Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

2 Иоанны 10-ӕм стихы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, иуӕй-иуты хӕдзармӕ нӕ хъӕуы уадзын ӕмӕ сын салам дӕттын дӕр нӕ хъӕуы. Уый, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кӕны, ӕрмӕст уыдонмӕ хауы?

Контекстӕй куыд зыны, афтӕмӕй ацы уынаффӕ хаудта, дунейы цы «бирӕ фӕливджытӕ» фӕзынд, «Йесо, буары хуызы ӕрцӕугӕ Чырысти кӕй у, ууыл ӕвдисӕн [чи] бакодта», уыдонмӕ (2 Иоанны 7, НФ). Апостол Иоанн бацамыдта, уӕды рӕстӕджы цӕрӕг чырыстӕттӕн цавӕр ахаст хъуамӕ уыдаид, Йесо ӕцӕгдӕр зӕххыл кӕй цард, стӕй Мессиа ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй уыд, ууыл разы чи нӕ уыд, уыдонмӕ. Иоанн комкоммӕ загъта: «Чи уӕм ӕрбацӕуы ӕмӕ ацы ахуырад нӕ ӕрбахӕссы, уый хӕдзармӕ ма уадзут ӕмӕ йын салам дӕр ма дӕттут; уымӕн ӕмӕ уымӕн салам дӕттӕг уый ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй хайджын свӕййы [«ныллӕууы уымӕн ӕмбалӕн йӕ фыдбылызы миты», НФ]» (2 Иоанны 10, 11). Фӕлӕ Библи ӕндӕр рӕтты ӕвдисы, ацы ныхӕстӕ ма ноджыдӕр ӕндӕр цӕмӕдӕр кӕй хаудтой, уый.

Иухатт Коринфы чырыстӕттӕй иу сарӕзта ӕнӕгъдау ми, ӕмӕ сӕм апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «баст ма ут уыимӕ, кӕцы хуыйны ӕфсымӕр, афтӕмӕй хӕты, кӕнӕ гӕртӕмттӕ исы, кӕнӕ гуымирытӕн кусы, кӕнӕ ӕвзӕр дзуры, кӕнӕ расыг кӕны, кӕнӕ у тугдзых; ахӕмтимӕ хӕргӕ дӕр ма кӕнут иумӕ» (1 Коринфӕгтӕм 5:11). Цымӕ ацы ныхӕстӕ, ам цы уӕззау тӕригъӕдтыл дзырдӕуы, уыдоны тыххӕй ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, ӕрмӕст уыцы раздӕры ӕфсымӕртӕм хаудтой?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Раргомады 21:8-ӕм стих ӕвдисы, фӕсмон чи нӕ кӕны, уыцы лӕгмартӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ ӕмӕ сайӕгойтӕ кӕй сты дыккаг мӕлӕты аккаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, 1 Коринфӕгтӕм 5:11-ӕм стихы цы уынаффӕ ис, уый ма хаудта, уӕлдӕр койгонд тӕригъӕдты аххосджын чи уыд, уыцы раздӕры чырыстӕттӕм дӕр. Иоанн ма фыста, зӕгъгӕ, иуӕй-иутӕ «рацыдысты махӕй, фӕлӕ мах нӕ уыдысты; уымӕн ӕмӕ уыдон махӕй куы уыдаиккой, уӕд баззадаиккой махимӕ; фӕлӕ уыдон рацыдысты, ӕмӕ уый сӕрты раргом, сеппӕт махӕй кӕй не сты» (1 Иоанны 2:18, 19). Иоанн нӕ загъта, зӕгъгӕ сӕ ацух кодтой уӕззау тӕригъӕды тыххӕй. Чи зоны сӕ иуӕй-иутӕ сӕхӕдӕг ацыдысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нал фӕндыд ӕмбырды баззайын, цавӕрдӕр ахуырадимӕ разы кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Иннӕтӕ та, гӕнӕн ис, бафӕлладысты ӕмӕ сӕм чырыстон фӕндагыл цӕуынӕн тых нал уыд (1 Коринфӕгтӕм 15:12; 2 Фессалоникӕгтӕм 2:1—3; Дзуттытӕм 12:3, 5).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕфсымӕры-иу тӕригъӕд ракӕнынмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд-иу фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ бацархайдтой, цӕмӕй йын баххуыс кодтаиккой (Галатӕгтӕм 6:1; 1 Иоанны 5:16). Истӕуыл-иу куы дызӕрдыг кодта, уӕд-иу алцыдӕр арӕзтой, цӕмӕй йӕ «артӕй фелвӕстаиккой» (Иудӕйы 23). Ӕмӕ-иу адӕймаг фембӕлдтӕм куы нал цыд кӕнӕ-иу куы нал хъусын кодта, уӕддӕр-иу ын, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, уыдон ӕххуыс кодтой, цӕмӕй йӕ къӕхтыл слӕууыдаид. Чи зоны-иу сын загъта, кӕй йӕ нӕ фӕнды фембӕлдтӕм цӕуын, ӕмӕ-иу уый дзурӕг уыд, йӕ уырнындзинад фидар кӕй нал уыд, ууыл. Уыдон-иу ӕй рафӕрс-бафӕрсӕй не стыхсын кодтой, фӕлӕ-иу ӕй, ӕвӕццӕгӕн, хаттӕй-хатт бабӕрӕг кодтой. Ахӕм уарзондзинад, фӕразондзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй ӕвдыстой, уымӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ дзугӕй исчи фӕхъӕуа (Лукайы 15:4—7).

Фӕлӕ Иоанны ныхӕстӕй бӕрӕг у, иуӕй-иутӕн ӕрмӕст сӕ уырнындзинад кӕй нӕ ӕрлӕмӕгъ кӕнӕ уацамынды хайад кӕй нал истой; уыдон Хуыцауы ӕмбырдыл бавдисӕн кодтой. Чи зоны, ӕмбырдӕй исчи Хуыцауы адӕмы ныхмӕ ӕргом рацыд ӕмӕ загъта, кӕй йӕ нал фӕнды ӕмбырды уӕнг уын. Гӕнӕн ис, йӕ уырнындзинӕдтыл кӕй бавдисӕн кодта, уый тыххӕй фыстӕг дӕр ныффыста. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырд ныууадзынвӕнд кӕй скодта, ӕфсымӕртӕ уый ныхмӕ нӕ цыдысты. Фӕлӕ йӕм чырыстӕттӕ цавӕр ахаст дардтой?

Иоанн фыссы: «Алчи, Чырыстийы ахуырады сӕрты хизӕг ӕмӕ уый мидӕг нӕ уӕвӕгӕн нӕй Хуыцау; Чырыстийы ахуырады уӕвӕгмӕ ис Фыд дӕр ӕмӕ Фырт дӕр. Чи уӕм ӕрбацӕуы ӕмӕ ацы ахуырад нӕ ӕрбахӕссы, уый хӕдзармӕ ма уадзут ӕмӕ йын салам дӕр ма дӕттут» (2 Иоанны 9, 10). Ацы ныхӕстӕ ӕнӕмӕнг хаудтой, аздӕхӕг ӕмӕ мӕнг дины уӕнг чи сси, стӕй ма мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кодта, ахӕм адӕймагмӕ (2 Тимофеймӕ 2:17—19). Фӕлӕ Иоанн афтӕ кӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, уыдон «рацыдысты махӕй», ахӕмты тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Кӕд фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ зыдтой, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой кӕнӕ Хуыцауы ныхмӕ карзӕй чи цыд, уыдонимӕ кӕй хъуамӕ ма ныхас кодтаиккой, уӕд, йӕхӕдӕг чырыстон фӕндаг чи ныууагъта, фӕлӕ кӕй нӕ ацух кодтой, уымӕ дӕр хъуамӕ ахӕм ахаст дардтаиккой?

Энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад»-ы (англ.) дзырдӕуы, «аздӕхынадӕй» цы грекъаг дзырд у тӕлмац, уый комкоммӕ кӕй нысан кӕны «иуварс лӕууын», ома «гадзрахатӕй рацӕуын, ныууадзын кӕнӕ растын» *. Уыцы энциклопедийы ма дзырдӕуы: «Апостолтӕ цы аздӕхынады аххосӕгтӕй фӕдзӕхстой, уыдонмӕ ма хаудта, адӕймагӕн уырнындзинад кӕй нӕ фаг кодта (Дзут. 3:12, НД), ӕфхӕрды рӕстӕджы йын фӕразондзинад кӕй нӕ фаг кодта (Дзут. 10:32—39), хӕрзӕгъдау цард кӕй нал кодта (2 Пет. 2:15—22), мӕнг ахуыргӕнджыты „фӕлывд ныхӕстӕм“ ӕмӕ „сайӕг удтӕм“ кӕй хъуыста, уый (1 Тим. 4:1—3)... Чырыстон ӕмбырд-иу барвӕндонӕй чи ныууагъта, уыдон-иу слӕууыдысты „Чырыстийы знаджы“ фарс (1 Иоан. 2:18, 19, НФ)».

Ацы ныхӕстӕ хаудтой, ӕмбырд-иу барвӕндонӕй чи ныууагъта ӕмӕ-иу уый тыххӕй фыстӕг чи ныффыста, уымӕ. Хуыцауы ӕмбырд ныууадзгӕйӕ ӕмӕ чырыстон фӕндагӕй аздӕхгӕйӕ-иу йӕхӕдӕг йӕхицӕй сарӕзта аздӕхӕг. Иу иузӕрдион чырыстоны дӕр нӕ фӕндыд аздӕхӕгимӕ хӕлариуӕг кӕнын, кӕд раздӕр хӕлӕрттӕ уыдысты, уӕддӕр. Исчи-иу ӕмбырдӕй куы ацыд ӕмӕ-иу аздӕхӕг куы сси, уӕд-иу йӕхӕдӕг аиуварс кодта, йе ’фсымӕртимӕ йын ӕнгом ахастыты уӕвынӕн цы бындур уыд, уый. Иоанн ӕргом загъта, йӕхӕдӕг йӕ хӕдзармӕ кӕй нӕ бауагътаид, Хуыцау кӕмӕн нӕй ӕмӕ «махӕй [чи] нӕу», ахӕмты.

Библи куыд дзуры, афтӕмӕй-иу Хуыцауы ӕмбырд чи ныууагъта, уыдон-иу дунейы цӕрӕг адӕмӕй тынгдӕр систы тӕрхоны аккаг. Цымӕ цӕмӕн? Павел равдыста, чырыстӕттӕ Ромы паддзахады рӕстӕджы алыбон дӕр кӕй ӕмбӕлдысты хӕтӕгтыл, гӕртамхортыл ӕмӕ гуымирытӕн кувджытыл. Фӕлӕ уый банысан кодта, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕ хъуамӕ «баст ма уой уыимӕ, кӕцы хуыйны ӕфсымӕр», афтӕмӕй фӕстӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕмы фӕндӕгтыл чи ацыд (1 Коринфӕгтӕм 5:9—11). Афтӕ ма Петр дӕр фыста, зӕгъгӕ, «дунейы чъизидзинӕдтӕй фервӕзгӕйӕ» фӕстӕмӕ йӕ раздӕры цардмӕ чи аздӕхт, уыдон сты, ӕхсад хуы фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы куыд сӕвдула, уый хуызӕн (2 Петры 2:20—22, НФ). Уымӕ гӕсгӕ Иоанн радта уынаффӕ, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕ хъуамӕ «хӕдзармӕ ма уадзой», барвӕндонӕй чи «рацыд махӕй», ахӕм адӕймаджы (2 Иоанны 10).

Иоанн ма загъта: «Уымӕн ӕмӕ уымӕн салам дӕттӕг уый ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй хайджын свӕййы [«ныллӕууы уымӕн ӕмбалӕн йӕ фыдбылызы миты», НФ]» (2 Иоанны 11). Ам салам дӕттыныл дзургӕйӕ Иоанн спайда кодта, 2 Иоанны 13-ӕм стихы чи ӕмбӕлы, уыцы дзырд аспа́зомэйӕ нӕ, фӕлӕ грекъаг дзырд хэройӕ.

Дзырд хэро нысан кӕны «цин кӕнын» (Лукайы 10:20; Филиппӕгтӕм 3:1; 4:4). Пайда ма дзы кодтой салам дӕтгӕйӕ дӕр, куыд ныхасы, афтӕ фысгӕйӕ дӕр (Матфейы 28:9; Куыстытӕ 15:23; 23:26). Дзырд аспа́зомэ нысан кӕны «ныхъхъӕбыс кӕнгӕйӕ салам радтын» (Лукайы 11:43, НФ; Куыстытӕ 20:1, 37; 21:7, 19). Дыууӕ дзырдӕй дӕр пайда кӕнӕн ис салам дӕтгӕйӕ, фӕлӕ аспа́зомэ нӕ нысан кӕны ӕрмӕст уӕзданӕй «салам радтын» кӕнӕ «дӕ бон хорз» зӕгъын. Йесо йӕ 70 ахуыргӕнинагӕн загъта, цӕмӕй макӕмӕн лӕвӕрдтаиккой салам (аспа́систи). Афтӕмӕй уый равдыста, сӕ хъуыддаг сӕ ӕвӕстиатӕй ӕххӕст кӕнын кӕй хъуыд ӕмӕ сын кӕй нӕ уыд рӕстӕг, цӕмӕй Скӕсӕны ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ салам лӕвӕрдтаиккой пъатӕ, хъӕбыстӕ кӕнгӕйӕ ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕртыл дзургӕйӕ (Лукайы 10:4). Петр ӕмӕ Павел фӕдзӕхстой: «Салам дӕттут [аспа́систи] кӕрӕдзийӕн уарзон пъайӕ», кӕнӕ «сыгъдӕг пъайӕ» (1 Петры 5:14; 2 Коринфӕгтӕм 13:12, 13; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:26).

Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иоанн 2 Иоанны 10, 11-ӕм стихты барӕй спайда кодта дзырд аспа́зомэйӕ нӕ, фӕлӕ хэройӕ (2 Иоанны 13). Кӕд уый афтӕ у, уӕд Иоанн чырыстӕтты нӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй-иу мӕнг ахуырӕдтӕ чи амыдта кӕнӕ-иу ӕмбырд чи ныууагъта, уыимӕ (аздӕхӕгимӕ) куы фембӕлдаиккой, уӕд ын ӕрмӕст зӕрдӕбын салам дӕттынӕй (хъӕбыстӕ, пъатӕ ӕмӕ бирӕ ныхӕстимӕ) сӕхи хызтаиккой, фӕлӕ сын загъта, цӕмӕй ахӕм адӕймагӕн хэро, ома хуымӕтӕгӕй «дӕ бон хорз» дӕр, ма дзырдтаиккой *.

Ацы уынаффӕ куыд ахсджиаг у, уый бӕрӕг у Иоанны ныхӕстӕй: «Ахӕмӕн ӕгас цу зӕгъӕг ныллӕууы уымӕн ӕмбалӕн йӕ фыдбылызы миты» (НФ). Иу ӕцӕг чырыстоны дӕр нӕ бафӕндыдаид, цӕмӕй, уӕззау тӕригъӕды тыххӕй кӕй ацух кодтой кӕнӕ Хуыцауы ӕмбырд чи ныууагъта, уыимӕ кӕй ныхас кодтаид, уый тыххӕй йӕ Хуыцау нымадтаид фыдбылызы миты хайадисӕгыл. Уӕдӕ цас ӕхсызгондӕр у уарзӕгой чырыстон ӕфсымӕрады хъуыддӕгты хайад исын. Иоанн ныффыста: «Мах цы федтам ӕмӕ [цы] фехъуыстам, уый тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн, цӕмӕй сымах дӕр иудзинады уат махимӕ; мах иудзинады та — Фыдимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ» (1 Иоанны 1:3).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 9 абз. В. Даль цы дзырдуат сарӕзта, уым ӕмбӕрстгонд цӕуы, дзырд «аздӕхӕг» кӕй нысан кӕны «...кӕмӕйдӕр кӕнӕ цӕмӕйдӕр чи аздӕхт, уый... фӕлитой, гадзрахатӕйцӕуӕг» («Уырыссаг ӕвзаджы ӕмбарынгӕнӕн дзырдуат»).

^ 14 абз. 2 Иоанны 11-ӕм стихы дзырд хэро куыд пайдагонд цӕуы, уый тыххӕй Р. Ленский фыссы: «[Афтӕ] дзырдтой искӕуыл фембӕлгӕйӕ кӕнӕ хӕрзбон дзургӕйӕ... Ам йӕ мидис у ахӕм: йӕ динмӕ адӕмы чи здахы, уыдонӕн ахӕм хуызы дӕр ма дӕттут салам! Ӕрмӕст афтӕ кӕнгӕйӕ дӕр уыдзыстут, цы фыдхъуыддӕгты фӕдыл дӕм ӕрбацыд, уыдоны хайадисджытӕ. Иоаннӕн [йӕ хъуыдыйы ис]... цыфӕнды хуызы салам дӕттын дӕр».