо дзырдта уымӕй диссагдӕр хъуыддаг кӕй ӕрцӕудзӕн, ома мӕрдты кӕй ӕгас кӕндзӕн, ууыл: «Дис ма кӕнут ууыл: уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг ӕмӕ ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты хӕрзгӕнджытӕ царды райгасӕн» (Иоанны 5:28, 29).
22. Мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн цавӕр ныфс ис?
22 Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый мисхал дӕр дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй Иегъовӕ йӕхӕдӕг бавӕрдта зӕрдӕ. Нӕ бон у, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Хуыцау архайын куы райдайа, уӕд йӕ царддӕттӕг тых адӕмӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн стыр арфӕдзинӕдтӕ. 71-ӕм псалмы дзырд цӕуы, йӕ Фырт-Паддзахы уылты цы сараздзӕн, уый тыххӕй. Рӕстгӕнджытӕ сӕ риуы дзаг сулӕфдзысты. Зӕххыл фарн уыдзӕн парахат. Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд чи уыд, уыдоны. Мӕнӕ йӕ зӕрдӕвӕрд: «Уыдзӕн хъӕздыг хорӕрзад зӕххыл, хӕхты сӕр; йӕ дыргътӕ фӕйлаудзысты, куыд Ливаны хъӕд, ӕмӕ йӕ сахарты адӕм сбирӕ уыдзысты, куыд кӕрдӕг зӕххыл» (Псалом 71:16).
23. Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтӕ нӕ хъуамӕ цӕмӕ разӕнгард кӕной?
23 Уӕвгӕ, цас ӕмӕ нын цас аххосӕгтӕ ис, Хуыцау ивгъуыд заманты дӕр цы диссаг хъуыддӕгтӕ сарӕзта, абон цы аразы, ӕмӕ сомбон цы сараздзӕн, уыдонмӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарынӕн. «Арфӕгонд у Хицау Хуыцау, Израилы Хуыцау, иунӕг диссӕгтӕ кӕнӕг! Ӕмӕ арфӕгонд йӕ кады ном ӕнустӕм ӕмӕ байдзаг уыдзӕн Йӕ кадӕй. Аминь ӕмӕ аминь» (Псалом 71:18, 19). Ууыл хъуамӕ зӕрдиагӕй ныхас кӕнӕм хиуӕттимӕ дӕр ӕмӕ ӕцӕгӕлӕттимӕ дӕр. О, «хъусын кӕнӕм Йӕ кад адӕмты ’хсӕн, ӕппӕт адӕмыхӕттыты ӕхсӕн Йӕ диссӕгтӕ!» (Псалом 77:3, 4; 95:3, 4).
Куыд бамбарын кӕнис?
• Адӕймаг куыд гыццыл зоны, уый Иовмӕ цы фарстытӕ ӕрцыд лӕвӕрд, уыдон куыд ӕвдисынц?
• Иовы чиныджы 37—41-ӕм сӕрты цы диссаг хъуыддӕгты кой цӕуы, уыдонӕй дыл тынгдӕр кӕцытӕ бандӕвтой?
• Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркастыстӕм, уый нӕ хъуамӕ цӕмӕ разӕнгард кӕна?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 10 фарсыл]
Миты тъыфылтӕ куыд алыхуызон сты ӕмӕ арвӕрттывды цы тых ис, уый дӕ цавӕр хатдзӕг скӕнынмӕ разӕнгард кӕны?
[Барлӕвӕрдӕй]
snowcrystals.net
[Нывтӕ 13 фарсыл]
Цӕй ӕмӕ ӕдзухдӕр дзурӕм Хуыцауы диссаг хъуыддӕгты тыххӕй.