«Ӕмбӕлон рӕстӕг ӕлхӕныс»?
«Ӕмбӕлон рӕстӕг ӕлхӕныс»?
ФЫЦЦАГ ӕнусы Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕн апостол Павел радта уынаффӕ: «Кӕсут, архайут хъавгӕйӕ, ӕнӕмбаргӕты хуызӕн нӕ, фӕлӕ куыд зондджынтӕ, рӕстӕгӕн аргъ кӕнгӕйӕ [«ӕмбӕлон рӕстӕг ӕлхӕнут уӕхицӕн», НД], уымӕн ӕмӕ бонтӕ хинӕйдзаг сты» (Ефесӕгтӕм 5:15, 16). Уыцы уынаффӕ афтӕ тынг цӕмӕн хъуыд? Ацы фарстӕн дзуапп базондзыстӕм, уыцы рагон сахары чырыстӕтты алыварс цы уавӕртӕ уыд, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд.
Ефес зындгонд уыди стыр хъӕздыгдзинадӕй, ӕнӕгъдаудзинадӕй, фыдракӕндтӕй ӕмӕ хӕйрӕджытӕн кувынадӕй. Уымӕй уӕлдай ма чырыстӕттӕ хъуамӕ архайдтаиккой, цӕмӕй сыл ма бандӕвтаиккой философи рӕстӕджы тыххӕй цы амыдта, уыцы цӕстӕнгӕстӕ. Ефесы цӕрӕг грекъӕгты, чырыстон чи нӕ уыд, уыдоны нӕ уырныдта, рӕстӕг ӕрмӕстдӕр иуырдӕм кӕй цӕуы, уый. Грекъаг философи амыдта, зӕгъгӕ, цард фӕлхат кӕны рӕстӕджы ӕнӕкӕрон зилдухты; адӕймаг йӕ иу царды дзӕгъӕлы цы рӕстӕг фесафы, уый иннӕ царды йӕ бон у баххӕст кӕнын. Ӕвӕццӕгӕн ахӕм зондахаст ефесаг чырыстӕттыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ сӕ хъус нал дардтой, Иегъовӕ алы цауӕн дӕр, уыимӕ йӕ тӕрхонӕн дӕр, цы ӕмгъуыд скодта, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ Павелы уынаффӕ, «ӕмбӕлон рӕстӕг ӕлхӕнут», зӕгъгӕ, уыд йӕ тӕккӕ афоныл.
Павел нӕ дзырдта рӕстӕджы тыххӕй ӕмткӕй райсгӕйӕ. Цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый амоны нысангонд рӕстӕгмӕ, сӕрмагонд нысан сӕххӕст кӕнынӕн цы ӕмбӕлон рӕстӕг рахицӕн кӕнынц, уымӕ. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн Павел уынаффӕ кодта, цӕмӕй зондджынӕй пайда кодтаиккой ӕмбӕлон кӕнӕ хорз рӕстӕгӕй, цалынмӕ нӕ фӕци ӕмӕ ма цалынмӕ Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинады руаджы фервӕзыны фадат уыдис, уӕдмӕ (Ромӕгтӕм 13:11—13; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:6—11).
Мах дӕр цӕрӕм ахӕм рӕстӕджы. Уӕдӕ хорз уаид, чи никуыуал уыдзӕн, уыцы хорз рӕстӕг чырыстӕттӕ, дуне цы рӕстӕгмӕйы ӕхцондзинӕдтӕ хъары, уыдоныл куы нӕ хардз кӕниккой, фӕлӕ дзы куы пайда кӕниккой, цӕмӕй сӕм «Хуыцауы ӕфсарм» кӕй ис, уый хъуыддӕгтӕй ӕвдисой ӕмӕ афтӕмӕй фидар кӕной сӕ ахастытӕ Сфӕлдисӕг Иегъовӕ Хуыцауимӕ (2 Петры 3:11, НФ; Псалом 72:28; Филиппӕгтӕм 1:10).