Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Кӕд Хуыцау мах фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ чи у?»

«Кӕд Хуыцау мах фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ чи у?»

«Кӕд Хуыцау мах фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ чи у?»

«Цы зӕгъӕм уӕдӕ уымӕй? Кӕд Хуыцау мах фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ чи у?» (РОМӔГТӔМ 8:31).

1. Израилӕгтимӕ Египетӕй чи рацыд ӕмӕ сӕ уымӕ цы сразӕнгард кодта?

ИЗРАИЛӔГТӔ Египеты 215 азы куы фесты, фылдӕр рӕстӕг дзы уыдысты цагъартӕ, ӕмӕ уырдыгӕй куыд сӕрибар адӕм, афтӕ куы цыдысты, уӕд «ма семӕ рацыд дуне адӕм ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй дӕр» (Рацыд 12:38). Израилаг чи нӕ уыд, уыдон сӕхиуыл бавзӕрстой, Египеты чи ныггӕныстон кодта ӕмӕ йын йӕ мӕнг хуыцӕутты чи фӕхудинаг кодта, уыцы дӕс карз ӕфхӕрды. Уыцы иу рӕстӕджы федтой — уӕлдайдӕр та цыппӕрӕм ӕфхӕрды фӕстӕ ӕмӕ дарддӕр дӕр — Иегъовӕйӕн йӕ бон кӕй уыд йӕ адӕмы бахъахъхъӕнын (Рацыд 8:23, 24). Кӕд Иегъовӕйы фӕндты тыххӕй бирӕ нӕ зыдтой, уӕддӕр иу хъуыддаг зыдтой бӕлвырд: Египеты хуыцӕуттӕн сӕ бон не сси египетӕгты бахъахъхъӕнын, Иегъовӕ та равдыста йӕ тых израилӕгты сӕраппонд.

2. Раав израилаг сгарджытӕн цӕмӕн баххуыс кодта ӕмӕ Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый дзӕгъӕлы цӕуылнӕ фӕци?

2 Дыууиссӕдз азы фӕстӕ, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны хӕдразмӕ, Навины фырт Йесо, Моисейы фӕстӕ израилӕгты фӕтӕг чи сси, уый уыцы бӕстӕ басгарынмӕ арвыста дыууӕ лӕджы. Уыдон уым фембӕлдысты Раавыл, Иерихоны цӕрӕг сылгоймагыл. Раав фехъуыста, израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ 40 азы дӕргъы Иегъовӕ йӕ адӕмы бахъахъхъӕнынӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зыдта: кӕд ӕй фӕнды, цӕмӕй йын Хуыцау арфӕ кӕна, уӕд ын хъуамӕ йӕ адӕмӕн баххуыс кӕна. Йӕ зондджын уынаффӕйы руаджы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр удӕгасӕй баззадысты, фӕстӕдӕр израилӕгтӕ сахар куы ныппырх кодтой, уӕд. Цы диссаджы хуызы фервӕзтысты, уый дзурӕг уыд, Хуыцау семӕ кӕй уыд, ууыл. Афтӕмӕй, Раав израилӕгты Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци (Йесо Навин 2:1, 9—13; 6:15—17, 25).

3. а) Йесо ногӕй арӕзт сахар Иерихонмӕ хӕстӕг цавӕр диссаг сарӕзта ӕмӕ иудейты дины кусджытӕн уымӕ цавӕр ахаст уыд? ӕ) Иудейтӕй иуӕй-иутӕ, фӕстӕдӕр та ма ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй дӕр бирӕтӕ, цы бамбӕрстой?

3 Фынддӕс ӕнусы фӕстӕ ногӕй арӕзт сахар Иерихонмӕ хӕстӕг Йесо Чырысти сдзӕбӕх кодта мӕгуыргур куырм лӕджы (Маркы 10:46—52; Лукайы 18:35—43). Уыцы лӕг Йесойӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын фӕтӕригъӕд кодтаид, ӕмӕ уымӕй равдыста, кӕй ӕмбӕрста, Йесойӕн Хуыцау кӕй ӕххуыс кодта, уый. Уый хыгъд, иудейты дины разамонджытӕ ӕмӕ сӕ фӕдылдзӕуджытӕ та нӕ разы кодтой, Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон, Хуыцауы куыст кӕй кодта, уый бӕлвырдгӕнӕн кӕй уыдысты, ууыл. Уыдон ма йын йӕхи дӕр фӕаххосджын кодтой (Маркы 2:15, 16; 3:1—6; Лукайы 7:31—35). Суанг ма йӕ куы амардтой ӕмӕ уый фӕстӕ куы райгас, уӕд дӕр ныццӕхгӕрмӕ сты ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд басӕттын, уыцы хъуыддаг Хуыцау кӕй сарӕзта, ууыл. Уый нӕ, фӕлӕ ма райдыдтой Йесойы фӕдылдзӕуджыты фӕдыл зилын ӕмӕ сӕ нӕ уагътой «Хицау Йесойы тыххӕй цины хабар хъусын кӕнын» (НД). Фӕлӕ иудейтӕй иуӕй-иутӕ, фӕстӕдӕр та ма ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй дӕр бирӕтӕ, уыцы цаутӕм сӕ хъус ӕрдардтой ӕмӕ сын ӕмбӕлон аргъ скодтой. Уыдон сӕхи цӕстӕй федтой, Хуыцау куыд аиуварс кодта иудейты дины разамонджыты, сӕхицӕй разы чи уыд, уыдоны ӕмӕ куыд ӕххуыс кодта Йесо Чырыстийы сӕрныллӕг фӕдылдзӕуджытӕн (Куыстытӕ 11:19—21).

Хуыцау абон кӕмӕн ӕххуыс кӕны?

4, 5. а) Иуӕй-иутӕ дин ӕвзаргӕйӕ цӕмӕ кӕсынц? ӕ) Раст дин сбӕлвырд кӕнынӕн цавӕр фарст у ахсджиаг?

4 Ӕрӕджы иу дины кусӕг телеуынынады интервью дӕтгӕйӕ раст дины тыххӕй загъта: «Мӕ бон у фидарӕй зӕгъын: кӕд адӕймаг цавӕрдӕр диныл хӕст у ӕмӕ уый руаджы хуыздӕрырдӕм фӕивта, уӕд уыцы дин у раст». Ӕцӕгӕйдӕр, раст дин адӕмы ивы хуыздӕрырдӕм. Фӕлӕ цымӕ дин адӕмы хуыздӕрырдӕм кӕй ивы, ӕрмӕстдӕр уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцау уыцы динӕн ӕххуыс кӕны? Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕ гӕсгӕ ис сбӕлвырд кӕнӕн, дин раст у ӕви нӕ?

5 Алчидӕр аргъ кӕны, ӕвзарыны бар ын кӕй ис, уыимӕ йӕ бон йӕхицӕн дин ӕвзарын кӕй у, уымӕн. Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ бон сӕрибарӕй ӕвзарын кӕй у, уый нырма ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ раст дин кӕй равзардзӕн. Зӕгъӕм, адӕмӕй иуӕй-иутӕ дин ӕвзаргӕйӕ кӕсынц, бирӕ адӕм дзы ис ӕви нӕ, хъӕздыг у ӕви нӕ, цы ӕгъдӕуттӕ дзы ис, уыдон дисы ӕфтауынц ӕви нӕ, кӕнӕ йыл сӕ бинонтӕй исчи хӕст у ӕви нӕ. Уыдонӕй иумӕ гӕсгӕ дӕр нӕй сбӕлвырд кӕнӕн, дин раст у ӕви нӕ. Ацы хъуыддаджы ӕппӕты ахсджиагдӕр у ахӕм фарст: кӕцы дин разӕнгард кӕны йӕ адӕмы Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ кӕцы динӕн ис фидар бӕлвырдгӕнӕн, Хуыцау ын кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн, стӕй кӕцы дины минӕвӕрттӕн у сӕ бон фидарӕй зӕгъын, «Хуыцау мах фарс у», зӕгъгӕ?

6. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ куыд ис раст дин ӕмӕ мӕнг дин сбӕлвырд кӕнӕн?

6 Раст кувынад мӕнг кувынадӕй куыд ис раиртасӕн, уый тыххӕй Йесо загъта: «Уӕхи хъахъхъӕнут мӕнг пехуымпартӕй, кӕцытӕ ӕрбацӕуынц сымахмӕ фысдзармы; мидӕгӕй та [сты] тугдзых бирӕгътӕ: сӕ дыргътӕм гӕсгӕ базондзыстут уыдоны» (Матфейы 7:15, 16; Малахи 3:18). Уӕдӕ ӕркӕсӕм раст дины «дыргътӕй», кӕнӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕй, иуӕй-иутӕм, цӕмӕй раиртасӕм, Хуыцау абон кӕцы динӕн ӕххуыс кӕны, уый.

Хуыцау кӕмӕн ӕххуыс кӕны, уыдоны цӕмӕ гӕсгӕ ис базонӕн

7. Цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр Библийыл чи бындуриуӕг кӕны, уыцы ахуырӕдтӕ амонын?

7 Сӕ ахуырӕдтӕ бындуриуӕг кӕнынц Библийыл. Йесо загъта: «Мӕ ахуырад — Мӕн нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы. Кӕй фӕнды Уый фӕндон кӕнын, уый базондзӕн уыцы ахуырады тыххӕй, Хуыцауӕй у уый, ӕви Ӕз Мӕхӕдӕг Мӕхицӕй дзурын». Ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Хуыцауӕй чи у, уый хъусы Хуыцауы дзырдтӕм» (Иоанны 7:16, 17; 8:47). Уӕдӕ, цӕмӕй Хуыцау адӕймагӕн ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ амона, Хуыцау йӕ Ныхасы цы ахуырӕдтӕ раргом кодта, ӕрмӕстдӕр уыдон, ӕмӕ иуварс кӕна, адӕймаджы зонд кӕнӕ ӕгъдӕуттыл чи бындуриуӕг кӕны, уыцы ахуырӕдтӕ (Исай 29:13; Матфейы 15:3—9; Колоссӕгтӕм 2:8).

8. Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй йӕм йӕ номӕй дзурой?

8 Хуыцаумӕ дзурынц йӕ номӕй, Иегъовӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ адӕмӕн хъусын кӕнынц. Исай срагзагъд кодта: «Уыцы бон зӕгъдзыстут: „Кадджын кӕнут Иегъовӕйы! Йӕ номӕй йӕм кувут. Адӕмӕн хъусын кӕнут йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Дзурут, йӕ ном кадджын кӕй у, уый тыххӕй. Иегъовӕйӕн зарут, уымӕн ӕмӕ уый сарӕзта стыр хъуыддӕгтӕ. Уыдон ӕппӕт зӕххыл цӕуынц хъуыстгонд“» (Исай 12:4, 5). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын: «Мах Фыд, ӕрвтыл уӕвӕг; сыгъдӕг уӕд Дӕ ном» (Матфейы 6:9). Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ иудейтӕ уыдаиккой ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ лӕггад кодтаиккой, куыд «[Хуыцауы] номыл» конд адӕм, афтӕ (Куыстытӕ 15:14). Куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцау ӕхсызгонӕй ӕххуыс кӕны, «Йӕхи номыл» цы адӕм скодта, уыдоны ’хсӕн чи ис ӕмӕ уымӕй сӕрыстыр чи у, уыдонӕн.

9. а) Циндзинад раст дины минӕвӕртты миниуӕг цӕмӕн у? ӕ) Раст дин мӕнг динӕй куыд хицӕн кӕны, уый тыххӕй Исай цы ныффыста?

9 Ӕвдисынц, Иегъовӕ амондджын Хуыцау кӕй у, уый. «Хорз уацхъуыд» Иегъовӕйӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уый у «амондджын Хуыцау» (1 Тимофеймӕ 1:11). Кӕд афтӕ у, уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕ куыд хъуамӕ уой ӕнамонд кӕнӕ сӕм ӕдзухдӕр алцыдӕр ӕвзӕр куыд хъуамӕ кӕса? Кӕд дунейы бирӕ бӕллӕхтӕ цӕуы ӕмӕ адӕм зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уӕддӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ сты амондджын, уымӕн ӕмӕ ӕдзухдӕр минас кӕнынц уырнындзинад фидаргӕнӕг хъӕздыг куывды. Мӕнг диныл хӕст адӕмӕй цӕмӕй хицӕн кӕндзысты, уый тыххӕй Исай ныффыста: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕ: „Мӕ лӕггадгӕнджытӕ минас кӕндзысты, сымах та ӕххормагӕй мӕлдзыстут. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ нуаздзысты, сымах та дойныйӕ мӕлдзыстут. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цин кӕндзысты, сымахӕн та худинаг уыдзӕн. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ фырцинӕй зардзысты, сымах та ӕрдиаг кӕндзыстут уӕ зӕрдӕты рыстӕй ӕмӕ хъӕрздзыстут, уӕ ныфс бынтондӕр кӕй асӕтдзӕн, уымӕй“» (Исай 65:13, 14).

10. Раст диныл хӕст чи у, уыдон сӕхи куыд хизынц хи рӕдыдтытыл ахуыр кӕнынӕй?

10 Цӕрынц ӕмӕ уынаффӕтӕ хӕссынц Библийы принциптӕм гӕсгӕ. «Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у,— дзуры нын Фӕсномыг ныхӕсты фыссӕг.— Алы хъуыддаджы дӕр ын агур йӕ разамынд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ фӕндӕгтӕ» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:5, 6). Хуыцау ӕххуыс кӕны, разамынд ӕм чи агуры, уыдонӕн; уый нӕй зӕгъӕн, Хуыцауы зонд чи иуварс кӕны, ахӕм адӕмы ныхмӕвӕрд ахуырӕдты разамынд чи агуры, уыдонӕй. Адӕймаг цас тынгдӕр архайа Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрыныл, уыйас ӕй къаддӕр бахъӕудзӕн йӕхи рӕдыдтытыл ахуыр кӕнын (Псалом 118:33; 1 Коринфӕгтӕм 1:19—21).

11. а) Раст дины уӕнгтӕ цӕуылнӕ дих кӕнынц сауджынтӕ ӕмӕ аргъуанмӕ цӕуджытыл? ӕ) Хуыцауы адӕмы ’хсӕн йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон дзугӕн цавӕр дӕнцӕг ӕвдисынц?

11 Се ’мбырд арӕзт у фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдмӕ гӕсгӕ. Йесо сфидар кодта ахӕм фӕтк: «Уӕхи ма хонут ахуыргӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ иу Ахуыргӕнӕг ис сымахӕн — Чырысти, сымах та иуылдӕр — ӕфсымӕртӕ; ӕмӕ уӕ фыд дӕр макӕйы хонут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ иу Фыд ис сымахӕн, Кӕцы ис ӕрвтыл; ӕмӕ уӕхи зондамонджытӕ ма хонут, уымӕн ӕмӕ иу у уӕ Зондамонӕг — Чырысти. Стылдӕр чи у сымахӕй, уый уӕд сымахӕн лӕггадгӕнӕг» (Матфейы 23:8—11). Ӕмбырды ӕфсымӕрты ’хсӕн нӕй бынат, йӕхицӕн кады нӕмттӕ чи дӕтты ӕмӕ йӕхи аргъуанмӕ цӕуджытӕй бӕрзонддӕр чи кӕны, уыцы сӕрбӕрзонд сауджынтӕн (Иов 32:21, 22). Хуыцауы дзугмӕ чи кӕсы, уыдонӕн загъдӕуы, цӕмӕй уыцы хъуыддаг кӕной «ӕнӕбары нӕ, фӕлӕ разӕнгардӕй ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндонӕй, ӕлгъаг ӕфтиаджы тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕнувыдӕй, ӕмӕ Хуыцауы бынтыл ӕлдариуӕг нӕ кӕнгӕйӕ, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг уӕвгӕйӕ» (1 Петры 5:2, 3). Ӕцӕг чырыстон фыййӕуттӕ сӕхи хизынц иннӕты уырнындзинадыл хицауиуӕг кӕнынӕй. Куыд ӕмкусджытӕ Хуыцауы хъуыддаджы, афтӕ уыдон архайынц фӕзминаг дӕнцӕг ӕвдисыныл (2 Коринфӕгтӕм 1:24).

12. Кӕд адӕймаджы фӕнды, цӕмӕй йын Хуыцау ӕххуыс кӕна, уӕд ын хицауадмӕ хъуамӕ цавӕр ахаст уа?

12 Коммӕгӕс сты хицауадӕн, фӕлӕ дунейы хъуыддӕгты хайад нӕ исынц. «Уӕлдӕр хицауадӕн» коммӕгӕс чи нӕу, уый Хуыцауы ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ дӕр ма кӕсӕд. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ «цы хицӕуттӕ ис, уыдон... Хуыцауӕй ӕвӕрд сты. Уымӕ гӕсгӕ хицауады ныхмӕ лӕууӕг, лӕууы Хуыцауы амынды ныхмӕ» (Ромӕгтӕм 13:1, 2). Фӕлӕ Йесо ӕмбӕрста, цавӕрдӕр хъуыддӕгты сӕ цӕстӕнгӕстӕ ӕмхуызон кӕй нӕ уыдзысты, уый, ӕмӕ загъта: «Кесарӕн цы ’мбӕлы, уый дӕттут кесарӕн, Хуыцауӕн цы ’мбӕлы, уый та — Хуыцауӕн» (Маркы 12:17, МСЕ). Кӕд адӕймаджы фӕнды, цӕмӕй йын Хуыцау ӕххуыс кӕна, уӕд хъуамӕ «агура раздӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад», ӕмӕ ма уыцы иу рӕстӕджы хъуамӕ ӕххӕст кӕна, цы бӕстӕйы цӕры, уыцы бӕстӕйы закъӕттӕ дӕр, Хуыцауы раз ын цы ахсджиаг хӕстӕ ис, уыдоны ныхмӕ куы нӕ уой, уӕд (Матфейы 6:33; Куыстытӕ 5:29). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй куы загъта, «уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр куыд нӕ дӕн дунейӕ», зӕгъгӕ, уӕд йӕ хъуыдыйы уыд, дунейы хъуыддӕгты хайад кӕй хъуамӕ ма истаиккой, уый. Фӕстӕдӕр ма загъта: «Мӕ Паддзахад нӕу ацы дунейӕ» (Иоанны 17:16; 18:36).

13. Хуыцауы адӕмы базонынӕн уарзондзинад цас ахсджиаг у?

13 «Хорздзинад алкӕмӕн дӕр» кӕнгӕйӕ, никӕй хъулон кӕнынц (Галатӕгтӕм 6:10). Чырыстон уарзы алкӕй дӕр, уӕлдай нӕу, адӕймаг сау у ӕви урс, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, ахуыргонд у ӕви нӕ, цавӕр адӕмыхаттӕй у ӕмӕ цавӕр ӕвзагыл дзуры, уый. Хуыцау кӕмӕн ӕххуыс кӕны, уыцы адӕмы базонӕн ис, алкӕмӕн дӕр, уӕлдайдӕр та се ’муырнджытӕн, хорздзинад кӕй кӕнынц, уымӕй. Йесо загъта: «Уымӕй уӕ базондзысты иууылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат, уӕд» (Иоанны 13:35, НФ; Куыстытӕ 10:34, 35).

14. Хуыцауы хорзӕх кӕмӕ ис, уыцы адӕм ӕнӕмӕнг хъуамӕ алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуой? Бамбарын ӕй кӕн.

14 Цӕттӕ сты Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныны сӕраппонд ӕфхӕрд баййафынмӕ дӕр. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста: «Кӕд Мӕн сырдтой, уӕд сымах дӕр сурдзысты; Мӕ дзырд кӕд ӕххӕст кодтой, уӕд уӕ дзырд дӕр ӕххӕст кӕндзысты» (Иоанны 15:20, НФ; Матфейы 5:11, 12; 2 Тимофеймӕ 3:12). Хуыцау кӕмӕн ӕххуыс кӕны, уыдоны адӕм арӕх ницӕмӕ фӕдарынц, Нойы, йӕ уырнындзинадӕй ӕппӕт дунейӕн тӕрхон чи скодта, уый куыд ницӕмӕ дардтой, афтӕ (Дзуттытӕм 11:7). Абон Хуыцауы ӕххуысмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, ӕрмӕст мӕхи ӕфхӕрдӕй бахизон, ӕндӕр Хуыцауы дзырды кӕнӕ Хуыцауы принципты сӕрты дӕр ахиздзынӕн. Уыдон зонынц, цалынмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕной, уӕдмӕ адӕм «сӕ фыдкой [кӕй] кӕндзысты» (1 Петры 2:12; 3:16; 4:4).

Рӕстӕг бӕлвырдгӕнӕнтыл ахъуыды кӕнынӕн

15, 16. а) Хуыцау цы динон къордӕн ӕххуыс кӕны, уый раиртасынӕн цавӕр фарстытӕ баххуыс кӕндзысты? ӕ) Милуангай адӕймӕгтӕ цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ цӕмӕн?

15 Дӕхимӕ радт фарстытӕ: «Кӕцы динон къорд у зындгонд, Хуыцауы Ныхас фидарӕй чи ӕххӕст кӕны, ахӕмӕй, кӕд йӕ ахуырӕдтӕ, адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕуыл ӕууӕндынц, уымӕй хицӕн кӕнынц, уӕддӕр? Чи дзуры, Хуыцаумӕ йӕ номӕй кӕй хъӕуы дзурын, уый тыххӕй, ӕмӕ ма йын суанг йӕ ном дӕр чи хӕссы? Адӕмӕн сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзынӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй зӕрдиагӕй чи хъусын кӕны? Библийы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ чи цӕры, кӕд сӕ зӕронд ӕгъдӕуттыл хӕст адӕмыл нымайынц, уӕддӕр? Кӕцы къорды нӕй, ӕхца кӕмӕн фидынц, ахӕм сауджынтӕ ӕмӕ йӕ минӕвӕрттӕ иууылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕмӕн сты? Кӕмӕй ӕппӕлынц куыд закъон ӕххӕстгӕнӕг ӕмбӕстӕгтӕй, кӕд уыцы иу рӕстӕджы политикӕйы хайад нӕ исынц, уӕддӕр? Уарзондзинад ӕвдисгӕйӕ йӕ рӕстӕг ӕмӕ йе ’хцатӕ чи хардз кӕны, цӕмӕй иннӕты Хуыцауимӕ ӕмӕ йӕ фӕндтимӕ базонгӕ кӕной? Ӕмӕ кӕд ӕппӕт уыцы хорздзинӕдтӕ аразынц, уӕддӕр адӕм ӕнӕрвӕссонӕй кӕмӕ кӕсынц, кӕуыл худынц ӕмӕ кӕй ӕфхӕрынц?»

16 Ӕгас дунейыл дӕр милуангай адӕймӕгтӕ бӕлвырдгӕнӕнтыл ахъуыды кодтой ӕмӕ бамбӕрстой, раст диныл ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты хӕст, уый. Уыцы хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц ӕмӕ сӕхи куыд дарынц, уымӕ гӕсгӕ, стӕй ма сӕ дин цы пайда хӕссы, уымӕ гӕсгӕ дӕр (Исай 48:17). Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр, милуантӕ абон дзурынц, Захарийы 8:23-ӕм стихы рагзагъд куыд уыд, афтӕ: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый».

17. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй дзурынц, зӕгъгӕ, сӕ дин раст у, уымӕй цӕуылнӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕгӕр ныфсхаст сты?

17 Цымӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй дзурынц, Хуыцау ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ӕххуыс кӕны, зӕгъгӕ, уымӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕгӕр ныфсхаст сты? Афтӕ нӕй зӕгъӕн, уӕлдайдӕр та куы ӕрхъуыды кӕнӕм, израилӕгтӕ Египеты куы уыдысты, уӕд куы дзырдтой, Хуыцау сын кӕй ӕххуыс кӕны, египетӕгты кӕд нӕ уырныдта, уӕддӕр, кӕнӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ куы дзырдтой, Хуыцау иудейаг дингӕнджыты фарс нӕу, фӕлӕ уыдонӕн ӕххуыс кӕны, зӕгъгӕ. Бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕвдисынц, уыцы ныхӕстӕ раст кӕй сты. 235 бӕстӕйы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ йӕ ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕроны рӕстӕджы цы хъуыддаг хъуамӕ кӕной, уый: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14).

18, 19. а) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн кӕд сӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр хъуамӕ цӕуылнӕ ӕрлӕууой сӕ хъусын кӕныны куыстӕй? ӕ) Псалом 40:12-ӕм стихӕй куыд у бӕрӕг, Хуыцау Ӕвдисӕнтӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый?

18 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕндзысты уыцы хӕслӕвӕрд ӕмӕ нӕ бауадздзысты, цӕмӕй сын ӕфхӕрд кӕнӕ ныхмӕдзыд сӕ куыст бакъуылымпы кӕной. Иегъовӕйы хъуыддаг хъуамӕ ӕрцӕуа арӕзт, ӕмӕ ӕнӕуи дӕр афтӕ уыдзӕн. Ивгъуыд ӕнусы адӕм цы нӕ кодтой, цӕмӕй Ӕвдисӕнты бакъуылымпы кодтаиккой Хуыцауы хъуыддаг аразынӕй, фӕлӕ сын уымӕй ӕппындӕр ницы рауад, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт уа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕмӕ тӕрхондоны дӕ ныхмӕ чи дзура, уымӕн йӕхи фӕазымджын кӕндзынӕ. Уый у Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты хай, ӕмӕ сӕ рӕстдзинад у мӕнӕй» (Исай 54:17).

19 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ныры хуызӕн фидарӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй никуы архайдтой, кӕд ӕгас дунейыл дӕр сӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕ сӕ куыстӕй райгонд у. Паддзах Давид загъта: «Уымӕй базондзынӕн, Ды хӕрзаудӕн кӕй кӕныс мӕныл, ме знаг куы нӕ фӕуӕлахиз уа мӕныл» (Псалом 40:12; 55:10, 12). Хуыцауы знӕгтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты Иегъовӕйы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Фӕтӕг Йесо Чырысти размӕ тындзы кӕронбӕттӕн уӕлахизмӕ!

Дӕ бон у дзуапп радтын?

• Рагзаманты Хуыцау кӕмӕн ӕххуыс кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ чи уыдысты?

• Раст дины бӕлвырдгӕнӕнтӕ цавӕртӕ сты?

• Сӕрмагондӕй дӕу цӕмӕ гӕсгӕ уырны, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Хуыцау кӕй ӕххуыс кӕны, уый?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Хуыцауы ӕххуысмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕн хъуамӕ сӕ ахуырӕдтӕ бындуриуӕг кӕной ӕрмӕстдӕр йӕ Ныхасыл.

[Ныв 25 фарсыл]

Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзугӕн сты фӕзминаг.