Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цин кӕн амондджын Хуыцауимӕ

Цин кӕн амондджын Хуыцауимӕ

Цин кӕн амондджын Хуыцауимӕ

«О ӕфсымӕртӕ, цин кӕнут... ӕмӕ уарзондзинад ӕмӕ фарны Хуыцау уыдзӕн уемӕ» (2 КОРИНФӔГТӔМ 13:11).

1, 2. а) Бирӕтӕн цардӕй сӕ зӕрдӕ цӕуылнӕ рухс кӕны? ӕ) Цы у циндзинад ӕмӕ цӕмӕй цин кӕнӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

АЦЫ тыхст бонты адӕмӕй бирӕтӕ цӕуыл цин кӕной, царды ахӕмӕй ницы уынынц. Адӕмыл исты бӕллӕх куы ӕрцӕуы кӕнӕ сӕ уарзон адӕймаг куы амӕлы, уӕд уыдонмӕ дӕр сӕвзӕры раджы кӕддӕр Иовмӕ цы хъуыдытӕ сӕвзӕрд, ахӕм хъуыдытӕ. «Сылгоймагӕй чи райгуыры, уымӕн йӕ цард цыбыр у ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзары»,— загъта Иов йӕ фыртыхстӕй (Иов 14:1). Царды мӕт ӕмӕ сагъӕстӕй чырыстӕттӕ дӕр хызт не сты, ӕмӕ ацы «уӕззау рӕстӕджыты» диссаг нӕу, Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн дӕр хаттӕй-хатт сӕ ныфс кӕй асӕтты, уый (2 Тимофеймӕ 3:1).

2 Фӕлӕ чырыстӕттӕ цыфӕнды фӕлварӕны дӕр ма бахауой, уӕддӕр сӕ бон у цин кӕнын (Куыстытӕ 5:40, 41). Уымӕн гӕнӕн куыд ис? Уый бамбарынӕн ӕркӕсӕм, циндзинад цы у, уымӕ. Циндзинад нысан кӕны, «адӕймагӕн цы ис кӕнӕ йӕм хорзӕй цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ зӕрдӕ куы рухс кӕна, уый» *. Иугӕр афтӕ у, уӕд нын царды ныридӕгӕн цы ис ӕмӕ нӕм Хуыцауы ног дунейы цы стыр хӕрзиуджытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоныл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цинӕй ма байдзаг уа.

3. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ алы адӕймаджы царды дӕр ис, цӕуыл цин кӕна, ахӕм цыдӕртӕ?

3 Зӕххыл иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕй, царды цӕуыл цин кӕна ӕмӕ бузныг цӕмӕй уа, уый кӕмӕн нӕй. Зӕгъӕм, бинонты дарӕг ӕгуыстӕй баззад. Ай-гъай дӕр мӕт кӕндзӕн. Йӕ зӕрдӕ рисдзӕн, афтӕ тынг кӕй уарзы, уыдон хъуаг куы ӕййафой, ууыл. Фӕлӕ йӕм кӕд хъару ис ӕмӕ рынчын нӕу, уӕд уый стыр арфӕдзинад у ӕмӕ уый тыххӕй бузныг хъуамӕ уа. Куыст куы ссара, уӕд цыфӕнды уӕззау куыст дӕр йӕ бон уыдзӕн бакӕнын. Кӕнӕ зӕгъӕм, чырыстон сылгоймаджы ӕваст ӕрӕлхъывта ӕгъатыр низ. Фӕлӕ уымӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ бузныг уа, йӕ уарзӕгой ӕмбӕлттӕ ӕмӕ бинонтӕ йӕ уӕлхъус кӕй сты ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йӕ низы ныхмӕ фидар лӕууа ӕмӕ йӕхимӕ ма ныхъхъуса, уый тыххӕй. Афтӕ алы ӕцӕг чырыстон дӕр, цыфӕнды уавӕры ма уа, уӕддӕр йӕ бон у цин кӕнын, «амондджын Хуыцау» Иегъовӕйы ӕмӕ «тӕхудиаг ӕмӕ паддзахиуӕггӕнджыты иунӕг тыхджын Паддзах» Йесо Чырыстийы кӕй зоны, ууыл (1 Тимофеймӕ 1:11; 6:15). О, Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ амондджындӕр ничи ис. Кӕд зӕххыл абон уавӕртӕн сӕ фылдӕр Иегъовӕ иууыл райдианы куыд фӕнд кодта, афтӕ не сты, уӕддӕр сӕ циндзинад нӕ фӕкъаддӕр. Уый мах дӕр ахуыр кӕны, цыфӕнды уавӕрты дӕр нӕ бон зӕрдӕрайгӕйӕ цӕрын куыд у, ууыл.

Сӕ циндзинад нӕ фӕкъаддӕр

4, 5. а) Фыццаг дыууӕ адӕймаджы Иегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Иегъовӕ цы бакодта? ӕ) Иегъовӕ ӕппӕт адӕммӕ йӕ ахаст куыд нӕ фӕивта?

4 Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕ хайджын уыдысты ӕххӕст ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕххӕст зондӕй. Хуыцау сын цы куыст бахӕс кодта, уымӕ сӕ зӕрдӕ ради; йе ’ххӕст кӕнынӕн та сын уыди диссаджы уавӕртӕ. Се стырдӕр хӕрзиуӕг та уый уыд, ӕмӕ сӕ бон уыди Иегъовӕимӕ кӕдфӕнды дӕр ныхас кӕнын. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй дарддӕр дӕр афтӕ амондджын уыдаиккой. Фӕлӕ нӕ рагфыдӕлтӕ ӕппӕт уыцы хорздзинӕдтӕй райгонд нӕ уыдысты; «хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй», хӕрыны бар сын кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй адавтой. Уыцы иу хатт кӕй нӕ байхъуыстой, уымӕй фенамонд кодтой сӕ байзӕддӕгты иууылдӕр, уыимӕ абон мах дӕр (Уӕвынад 2:15—17; 3:6; Ромӕгтӕм 5:12).

5 Фӕлӕ кӕд Адам ӕмӕ Евӕ афтӕ ӕбузныг разындысты, уӕддӕр Иегъовӕйӕн йӕ цин нӕ фӕкъаддӕр. Уый фидарӕй зыдта, сӕ байзӕддӕгтӕй иуӕй-иуты уӕддӕр кӕй бафӕнддзӕн ӕнӕмӕнг уымӕн лӕггад кӕнын, уый. Уыцы хъуыддагыл Иегъовӕ афтӕ ӕнӕгуырысхо уыд, ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ фыццаг сывӕллон гуырд дӕр куы нӕ ма уыд, уӕд фехъусын кодта, сӕ байзӕддӕгтӕй коммӕгӕс чи уа, уыдоны кӕй фервӕзын кӕндзӕн! (Уӕвынад 1:31; 3:15). Кӕд ӕнусты дӕргъы адӕмӕн сӕ фылдӕр Адам ӕмӕ Евӕйы зондыл цыдысты ӕмӕ ӕгоммӕгӕс уыдысты, уӕддӕр Иегъовӕ йӕ къух нӕ ауыгъта ӕппӕт адӕмыл. Уый бӕсты йе ’ргом раздӕхта, «йӕ зӕрдӕйӕн ын циндзинад [чи] хаста», чи йӕ уарзта, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ разы раст цы у, уый аразыныл ӕппӕт тыхтӕй чи архайдта, уыцы адӕймӕгтӕм (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11; Дзуттытӕм 6:10).

6, 7. Йесойӕн цыфӕнды уавӕрты дӕр зӕрдӕрухс уӕвынӕн цы ӕххуыс кодта?

6 Цы ис зӕгъӕн Йесойы тыххӕй та, цыфӕнды уавӕры дӕр ын зӕрдӕрухс уӕвынӕн цы ӕххуыс кодта? Уӕларвыл ӕнӕуынгӕ хъомысджын гоймаг куы уыд, уӕд уый йӕ хъус дардта зӕххыл адӕм цы арӕзтой, куыд цардысты, уымӕ. Уыдта сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ, сӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ, фӕлӕ сӕ уӕддӕр уарзта (Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:31). Фӕстӕдӕр зӕхмӕ куы ӕрцыд ӕмӕ адӕмы ’хсӕн куы царди, уӕддӕр сӕм йӕ ахаст нӕ фӕивта (Иоанны 1:14). Хуыцауы ӕххӕст Фыртӕн тӕригъӕдджын адӕммӕ кӕронмӕ ахӕм хорз ахаст дарын йӕ бон цӕй фӕрцы уыд?

7 Фыццаджыдӕр, Йесо йӕхицӕй дӕр ӕмӕ иннӕтӕй дӕр ӕгӕр бирӕ кӕй нӕ домдта, уый фӕрцы. Уый зыдта, адӕм иууыл кӕй нӕ цӕудзысты йӕ фӕдыл (Матфейы 10:32—39). Уымӕ гӕсгӕ-иу Паддзахады уацхъуыд ӕрмӕст иу сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг дӕр куы айста йӕ зӕрдӕмӕ, уӕд-иу ын уый дӕр ӕрхаста стыр циндзинад. Кӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты зондахаст ӕмӕ сӕ кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй кастысты, уый алыхатт иттӕг хорз нӕ уыди, уӕддӕр сӕ уарзта, уымӕн ӕмӕ зыдта, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын сӕ зӕрдӕбынӕй кӕй фӕндыд, уый (Лукайы 9:46; 22:24, 28—32, 60—62). Цымыдисаг у, Йесо йӕ уӕларвон Фыдмӕ куы куывта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм хорзӕй цы уыди, уый дыууӕ ныхасӕй афтӕ бамбарын кодта: «Уыдон Дӕ дзырд сӕххӕст кодтой» (Иоанны 17:6, НФ).

8. Дӕхи ныхӕстӕй зӕгъ, цавӕр хъуыддӕгты у нӕ бон Иегъовӕ ӕмӕ Йесойау цин кӕнын.

8 Махӕй алкӕмӕндӕр ахъаз уаид, Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ нын Йесо Чырысти уыцы хъуыддаджы цы дӕнцӕг ныууагътой, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, хъуыддӕгтӕ мах куыд ӕнхъӕл вӕййӕм, афтӕ куы нӕ фӕцӕуынц, уӕд куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй-иу ӕгӕр ма стыхсӕм ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕйы хуыздӕр фӕзмӕм? Кӕнӕ нын цыфӕнды уавӕртӕм дӕр раст ахаст кӕй ис ӕмӕ нӕхицӕй дӕр ӕмӕ иннӕтӕй дӕр ӕгӕр бирӕ кӕй нӕ домӕм, уымӕй Йесойы къахфӕдтыл цӕуӕм? Ӕркӕсӕм, ацы хъуыдытӕ ӕгас дунейы дӕр зынгзӕрдӕ чырыстӕтты зӕрдӕтӕн зынаргъ цы хъуыддаг у, уым — уацамынды — куыд баххуыс кӕндзысты, уымӕ.

Хъусын кӕныны хъуыддагмӕ — раст цӕстӕнгас

9. Иереми-иу ногӕй цин кӕнын цӕй фӕрцы райдыдта ӕмӕ йӕ дӕнцӕг мах цӕуыл ахуыр кӕны?

9 Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ циндзинад, нӕ къухы цы бафты, ууыл баст хъуамӕ ма уа (Лукайы 10:17, 20). Пехуымпар Иереми азӕй-азмӕ хъусын кодта, адӕм ӕм бынтондӕр кӕм нӕ хъуыстой, ахӕм ран. Адӕм ӕм куыд ӕвзӕр ахаст дарынц, ӕрмӕст ууыл-иу куы хъуыды кодта, уӕд-иу йӕ ныфс асаст (Иереми 20:8). Фӕлӕ-иу цы хабар хъусын кодта, уый куыд хорз ӕмӕ куыд ахсджиаг у, ууыл куы хъуыды кодта, уӕд та-иу йӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Ӕмӕ Иереми Иегъовӕйӕн загъта: «Ссардӕуыд дӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ ӕз бахордтон; ӕмӕ мын дӕ ныхас ӕрхаста циндзинад, мӕ зӕрдӕ дзы барухс; уымӕн ӕмӕ дын дӕ ном хӕссын, о Иегъовӕ» (Иереми 15:16). Ӕцӕгдӕр, Иереми цин кодта, Хуыцауы ныхас хъусын кӕныны бар ын кӕй уыд, ууыл. Ӕмӕ махӕн дӕр у нӕ бон ууыл цин кӕнын.

10. Адӕмӕй нӕм ныртӕккӕ куы ничи хъуса, уӕддӕр нын зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

10 Суанг адӕмӕн сӕ фылдӕр куы нӕ исой хорз уацхъуыд, уӕддӕр нын нӕ лӕггаддзинады ис, цӕуыл цин кӕнӕм, бирӕ ахӕм цыдӕртӕ. Ӕрхъуыды ма кӕн, Иегъовӕ фидарӕй зыдта, адӕмӕй иуӕй-иуты ӕнӕмӕнг кӕй фӕнддзӕн уымӕн лӕггад кӕнын, уый. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ фидарӕй уырна, кӕмдӕр иуӕй-иутӕ уӕддӕр кӕй бамбардзысты, адӕймагыл чи хъуамӕ къухдариуӕг кӕна, дзырд ууыл кӕй цӕуы, уый, ӕмӕ Паддзахады уацхъуыд кӕй райсдзысты. Хъуамӕ ма нӕ зӕрдыл дарӕм, адӕмы цард, сӕ уавӕртӕ кӕй ивынц, уый дӕр. Йӕхицӕй ныфсджын чи у, уыдоныл дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы исты стыр бӕллӕх куы ӕрцӕуы кӕнӕ цъысымы куы бахауынц, уӕд сӕ фылдӕр сӕ царды нысан цы у, ууыл хъуыды кӕнын райдайынц. Ахӕм адӕм «сӕ монон домӕнтӕ» ӕмбарын куы райдайынц, уӕд сын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ уыдзынӕ? (Матфейы 5:3, НД). Уымӕ гӕсгӕ, кӕм хъусын кӕныс, уым алыхатт дӕр уыдзӕн, иннӕ хатт куы бацӕуай, уӕд хорз уацхъуыдмӕ байхъусынмӕ цӕттӕ чи уа, ахӕм адӕймаг!

11, 12. Иу гыццыл горӕты цавӕр цау ӕрцыд ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

11 Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ кӕм хъусын кӕнӕм, уым фӕзыны ӕндӕр цӕрджытӕ дӕр. Цӕвиттон, иу гыццыл горӕты иу бинонтау ӕнгомӕй цардысты ӕвзонг ӕмкъӕйттӕ сӕ сывӕллӕттимӕ. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ-иу сӕм куы ӕрбацыдысты, уӕд-иу цыма ӕмдзырд бакодтой, уыйау сын алы дуары раз дӕр дзырдтой: «Нӕ, нӕ хъӕуы!» Искуы-иу дзы иу кӕйдӕр куы фӕндыд Паддзахады тыххӕй базонын, уӕддӕр-иу ын йӕ сыхӕгтӕ уайтагъд «йӕ хъуын ацахтой», цӕмӕй Ӕвдисӕнтимӕ дыккаг хатт мауал фембӕлдаид. Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕнцон нӕ уыд ахӕм бынаты хъусын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр Ӕвдисӕнтӕ сӕ хъуыддаг нӕ ныууагътой, дарддӕр сын хъусын кодтой. Цымӕ уый исты хорз тыллӕг ӕрхаста?

12 Дзӕвгар рӕстӕг рацыд, уыцы бинонты сывӕллӕттӕй бирӕтӕ сыстыр сты, устытӕ ӕрхастой, чындзы ацыдысты, ӕмӕ уыдон дӕр уым ӕрцардысты. Цы цардвӕндаг равзӕрстой, уый сын ӕцӕг амонд кӕй не ’рхаста, уый ӕмбаргӕйӕ, уыцы ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕцӕгад агурын райдыдтой. Ӕмӕ йӕ аргӕ дӕр скодтой, Ӕвдисӕнтӕ цы хорз уацхъуыд хъусын кӕнынц, уымӕ куы байхъуыстой ӕмӕ йӕ сӕ зӕрдӕмӕ куы айстой, уӕд. Уыйадыл уыцы горӕты цы гыццыл ӕмбырд уыди, уый бирӕ азты фӕстӕ рӕзын райдыдта. Ахъуыды ма кӕн, чи нӕ басаст, Паддзахады уыцы хъусынгӕнджытӕ куыд цин кодтаиккой! Уадз, Хуыцауы диссаджы Паддзахады уацхъуыд ӕнӕрынцойӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый циндзинад хӕссӕд махӕн дӕр!

Ӕмчырыстӕттӕ уыдзысты дӕ ныфс

13. Нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд ӕххуыс кӕмӕ фӕагурӕм?

13 Ныхмӕлӕуд куы стыхджын вӕййы кӕнӕ дыл исты бӕллӕх куы ӕрцӕуы, уӕд кӕм ис удӕнцой ссарӕн? Ахӕм уавӕрты ӕгас зӕххы къорийыл Иегъовӕйы ӕнувыд лӕггадгӕнджытӕ ӕххуыс, фыццаджыдӕр, фӕагурынц Иегъовӕмӕ, стӕй та сӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕхӕдӕг дӕр тынг аргъ кодта йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕххуысӕн. Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мемӕ уыдыстут мӕ фыдӕбӕтты рӕстӕг» (Лукайы 22:28). Бӕгуыдӕр, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнӕххӕст уыдысты, фӕлӕ сӕ иузӕрдиондзинад стыр ныфс уыди Хуыцауы Фыртӕн. Цӕй ӕмӕ махӕн дӕр не ’мчырыстӕттӕ уӕнт нӕ ныфс.

14, 15. Иу бинонтӕн сӕ лӕппуйы мӕлӕт сфӕразынӕн цы баххуыс кодта ӕмӕ уыцы цау дӕу цӕуыл ахуыр кӕны?

14 Чырыстон къай Мишел ӕмӕ Дианӕ сӕхиуыл бавзӕрстой, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты ӕххуыс куыд ахъаз у, уый. Сӕ 20-⁠аздзыд лӕппу Жонатанӕн, рӕсугъд фӕндтӕ йӕ базыртыл кӕй хастой, ахӕм цардбӕллон чырыстонӕн йӕ сӕрымагъзы ссардтой рак. Дохтыртӕ сӕхи хъардтой йӕ фервӕзын кӕныныл, фӕлӕ йӕ уавӕр ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр кодта, ӕмӕ йын иу бон фӕссихор ӕгъатыр мӕлӕт йӕ цард ахаста. Мишел ӕмӕ Дианӕйыл хур баталынг. Уыдон зыдтой, уыцы изӕр цы Лӕггаддзинады фембӕлд фӕцӕуы, уый фӕудмӕ бирӕ кӕй нал хъуыд. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ тынг тыхстысты, ӕмӕ семӕ цы хистӕр нӕлгоймаг уыд, уымӕн загътой цӕмӕй семӕ Паддзахады залмӕ ацӕуа. Ӕрхӕццӕ сты, ӕмбырды Жонатаны мӕлӕты хабар куы фехъусын кодтой, уӕд. Куыддӕр фембӕлд фӕци, афтӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ӕрӕмбырд сты мастӕфхӕрд ныййарджыты алыварс; чи сӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта, чи та сӕ рӕвдыд ныхасӕй сабыр кодта. Дианӕ дзуры: «Залмӕ куы ӕрхӕццӕ стӕм, уыцы уысм нӕм цӕрын дӕр нал цыд, фӕлӕ нӕ куыд тынг бафидар кодтой не ’фсымӕртӕ, цӕй стыр ныфс нӕ бауагътой! Кӕд сӕ бон нӕ уыд, ӕмӕ нын нӕ дудгӕбон ферох кӕнын кодтаиккой, уӕддӕр нын баххуыс кодтой уыцы стыр мастӕн быхсынӕн!» (Ромӕгтӕм 1:11, 12; 1 Коринфӕгтӕм 12:21—26).

15 Уыцы ӕнамонд хабар Мишел ӕмӕ Дианӕйы феввахсдӕр кодта се ’фсымӕртӕм. Фенгомдӕр сты сӕ кӕрӕдзимӕ дӕр. «Нӕ дудгӕбон мӕ сахуыр кодта мӕ уарзон бинойнагыл ноджы тынгдӕр аудын. Тынг зын нын куы вӕййы, уӕд кӕрӕдзийӕн фӕдзурӕм Библийы ӕцӕгады тыххӕй ӕмӕ нӕ Иегъовӕ куыд фидар кӕны, ууыл»,— загъта Мишел. «Паддзахады ныфс нын ныр ноджы зынаргъдӕр у»,— йӕ ныхӕстӕм ын бафтыдта Дианӕ.

16. Истӕуыл куы фӕтыхсӕм, уӕд нӕ уый тыххӕй не ’фсымӕртӕн, ӕнӕмӕнг, цӕмӕн хъӕуы дзурын?

16 О, зын сахат нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ӕрбалӕууынц «не ’нцой» ӕмӕ се ’ххуысы фӕрцы нӕ фесӕфы нӕ циндзинад (Колоссӕгтӕм 4:11, НД). Ӕцӕг, нӕ хъуыдытӕ кӕсын сӕ бон нӕу ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, истӕуыл куы фӕтыхсӕм, уӕд-иу сын нӕхӕдӕг куы зӕгъиккам уый тыххӕй. Уӕд нын не ’фсымӕртӕ цыфӕнды гыццыл ӕххуыс ма бакӕной, уӕддӕр сӕ стыр бузныг уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ нымайдзыстӕм, цыма нӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг бафидар кодта, афтӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:25; 17:17).

Дӕ цӕст ахӕсс де ’мбырдыл

17. Йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, иу ахӕм мад цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы ӕмӕ нын ахӕм адӕймӕгтӕм цавӕр ахаст ис?

17 Де ’муырнджытимӕ цас хӕстӕгдӕр зонгӕ кӕнай, уыйас дын уыдзысты зынаргъдӕр ӕмӕ дын ӕхсызгондӕр уыдзӕн семӕ. Ахӕсс ма дӕ цӕст де ’мбырдыл. Кӕй дзы уыныс? Уыныс дзы, йӕ сывӕллӕтты ӕцӕгады фӕндагыл сӕвӕрыныл иунӕгӕй чи архайы, ахӕм ныййарӕджы? Уыцы хо цы диссаджы дӕнцӕг ӕвдисы, ууыл искуы арф хъуыды кодтай? Ахъуыды ма кӕн, цас зындзинӕдтӕ ӕвзары. Иу ахӕм мад, Женин, зӕгъгӕ, банысан кодта ахӕм зындзинӕдтӕ: арӕх йӕхи бынтон иунӕг кӕй фӕхаты, куысты йӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕфсарм дзырдӕппарӕнтӕ кӕй фӕкӕнынц ӕмӕ ӕдзух йӕ къухтӕм ӕмхасӕнтӕ кӕй кӕны, уый. Фӕлӕ йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй йе стырдӕр катай у, йӕ сывӕллӕттӕ рӕвдыдцух цӕмӕй ма уой, ӕмӕ уый та ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ сӕ алкӕйы зӕрдӕмӕ дӕр хицӕн дӕгъӕл хъӕуы. Женин ма загъта ӕндӕр зындзинады тыххӕй дӕр: «Мӕнӕн ӕцӕг фӕлварӕн у, цӕмӕй мӕ лӕппуйы хӕдзары хицауы бынаты ма ӕвӕрон, уымӕн ӕмӕ мӕ нӕ фӕфӕнды, сӕрыхицау мын кӕй нӕй, уый хатын. Ис ма мын чызг дӕр, ӕмӕ мӕ арӕх айрох вӕййы, мӕ сӕгъӕстӕ уымӕн кӕй ма хъуамӕ кӕнон, мӕ уды рис ын йе ’ккой кӕй ма хъуамӕ ӕвӕрон, уый». Хуыцауы ӕфсарм кӕмӕ ис, ахӕм мингай иунӕг ныййарджытау Женин дӕр кусы ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ма уыимӕ ӕххӕссы йӕ хӕдзары куыстытыл дӕр. Стӕй канд уыдӕттӕ нӕ, фӕлӕ ма йӕ сывӕллӕттимӕ ахуыр кӕны Библи, семӕ вӕййы хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ кӕны ӕмбырды фембӕлдтӕм (Ефесӕгтӕм 6:4). Ахъуыды ма кӕн, Иегъовӕ, ахӕм бинонтӕ йын стыр зындзинӕдты дӕр иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый куы фӕуыны, уӕд куыд фӕцин кӕны! Не ’хсӕн ахӕм адӕймӕгтӕ кӕй ис, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд цымӕ мах зӕрдӕтӕ дӕр цинӕй нӕ байдзаг вӕййынц? Ӕнӕмӕнг.

18, 19. Цӕмӕй не ’мбырды уӕнгтӕн тынгдӕр аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй нын цы баххуыс кӕндзӕн?

18 Ногӕй та дӕ цӕст ахӕсс де ’мбырдыл. Чи зоны дзы фенай, фембӕлдтӕ чи «нӕ цух кӕны», ахӕм идӕдз сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгты (Лукайы 2:37, НД). Куыд дӕм кӕсы, сӕхи иунӕг нӕ фӕхатынц? Ай-гъай дӕр. Уыдон тынг хъыг кӕнынц, ӕмудӕй кӕимӕ фӕцардысты, уыдоны зианыл! Ӕмӕ уӕддӕр сӕхимӕ нӕ ныхъхъуыстой, фӕлӕ сӕ бон цас у, уыйас лӕггад кӕнынц Иегъовӕйӕн ӕмӕ аудынц иннӕтыл. Сӕ куырыхон зонд, сӕ раст ӕмӕ ӕмбаргӕ ахастӕй ӕмбырды циныл цин ӕфтауынц! Дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй фылдӕр ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм хо афтӕ зӕгъы: «Ме стырдӕр цин сты, царды бирӕ зындзинӕдтӕ чи бавзӕрста, фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ацӕргӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!» О, не ’хсӕн ацӕргӕ чырыстӕттӕ кӕй ис, уый тынг фидар кӕны ӕрыгӕтты.

19 Ӕмбырдмӕ ӕрӕджы чи райдыдта цӕуын, уыдоны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Фембӕлдты рӕстӕджы сӕ дзуаппытӕй сӕ уырнындзинад куы февдисынц, уый мах дӕр нӕ фидар кӕны? Ахъуыды ма кӕн, Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕдӕй нырмӕ куыд тынг фӕивтой, ууыл. Бӕгуыдӕр, Иегъовӕ тынг райгонд у уыдонӕй. Мах та? Зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уый тыххӕй сӕ феппӕлӕм?

20. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕмбырды алы адӕймагӕн дӕр ис стыр ахадындзинад?

20 Бинонтӕ дын ис ӕви иунӕг дӕ, дӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕныс ӕви нӕ? Ӕнӕфыд (кӕнӕ ӕнӕмад) лӕппу дӕ ӕви чызг, идӕдз ус ӕви лӕг? Бирӕ азты дӕргъы цӕуыс ӕмбырдмӕ ӕви нырма ӕрӕджы райдыдтай цӕуын? Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕй фидарӕй зон, афтӕ иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕныс, уый стыр ныфс кӕй дӕтты махӕй алкӕмӕндӕр. Паддзахады зарджытӕ куы фӕкӕнӕм иумӕ, уӕд дзы дӕ хъӕлӕс дӕр кӕй фехъуысы, дзуаппытӕ кӕй фӕдӕттыс кӕнӕ Теократон лӕггаддзинады скъолайы хайад кӕй фӕисыс, уымӕй нын нӕ циныл цин ӕфтауыс. Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй циндзинад хӕссыс Иегъовӕйӕн.

21. Цы аразынӕн нын ис бирӕ аххосӕгтӕ, фӕлӕ цавӕр фарстытӕ хъӕуы равзарын?

21 Уӕвгӕ, ацы ӕвзӕр рӕстӕджы дӕр амондджын Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын у циндзинады хос. Бирӕ аххосӕгтӕ нын ис, цӕмӕй сразы уӕм Павелы ныхӕстимӕ: «Зӕрдӕрухс ут... ӕмӕ уарзондзинады ӕмӕ фарны Хуыцау уыдзӕн сымахимӕ» (2 Коринфӕгтӕм 13:11, НФ). Ӕрдзон бӕллӕхы куы бахауӕм, ӕцӕгады тыххӕй ӕфхӕрд куы цӕуӕм кӕнӕ стыр экономикон зындзинӕдтӕ куы ӕййафӕм, уӕд та? Цымӕ ахӕм уавӕрты дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ цин кӕнӕм? Иннӕ статья кӕсгӕйӕ, дӕхӕдӕг бамбардзынӕ, уымӕн гӕнӕн ис ӕви нӕ.

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Кӕс «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 119 фарс, англ., мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Цавӕр дзуапп радтис?

• Цы у циндзинад?

• Цӕмӕй ӕдзухдӕр нӕ зӕрдӕ райа, уымӕн цардмӕ раст ахаст куыд ӕххуыс кӕны?

• Цы адӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ нын хорз ахаст дарынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

• Де ’мбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн аргъ кӕнын дӕ бон куыд у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Кӕм хъусын кӕныс, уым адӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕивой.

[Ныв 18 фарсыл]

Де ’мбырды чи ис, уыдон цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц?