Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕн Иегъовӕйӕн

Зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕн Иегъовӕйӕн

Зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕн Иегъовӕйӕн

«Цин кӕнут ӕдзухдӕр Хицауы мидӕг; ӕмӕ ноджыдӕр зӕгъын: цин кӕнут» (ФИЛИППӔГТӔМ 4:4).

1, 2. Иу ӕфсымӕрӕн йӕ бинонтимӕ кӕд сӕ исбонӕй ницыуал баззад, уӕддӕр сӕ бон цӕй фӕрцы уыд цин кӕнын?

ДЖЕЙМС, Серра-Леоны цӕрӕг, 70-аздзыд чырыстон, йӕ цӕрӕнбонты иууылдӕр кодта уӕззау куыст. Ахъуыды ма кӕн, хуымӕтӕг цыппаруатон хӕдзар балхӕныны фаг ӕхца куы ӕрӕмбырд кодта, уӕд куыд цин кодтаид! Фӕлӕ Джеймс ӕдбинонтӕ ног хӕдзармӕ куы балыгъд, уымӕй цасдӕры фӕстӕ сӕ бӕстӕйы ӕмбӕстагон хӕст ныггуыпп кодта ӕмӕ сын сӕ хӕдзар арты хай бакодтой. Кӕд ӕнӕхӕдзарӕй баззадысты, уӕддӕр сӕхимӕ нӕ ныхъхъуыстой. Цӕуылнӕ?

2 Джеймс ӕмӕ йӕ бинонтӕ хъуыды кодтой, цы фесӕфтой, ууыл нӕ, фӕлӕ ма сын цы баззад, ууыл. «Суанг уыцы тӕссаг рӕстӕг дӕр фембӕлдтӕ никуы фӕцух кодтам, кастыстӕм Библи, иумӕ куывтам ӕмӕ нӕм цы гыццыл цыдӕртӕ уыд, уыдон иннӕтимӕ дих кодтам. Сӕйраджыдӕр нын Иегъовӕимӕ цы диссаджы ахастытӕ ис, уыдоныл кӕй хъуыды кодтам, уый фӕрцы нӕ банымӕг нӕ зӕрдӕты нӕ циндзинад»,— бамбарын кодта Джеймс. Уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕн царды цы хорздзинӕдтӕ уыд, уыдон — сӕйраджыдӕр та Иегъовӕимӕ сӕ сӕрмагонд ахастытӕ — сӕ зӕрдыл кӕй дардтой, уый фӕрцы сӕ бон уыди «цин кӕнын» (2 Коринфӕгтӕм 13:11). Ай-гъай дӕр, ахӕм ныфссӕттӕг уавӕрты фидар лӕууын ӕнцон нӕ уыди. Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕйы циндзинадӕй сӕхи ӕнӕхай нӕ фӕкодтой.

3. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ цы уавӕрты цин кодтой?

3 Ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ дӕр. Фӕлӕ апостол Павел дзуттаг чырыстӕттӕм фыста: «[Сымах] уӕ исбон байстыл дӕр цин кодтат». Цӕуыл цин кодтой, уый Павел афтӕ бамбарын кодта: «Зонгӕйӕ... кӕй [уын] ис хуыздӕр ӕмӕ ӕнӕивгъуыйгӕ исбон» (Дзуттытӕм 10:34). Ӕцӕгдӕр, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн уыдис диссаджы ныфс. Уыдон фидарӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, адавӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм цыдӕр — Хуыцауы уӕларвон Паддзахады ӕнӕкӕрон «царды кады худ» — райсынмӕ (Раргомад 2:10). Абон махӕн дӕр нӕ чырыстон ныфс (кӕмӕн уӕларвон, кӕмӕн та — зӕххон) рухс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕ, суанг стыр бӕллӕхты куы бахауӕм, уӕд дӕр.

«Ныфсыл цин кӕнут»

4, 5. а) Павел Ромы чырыстӕтты сӕ «ныфсыл цин кӕнынмӕ» кӕй сразӕнгард кодта, уый йӕ тӕккӕ афоныл цӕмӕн уыди? ӕ) Чырыстӕттӕ сӕ ныфс цӕй аххосӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ ферох кӕной?

4 Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕтты разӕнгард кодта ӕнусон царды «ныфсыл цин кӕнынмӕ» (Ромӕгтӕм 12:12, НД). Ромы чырыстӕтты ахӕм амынд тынг ӕхсызгонӕй хъуыди. Павел сӕм куы ныффыста, уӕдӕй дӕс азы дӕр нӕ рацыд, афтӕ сӕ карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой, император Нероны къухӕй дзы иуӕй-иутӕ та суанг фыдмард дӕр ӕрцыдысты. Дызӕрдыггаг нӕу, Хуыцау сын зӕрдӕ цы «царды кады худӕй» бавӕрдта, уый сын кӕй ратдзӕн, уый сӕ афтӕ фидарӕй уырныдта, ӕмӕ сын хъару лӕвӕрдта сӕ фыдӕвзарӕнты. Абон махӕй та цы зӕгъӕн ис?

5 Чырыстийы фӕдыл кӕй цӕуӕм, уый тыххӕй мах дӕр ӕфхӕрд ӕййафӕм (2 Тимофеймӕ 3:12). Уымӕй дарддӕр нӕ кӕд ӕмӕ кӕуыл цы ӕрцӕудзӕн, уый ничи зоны (Екклесиаст 9:11). Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕвирхъау бӕллӕхы фесӕфы нӕ уарзон адӕймаг. Ӕгъатыр низ байсы нӕ ныййарӕг кӕнӕ не ’ввахс хӕлары цард. Ӕмӕ ахӕм фыдӕвзарӕнты Паддзахы ныфсыл фидарӕй куы нӕ ӕууӕндӕм, уӕд тӕссаг у, нӕ уырнындзинад куы фӕцуда, уымӕй. Уӕдӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ йӕхимӕ куы радтид ахӕм фарстытӕ: цы ныфс мын ис, ууыл цин кӕнын? Фӕхъуыды йыл кӕнын? Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый мӕ ӕцӕгӕй уырны? Ног дунейы цыма дӕн, уый мӕ цӕстытыл фӕуайы? Ӕцӕгад куы базыдтон, уӕд ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ куыд ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн, ныр дӕр ӕм афтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын? Уӕлдай хъуыдыйаг нын у ацы фӕстаг фарст. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ кӕд не ’нӕниздзинадӕй нӕ хъаст кӕнӕм, царды цух ницӕмӕй стӕм, кӕнӕ хӕст кӕм нӕ цӕуы, адӕм ӕххормаг кӕм не ’ййафынц ӕмӕ ӕрдзы бӕллӕхтӕ арӕх кӕм нӕ вӕййы, ахӕм бӕстӕйы цӕрӕм, уӕд тӕссаг у, Хуыцауы ног дуне ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕрцӕуа, уый куы нал хатӕм, уымӕй.

6. а) Павел ӕмӕ Силӕ куы хъизӕмар кодтой, уӕд, фыццаджыдӕр, цӕуыл хъуыды кодтой? ӕ) Павел ӕмӕ Силӕйы дӕнцӕг абон мах куыд фидар кӕны?

6 Дарддӕр ромӕгтӕн Павел бауынаффӕ кодта, «фыдӕвзарӕнты фидар лӕуут», зӕгъгӕ (Ромӕгтӕм 12:12, НД). Павел йӕхӕдӕг дӕр цух нӕ уыд хъыгдзинӕдтӕй. Иухатт ын цӕстылуайӕны иу лӕг загъта, зӕгъгӕ, «ӕрцу Македонимӕ» ӕмӕ адӕмӕн Иегъовӕйы тыххӕй базонынӕн баххуыс кӕн (Куыстытӕ 16:9). Уыйадыл Павел йемӕ акодта Лука, Силӕ ӕмӕ Тимофейы, ӕмӕ ацыд Европӕмӕ. Цы ӕнхъӕлмӕ каст уыцы зынгзӕрдӕ миссионертӕм? Фыдӕвзарӕнтӕ! Павел ӕмӕ Силӕ Македонийы сахар Филиппы цӕрджытӕн хорз уацхъуыд куы фехъусын кодтой, уый фӕстӕ сӕ ехсӕй фӕнадтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны ныппӕрстой. Уӕдӕ Филиппы цӕрджытӕй иуӕй-иутӕ ӕрмӕст уазал цӕстӕй нӕ кастысты Паддзахады уацхъуыдмӕ, уыдон ӕппӕт тыхтӕй архайдтой йӕ ныхмӕ. Хъуыддӕгтӕ афтӕ кӕй фӕзылдысты, уый цымӕ уыцы зынгзӕрдӕ миссионертӕн сӕ ныфс асаста? Ницы хуызы. Куы сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны куы ныппӕрстой, уый фӕстӕ «ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ, кувгӕйӕ, Хуыцауӕн кады зарӕг кодтой» (Куыстытӕ 16:25, 26). Раст у, Павел ӕмӕ Силӕйӕн уыцы над цы рыстытӕ бавзарын кодта, уым, бӕлвырдӕй, цингӕнинагӕй ницы уыди, фӕлӕ дыууӕ миссионеры ууыл нӕ хъуыды кодтой. Сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты Иегъовӕйыл ӕмӕ сын куыд арфӕ кодта, ууыл. Уӕдӕ «хъыгдзинады... фӕразон» ӕмӕ зӕрдӕрухс кӕй уыдысты, уымӕй куыд Филиппы, афтӕ ӕндӕр рӕтты цӕрӕг ӕфсымӕртӕн дӕр Павел ӕмӕ Силӕ уыдысты хорз дӕнцӕг.

7. Иегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ын бузныг цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм?

7 «Ӕппынӕдзух кувут», зӕгъгӕ, фыста дарддӕр Павел (Ромӕгтӕм 12:12, НД). Тыхст уавӕры куы бахауыс, уӕд Иегъовӕмӕ фӕкувыс? Цӕй тыххӕй фӕкувыс? Ӕвӕццӕгӕн, уыцы тӕккӕ дӕ мӕт цӕуыл у, уый тыххӕй дзы фӕкурыс ӕххуыс. Фӕлӕ ма уыцы рӕстӕджы хорз уаид бузныг зӕгъын дӕр, цы хорздзинӕдтӕй дӕ хайджын, уыдоны тыххӕй. Алыхуызон зындзинӕдтӕ ныл куы ӕртыхсынц, уӕд нын Иегъовӕ хорзӕй цы радта, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн нӕ «ныфсыл цин кӕнынӕн». Давид, кӕд царды бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уӕддӕр фыста: «Бирӕ сты сӕ хыгъдӕй Дӕуӕй конд диссӕгтӕ, Хицау, мӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ хъуыды кӕнын мах тыххӕй. Дӕ хуызӕн ничи у. Фӕндид мӕ дзурын ӕмӕ амонын: фӕлӕ уыдон сӕ хыгъдӕй фылдӕр сты» (Псалом 39:6, МГТ). Давидау мах дӕр Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтыл арӕх куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ ма райа.

Кӕддӕриддӕр дын уӕд хорз зӕрдӕйы уаг

8. Чырыстонӕн кӕд йӕ ныхмӕ фӕцӕуынц, уӕддӕр амондджын цӕй фӕрцы вӕййы?

8 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кодта, цӕмӕй алыхуызон фӕлварӕнты сӕ хорз зӕрдӕйы уаг ма фесафой. «Тӕхудиаг стут сымах, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ сурой, ӕмӕ ӕнаххосӕй уӕ фыдкой куы кӕной Мӕн тыххӕй»,— загъта уый (Матфейы 5:11). Цы ис ахӕм уавӕрты тӕхудиагӕй? Ныхмӕлӕуджыты раз нӕ бон фидар лӕууын кӕй у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕйы тыхӕй хайджын стӕм. Апостол Петр йӕ дуджы цӕрӕг чырыстӕттӕн загъта: «Кӕд уӕ Чырыстийы номы тыххӕй фауынц, уӕд сымах стут тӕхудиаг, уымӕн ӕмӕ кады Уд, Хуыцауы Уд ис сымахыл» (1 Петры 4:13, 14). Йӕ сыгъдӕг уды уылты Иегъовӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн кӕронмӕ бафӕразынӕн, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнынӕн дӕр.

9. Ӕфсымӕртӕ сӕ уырнындзинады сӕраппонд ахӕстоны куы бадтысты, уӕд сын циндзинад цы хаста?

9 Цыфӕнды тӕссаг уавӕры дӕр ссарӕн ис, цӕуыл цин кӕнӕм, уый. Иу чырыстон, Адольф, зӕгъгӕ, уый бавзӕрста йӕхиуыл. Адольф цӕры, бирӕ азты дӕргъы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар кӕм нӕ уыди, ахӕм бӕстӕйы. Адольф ӕмӕ йе ’мбӕлттӕй цалдӕры ӕрцахстой ӕмӕ сын стыр ӕмгъуыдмӕ ахӕстоны фӕбадыны тӕрхон рахастой. Ахсгӕ та сӕ ӕркодтой, Библийӕ цӕуыл ӕууӕндыдысты, ууыл ӕвдисӕн кӕй нӕ бакодтой, уый тыххӕй. Ахӕстоны цард ӕнцон кӕм уыдаид, фӕлӕ Павел ӕмӕ Силӕйау Адольф ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр ссардтой, Хуыцауӕй бузныг цӕй тыххӕй уыдаиккой, уый. Сӕхӕдӕг куыд дзурынц, афтӕмӕй ахӕстоны цытӕ бавзӕрстой, уый фӕрцы тынг фӕфидар сӕ уырнындзинад ӕмӕ сахуыр сты ахӕм чырыстон миниуджытыл, куыд рӕдаудзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ ӕфсымӕртӕм уарзондзинад. Зӕгъӕм, хӕдзарӕй-иу сӕ исчи исты куы райста, уӕд-иу сӕ йе ’муырнджытыл ӕмхуызонӕй байуӕрста; уыцы ӕнӕнхъӕлӕджы лӕвӕрттӕй уыдон та фыццаджыдӕр бузныг уыдысты Иегъовӕйӕ, «алкӕцы хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвар» дӕр ӕппынфӕстаг Кӕмӕй цӕуы, уымӕй. Ахӕм гыццыл хъуыддӕгтӕ циндзинад хастой, чи лӕвӕрдта уымӕн дӕр ӕмӕ сӕ кӕимӕ дих кодта, уыдонӕн дӕр. Уӕдӕ сӕ кӕд ахӕстоны уый тыххӕй ныппӕрстой, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад басастаиккой, уӕддӕр сын уымӕй сӕ уырнындзинад нӕ басастой, фӕлӕ сын ӕй ноджы фӕфидардӕр кодтой (Иаковы 1:17; Куыстытӕ 20:35).

10, 11. Иу хо йӕхи куыд дардта, ахӕстоны йӕ бирӕ хӕттыты куы къахтой, уӕд?

10 Эллӕ дӕр цӕры, Паддзахадимӕ баст хъуыддӕгтӕн бирӕ азты дӕргъы бар кӕм нӕ уыд, ахӕм бӕстӕйы. Йӕ чырыстон ныфсы тыххӕй иннӕтӕн кӕй дзырдта, уый тыххӕй йӕ ӕрцахстой. Аст мӕйы дӕргъы йын ӕвзӕрстой йӕ хъуыддаг, ӕмӕ йӕ алыхуызон фарстыты руаджы къахтой. Ӕппынфӕстаг ын тӕрхон рахастой, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр кӕм нӕ уыд, ахӕм ахӕстоны дӕс азы фӕбадын. Уӕд Эллӕйыл 24 азы йедтӕмӕ нӕ цыди.

11 Йе ’взонджы бонтӕн ӕй сӕ фылдӕр ахӕстоны арвитын кӕй бахъӕудзӕн, уый, ай-гъайдӕр, хорз нӕ каст Эллӕмӕ. Фӕлӕ йӕ уавӕр фӕивын йӕ бон кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодта йӕ ахаст фӕивын. Уыйадыл ын ахӕстон сси, йӕ уырнындзинады тыххӕй кӕм хъуамӕ хъусын кодтаид, ахӕм бынат. «Ӕдзухдӕр хъусын кӕй кодтон,— дзуры Эллӕ,— уымӕ гӕсгӕ азтӕ куыд аивгъуыдтой, уый хатгӕ дӕр нӕ фӕкодтон». Фондз азӕй фылдӕр рацыд, афтӕ та йӕ ногӕй бӕстон ӕрфарстой. Слестгӕнджытӕ уый куы бамбӕрстой, ӕмӕ йын ахӕстоны фыдӕвзарӕнтӕ йӕ уырнындзинад нӕ басастой, уӕд ын загътой: «Нӕ бон нӕу, цӕмӕй дӕ ауадзӕм; ӕппындӕр дӕм ницы бахъардта, куыд уыдтӕ, афтӕмӕй баззадтӕ!» «Нӕ, ӕз фӕивтон! — фидарӕй сын загъта Эллӕ.— Ахӕстонмӕ куы ӕрбацыдтӕн, уымӕй мын ныр бирӕ хуыздӕр зӕрдӕйы уаг ис, мӕ уырнындзинад дӕр ныр у бирӕ фидардӕр!» Дарддӕр ма уый загъта: «Кӕд уӕ мӕ ауадзын нӕ фӕнды, уӕддӕр ӕз фидар лӕудзынӕн мӕ уырнындзинады, цалынмӕ мӕ Иегъовӕ не ссӕрибар кӕна, уӕдмӕ». Фондз аз ӕмӕ ӕрдӕг ахӕстоны кӕй фӕци, уый йын йӕ зӕрдӕйы циндзинад нӕ амардта! Эллӕ сахуыр, цыфӕнды уавӕрты дӕр райгонд уӕвыныл. Йӕ дӕнцӕг дӕ истӕуыл ахуыр кӕны? (Дзуттытӕм 13:5).

12. Тыхст уавӕрты чырыстонӕн сабырдзинад цы ратдзӕн?

12 Эллӕйӕн йӕ бон ахӕм фӕлварӕнты сӕрты ахизын кӕй баци, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ цавӕрдӕр уӕлӕрдзон хъаруйӕ уыди хайджын. Цалынмӕ йын тӕрхон нӕ рахастой, уӕдмӕ йӕхи куыд хатыди, уый тыххӕй Эллӕ басаст: «Хъуыды ма кӕнын, фыртӕсӕй мӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл куыд хоста ӕмӕ гыццыл тарст цъиуау мӕ зыр-зыр куыд цыди, уый». Фӕлӕ Эллӕйӕн йӕ уырнындзинад фидар уыд. Сахуыр йӕ ныфс алыхатт дӕр Иегъовӕйыл ӕвӕрын (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:5—7). Уый фӕрцы йӕм Хуыцау йеныр бирӕ ӕввахсдӕр у. «Кӕм-иу мӕ фарстой, уыцы хатӕнмӕ-иу куы бахызтӕн, уӕд-иу алыхатт дӕр мӕхӕдӕг ӕнхъӕл куыд нӕ уыдтӕн, афтӕ сабыр мӕхи хатыдтӕн... Цас тӕссагдӕр-иу уыди уавӕр, уыйас-иу уыдтӕн сабырдӕр»,— загъта Эллӕ. Иегъовӕ йын лӕвӕрдта ахӕм сабырдзинад. «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ ӕдзухдӕр куывды мидӕг ӕмӕ курдиаты, арфӕ кӕнгӕйӕ ӕргом кӕнут уӕ фӕндондзинӕдтӕ Хуыцауы раз,— ӕмӕ Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы мидӕг»,— ӕмбарын кӕны апостол Павел (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

13. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ фыдӕвзарӕнты нӕ бон кӕронмӕ бафӕразын кӕй у?

13 Нӕ хо Эллӕйы ахӕстонӕй куы рауагътой, уӕд уый фӕстӕ дӕр кӕд йӕ цард ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр уыди хъӕлдзӕг. Ӕцӕг афтӕ фидар йӕхи хъаруйӕ нӕ разынд, фӕлӕ йын Иегъовӕ цы хъару лӕвӕрдта, уый фӕрцы. Афтӕ уыд апостол Павелы уавӕры дӕр. Уый фыста: «Ӕмӕ уый тыххӕй ӕз разӕнгардӕй ӕппӕлдзынӕн мӕ ӕдыхдзинӕдтӕй, цӕмӕй мӕн мидӕг цӕра Чырыстийы тых... уымӕн ӕмӕ ӕз ӕдых куы вӕййын, уӕд тыхджын дӕн» (2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10).

14. Бамбарын кӕн, чырыстонӕн уӕззау уавӕры дӕр йӕ бон хорзыл хъуыды кӕнын куыд у ӕмӕ йын ахӕм ахаст цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый.

14 Чи зоны дӕ уавӕр бынтон ӕндӕр у, ӕндӕрхуызон зындзинӕдтӕ ӕвзарыс. Фӕлӕ дын цыфӕнды зын ма уа, уӕддӕр уӕлдӕр цы дӕнцӕгтӕ ӕрхастам, уыдон ӕвдисынц, дӕуӕн дӕр дӕ бон кӕронмӕ бафӕразын кӕй у, уый. Зӕгъӕм, дӕ куыст нӕ цӕуы хицауы зӕрдӕмӕ, стӕй йӕм ӕндӕр динты минӕвӕрттӕй чи кусы, уыдонӕй уӕлдай цӕмӕдӕр дӕу ныссагъта йӕ ныхтӕ. Ӕндӕр куыст ссарыны ныфс та дӕ нӕй. Куыд райа ахӕм уавӕры дӕ зӕрдӕ? Ӕрхъуыды кӕн, ахӕстоны бадгӕйӕ ахсджиаг миниуджытыл чи сахуыр, уыцы Адольф ӕмӕ йе ’мбӕлтты. Кӕд дӕ куысты хицау тынг «тызмӕг» у, уӕддӕр ӕппӕт тыхтӕй куы архайай, цӕмӕй йӕ зӕрдӕхудты ма бацӕуай, уӕд сахуыр уыдзынӕ ахӕм чырыстон миниуджытыл, куыд фидардзинад ӕмӕ бирӕфӕразондзинадыл (1 Петры 2:18). Уымӕй дарддӕр дӕ зондзысты хорз кусӕгӕй ӕмӕ дын чи зоны фӕстӕдӕр фӕзына фадат дӕ куыст хуыздӕрӕй баивынӕн дӕр. Ныр та ӕркӕсӕм, Иегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнынӕн ма нын ноджыдӕр цы баххуыс кӕндзӕн, уыдӕттӕм.

Хуымӕтӕг цард хӕссы циндзинад

15—17. Кӕд иу бинонтӕн сӕ тыхстдзинады аххосаг ӕххӕстӕй аиуварс кӕнын сӕ бон не сси, уӕддӕр ӕй куыд фӕрогдӕр кодтой?

15 Чи зоны, дӕу кӕм фӕнды кӕнӕ дӕ цы куыст кӕнын фӕнды, ахӕм куыст ссарын дӕ бон нӕу, фӕлӕ царды ӕндӕр хъуыддӕгты дӕ бон у цыдӕр фӕивын. Ӕркӕсӕм иу цаумӕ.

16 Иу чырыстон бинонтӕ сӕхимӕ уазӕгуаты фӕхуыдтой хистӕр нӕлгоймаджы. Уыцы изӕр ӕфсымӕр йӕ бинойнагимӕ радзырдтой, царды ӕдзухдӕр дугъ кӕнынӕй кӕй сфӕлмӕцыдысты, уый. Сӕ куыстӕй сӕ сулӕфыны бон дӕр нӕ уыд, ӕндӕр куыст ссарынӕн та сын фадат нӕ уыд. Уыцы уавӕрӕй куыд рацыдаиккой, уымӕн ницы зыдтой.

17 Цы бакӕной, уымӕй хистӕр нӕлгоймаджы куы бафарстой, уӕд сын уый загъта: «Уӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнут». Куыд? Ус дӕр ӕмӕ лӕг дӕр алы бон дӕр ӕртӕ сахаты ӕрмӕст куыстмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕндагыл хардз кодтой. Уыцы хистӕр нӕлгоймаг сын сӕ уавӕртӕ хорз зыдта, ӕмӕ сын бауынаффӕ кодта, зӕгъгӕ, кӕм кусут, уырдӕм хӕстӕгдӕр искуы ӕрцӕрут, уымӕн ӕмӕ уӕд алы бон дӕр фӕндагыл цы рӕстӕг хардз кӕнут, уый уын сӕрибар уыдзӕн ӕмӕ йӕ уӕ бон уыдзӕн ӕндӕр ахсджиагдӕр хъуыддӕгтыл хардз кӕнын — йе та уӕ фӕллад уадзыныл. Уӕдӕ кӕд цард дугъон бӕхау кӕй уайы, уый дӕ циндзинадӕй цух кӕны, уӕд хорз нӕ уаид, куы сбадис ӕмӕ лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнис, цы у дӕ бон фӕивын, цӕмӕй дын царды фылдӕр ӕнцой уа?

18. Цалынмӕ цыдӕр сфӕнд кӕнӕм, уӕдмӕ уал тынг лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

18 Цӕмӕй къаддӕр тыхсӕм, уый тыххӕй ма ис ноджыдӕр иу амал — цалынмӕ цыдӕр аразынвӕнд скӕнӕм, уӕдмӕ-иу ыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм. Зӕгъӕм, иу чырыстон сфӕнд кодта хӕдзар саразын. Кӕд уый размӕ хӕдзар никуы арӕзта, уӕддӕр ӕй цыдӕр ӕнахуыр зын пъланмӕ гӕсгӕ аразын райдыдта. Ныр уый ӕмбары, цалынмӕ хӕдзар аразынмӕ не ’рӕвнӕлдта, уӕдмӕ «йӕ къахдзӕфтыл лӕмбынӕг [куы] ахъуыды кодтаид», уӕд бирӕ ӕнӕхъуаджы зындзинӕдтӕй йӕхи кӕй бахызтаид, уый (Фӕсномыг ныхӕстӕ 14:15). Ӕндӕр чырыстон та сразы йе ’муырнӕгӕн ӕвдисӕнӕй ныллӕууын, хӕс куы иста, уӕд. Бадзырдмӕ гӕсгӕ хӕс райсӕгӕн йӕ бон куы нӕ суа ӕхца фӕстӕмӕ бафидын, уӕд хӕс хъуамӕ бафыстаид, ӕвдисӕнӕй чи ныллӕуыд, уый. Райдианы алцыдӕр хорз цыди, фӕлӕ куыдфӕстагмӕ хӕс чи райста, уый йӕ ныхас нал ӕххӕст кодта. Ӕхцаты хицау тыхсын райдыдта ӕмӕ ӕвдисӕнӕй чи ныллӕуыд, уымӕй ӕрдомдта, цӕмӕй йын йӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй раздӕхтаид. Афтӕ йын йӕ ӕнӕрхъуыды ми ӕрхаста стыр мӕстытӕ. Цымӕ ахӕм бӕрндзинад райсыны размӕ уал алцӕуылдӕр лӕмбынӕг куы ахъуыды кодтаид, уӕд ӕнӕхъуаджы мӕстытӕй йӕхи нӕ бахызтаид? (Фӕсномыг ныхӕстӕ 17:18).

19. Цӕмӕй царды къаддӕр тыхсӕм, уымӕн цавӕр амӕлттӕ ис?

19 Куы бафӕллайӕм, уӕд афтӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Библи куы нал ахуыр кӕнӕм, уацамынды хайад куы нал исӕм ӕмӕ фембӕлдтӕм куы нал цӕуӕм, уӕд нын кӕй фенцондӕр уыдзӕн ӕмӕ та ногӕй нӕ зӕрдӕ кӕй райдзӕн цардмӕ. Уыцы хъуыды нӕ сӕрмӕ макуы ӕруадзӕм, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ куы ныууадзӕм, уӕд нын Иегъовӕйы сыгъдӕг удӕй хай нӕ уыдзӕн, ӕмӕ циндзинад та сыгъдӕг уды дыргътӕй сӕ иу у (Галатӕгтӕм 5:22). Чырыстон хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ афтӕ никуы бафӕллайӕм, ӕмӕ нӕм бынтондӕр тых мауал уа; уый нӕ, фӕлӕ ма нӕм ног хъарутӕ дӕр фӕзыны (Матфейы 11:28—30). Адӕймаг тынгдӕр бафӕллайы ӕнӕуи куыст кӕнӕ хиирхӕфсӕнтӕй, Хуыцауы хъуыддӕгтӕй нӕ, фӕлӕ. Афоныл хуыссын куы сахуыр уӕм, уӕд нын уый дӕр тынг ахъаз уыдзӕн. Адӕймаг иу гыццыл фылдӕр куы баулӕфы, уӕд ын уый дӕр стыр ӕххуыс вӕййы. Ӕфсымӕр Н. Норр, суанг йӕ мӕлӕты онг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы уӕнг чи уыд, уый миссионертӕн ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Уӕ ныфс куы асӕтта ӕмӕ цы кӕнат, уый-иу куы нал зонат, уӕд-иу, фыццаджыдӕр, иугыццыл аулӕфут. Уӕхимӕ дӕр дис фӕкӕсдзӕн, ӕхсӕвы дзӕбӕх куы бафынӕй кӕнат, уый фӕстӕ уын цыфӕнды зындзинад дӕр куыд бирӕ ӕнцондӕр аскъуыддзаггӕнӕн уыдзӕн, уый!»

20. а) Кӕддӕриддӕр нын цин кӕнынӕн цы ӕххуыс кӕны, уый дӕхи ныхӕстӕй цыбыртӕй бамбарын кӕн. ӕ) Цӕуыл у нӕ бон цин кӕнын? (Кӕс фӕлгӕты 23 фарсыл.)

20 Чырыстӕттӕн стыр кад у, «амондджын Хуыцауӕн» кӕй лӕггад кӕнынц, уый (1 Тимофеймӕ 1:11). Куыд федтам, афтӕмӕй стыр зындзинӕдты дӕр нӕ бон у цин кӕнын. Уӕдӕ нӕ Паддзахады диссаджы ныфс рох макуы уӕд, кӕм хъӕуа, уым цӕттӕ уӕм нӕ зондахаст фӕивынмӕ ӕмӕ нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнынмӕ. Кӕд афтӕ аразӕм, уӕд цыфӕнды уавӕрты ма бахауӕм, уӕддӕр нӕм ахӕссӕн уыдзӕн апостол Павелы ныхӕстӕ: «Цин кӕнут ӕдзухдӕр Хицауы мидӕг; ӕмӕ ноджыдӕр зӕгъын: цин кӕнут» (Филиппӕгтӕм 4:4).

Зӕгъ дӕ хъуыды ацы фарстыты тыххӕй:

• Чырыстӕтты Паддзахады ныфсыл фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн хъӕуы?

• Уӕззау уавӕрты дӕр нын цин кӕнынӕн цы ӕххуыс кӕндзӕн?

• Нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕныныл нӕ цӕмӕн хъӕуы архайын?

• Иуӕй-иутӕ сӕ цард куыд фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Нывтӕ 23 фарсыл]

Ноджыдӕр ма цӕуыл у нӕ бон цин кӕнын

Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын царды цӕуыл цин кӕнӕм, ахӕмӕй бирӕ цыдӕртӕ ис. Зӕгъӕм:

1. Мах зонӕм Иегъовӕйы.

2. Зонӕм, Хуыцауы Ныхасы цы ӕцӕгад ис, уый.

3. Йесойы ӕлхӕнӕг нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нын хатыргонд цӕуынц нӕ тӕригъӕдтӕ.

4. Хуыцауы Паддзахад къухдариуӕг кӕны — ног дуне ис нӕ къӕсӕрыл!

5. Иегъовӕ нӕ ӕркодта монон дзӕнӕтмӕ.

6. Цин кӕнӕм, нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ нын цы иудзинад ис, ууыл.

7. Махӕн ис диссаджы фадат — хъусын кӕныны хъуыддаджы хайад исын.

8. Мах стӕм удӕгас, ӕмӕ кӕд бынтон ӕнӕниз не стӕм, уӕддӕр нӕ къӕхтыл лӕууӕм.

Циндзинадӕн ма уымӕй уӕлдай цас ӕмӕ цас аххосӕгтӕ дӕ бон у ранымайын?

[Ныв 19 фарсыл]

Павел ӕмӕ Силӕ цин кодтой суанг ахӕстоны дӕр.

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Хуыцауы ног дунейы циндзинадхӕссӕг ныфсыл фидарӕй ӕууӕндыс?