Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕппӕтдунеон ӕхсӕнады уӕнгтӕ аудынц кӕрӕдзийыл

Ӕппӕтдунеон ӕхсӕнады уӕнгтӕ аудынц кӕрӕдзийыл

Ӕппӕтдунеон ӕхсӕнады уӕнгтӕ аудынц кӕрӕдзийыл

КӔДӔМФӔНДЫ ма акӕсай, алыран дӕр ис адӕм. Уыдонӕй бирӕтӕ сты ацӕргӕ, ӕмӕ сӕ иуӕй-иутӕ цӕугӕ дӕр тыххӕйты кӕнынц. Ис дзы, йӕхи бар чи нӕу, ахӕм сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕрыгон бинонтӕ сӕ гыццыл сывӕллӕттимӕ. Нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ — уыдон иууылдӕр сты, мидхӕстыты, ӕрдзон бӕллӕхты кӕнӕ ма ӕндӕр цӕйдӕрты аххосӕй сӕ хӕдзӕрттӕй сӕхицӕн ӕмбӕхсӕн бынат ссарынмӕ сыхаг бӕстӕмӕ чи алыгъд, ахӕм адӕм. Иуӕй-иутӕ сӕ сӕ хӕдзӕрттӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ алыгъдысты. Куыддӕр фӕхатынц, сӕ бӕстӕйы змӕстытӕ кӕнӕ ӕрдзон бӕллӕх райдайдзӕн, зӕгъгӕ, афтӕ сӕ муртӕ амбырд кӕнынц, сӕ сывӕллӕттыл фӕхӕцынц ӕмӕ ӕдасдӕр бынатмӕ фӕлидзӕг вӕййынц. Стӕй уавӕр куы фӕхуыздӕр вӕййы, уӕд та раздӕхынц, цӕмӕй сӕ хӕдзӕрттӕ саразой ӕмӕ та сӕ цард ногӕй райдайой.

Ныр цалдӕр азы дӕргъы Централон-Африкаг Республикӕ йӕ дуӕрттӕ гомӕй дары, ӕндӕр бӕстӕтӕй чи ралыгъд, уыцы адӕмӕн. Ӕрӕджы мингай адӕймӕгты, уыимӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕр бирӕты, бахъуыд лидзын Конгойы Демократон Республикӕйӕ гыццыл ӕдасдӕр Централон-Африкаг Республикӕмӕ, хӕст дзы кӕй нал ӕнцайы, уый тыххӕй.

Ӕфсымӕрты ӕххуыс

Централон-Африкаг Республикӕйы цы Ӕвдисӕнтӕ цӕры, уыдоны уарзондзинад равдисын ӕмӕ баххуыс кӕнын кӕй хъуыд, уый банымадтой стыр кадыл. Чырыстон ӕфсымӕртӕй-иу чи ӕрцыд, уыдонӕн-иу ссардтой цӕрӕнбынӕттӕ. Райдианы ӕфсымӕрты ӕрбынат кодтой ӕмуырнджыты хӕдзӕртты, фӕлӕ лигъдӕтты нымӕц куыд фылдӕр кодта, афтӕ рабӕрӕг, кӕй ма хъуыд ноджыдӕр цӕрӕнбынӕттӕ. Паддзахады залтӕй иуӕй-иутӕй сарӕзтой ӕмдзӕрӕнтӕ. Бынӕттон Ӕвдисӕнтӕ уайтагъд бавнӕлдтой, ноджыдӕр ма кӕм хъуыд, уым рухс, дон уадзынмӕ ӕмӕ пъолтӕ бетон кӕнынмӕ, цӕмӕй дзы кӕй ӕрцӕрын кодтаиккой, уыдонӕн дзы хорз уавӕртӕ уыдаид. Уыцы рӕстӕгмӕйы ӕмдзӕрӕнтӕ аразыныл бынӕттон ӕфсымӕртимӕ куыстой лигъдӕттӕ дӕр. Цӕмӕй лигъдӕттӕн уыдаид цардӕн ӕмӕ уырнындзинадӕн ахъаз хӕринаг, уый тыххӕй уагъд цыдысты чырыстон фембӕлдтӕ иууылдӕр лингалӕ ӕвзагыл. Бынӕттон Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ сӕ уазджытӕ кӕрӕдзиимӕ афтӕ ӕнгом кӕй архайдтой, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрад ӕцӕгӕйдӕр кӕй ис.

Чи ралыгъд, уыдон иууылдӕр сӕ бинонтимӕ нӕ уыдысты. Бинонты уӕнгтӕй иуӕй-иутӕ фӕхицӕнтӕ сты ӕмӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ фембӕлдысты, ӕрмӕстдӕр кӕдӕм ӕрлыгъдысты, уым. Сӕрӕгасӕй чи ӕрхӕццӕ, уыдоны номхыгъдтӕ уыдысты алы Паддзахады залы дӕр. Алцыдӕр арӕзт цыд, цӕмӕй, чи нӕма ӕрцыд, уыдоны дӕр ссардтаиккой. Уыцы бӕстӕйы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты куыстӕн разамынд цы филиал дӕтты, уырдыгӕй алыбон дӕр ӕрвыстой ӕртӕ машинӕйы, цӕмӕй ма Ӕвдисӕнтӕй фӕндагыл чи уыд, уыдоны раластаиккой, кӕнӕ сӕ, гӕнӕн ис, чи фесӕфт, уыдоны ссардтаиккой. Уыцы машинӕтыл стыр дамгъӕтӕй уыд фыст: «ХЪАХЪХЪӔНӔГ МӔСЫГ — Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ».

Ахъуыды ма кӕн, сӕ бинонтӕй чи фӕхицӕн, уыцы авд сывӕллоны куыд цин кодтаиккой, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты машинӕ куы федтой, уӕд! Уыдон уайтагъд базгъордтой машинӕмӕ ӕмӕ загътой, кӕй сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ӕфсымӕртӕ сӕ машинӕйы сбадын кодтой ӕмӕ сӕ ӕрбаластой Паддзахады залмӕ, цыран сывӕллӕттӕ кӕдӕй-уӕдӕй баиу сты сӕ бинонтимӕ.

Цымӕ уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ чырыстӕттӕн сӕ бон куыд баци ахӕм уавӕрты бафӕразын, уыимӕ ӕрмӕст иу хатт нӕ, фӕлӕ цалдӕр хатты? Уыдоны фидарӕй уырны, Сыгъдӕг Фыстад куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый (2 Тимофеймӕ 3:1—5; Раргомад 6:3—8).

Уӕдӕ уыдон зонынц, тагъд Иегъовӕ Хуыцау хӕстытӕ, ӕнӕуынондзинад, тыхми ӕмӕ быцӕутӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый. Уыцы рӕстӕджы лигъдӕттӕ нал уыдзӕн. Уӕдмӕ та уал Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Павел 1 Коринфӕгтӕм 12:14—26-ӕм стихты цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй аудынц сӕ кӕрӕдзийыл. Ӕмӕ сӕ кӕд цӕугӕдӕттӕ, арӕнтӕ, ӕвзӕгтӕ хицӕн кӕнынц ӕмӕ кӕд кӕрӕдзийӕ дард цӕрынц, уӕддӕр сӕ кӕрӕдзи нӕ рох кӕнынц ӕмӕ сӕ исчи уӕззау уавӕры куы бахауы, уӕд ӕм ӕвӕстиатӕй ӕххуысмӕ фӕзынынц (Иаковы 1:22—27).

[Картӕ 29 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

АФРИКӔ

Централон-Африкаг Республикӕ

Конгойы Демократон Республикӕ

[Барлӕвӕрдӕй]

Mountain High Maps® Copyright © 1997 Digital Wisdom, Inc.

[Нывтӕ 29 фарсыл]

Ӕртӕ Паддзахады залы лигъдӕттӕн уыдысты цӕрӕнбынӕттӕ.

[Ныв 30 фарсыл]

Уайтагъд ӕвӕрд ӕрцыдысты, хӕринаг цӕуыл кодтаиккой, ахӕм мигӕнӕнтӕ.

[Ныв 30 фарсыл]

Лигъдӕттӕ цыдысты ӕмӕ цыдысты.

[Нывтӕ 30 фарсыл]

Ноггуырдтӕ дӕр свӕййынц лигъдӕттӕ.