Хъуыды кӕн Сфӕлдисӕджы диссаг хъуыддӕгтыл!
Хъуыды кӕн Сфӕлдисӕджы диссаг хъуыддӕгтыл!
«Ӕрлӕуу ма ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтыл» (ИОВ 37:14).
1, 2. 1922 азы цавӕр диссӕгтӕ ссардӕуыд ӕмӕ сӕ чи ссардта, уыдоныл куыд бандӕвтой?
ИУ АРХЕОЛОГ ӕмӕ иу англисаг лорд бирӕ азты дӕргъы иумӕ агуырдтой хӕзнатӕ. Ӕппынфӕстаг, 1922 азы 26 ноябры, Египеты фараонтӕ кӕм ныгӕд сты, уым, зындгонд Паддзӕхты дӕлвӕзы, археолог Хауард Картер ӕмӕ лорд Карнарван ссардтой, сӕ фыдӕбон цӕуыл уыд, уый — фараон Тутанхамоны зӕппадз. Цӕмӕй зӕппадзмӕ бахызтаиккой, уый тыххӕй стыр хуынкъ скодтой. Картер цырагъ бадардта ӕмӕ мидӕмӕ бакаст.
2 Фӕстӕдӕр Картер фыста: «Лорд Карнарван ӕрхъӕрцмӕ куы нал хъӕцыд ӕмӕ мӕ тыхст хъӕлӕсӕй куы афарста: „Исты дзы уыныс?“, зӕгъгӕ, уӕд ын мӕ бон сси ӕрмӕстдӕр уый зӕгъын: „Уынын, диссӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ“». Зӕппадзы бирӕ хӕзнаты ’хсӕн уыдис егъау сыгъзӕрин табӕт. Чи зоны, уыцы «диссӕгтӕй» иуӕй-иутӕ федтай къамты кӕнӕ музейты равдыстыты. О, фӕлӕ музейы цы диссӕгтӕ ис фенӕн, уыдон дӕ цардӕн бынтондӕр ницы ахъаз сты, никуыд ыл ӕндавынц. Уымӕ гӕсгӕ ӕркӕсӕм, дӕ цард ӕнгом баст кӕуыл у ӕмӕ дӕ царды стыр ахадындзинад кӕмӕн ис, уыцы диссаг хъуыддӕгтӕм.
3. Нӕ царды стыр нысаниуӕг цы диссаджы хъуыддӕгтӕн ис, уыдон тыххӕй кӕцӕй ис базонӕн?
3 Ахъуыды ма кӕнӕм, бирӕ ӕнусты размӕ чи цард, ӕмӕ цыфӕнды зындгонд артист, сгуыхт спортсмен ӕмӕ номдзыд политикӕй дӕр фылдӕр хъусдарды аккаг чи у, уыцы адӕймагыл. Уый Скӕсӕны нымад уыд иууыл дзырддзӕугӕдӕр лӕгыл. Ӕвӕццӕгӕн бамбӕрстай, дзырд Иовыл кӕй цӕуы, уый. Библийы чингуытӕй иуы сӕрӕй-кӕронмӕ цӕуы уый кой. Йе ’мдуггаг, ӕвзонг Елиуй, йӕ хӕсыл банымадта Иовы бараст кӕнын. Елиуй загъта, Иов ӕгӕр стыр нысаниуӕг кӕй лӕвӕрдта йӕхицӕн ӕмӕ йӕ алыварс чи уыд, уыдонӕн. Иовы чиныджы 37-ӕм сӕры ис, махӕн дӕр пайда чи уыдзӕн, ахӕм цалдӕр зондджын уынаффӕйы (Иов 1:1—3; 32:1—33:12).
4. Иовы 37:14-ӕм стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Елиуй цӕмӕ ӕрсидт?
4 Иовы ӕртӕ мӕнг хӕлары бирӕ фӕдзырдтой, Иов, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй кӕм фӕрӕдыд, уыдӕттыл (Иов 15:1—6, 16; 22:5—10). Елиуй хӕдӕфсармӕй ӕнхъӕлмӕ каст, цалынмӕ сӕ ныхас нӕ фесты, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ загъта зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ ныхӕстӕ. Йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр раст сты, фӕлӕ дзы сӕйраджыдӕр банысан кӕнын хъӕуы иу: «Байхъус мӕм лӕмбынӕг, Иов. Ӕрлӕуу ма ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтыл» (Иов 37:14).
Уыцы хъуыддӕгтӕ Аразӕг
5. Елиуй Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтӕй кӕцыты кой ракодта?
5 Банысан кӕнын хъӕуы, Елиуй Иовӕн кӕй нӕ загъта, цӕмӕй йӕхимӕ, кӕнӕ Елиуймӕ, йе та ӕндӕр искӕмӕ дардтаид йӕ хъус. Нӕ, зондджын Елиуй загъта Иовӕн — ӕмӕ махӕн дӕр — цӕмӕй нӕ хъус дарӕм Иегъовӕ Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтӕм. Фӕлӕ цы сты «Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтӕ»? Стӕй ма чи зоны зӕгъай, фаг мын нӕу, ме ’нӕниздзинад, цардӕн кӕцӕй цы амал кӕнон, мӕ сомбоныл, мӕ бинонтӕ, ме ’мкусджытӕ ӕмӕ мӕ хиуӕттыл хъуыды кӕнын, Хуыцауы хъуыддӕгтӕм та цӕмӕн хъуамӕ дарон мӕ хъус? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтӕ дзурӕг сты, стыр зонды хицау кӕй у ӕмӕ нӕ алыварс цыдӕриддӕр уынӕм, ӕппӕт уыдӕттыл йӕ бар кӕй цӕуы, ууыл (Нееми 9:6; Псалом 23:1; 103:24; 135:5, 6). Цӕмӕй уый дзӕбӕх бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм Йесо Навины чиныгмӕ.
6, 7. а) Иегъовӕ Моисей ӕмӕ Навины фырт Йесойы заманты цавӕр диссаг хъуыддӕгтӕ сарӕзта? ӕ) Уыцы диссӕгтӕ ды дӕр дӕхи цӕстӕй куы федтаис, уӕд цы хъуыды кодтаис?
6 Иегъовӕ рагон Египетыл ӕруагъта стыр бӕллӕхтӕ ӕмӕ уый фӕстӕ Сырх денджызыл фӕндаг акодта, цӕмӕй йыл Моисей израилӕгты акодтаид ӕмӕ сӕ фервӕзын кодтаид (Рацыд 7:1—14:31; Псалом 105:7, 21, 22). Фӕлӕ ма иу ахӕм хабарыл дзырд цӕуы Йесо Навины чиныджы 3-аг сӕры дӕр. Моисейы фӕдон, Навины фырт Йесо, Хуыцауы адӕмы ӕндӕр цӕугӕдоныл хъуамӕ куы ахизын кодтаид ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ хъуамӕ куы бакодтаид, уӕд сын загъта: «Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ райсом Иегъовӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ сараздзӕн уе ’хсӕн» (Йесо Навин 3:5). Цы уыдысты уыцы диссаджы хъуыддӕгтӕ?
7 Дарддӕр мах кӕсӕм, Иегъовӕ Иорданы дӕттӕ кӕй баурӕдта ӕмӕ йыл мингай адӕм: лӕгтӕ, устытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕй ахызтысты, сӕ къах дӕр не схуылыдз кодтой, афтӕмӕй (Йесо Навин 3:7—17). Доныл фӕндаг куыд байгом ӕмӕ йыл дуне адӕм сӕрибарӕй куыд ахызтысты, уый нӕхи цӕстӕй куы федтаиккам, уӕд ӕй цымӕ диссаг хъуыддаг не схуыдтаиккам? Уыцы цау ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хуыцауӕн йе сфӕлдыстадыл йӕ бар ӕххӕстӕй кӕй цӕуы. О, фӕлӕ ахӕм диссаг хъуыддӕгтӕ цӕуы абон — нӕ рӕстӕджы — дӕр. Цӕй уӕдӕ Иовы 37:5—7-ӕм стихты ӕркӕсӕм уыцы диссӕгтӕй цалдӕрмӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ хъус сӕм лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ дарӕм, ууыл.
8, 9. Иовы 37:5—7-ӕм стихты цавӕр диссаджы хъуыддӕгты кой цӕуы ӕмӕ сыл мах та цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын?
8 Елиуй загъта: «Хуыцауы хъӕлӕс нӕры диссаджы хуызы, уый аразы, нӕ бон бамбарын кӕй нӕу, ахӕм стыр хъуыддӕгтӕ». Елиуй афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау «диссаджы хуызы» архайы, уӕд цавӕр хъуыддӕгты кой кодта? Ӕвӕццӕгӕн мит ӕмӕ тӕрккъӕвдайы кой. Мит кӕнӕ-иу къӕвда куы уарыд, уӕд-иу зӕхкусӕгӕн йӕ бон нӕ уыд зӕххы куыст кӕнын. Уый йын лӕвӕрдта рӕстӕг ӕмӕ фадат Хуыцауы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнынӕн. Чи зоны мах зӕххы куыст нӕ кӕнӕм, фӕлӕ къӕвда ӕмӕ мит, гӕнӕн ис, махыл дӕр ӕндавой. Уыцы ӕрдзон фӕзындтӕ нын нӕ уавӕртӕ цас къуындӕг кӕнынц, уый баст у, кӕм цӕрӕм, ууыл. Уыцы диссӕгтӕ чи аразы ӕмӕ цы нысан кӕнынц, ууыл ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм? Ды сыл искуы фӕхъуыды кӕныс?
9 Цымыдисаг у, Иовы чиныджы 38-ӕм сӕры куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Иегъовӕ Хуыцау йӕхӕдӕг дӕр ахӕм фарстытӕ кӕй дӕтты, уый. Иегъовӕ Иовмӕ дӕтты, арф хъуыды кӕй мидӕг ис, ахӕм фарстытӕ. Кӕд не Сфӕлдисӕг уыцы фарстытӕ комкоммӕ Иовмӕ радта, уӕддӕр хауынц махмӕ дӕр: нӕ зондахастмӕ, нӕ абоны цардмӕ ӕмӕ нӕ сомбонмӕ. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, цавӕр фарстытӕ дӕтты Хуыцау ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕнды. Иудзырдӕй, Иовы 37:14-ӕм стих нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны, уый бакӕнӕм.
10. Иовы чиныджы 38-ӕм сӕры цы фыст ис, уый ныл куыд хъуамӕ ӕндава ӕмӕ дзы цавӕр фарстытӕ ӕвӕрд цӕуы?
10 Иовы чиныджы 38-ӕм сӕр райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Иегъовӕ Иовӕн дзуапп радта уадтымыгъӕй ӕмӕ загъта: „Уынаффӕ йе ’нӕсӕрфат ныхӕстӕй чи зыгъуыммӕ кӕны, уый чи у? Дӕ хорзӕхӕй, ӕцӕг лӕгау ма ӕрбалвас дӕ астӕу, ӕмӕ дӕ цӕмӕй фӕрсон, уымӕн мын дзуапп дӕтт“» (Иов 38:1—3). Уый уыд разныхас. Уыцы ныхӕстӕ Иовӕн хъуамӕ баххуыс кодтаиккой, Дунескӕнӕджы раз кӕй лӕууыд ӕмӕ йӕ уымӕн кӕй хъуыд дзуапп дӕттын, уый бамбарынӕн. Ӕмӕ ацы хъуыды тынг ахсджиаг у махӕн дӕр, стӕй не ’мдуг адӕмӕн дӕр. Уый фӕстӕ Хуыцау Иовӕн йӕ хъус ӕрдардта, Елиуй цы хъуыддӕгты кой ракодта, уыдонмӕ. «Зӕххӕн бындур куы ӕвӕрдтон, уӕд ды кӕм уыдтӕ? Кӕд ӕй зоныс, уӕд мын ӕй зӕгъ. Йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх чи сбӕрӕг кодта, кӕнӕ йын арӕнтӕ чи скодта, уый зоныс? Цӕуыл лӕууы кӕнӕ йын фисыны дур чи сӕвӕрдта?» (Иов 38:4—6).
11. Иовы 38:4—6-ӕм стихтӕ нын нӕ иумӕйаг стыр хӕдзары тыххӕй цы ӕмбарын кӕнынц?
11 Кӕм уыди Иов — кӕм уыдыстӕм мах не ’ппӕтдӕр — зӕхх куы фӕзынд, уӕд? Цымӕ адӕймаг уыд зӕххы архитектор, йе та йе ’ххуысгӕнӕг, адӕймаг сбӕрӕг кодта, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх цас хъуамӕ уыдаиккой, уый? Кӕцӕй! Уӕд адӕймагӕн йӕ кой дӕр нӕма уыди. Зӕхх цыма егъау бӕстыхай у, уыйау Хуыцау бафарста: «Чи йын сӕвӕрдта йӕ фисыны дур?» Куыд зонӕм, афтӕмӕй зӕхх хурӕй растдӕр ахӕм дӕрддзӕджы ис, нӕ бон ыл цӕрын куыд уа. Уӕдӕ йӕ гуырахст дӕр у иттӕг раст. Зӕхх бирӕ стырдӕр куы уыдаид, уӕд донгуыр тӕфӕн нӕ атмосферӕйӕ ацӕуӕн нӕ уыдаид ӕмӕ нӕ планетӕйыл адӕймагӕн йӕ бон цӕрын не суыдаид. Куыд уынӕм, афтӕмӕй зӕххӕн йӕ «фисыны дур» чидӕр сӕвӕрдта, растдӕр кӕм хъуыди, уым. Фӕлӕ чи у уыцы чидӕр? Мыййаг Иов? Науӕд мах? Ӕви кӕд Иегъовӕ Хуыцау? (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:19; Иереми 10:12).
Чи ратдзӕн дзуапп?
12. Иовы 38:6-ӕм стихы цы фарста лӕвӕрд цӕуы, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?
12 Хуыцау ма ахӕм фарст дӕр радта: «Цӕуыл лӕууы?» Хорз фарста у, нӕ? Иовӕй хъауджыдӕр мах зонгӕ стӕм ахӕм ӕмбарынадимӕ, куыд химӕлвасынады тых. Махӕй бирӕтӕ зонынц, хур тынг уӕззау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ тынг стыр тыхӕй йӕхимӕ кӕй ӕлвасы зӕхх ӕмӕ уый фӕрцы нӕ планетӕ кӕй лӕууы йӕ бынаты, уый. Фӕлӕ химӕлвасынады тых цы у, уый нӕ кӕронмӕ чи ӕмбары?
13, 14. а) Химӕлвасынады тыхыл дзургӕйӕ цӕуыл хъуамӕ сразы уӕм? ӕ) Иовы 38:6-ӕм стихы цӕй кой цӕуы, уый нӕ хъуамӕ цӕмӕ разӕнгард кӕна?
13 Ӕрӕджы рацыд чиныг «Ӕмбӕрстгонд Дун-дуне» ӕмӕ уым дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «ӕрдзы мидӕг химӕлвасынады тых у иууыл зындгонддӕр, фӕлӕ иууыл ӕнӕмбӕрстдӕр фӕзынд». Уыцы чиныджы ма ис ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Афтӕ зыны, цыма химӕлвасынады тых афтид тыгъдады апырх вӕййы цӕстыфӕныкъуылдмӕ, стӕй уый ахӕм хуызы ӕрцӕуы, ӕмӕ йын бамбарынгӕнӕн нӕй. Фӕлӕ фӕстаг азты физиктӕ ахӕм гипотезӕ раразмӕ кодтой, зӕгъгӕ, химӕлвасынады тых апырх вӕййы уылӕнтау, уыцы уылӕнтӕ та конд сты гыццыл мур хӕйттӕй — гравитонтӕй... Ӕрмӕст уыцы гыццыл хӕйттӕ ӕцӕгдӕр сты ӕви нӕ, уый йӕ бон фидарӕй никӕмӕн у зӕгъын». Ахъуыды ма кӕн, ацы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, ууыл.
14 Хуыцау уыцы фарстытӕ Иовмӕ куы радта, уый фӕстӕ зонад размӕ цыд 3 000 азы дӕргъы. Фӕлӕ махӕн дӕр ӕмӕ зындгонд физиктӕн дӕр сӕ бон нӕу кӕронмӕ бамбарын кӕнын, Зӕхх йӕ ӕмбӕлон бынаты чи уромы ӕмӕ йыл адӕмӕн цӕрыны фадат чи дӕтты, уыцы химӕлвасынады тых (Иов 26:7; Исай 45:18). Амӕй нӕ уый зӕгъын нӕ фӕнды, кӕй хъуамӕ сбадӕм ӕмӕ химӕлвасынады тыхы ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ райхалыныл архайӕм. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтӕй ӕрмӕст иумӕ дӕр нӕ хъус куы ӕрдарӕм, уӕд Хуыцаумӕ нӕ ахаст ӕнӕмӕнг фӕива. Йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтыл хъуыды кӕнгӕйӕ, йӕ разы куыд ницы стӕм ӕмӕ нӕ йӕ фӕндоны тыххӕй фылдӕр цӕмӕн хъӕуы базонын, уый нӕ бамбарӕм?
15—17. а) Иовы 38:8—11-ӕм стихты цӕй кой цӕуы ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры? ӕ) Стыр денджызты тыххӕй, науӕд уыдон зӕххы къорийыл куыд ӕвӕрд сты, уый тыххӕй адӕймаг цас зоны?
15 Сфӕлдисӕг дарддӕр дӕтты фарстытӕ: «Чи ӕрӕхгӕдта денджызӕн йӕ фӕндаг, арф кӕцӕйдӕр куы сгуылф кодта ӕмӕ фӕйнӕрдӕм куы Иов 38:8—11).
акалд; мигътӕ йын дарӕсӕн куы радтон ӕмӕ йӕ хӕцъилты тухӕгау талынджы куы стыхтон, арӕнтӕ йын куы сӕвӕрдтон, гӕрӕн ӕмӕ йын дуӕрттӕ куы скодтон, ӕмӕ йын куы загътон: „Айонг у дӕ бон кӕлын, фӕлӕ ардыгӕй дарддӕр нӕ; ам ӕвӕрд цӕуы арӕн дӕ абухгӕ уылӕнтӕн“?» (16 Денджызы фӕндаг ӕхгӕд ӕрцыд, сур зӕххы егъау тъӕпӕнтӕй ӕмӕ океантӕй, стӕй ма ӕрбафӕйлыдтӕ ӕмӕ афӕйлыдтӕй дӕр. Ӕппӕт уыдӕттӕм адӕймаг йӕ хъус цас дары ӕмӕ сӕ цас ахуыр кӕны? Миназты дӕргъы, уӕлдай тынгдӕр та фӕстаг ӕнусы. Куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд абон адӕймаг алцыдӕр хъуамӕ зонид уый тыххӕй. Фӕлӕ ацы аз, 2001 азы, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы фарстытӕ раиртасынмӕ куы радтис, дунейы стырдӕр кӕсӕндӕтты кӕнӕ Интернеты цы бирӕ ӕрмӕг ис, уый ахуыр кӕныныл куы ӕрбадис, уӕд цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцӕуис?
17 Иу зындгонд бӕрӕгуаты дзырдӕуы: «Сурзӕххы стыр тъӕпӕнтӕ (дӕлвӕзтӕ) ӕмӕ океанты дӕттӕ зӕххы къорийы уӕлцъарыл куыд ӕвӕрд сты, уый дӕр ӕмӕ сурзӕххы сӕйраг кӕройнаг хӕххытӕ дӕр бирӕ рӕстӕджы дӕргъы тынг цымыдис кӕнынц зонадон кусджыты: уадзынц иртасӕнтӕ ӕмӕ размӕ кӕнынц алыхуызон теоритӕ». Уый фӕстӕ энциклопедийы лӕвӕрд цӕуы цыппар, гӕнӕн кӕмӕн ис, ахӕм хъуыдыйы, фӕлӕ дзы уыимӕ дзырдӕуы, зӕгъӕ, уыдон сты «цы бирӕ гипотезӕтӕ ис, уыдонӕй цалдӕр». Ӕмӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй гипотезӕ та «ӕнхъӕлцы бындурыл цы хатдзӕг саразынц, уый йедтӕмӕ ницы у».
18. Иовы 38:8—11-ӕм стихты цы фыст ис, уый дӕ цавӕр хатдзӕг скӕнынмӕ разӕнгард кӕны?
18 Цымӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Иовы 38:8—11-ӕм стихты цы фарстытӕ бакастыстӕм, уыдон абон дӕр ахсджиаг кӕй сты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ планетӕйыл сур зӕхх ӕмӕ океантӕ мах фӕрцы не сты афтӕ ӕвӕрд. Уӕдӕ Мӕй дӕр мах нӕ сӕвӕрдтам афтӕ, цӕмӕй йӕ химӕлвасынады тых ӕвзӕрын кӕна денджызы ӕрбафӕйлыдтӕ ӕмӕ афӕйлыдтӕ, стӕй ӕрбафӕйлыдты рӕстӕджы фылдӕр хатт, адӕмы цӕрӕнбынӕттӕ доны бын нӕ фӕвӕййынц. Мах зонӕм, уыцы диссаджы хуыддӕгтӕ Чи скодта, уый (Псалом 32:7; 88:10; Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:29; Куыстытӕ 4:24; Раргомад 14:7).
Иегъовӕйӕн ӕмбӕлы кад
19. Иовы 38:12—14-ӕм стихты поэтикон ныхӕстӕ нӕ цавӕр ӕрдзон фӕзындтыл ахъуыды кӕнынмӕ разӕнгард кӕнынц?
19 Иовы 38:12—14-ӕм стихты куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Зӕхх йӕ сӕмӕны алыварс кӕй зилы, уый дӕр адӕймаджы сгуыхтдзинад нӕу. Фӕлӕ уый фӕрцы алы райсом дӕр скӕсы хур. Уый фӕрцы фӕзыны, арӕх адӕймаджы цӕст кӕсынӕй кӕмӕ нӕ фефсӕды, ахӕм рӕсугъд сӕуӕхсидтӕ. Хур куы стулы, уӕд зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон ирдӕй разынынц, раст ӕлыгыл джипп йӕ фӕд куыд ныууадзы ӕмӕ йӕ уӕзӕй йӕ конд куыд фӕивы, афтӕ. Зӕхх куыд зилы, ууыл иу-гыццыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕддӕр дисы бахаудзыстӕм, ӕгӕр тагъд дӕр кӕй нӕ зилы ӕмӕ ӕгӕр сындӕг дӕр; науӕд бон ӕмӕ ӕхсӕв уыдаиккой бирӕ даргъдӕр ӕмӕ фыртӕвд кӕнӕ фыруазалӕй адӕймагӕн йӕ бон зӕххыл цӕрын нӕ уыдаид. Зӕхх цы тагъдадӕй зилы, уый адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сфидар кодта, уымӕй бузныг не стӕм? (Псалом 148:1—5).
20. Иовы 38:16, 18-ӕм стихты цы фарстытӕ лӕвӕрд цӕуы, уыдонӕн цавӕр дзуапп радтис?
20 Ныр та дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цымӕ дарддӕр Хуыцау Иовы нал фӕрсы, фӕлӕ дӕу: «Искуы денджызы гуырӕнтӕ кӕм сты, уым уыдтӕ, кӕнӕ искуы доны арфытӕ агурӕг цыдтӕ?» Денджызты сконд цы ахуыргӕндтӕ иртасынц, уыдонӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕу ацы фарстытӕн ӕххӕст дзуапп радтын! «Зӕххыл кӕрӕй-кӕронмӕ мыййаг ӕрзылдтӕ? Кӕд уыдӕттӕ зоныс, уӕд ма сӕ радзур» (Иов 38:16, 18). Ӕгас зӕххы къорийыл, йе та йӕ фылдӕр хайыл, мыййаг, ӕрзылдтӕ ӕмӕ йӕ сахуыр кодтай? Цӕмӕй зӕххыл цы алӕмӕты бынӕттӕ ӕмӕ цы бирӕ диссӕгтӕ ис, уыдон адӕймагӕн йӕ бон фенын ӕмӕ ахуыр кӕнын суа, уый тыххӕй йӕ цымӕ цал хатты бахъӕуид ногӕй райгуырын ӕмӕ фӕцӕрын? Ехх, ӕмӕ цӕй диссаг уаид уыцы рӕстӕг!
21. а) Иовы 38:19-ӕм стихы цы фарстытӕ лӕвӕрд цӕуы, уыдоны тыххӕй ахуыргӕндтӕм цавӕр алыхуызон хъуыдытӕ ис? ӕ) Рухсы тыххӕй цы зонӕм, уый нӕ хъуамӕ цӕмӕ разӕнгард кӕна?
Иовы 38:19-ӕм стихы цы арфхъуыдыджын фарстытӕ цӕуы лӕвӕрд, уыдонмӕ дӕр: «Кӕм ис рухсы цӕрӕнбынатмӕ фӕндаг? Кӕм ис талынджы бынат та?» Ӕвӕццӕгӕн зондзынӕ, ахуыргӕндтӕ дзӕвгар рӕстӕджы дӕргъы афтӕ кӕй хъуыды кодтой, ӕмӕ, дам, рухс алырдӕм апырх вӕййы, цадыл уылӕнтӕ рогӕзмӕлгӕйӕ куыд афӕйлауынц, афтӕ. Фӕстӕдӕр, 1905 азы, Альберт Эйнштейн раразмӕ кодта ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, рухс змӕлы энергийы хицӕн кӕнӕ чысыл хӕйттау. Цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Ӕрӕджыйы уагъд энциклопедийы лӕвӕрд цӕуы фарста: «Цы у рухс — уылӕн ӕви чысыл хай?» Уым лӕвӕрд цӕуы ацы фарстӕн дзуапп дӕр: «Куыд зыны, афтӕмӕй нӕй гӕнӕн, цӕмӕй [рухс] уыцы иурӕстӕджы сӕ иу дӕр уа ӕмӕ иннӕ дӕр [уылӕнтӕ дӕр ӕмӕ чысыл хӕйттӕ дӕр], уымӕн ӕмӕ ӕгӕр алыхуызӕттӕ сты. Растдӕр уаид зӕгъын, рухс сӕ иу дӕр кӕй нӕу ӕмӕ се ’ннӕ дӕр». Уӕдӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу Хуыцауы хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ бамбарын кӕнын. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ хур тавы (кӕм комкоммӕ, кӕм та йӕ хъарммӕ цы бӕлӕстӕ сырӕзынц, уыдоны руаджы). Зайӕгойтӕ рухсмӕ сӕхи кӕй ивазынц, кӕй йӕ уарзынц, уый фӕрцы нын ис хӕринаг ӕмӕ туаггуыр улӕфынӕн. Уымӕй дарддӕр нӕ бон у чингуытӕ кӕсын, кӕй уарзӕм, уыдоны цӕсгӕмттӕ уынын, хурныгуылдтыл цин кӕнын ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Цымӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтыл дзурӕг не сты? (Псалом 103:1, 2; 144:5; Исай 45:7; Иереми 31:35).
21 Ӕркӕс ма22. Раджы заманы цӕрӕг Давидӕн Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтӕм цавӕр ахаст уыди?
22 Цымӕ нӕ Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнын ӕрмӕстдӕр уымӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ныл тас ӕфтауой ӕмӕ йӕ разы зыр-зыр кӕнӕм? Бынтон афтӕ нӕу. Рагзаманы цӕрӕг псаломзарӕггӕнӕг Давид зыдта, Хуыцауы ӕппӕт диссӕгтӕн бамбарӕн дӕр кӕй нӕй ӕмӕ сӕ бамбарынгӕнӕн дӕр. «Бирӕ сарӕзтай Ды, Хицау, мӕ Хуыцау: Дӕ диссӕгты... тыххӕй... фӕндыдаид мӕн амонын ӕмӕ дзурын: фӕлӕ уыдон фылдӕр сты нымӕцӕй»,— фыста Давид (Псалом 39:6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы ныхӕстӕ уый нӕ нысан кӕнынц, ӕмӕ Давид бынтондӕр нӕ дзырдтауыцы стыр хъуыддӕгты тыххӕй. Йӕ зӕрдиаг бӕллиц ирдӕй зыны Псалом 9:2-ӕм стихы: «Дӕу кадджын кӕндзынӕн, Хицау, мӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, Дӕ диссӕгтӕ ӕппӕт хъусын кӕндзынӕн».
23. Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтӕ дыл куыд ӕндавынц ӕмӕ дӕ бон иннӕтӕн баххуыс кӕнын куыд у?
23 Махмӕ дӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ не ’взӕры? Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтӕ нӕ хъуамӕ ма разӕнгард кӕной, цӕмӕй дзурӕм, цавӕр Хуыцау у, цы сарӕзта ӕмӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй? Дзуапп бӕрӕг у — мах хъуамӕ «хъусын кӕнӕм Йӕ кад адӕмты ’хсӕн, ӕппӕт адӕмыхӕттыты ’хсӕн Йӕ диссӕгтӕ!» (Псалом 95:3—5). Хуыцауӕй йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисдзыстӕм, Хуыцауы тыххӕй цы базыдтам, уый иннӕтӕн куы дзурӕм, уымӕй. Ӕмӕ кӕд, Сфӕлдисӕгыл кӕм не ’ууӕндынц, ахӕм адӕмы ’хсӕн схъомыл сты, уӕддӕр сӕ нӕ зӕрдӕбын ныхас ӕмӕ ахадгӕ бӕлвырдгӕнӕнты руаджы, гӕнӕн ис, ӕмӕ бафӕнда Хуыцауы базонын. Стӕй ма сӕ, чи зоны, сразӕнгард кӕна, «ӕппӕтдӕр [чи] сфӕлдыста», уый — диссӕгтӕ Аразӕг Иегъовӕйы — тыххӕй ӕрмӕст фылдӕр базонынмӕ нӕ, фӕлӕ ма йын лӕггад кӕнынмӕ дӕр (Раргомад 4:11).
Цавӕр дзуапп радтис?
• Иовы 37:14-ӕм стих дӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕй кӕцытыл хъуыды кӕнынмӕ разӕнгард кӕны?
• Иовы чиныджы 37 ӕмӕ 38-ӕм сӕрты цы хъуыддӕгты кой цӕуы, уыдонӕй ахуыргӕндтӕн сӕ бон кӕронмӕ кӕцытӕ нӕу бамбарын кӕнын?
• Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтӕ дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кӕнынц ӕмӕ дӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнынц?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 7 фарсыл]
Чи ӕрӕхгӕдта денджызӕн йӕ фӕндаг, ацы бынатӕй йӕ дарддӕр чи нӕ ауагъта?
[Ныв 7 фарсыл]
Хуыцау зӕххыл цы алӕмӕты бынӕттӕ скодта, уыдон се ’ппӕт дӕр йӕхи цӕстӕй чи федта, цымӕ ахӕм адӕймаг ис?