Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Куыд тынг хӕларзӕрдӕ мӕм у Иегъовӕ!»

«Куыд тынг хӕларзӕрдӕ мӕм у Иегъовӕ!»

«Куыд тынг хӕларзӕрдӕ мӕм у Иегъовӕ!»

1985 азы мартъийы мӕйы иу изӕр Нью-Йорчы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады фысджыты комитеты ӕрӕмбырд сты ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ иу ахсджиаг цау бӕрӕг кӕнынмӕ: Карл Клейн ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинад куы райдыдта, уӕдӕй рацыд 60 азы. Уыцы изӕр уый цингӕнгӕйӕ загъта: «Куыд тынг хӕларзӕрдӕ мӕм у Иегъовӕ!» Ӕфсымӕр ма загъта, зӕгъгӕ, Библийы стихтӕй йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуы Псалом 36:4. Фӕстӕдӕр иууылдӕр хъуыстой йӕ рӕсугъд цагъдмӕ цыппартӕнон хъисын фӕндырыл.

Фӕстаг 15 азы та ӕфсымӕр Клейн куыста фысджыты хайады ӕмӕ ма уыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы уӕнг дӕр. 2001 азы 3 январы иузӕрдион чырыстон Карл Клейн 95-аздзыдӕй фӕци йӕ зӕххон цард.

Карл райгуырд Германы. Йӕ бинонтимӕ алыгъдысты Америчы Иугонд Штаттӕм. Карл схъомыл ис Чикагойы (штат Иллинойс) горӕтгӕрон районы. Карл ӕмӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Тед ма гыццылтӕ куы уыдысты, уӕд сӕ тынг фӕндыди базонын, Библийы цы фыст ис, уый. Карл донаргъуыд райста 1918 азы. 1922 азы Библииртасджыты конгрессы цы раныхӕстӕм байхъуыста, уыдон йӕ зӕрдӕйыл афтӕ тынг бандӕвтой, ӕмӕ йӕ бафӕндыд йӕ цард ӕгасӕй дӕр радтын уацамындӕн. Ахӕм къуыри-иу нӕ уыд, ӕмӕй-иу уацамынды ма ацыдаид, уӕдӕ йӕ царды фӕстаг къуыриты дӕр уыцы фӕтк нӕ фехӕлдта.

Карл сӕйраг хайады уӕнг сси 1925 азы ӕмӕ райдианы куыста типографийы. Уый тынг уарзта музыкӕ ӕмӕ цалдӕр азы дӕргъы цагъта оркестры цыппартӕнон хъисын фӕндырыл чырыстон радиойы ралӕвӕрдты. Уый фӕстӕ куыста службӕйон хайады ӕмӕ тынг уарзта кусын йӕ цӕстдарӕг Томас Салливанимӕ. Уыцы рӕстӕджы Тед, Карлы ӕфсымӕр, йӕ цард баиу кодта Дорисимӕ, ӕмӕ сӕ Пуэрто-Рикомӕ миссионертӕй арвыстой.

Фӕндзай азы дӕргъы Карл Клейн куыста фысджыты хайады, ӕмӕ ӕппӕт дӕр лӕмбынӕг иртасын кӕй уарзта ӕмӕ Библи хорз кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ уыцы куыстӕн фӕци стыр ахъаз. 1963 азы Карл Клейн ракуырдта Маргаритӕйы, немыцаг миссионеры, кӕцы уыцы рӕстӕг лӕггад кодта Боливийы. Азтӕ йыл сӕ уӕз куы ӕруагътой, уӕлдайдӕр та йе ’нӕниздзинад куы фӕцудыдта, уӕддӕр йӕ уарзон цардӕмбалы фӕрцы уыди куыстхъом ӕмӕ йӕ бон уыди дарддӕр дӕр ӕнтыстджынӕй кусын, кӕд ӕмӕ уый кары бирӕтӕ пенсийы ацӕуынц. Карл сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг кӕй уыд ӕмӕ йын музыканты зӕрдӕйы уаг кӕй уыд, уый руаджы йӕ бон уыдис ӕмбырдты ӕмӕ конгресты дзурын зӕрдӕмӕхъаргӕ раныхӕстӕ. Йӕ мӕлӕты бонӕй гыццыл раздӕр Нью-Йорчы Вефилы бинонтӕ райсомӕй цы ӕрвылбоны стих февзарынц, уый равзӕрста; йӕ ныхӕстӕ алкӕмӕн дӕр уыдысты ӕхсызгон ӕмӕ ахъаз.

Журнал «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» рагӕй чи кӕсы, уыдонӕй ма бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, 1984 азы 1 октябры номыры (англ.) кӕй уыд ӕфсымӕр Клейны ӕргом биографи. Йӕ царды хабӕрттӕ йын ис ногӕй-ногмӕ ӕхсызгонӕй кӕсӕн, уымӕй дӕр ма куы зонӕм, ӕмӕ йӕ ныффыссыны фӕстӕ Карл Клейн фынддӕс азы дӕргъы лӕггад кодта Хуыцауӕн иузӕрдионӕй ӕмӕ рӕстудӕй.

Хицау сыгъдӕг удӕй кӕй байсӕрста, уыдонӕй сӕ иу уӕвгӕйӕ, ӕфсымӕр Клейны зӕрдиагӕй фӕндыд Чырыстиимӕ уӕларвыл паддзахиуӕг кӕнын. Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Иегъовӕ йын йӕ зӕрдӕйы фӕндон кӕй сӕххӕст кодта (Лукайы 22:28—30).

[Ныв 31 фарсыл]

Карл Т. Салливан, Тед ӕмӕ Дорисимӕ, 1943 аз.

[Ныв 31 фарсыл]

Карл ӕмӕ Маргаритӕ, октябрь, 2000 аз.