Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кадджын кӕн Иегъовӕйы йе стыр хъуыддӕгты тыххӕй!

Кадджын кӕн Иегъовӕйы йе стыр хъуыддӕгты тыххӕй!

Кадджын кӕн Иегъовӕйы йе стыр хъуыддӕгты тыххӕй!

«Мӕ зӕрдӕ бӕрзонд кӕны Иегъовӕйы... уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомысджын сарӕзта стыр хъуыддӕгтӕ» (ЛУКАЙЫ 1:46—49, НД).

1. Иегъовӕйӕн кад кӕнын цавӕр стыр хъуыддӕгты тыххӕй ӕмбӕлы?

ИЕГЪОВӔ цы стыр хъуыддӕгтӕ аразы, уый тыххӕй йын ӕмбӕлы кад кӕнын. Израилӕгтӕн, Египетӕй куыд ссӕрибар сты, уыцы хабӕрттӕ пехуымпар Моисей сӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кодта, уӕд фӕстагмӕ загъта: «Уӕхи цӕстӕй федтат Иегъовӕйы стыр хъуыддӕгтӕ иууылдӕр» (Дыккаг закъон 11:1—7). Зӕд Гавриил ӕнӕцыд чызг Мариайӕн куы фехъусын кодта, Йесо уымӕй кӕй райгуырдзӕн, уӕд Мариа дӕр загъта: «Мӕ зӕрдӕ бӕрзонд кӕны Иегъовӕйы... уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомысджын сарӕзта стыр хъуыддӕгтӕ» (Лукайы 1:46—49, НД). Мах дӕр, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы, Израилы Египеты цагъарадӕй кӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ йӕ зынаргъ Фырты цард зӕхмӕ диссаджы хуызы кӕй рахаста, ахӕм стыр хъуыддӕгты тыххӕй.

2. а) Хуыцауы «ӕнусон фӕнд» коммӕгӕс адӕмӕн цы нысан кӕны? ӕ) Иоанн Патмосы сакъадахмӕ хаст куы уыд, уӕд ыл цы ӕрцыд?

2 Иегъовӕйы стыр хъуыддӕгтӕй бирӕтӕ баст сты йӕ «ӕнусон фӕндимӕ»; уыцы фӕнд та уый у, цӕмӕй Мессиа ӕмӕ йӕ Паддзахады хицауиуӕгады руаджы ӕппӕт коммӕгӕс адӕм дӕр арфӕгонд ӕрцӕуой (Ефесӕгтӕм 3:8—13, НД). Уыцы фӕнд Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хуыздӕр бамбӕрстой, зӕронд апостол Иоанн цӕстылуайӕны арвы дуар гомӕй куы федта, уӕд. Уый фехъуыста уадындзы зӕлы хуызӕн хъӕлӕс: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын фенын кӕнон, ай фӕстӕ цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа,— уыдӕттӕ» (Раргомад 4:1, НФ). Ромы хицауад Иоанны Патмосы сакъадахмӕ куы ахаста «Хуыцауы дзырды тыххӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕвдисӕнады тыххӕй», уӕд ын уым Йесо Чырысти радта «раргомад». Апостол цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уый фӕрцы Хуыцауы «ӕнусон фӕндӕй» бирӕ цыдӕртӕ раргом, ӕмӕ уый та фылдӕр ӕмбарынад ӕмӕ ӕнцойад ӕрхаста ӕцӕг чырыстӕттӕй алкӕмӕндӕр (Раргомад 1:1, НФ, 9, 10).

3. Иоанн цӕстылуайӕны цы 24 зӕронд лӕджы федта, уыдон чи сты?

3 Арвы дуар куы фегом, уӕд Иоанн федта, паддзӕхтау къӕлӕтджынтыл чи бадт ӕмӕ кады худтӕ кӕй сӕртыл уыд, ахӕм 24 зӕронд лӕджы. Уыдон Хуыцауы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «Аккаг дӕ Ды, Хицау, райсын кад ӕмӕ намыс ӕмӕ тых, уымӕн ӕмӕ Ды сфӕлдыстай ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ӕппӕтдӕр дӕу фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕры ӕмӕ сфӕлдыст у» (Раргомад 4:10, 11). Уыцы зӕронд лӕгтӕ ӕвдисынц ӕппӕт райгасуӕвӕг сӕрст чырыстӕтты, Хуыцау сын зӕрдӕ цы диссаджы бынатӕй бавӕрдта, уым. Уыдон Иегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнынц, дун-дуне фӕлдисгӕйӕ, цы стыр диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон тыххӕй. Иегъовӕйы «мыггагмӕйы тых ӕмӕ Хуыцаудзинадыл» дис кӕнӕм мах дӕр (Ромӕгтӕм 1:20). Ӕмӕ цас фылдӕр цыдӕртӕ базонӕм уый тыххӕй, уыйас нӕ тынгдӕр фӕфӕнды Иегъовӕйы йе стыр хъуыддӕгты тыххӕй кадджын кӕнын.

Хъусын кӕн Иегъовӕйы кады аккаг хъуыддӕгты тыххӕй!

4, 5. Давид Иегъовӕйы куыд кадджын кодта, уымӕн ӕрхӕсс цалдӕр цӕвиттоны.

4 Псаломзарӕггӕнӕг Давид Хуыцауы кадджын кодта Йе стыр хъуыддӕгты тыххӕй. Зӕгъӕм, уый зарыд: «Зарут Хицауӕн, Сионыл цӕрӕгӕн, хъусын кӕнут адӕмты ӕхсӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ. Ныххатыр мын кӕн, Хицау; ӕркӕс мӕ тухӕнтӕм мӕн нӕуарзджытӕй,— Ды, кӕцы бӕрзонд исыс мӕн мӕлӕты дуарӕй, цӕмӕй ӕз хъусын кӕнон Дӕ ӕппӕлындзинӕдтӕ [«кады аккаг хъуыддӕгтӕ», НД] иуылдӕр Сионы чызджы кӕртыты» (Псалом 9:12, 14, 15). Давид йӕ фырт Соломонӕн кувӕндоны хахнывтӕ куы радта, уый фӕстӕ Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ йӕ йӕ зарӕджы скадджын кодта: «Дӕу у, Иегъовӕ, стырдзинад, хъомыс, рӕсугъддзинад, кад ӕмӕ намыс... Дӕу у, Иегъовӕ, паддзахад, Ды дӕ Иунӕг, дӕуӕн цӕуы алцӕуыл дӕ бар... Ӕмӕ ныр, нӕ Хуыцау, дӕуӕн арфӕ кӕнӕм ӕмӕ дын дӕ рӕсугъд ном бӕрзонд кӕнӕм» (1 Паралипоменон 29:10—13).

5 Фыстад нӕм арӕх сиды, разӕнгард нӕ кӕны, цӕмӕй мах дӕр Давидау кадджын кӕнӕм Хуыцауы. Псаломты чиныджы Хуыцауы кадӕн ис бирӕ рӕсугъд ныхӕстӕ, ӕмӕ уыцы зарджытӕн се ’рдӕджы бӕрц ныффыста Давид. Уый кӕддӕриддӕр бузныг уыд Иегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ кадджын кодта (Псалом 68:31). Стӕй Давид ӕмӕ ӕндӕр адӕймӕгтӕ дӕр Хуыцауы удцырынӕй цы зарджытӕ ныффыстой, уыдонӕй уӕды замантӕй абоны онг дӕр адӕм кадджын кӕнынц Иегъовӕйы.

6. Хуыцауы удцырынӕй фыст псаломтӕ махӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

6 Уӕвгӕ цӕй стыр ӕххуыс сты уыцы псаломтӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн! Хуыцауӕн нӕ йе стыр хъуыддӕгты тыххӕй арфӕ кӕнын куы фӕфӕнды, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууой псаломты рӕсугъд ныхӕстӕ. Дзырдӕн зӕгъӕм, райхъал стӕм райсомӕй, ӕмӕ нӕ фӕнды Хуыцауы ахӕм ныхӕстӕй скадджын кӕнын: «Хорз у кадджын кӕнын Хицауы ӕмӕ зарын Дӕу номӕн, Ӕппӕтбӕрзонд, хъусын кӕнын райсомӕй Дӕ хорзӕх ӕмӕ ӕхсӕвы Дӕ ӕцӕгад... уымӕн ӕмӕ Ды мӕн схъӕлдзӕг кодтай, Хицау, Дӕ сфӕлдыстадӕй; ӕз Дӕ къухты хъуыддӕгтыл фырдис кӕнын» (Псалом 91:2—5). Хуыцауимӕ нын нӕ ахастытыл ӕвзӕрырдӕм цы ӕндавы, уый куы аиуварс кӕнӕм, уӕд нӕ, чи зоны, Хуыцауӕй куыд бузныг стӕм ӕмӕ куыд цин кӕнӕм, уый бафӕнддзӕн псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕй равдисын: «Ӕрцӕут, сзарӕм Хицауӕн, схъӕр кӕнӕм нӕ ирвӕзыны фидарадмӕ! Ӕрлӕууӕм Йӕ цӕсгомы раз дзырдӕй кад дӕтгӕйӕ, зарджыты схъӕр кӕнӕм Уымӕ» (Псалом 94:1, 2).

7. а) Чырыстӕтты зарджытӕй бирӕтӕ цымыдисаг цӕмӕй сты? ӕ) Цӕмӕн нӕ хъӕуы нӕ фембӕлдтӕм афоныл цӕуын ӕмӕ дзы кӕронмӕ бадын?

7 Иегъовӕйы арӕх фӕбӕрзонд кӕнӕм, ӕмбырдты фембӕлдты ӕмӕ конгресты иумӕ куы фӕзарӕм, уӕд. Цымыдисаг у, уыцы зарджытӕй бирӕтӕ арӕзт кӕй сты, Хуыцауы удцырынӕй фыст Псаломты цы хъуыдытӕ ис, уыдоны бындурыл. Иегъовӕйы кадӕн нын зӕрдӕмӕхъаргӕ зарджыты ӕмбырдгонд кӕй ис, уый нын, ӕвӕдза, цас циндзинад хӕссы! Нӕ фембӕлдты райдианы дӕр ӕмӕ кӕроны дӕр Хуыцауы кадӕн кӕй фӕзарӕм, уый у хорз аххосаг, цӕмӕй фембӕлдтӕм афоныл цӕуӕм ӕмӕ дзы кӕронмӕ хайад исӕм, ӕмӕ афтӕмӕй не ’муырнджытимӕ иумӕ зарӕг ӕмӕ куывдӕй кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы.

«Кадджын кӕнут Иагъы!»

8. Цы нысан кӕны дзырд «Аллилуйӕ»?

8 Дзырдбаст «Иегъовӕйы кадджын кӕнын» равзӕрд дзуттаг дзырд «Аллилуйӕ»-йӕ. Уыцы дзырд алыхатт, дӕр нысан кӕны: «Кадджын кӕнут Иагъы». Зӕгъӕм, Псалмы 135:1—3 [134:1—3] (НД) кӕсӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ сидт: «Кадджын кӕнут Иагъы! Кадджын кӕнут Иегъовӕйы ном, кад ын хӕссут, Иегъовӕйы цагъартӕ, Иегъовӕйы хӕдзары, нӕ Хуыцауы хӕдзары кӕртыты чи лӕууы, уыдон. Кадджын кӕнут Иагъы, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ хорз у; зарут йӕ номӕн, уымӕн ӕмӕ уый ӕхсызгон у».

9. Иегъовӕйы кадджын кӕнынмӕ нӕ цы разӕнгард кӕны?

9 Хуыцауы сконд дунейы цы диссӕгтӕ уынӕм ӕмӕ мах тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ аразы, ӕппӕт уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг вӕййынц циндзинадӕй ӕмӕ нӕ фӕфӕнды Иегъовӕйы кадджын кӕнын. Иегъовӕ ивгъуыд заманты йӕ адӕмы сӕраппонд цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон нӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууынц, уӕд нӕ бон нӕ вӕййы, ӕмӕ йын арфӕ ма ракӕнӕм. Иегъовӕ нын зӕрдӕ цы стыр хъуыддӕгтӕй бавӕрдта, уыдоныл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй фӕфӕнды Уымӕн арфӕ кӕнын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын.

10, 11. Кӕй цӕрӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн кад цӕмӕн ӕмбӕлы?

10 Ӕрмӕст кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй дӕр стыр кад ӕмбӕлы Иагъӕн. Давид зарыд: «Кадджын кӕнын Дӕу [Иегъовӕ], уымӕн ӕмӕ ӕз диссаджы арӕзт дӕн. Диссаг [сты] Дӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ мӕ уд уый ӕмбары ӕххӕстӕй» (Псалом 138:14). Уӕвгӕ «диссаджы арӕзт» куыннӕ стӕм: нӕ бон у уынын, хъусын ӕмӕ хъуыды кӕнын. Уӕдӕ цымӕ афтӕ хъуамӕ ма цӕрӕм, цӕмӕй нӕ царды алы хъуыддаг дӕр не Сфӕлдисӕгӕн кад хӕсса? Ахӕм хъуыды загъта апостол Павел: «Хӕргӕ кӕнат, нуазгӕ кӕнат, ӕви ӕндӕр исты кусат, алцыдӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:31).

11 Иегъовӕйы ӕцӕгӕй куы уарзӕм, уӕд алцыдӕр араздзыстӕм йӕ кадӕн. Йесо загъта, зӕгъгӕ, фыццаг фӕдзӕхст у ахӕм: «Бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Маркы 12:30; Дыккаг закъон 6:5). Иегъовӕйы куыннӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ куыннӕ хъуамӕ кадджын кӕнӕм, кӕд ӕмӕ уый у не Сфӕлдисӕг, Уымӕй цӕуы «алкӕцы хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвар» (Иаковы 1:17; Исай 51:13; Куыстытӕ 17:28). Нӕ бон у монон ӕмӕ удварны фарстатыл хъуыды кӕнын, Хуыцаумӕ тырнын, ис нӕм хъару, алыхуызон курдиӕттӕ ӕмӕ миниуджытӕ, ӕмӕ нын уыдон иууылдӕр радта Иегъовӕ. Уӕдӕ Иегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у, гъе уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ кадджын кӕнӕм.

12. Иегъовӕйы стыр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Псалом 39:6-ӕм стихы ныхӕстӕ дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кӕнынц?

12 Иегъовӕ нын уыйбӕрц стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ аразы, ӕмӕ ма уый гӕнӕн куыд ис, цӕмӕй йӕ ма уарзӕм ӕмӕ йӕ ма кадджын кӕнӕм! «Бирӕ сты сӕ хыгъдӕй Дӕуӕй конд диссӕгтӕ, Хицау, мӕ Хуыцау, ӕмӕ Дӕ хъуыды кӕнын мах тыххӕй,— зарыд Давид.— Дӕ хуызӕн ничи у. Фӕндид мӕ дзурын ӕмӕ амонын: фӕлӕ уыдон сӕ хыгъдӕй фылдӕр сты» (Псалом 39:6, МГТ). Иегъовӕйы диссаг хъуыддӕгтӕ Давидӕн йӕ бон нӕ уыди банымайын, ӕмӕ уый махӕн дӕр нӕу нӕ бон. Фӕлӕ йын-иу йӕ диссаг хъуыддӕгтӕй иумӕ куы ӕркӕсӕм ӕмӕ-иу ыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд-иу ӕй цӕй ӕмӕ алыхатт дӕр кадджын кӕнӕм.

Хуыцауы ӕнусон фӕндимӕ баст хъуыддӕгтӕ

13. Нӕ ныфс Хуыцауы стыр хъуыддӕгтимӕ куыд баст у?

13 Нӕ сомбоны ныфс ӕнгом баст у, Хуыцау йӕ «ӕнусон фӕнд» сӕххӕст кӕнынӕн цы стыр ӕмӕ кады аккаг хъуыддӕгтӕ аразы, уыдонимӕ. Едемы цӕхӕрадоны растады фӕстӕ Иегъовӕ радта фыццаг ныфсдӕттӕг пехуымпарад. Калмӕн тӕрхон хӕсгӕйӕ, Хуыцау загъта: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕу ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн, дӕ мыггаг ӕмӕ уый мыггаджы ’хсӕн уыдзӕн хӕрамдзинад. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Уӕвынад 3:15). Иегъовӕ ӕппӕтдунеон Доны хъаймӕты фыдгӕнджыты дуне куы фесӕфта, Ной ӕмӕ йын йӕ бинонты цард та куы бахъахъхъӕдта, уӕд уый фӕстӕ дӕр иузӕрдион адӕймӕгтӕ сӕ ныфс дардтой, сылгоймагӕн зӕрдӕ цы Мыггагӕй бавӕрдӕуыд, ууыл (2 Петры 2:5). Фидар уырнындзинад кӕмӕн уыд, ахӕм лӕгтӕ Авраам ӕмӕ Давидӕн цы пехуымпарадон зӕрдӕвӕрдтӕ ӕрцыд лӕвӕрд, уыдон руаджы хуыздӕр ӕмбӕрстгонд ӕрцыд, Иегъовӕ уыцы Мыггаджы руаджы цы сараздзӕн, уый (Уӕвынад 22:15—18; 2 Паддзахӕдты 7:12).

14. Иегъовӕ адӕмы тыххӕй цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй иууыл диссагдӕр кӕцы у?

14 Иегъовӕ ӕппӕт адӕмы тыххӕй стыр хъуыддӕгтӕ кӕй аразы, уый иууыл тынгдӕр рабӕрӕг, йӕ иунӕггуырд Фырты — зӕрдӕвӕрд Мыггаг, Йесо Чырыстийы — адӕмы балхӕныны тыххӕй нывондӕн куы радта, уӕд (Иоанны 3:16; Куыстытӕ 2:29—36). Уыцы ахӕстаргъы фӕрцы адӕмӕн фӕзынд Хуыцауимӕ бафидауыны фадат (Матфейы 20:28; Ромӕгтӕм 5:11). Фыццаджыдӕр Иегъовӕ йӕхиимӕ бафидауын кодта, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон цы чырыстон ӕмбырд ӕрцыд арӕзт, уый уӕнгты. Сыгъдӕг уды ӕххуысӕй уыдон хорз уацхъуыд хъусын кодтой ӕгас дунейыл ӕмӕ ӕмбарын кодтой, Йесо кӕй амард ӕмӕ кӕй райгас, уый руаджы Хуыцауы уӕларвон Паддзахад коммӕгӕс адӕмӕн ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый.

15. Иегъовӕ нӕ рӕстӕджы диссаджы хуызы цавӕр хъуыддаг сарӕзта?

15 Нӕ рӕстӕджы Иегъовӕ диссаджы хуызы ӕмбырд кӕны сӕрст чырыстӕттӕй фӕстӕгты. Чырыстиимӕ уӕларвыл цы 144 000 сӕрст чырыстоны паддзахиуӕг кӕндзысты, уыдон цӕмӕй ӕмбырдгонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй урӕд цӕуынц куынӕгдзинады дымгӕтӕ (Раргомад 7:1—4; 20:6). Хуыцау сӕрст чырыстӕтты ссӕрибар кодта «стыр Вавилоны» — мӕнг дины дунеон империйы — уацарӕй (Раргомад 17:1—5). Уыцы хабар ӕрцыд 1919 азы, ӕмӕ ма сӕрстытӕй зӕххыл чи ис, уыдон уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы ӕххуысӕй цы аразынц? Цалынмӕ Иегъовӕ фӕдисонау ӕрхӕстӕггӕнӕг «стыр зындзинады» Сайтаны фыддуне не скуынӕг кодта, уӕдмӕ уыдон адӕмӕн дӕттынц фӕстаг ӕвдисӕнад, ӕмӕ уымӕй сты рухс ацы дунейы (Матфейы 24:21; Данелы 12:3; Раргомад 7:14).

16. Абон Паддзахады тыххӕй ӕгас дунейы хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый цӕмӕн у ахъаз?

16 Иегъовӕйы сӕрст Ӕвдисӕнтӕ сӕ удӕй арт уадзгӕйӕ ӕрӕвнӕлдтой Паддзахады тыххӕй ӕгас дунейыл хъусын кӕныны хъуыддагмӕ. Уый фӕрцы фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны «ӕндӕр фысты» нымӕц, ӕмӕ уыдон дӕр лӕггад кӕнынц Иегъовӕйӕн (Иоанны 10:16). Мах цин кӕнӕм, зӕххыл цы сӕрныллӕг адӕм ис, уыдонӕн ма уый фадат кӕй ис, цӕмӕй нӕм ӕрбаиу уой ӕмӕ иумӕ кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы. Иегъовӕ хоны алкӕй дӕр, «ӕрцу», зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕм чи цӕуы, уыдоны стыр зындзинады бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сын уыдзӕн ӕнустӕм Иегъовӕйы кадджын кӕныны фадат (Раргомад 22:17).

Мингай адӕймӕгтӕ иу кӕнынц раст кувынады

17. а) Цӕмӕй уацамынд ӕнтыстджынӕй цӕуа, уый тыххӕй Иегъовӕ абон цавӕр стыр хъуыддӕгтӕ аразы? ӕ) Куыд ӕххӕст кӕны Захарийы 8:23-ӕм стих?

17 Цӕмӕй уацамынд ӕнтыстджынӕй цӕуа, уый тыххӕй Иегъовӕ ныртӕккӕ дӕр аразы стыр ӕмӕ кады аккаг хъуыддӕгтӕ (Маркы 13:10). Фӕстаг азты уый уыцы хъуыддагӕн бакодта «стыр ӕмӕ фӕтӕн дуар» (1 Коринфӕгтӕм 16:9). Уый фӕрцы хорз уацхъуыд хъуыстгонд цӕуы, раздӕр знӕгтӕ ӕцӕгады ныхмӕ карзӕй кӕм цыдысты, ахӕм стыр территориты. Хуыцауы рухсӕй бынтондӕр иппӕрд чи уыди, уыдонӕй ныр бирӕтӕ цӕуынц ӕмӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц Иегъовӕйӕн. Уыдоныл ӕххӕст кӕнынц ацы пехуымпарадон ныхӕстӕ: «Афтӕ дзуры ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ: уыцы бонты афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс лӕджы ныххӕцдзысты иудейаджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый» (Захари 8:23). Дӕс лӕджы афтӕ кӕмӕн загътой, зӕгъгӕ, «уемӕ цӕуӕм», уыдон сты сыгъдӕг удӕй гуырд иудейтӕ — ныртӕккӕ ма сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл чи ис, уыдон. «Дӕс» хаттӕй-хатт зӕххон ӕнӕхъӕндзинад кӕй нысан кӕны, уымӕ гӕсгӕ «дӕс лӕджы» ӕвдисынц, «Хуыцауы Израилимӕ» «иу дзугмӕ» цы «тынг бирӕ адӕм» иу кӕнынц, уыдоны (Раргомад 7:9, 10; Галатӕгтӕм 6:16). Цӕй стыр циндзинад у, Иегъовӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг лӕггаддзинады бирӕтӕ кӕй иу кӕнынц, уый нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм!

18, 19. Иегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн кӕй арфӕ кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

18 Мах тынг цин кӕнӕм, ныры онг мӕнг дин йӕ дзӕмбыты бын цы бӕстӕтӕ дардта ӕмӕ уый ӕнхъӕл кӕм нӕ уыдыстӕм, ӕмӕ дзы адӕм искуы хорз уацхъуыдмӕ байхъусдзысты, уым ныр дӕсгай — суанг сӕдӕгай — минтӕ дӕр раст кувынады фарс кӕй лӕууынц, уый уынгӕйӕ. Дӕ хорзӕхӕй, ӕркӕс ма ацы азӕн «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныгмӕ» (уыр.) ӕмӕ дзы дӕ хъус ӕрдар, Паддзахады хъусынгӕнджыты нымӕц 100 минӕй 1 милуанмӕ ӕввахс кӕм у, уыцы бӕстӕтӕм. Уый у тынг ахадгӕ бӕлвырдгӕнӕн, Иегъовӕ Паддзахады уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддагӕн кӕй арфӕ кӕны, уымӕн (Фӕсномыг ныхӕстӕ 10:22).

19 Мах, Иегъовӕйы адӕм, кадджын кӕнӕм нӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ дзы бузныг стӕм, нӕ цардӕн нын ӕцӕг нысаниуӕг кӕй дӕтты, диссаджы зӕрдӕрайынгӕнӕг куыст нын кӕй бахӕс кодта ӕмӕ нын фидӕны рухс ныфс кӕй дӕтты, уымӕй. Мах ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр куы сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ та дарддӕр дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, «мыггагмӕйы царды хорзӕхмӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ, нӕхи Хуыцауы уарзондзинады хъахъхъӕныныл» (Иудӕйы 20, 21). Куыд амондджын стӕм, зӕххыл Хуыцауы чи кадджын кӕны, уыцы тынг бирӕ адӕмы нымӕц ныртӕккӕ 6 милуаны бӕрц кӕй у! Сӕрстытӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон ӕндӕр фыстимӕ иумӕ 235 бӕстӕйы 91 мин ӕмбырды кӕй сты, уымӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы фӕрцы. Не ’ппӕт дӕр монон хӕринаг исӕм, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», йӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, кӕй фыдӕбон кӕны, уый руаджы (Матфейы 24:45). Хуыцауы организаци ӕдзухдӕр цӕуы размӕ ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн зӕххы къорийыл цы 110 филиалы ис, уыдон уылты разамынд дӕтты Паддзахады уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддагӕн. Мах бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, йӕ адӕмы кӕй разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕ зӕрдӕбынӕй «кадджын кӕной сӕ исбонӕй» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:9, 10). Уый фӕрцы хорз уацхъуыд дарддӕр хъуыстгонд цӕуы ӕгас дунейыл, уый фӕрцы ӕнцонтӕй мыхуыр цӕуы нӕ литературӕ, уый фӕрцы арӕзт цӕуынц Вефилтӕ ӕмӕ миссионерты хӕдзӕрттӕ, стӕй ма Паддзахады ӕмӕ Конгресты залтӕ дӕр.

20. Иегъовӕйы стыр ӕмӕ кады аккаг хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркастыстӕм, уый нӕ хъуамӕ цӕмӕ сразӕнгард кӕна?

20 Нӕ уӕларвон Фыды стыр ӕмӕ кады аккаг хъуыддӕгтӕ се ’ппӕт чи фӕнымайдзӕн. Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй рӕстзӕрдӕ адӕймаг, Иегъовӕйы чи кадджын кӕны, уыцы адӕммӕ ма ӕрбаиу уа? Ницы хуызы! Цӕй уӕдӕ, Хуыцауы чи уарзы, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕхсызгонӕй дзурӕнт: «Ӕппӕлут Хицауы ӕрвтӕй, ӕппӕлут Уый бӕрзӕндты. Ӕппӕлут Уый, Йӕ Зӕдтӕ иуылдӕр... Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, зӕрӕдтӕ ӕмӕ ӕвзонгтӕ — уадз ӕппӕлӕнт Хицауы ном; уымӕн ӕмӕ иунӕг Уый ном у бӕрзондгонд, Йӕ кад — зӕххыл ӕмӕ ӕрвтыл» (Псалом 148:1, 2, 12, 13). Цӕй ӕмӕ куыд абон, афтӕ ӕнустӕм дӕр кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы йе стыр хъуыддӕгты тыххӕй!

Цавӕр дзуапп радтис?

• Иегъовӕйы кады аккаг хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

• Цӕй тыххӕй дӕ фӕнды Иегъовӕйы кадджын кӕнын?

• Нӕ ныфс Хуыцауы стыр хъуыддӕгтимӕ куыд баст у?

• Цӕмӕй Паддзахады уацхъуыд хъуыстгонд ӕрцӕуа, уый тыххӕй Иегъовӕ цавӕр кады аккаг хъуыддӕгтӕ аразы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 6 фарсыл]

Иегъовӕйӕн кады зарджытӕ зӕрдӕбынӕй фӕзарыс?

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Мах цин кӕнӕм, сӕрныллӕг адӕмӕн ма фадат кӕй ис, цӕмӕй нӕм ӕрбаиу уой ӕмӕ немӕ кадджын кӕной Иегъовӕйы.