Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд ис иуварс кӕнӕн ӕвзӕр хъуыдытӕ

Куыд ис иуварс кӕнӕн ӕвзӕр хъуыдытӕ

Куыд ис иуварс кӕнӕн ӕвзӕр хъуыдытӕ

● Асаф сагъӕс кодта: «Ӕмӕ ӕз уӕдӕ дзӕгъӕлы нӕ сыгъдӕг кодтон мӕ зӕрдӕ мыййаг ӕмӕ ӕхсадтон ӕнаххосады мӕ къухтӕ, ӕмӕ ӕппӕрстон мӕхи цӕфтӕм алыбон ӕмӕ уайдзӕфтӕм алы сӕумӕрайсом?» (Псалом 72:13, 14).

● Варух уынӕргъыдта: «Додой мӕ къона, уымӕн ӕмӕ мын Иегъовӕ мӕ рисыл рыст бафтыдта! Сфӕлмӕцыдтӕн мӕ уынӕргъынӕй, ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нал арын» (Иереми 45:3).

● Ноемин хъыг кодта: «Ӕппӕтаразӕг [мыл] стыр бӕллӕх сӕвӕрдта. Ардыгӕй дзагармӕй ацыдтӕн, фӕстӕмӕ та мӕ афтидармӕй ӕрбаздӕхта Дунедарӕг. Цӕмӕн мӕ хуындӕуа Ноемин, кӕд ӕмӕ мӕ Дунедарӕг удхары бафтыдта ӕмӕ мӕ Ӕппӕтаразӕг фенамонд кодта» (Руф 1:20, 21, «Мах дуг» № 4, 2000 аз).

БИБЛИЙЫ ис бирӕ цӕвиттонтӕ, Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн-иу хаттӕй-хатт сӕ ныфс куыд асаст, уымӕн. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕмӕдӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕзыны ӕвзӕр хъуыдытӕ. Иуӕй-иутӕ арӕхдӕр бахауынц сагъӕсты — чи зоны, йӕхимӕ чи ныхъхъусы, ахӕмтӕ — уымӕн ӕмӕ, гӕнӕн ис, царды бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой.

Фӕлӕ ахӕм хъуыдытӕн хицау куы нӕ уай, уӕд дын, гӕнӕн ис, фехалой дӕ ахастытӕ иннӕтимӕ дӕр ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцауимӕ дӕр. Йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, иу ахӕм чырыстон сылгоймаг загъта: «Ӕмбырдӕй-иу мӕ арӕх фӕхуыдтой уазӕгуаты, фӕлӕ-иу нӕ ацыдтӕн, уымӕн ӕмӕ-иу мӕхи уый аккаг нӕ нымадтон, цӕмӕй мӕ рӕстӕг семӕ ӕрвыстаин». Куыд халынц ахӕм хъуыдытӕ адӕймаджы цард! Цы у дӕ бон аразын, цӕмӕй сӕ иуварс кӕнай?

Иегъовӕмӕ дӕхи ӕввахсдӕр кӕн

72-ӕм Псаломы Асаф ӕргом ныффыста, цы тыхст уавӕры уыд, уый тыххӕй. Йӕ цард фыдгӕнджыты хъал цардимӕ куы абарста, уӕд ӕм хардзау фӕкаст. Уый уыдта, ӕнӕхуыцау адӕм кӕй уыдысты сӕрбӕрзонд ӕмӕ фыдмитӕ кӕй кодтой, уый, фӕлӕ афтӕ зынд, цыма ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Уӕд Асаф фӕгуырысхо, раст фӕндагыл цӕуыныл кӕй архайдта, уый исты пайда уыд ӕви нӕ (Псалом 72:3—9, 13, 14).

Дӕумӕ дӕр, мыййаг, Асафау афтӕ фӕкӕсы, цыма, йӕ ӕвзӕр митӕй сӕрыстыр чи у, уыцы фыдгӕнджытӕн сӕ царды алцыдӕр хорз у? Цымӕ Асаф йӕ ӕвзӕр хъуыдытӕ куыд аиуварс кодта? Уый дарддӕр дзуры: «Хъуыды кодтон ӕз, куыд бамбарон ай; фӕлӕ уый уыд зын мӕ цӕстыты раз, цалынмӕ нӕ бацыдтӕн ӕз Хуыцауы кувӕндонмӕ ӕмӕ нӕ бамбӕрстон сӕ кӕрон» (Псалом 72:16, 17). Асаф хорз бакодта, Иегъовӕмӕ кӕй скуывта, уымӕй. Фӕстӕдӕр апостол Павел кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕй спайда кӕнгӕйӕ ис зӕгъӕн, Асаф кӕй ӕрсабыр кодта «буарон адӕймаджы», йӕ мидӕг цы «монон адӕймаг» (НД) уыд, уый райхъалгӕнгӕйӕ. Уырнындзинады цӕстӕй кӕсын кӕй райдыдта, уымӕ гӕсгӕ бамбӕрста, Иегъовӕйӕн ӕнӕуынон кӕй у ӕвзӕрдзинад, стӕй ма йын раргом, йӕ рӕстӕджы фыдгӕнджыты кӕй бафхӕрдзӕн, уый дӕр (1 Коринфӕгтӕм 2:14, 15).

Куыд ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ алыварс цы цаутӕ цӕуы, уыдонмӕ нын Библийы руаджы раст цӕстӕнгас уа! Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, фыдгӕнджытӕ цы аразынц, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы, уый. Библи дзуры: «Уӕхи ма сайут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕ вӕййы. Цы байтауа адӕймаг, уый ӕркӕрддзӕн... Хорздзинад кӕнгӕйӕ уӕдӕ ӕнкъард ма кӕнӕм» (Галатӕгтӕм 6:7—9). Иегъовӕ фыдгӕнджыты сӕвӕрдзӕн «бырынцъаг фӕндӕгтыл» ӕмӕ сӕ «ныппардзӕн дӕлджинӕгтӕм» (Псалом 72:18). Ӕппынфӕстаг, Хуыцауы рӕстдзинад ӕнӕмӕнг фӕуӕлахиз уыдзӕн.

Ӕдзухдӕр Иегъовӕйы фынгыл куы минас кӕнай ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытимӕ фылдӕр рӕстӕг куы уай, уӕд дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ дын уый ӕххуыс кӕндзӕн ныфссастдзинадыл кӕнӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыдытыл фӕуӕлахиз уӕвынӕн (Дзуттытӕм 10:25). Асафау Хуыцаумӕ ӕввахс куы уай, уӕд ды дӕр банкъардзынӕ, куыд дӕ уарзы ӕмӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, уый. Асаф дарддӕр дзуры: «Ӕз алы хатт Дӕ разы дӕн, Ды хӕцыс мӕ рахиз къухыл. Ды кӕныс мӕн Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ стӕй стырадмӕ бакӕндзынӕ мӕн» (Псалом 72:23, 24, МГТ). Гыццылӕй фыдмитӕ чи баййӕфта, иу ахӕм чырыстон хо йӕхиуыл бавзӕрста ацы ныхӕсты ӕцӕгдзинад. «Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ ӕнгом ахастыты кӕй уыдтӕн,— дзуры уыцы хо,— уый руаджы цардмӕ кӕсын райдыдтон ӕндӕр цӕстӕй. Ӕз мӕхӕдӕг федтон, чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй сты уарзӕгой. Уыдон не сты пъӕлицӕйы кусджыты хуызӕн, фӕлӕ сты фыййӕуттӕ». О, фӕлмӕнзӕрдӕ чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ аразынц, цӕмӕй се ’муырнджытӕн ӕххуыс кӕной ӕвзӕр хъуыдытӕ иуварс кӕнынӕн (Исай 32:1, 2; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 8).

Хъус Иегъовӕйы уынаффӕмӕ

Пехуымпар Иеремийы писыр Варух катай кодта йӕ хӕслӕвӕрды тыххӕй. Фӕлӕ Иегъовӕ Варухӕн уӕзданӕй бамбарын кодта, йӕ алыварс цы цаутӕ цыд, уыдонмӕ йын раст цӕстӕнгас кӕй хъуамӕ уыдаид, уый. «„Ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домыс дӕхицӕн. Ма дом. Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт зӕххыл цӕрӕг адӕмыл дӕр бӕллӕх рауадздзынӕн,— дзуры Иегъовӕ,— ды та кӕдӕмфӕнды ма фӕцӕуай, уым дын амӕттагӕн ныууадздзынӕн дӕ уд“» (Иереми 45:2—5).

Иегъовӕ Варухӕн ӕргом бамбарын кодта, йӕ ныфссастдзинады аххосаг кӕй уыд, йӕхи мӕт кӕй кодта, уый. Варухӕн Хуыцау цы хӕс бабар кодта, уый йын циндзинад нӕ хаста, уымӕн ӕмӕ уыцы иу рӕстӕджы йӕхицӕн ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домдта. Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр сразы уыдзынӕ, ныфссастдзинадыл фӕуӕлахиз уӕвынӕн ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, лӕггад кӕнынӕн дӕ цы хъыгдары, уымӕй хи хизын ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый кӕнгӕйӕ удӕнцой арын (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

Ноеминӕн Моавы йӕ лӕг ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты куы амардысты, уӕд йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста ӕмӕ йӕ ныфс нӕ асаст. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй цасдӕр рӕстӕджы дӕргъы йӕхи ӕмӕ йӕ чындзыты тыххӕй тынг маст кодта. Сӕ хӕдзӕрттӕм сӕ куы ӕрвыста, уӕд сын загъта: «Мӕ зӕрдӕ уыл тынг риссы, уымӕн ӕмӕ мӕн Хуыцауы фыдӕх баййӕфта». Стӕй, Вифлееммӕ куы ӕрбахӕццӕ, уӕддӕр та йӕхи ныхас кодта: «Ноемин [«Амондджын»] мӕ ма хонут, фӕлӕ мӕ хонут Марӕ [«Ӕнамонд»], уымӕн ӕмӕ мыл Ӕппӕтаразӕг стыр бӕллӕх сӕвӕрдта» (Руф 1:13, 20, «Мах дуг» № 4, 2000 аз).

Фӕлӕ Ноемин кӕд маст кодта, уӕддӕр йӕхи Иегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ адӕмӕй нӕ аиуварс кодта. Моавы куыд фехъуыста, афтӕмӕй «Хуыцау ӕрыздӕхт йӕ адӕммӕ ӕмӕ сын радта хор» (Руф 1:6, «Мах дуг» № 4, 2000 аз). Ноемин ӕмбӕрста, ӕппӕты хуыздӕр бынат ын Иегъовӕйы адӕмы ’хсӕн кӕй уыд, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕ чындз Руфимӕ раздӕхт Иудӕйы паддзахадмӕ ӕмӕ Руфӕн арӕхстджынӕй амыдта, сӕ хӕстӕг Воозимӕ йӕхи куыд хъуамӕ дардтаид, уый.

Афтӕ абон дӕр, иузӕрдион чырыстӕттӕй йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, уыдон сӕ зӕрдӕрыст сабыр кӕнынц, чырыстон ӕмбырдимӕ ӕнгом кӕй архайынц, уый фӕрцы. Ноеминау уыдон дӕр дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй архайынц сӕ уырнындзинад фидаргӕнӕг хъуыддӕгты, уыимӕ алыбон дӕр кӕсынц Хуыцауы Ныхас.

Хуыцауы зондӕй архайын у нӕ пайдайӕн

Ахӕм библион цаутӕ ӕвдисынц, адӕймагӕн йӕ бон ӕвзӕр хъуыдытӕ иуварс кӕнын куыд у, уый. Асаф ӕххуыс агуырдта Иегъовӕйы кувӕндоны ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст Иегъовӕмӕ. Варух байхъуыста уынаффӕмӕ ӕмӕ йӕхи бахъахъхъӕдта ӕхцауарзондзинадӕй. Ноемин зӕрдиагӕй лӕггад кодта Иегъовӕйы адӕмимӕ ӕмӕ ӕрыгон сылгоймаг Руфы цӕттӕ кодта, ӕцӕг Хуыцауы кувынады хъуамӕ цы кадджын бынат бацахстаид, уымӕ (1 Коринфӕгтӕм 4:7; Галатӕгтӕм 5:26; 6:4).

Дӕ бон уыдзӕн ныфссастдзинадыл ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыдытыл уӕлахиз кӕнын, Иегъовӕ Хуыцау йӕ адӕмӕн, куыд иугай адӕймӕгтӕн, афтӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ дӕр, цы уӕлахиздзинӕдтӕ радта, уыдоныл куы хъуыды кӕнай, уӕд. Уыимӕ ма дӕ зӕрдыл дар, Иегъовӕ дӕм, ахӕстаргъ бафидгӕйӕ, цы диссаджы уарзондзинад равдыста, ууыл. Аргъ кӕн, чырыстон ӕфсымӕрады цы ӕцӕг уарзондзинад ис, уымӕн. Фидӕны дӕм Хуыцауы ног дунейы цы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕн. Ӕмӕ ды дӕр уӕд Асафау зӕгъдзынӕ: «Мӕнӕн та хорз у ӕрхӕстӕг уӕвын Хуыцаумӕ! Хицау Хуыцауыл сӕвӕрдтон ме ’нхъӕлцаудзинад, цӕмӕй хъусын кӕнон Дӕ хъуыддӕгтӕ ӕппӕт» (Псалом 72:28).