Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Размӕ кӕронбӕттӕн уӕлахизмӕ!

Размӕ кӕронбӕттӕн уӕлахизмӕ!

Размӕ кӕронбӕттӕн уӕлахизмӕ!

«Мӕнӕ, урс бӕх, ӕмӕ ууыл барӕг, ӕмӕ йӕм ӕрдын, ӕмӕ йын лӕвӕрд уыд кады худ; ӕмӕ рацыд уый куыд уӕлахизхӕссӕг, ӕмӕ цӕмӕй фӕуӕлахиз уа» (РАРГОМАД 6:2).

1. Иоанн цӕстылуайӕны цавӕр фидӕны цаутӕ федта?

ХУЫЦАУЫ сыгъдӕг уды ӕххуысӕй апостол Иоанн федта, 1 800 азы фӕстӕ цы ӕрцӕудзӕн, уый ӕмӕ ныффыста, Чырысти Паддзах куыд сси, уый тыххӕй. Фӕлӕ цӕмӕй Иоанн, цӕстылуайӕны цы федта, ууыл баууӕндыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыд фидар уырнындзинад. Абон мах ирдӕй уынӕм, рагзагъд куыд уыд, афтӕмӕй 1914 азы Йесо Паддзахӕй ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уый. Уырнындзинады цӕстытӕй куы кӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, Йесо Чырысти кӕй цӕуы «куыд уӕлахизхӕссӕг, ӕмӕ цӕмӕй фӕуӕлахиз уа».

2. Паддзахад кӕй сфидар, уымӕ Хӕйрӕг цавӕр ахаст дардта ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

2 Паддзахад куы сфидар, уӕд Сайтан ӕппӕрст ӕрцыд уӕларвӕй, ӕмӕ уыйадыл карздӕрӕй ӕмӕ знӕтдӕрӕй тох кӕнын райдыдта, фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй йын ницы бантысдзӕн (Раргомад 12:7—12). Афтӕ кӕй сызнӕт, уымӕ гӕсгӕ уавӕртӕ зӕххыл кӕнынц ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, адӕм сӕфты къахыл ныллӕууыдысты. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн та уый бӕлвырд ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ Паддзах тындзы размӕ, «цӕмӕй фӕуӕлахиз уа».

Ног дунейы ӕхсӕнадӕн йӕ бындур ӕвӕрд цӕуы

3, 4. а) Паддзахад куы сфидар, уӕдӕй фӕстӕмӕ чырыстон ӕмбырды цавӕр ивындзинӕдтӕ ӕрцыд арӕзт ӕмӕ ахсджиаг цӕмӕн уыдысты? ӕ) Исайы ныхӕстӕм гӕсгӕ уыцы ивындзинӕдтӕ ахъаз цӕмӕн уыдысты?

3 Иугӕр Паддзахад сфидар, уӕд ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй, фӕстӕмӕ йӕ къахыл чи слӕууыд ӕмӕ Паддзахады хъуыддаджы фылдӕр хӕстӕ кӕмӕн фӕзынд, уыцы чырыстон ӕмбырд арӕзт ӕрцыдаид фыццӕгӕм ӕнусы чырыстон ӕмбырдмӕ гӕсгӕ. Уымӕ гӕсгӕ 1938 азы 1 июны ӕмӕ 15 июны номырты «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» (англ.) дзырдӕуыд, чырыстон ӕмбырд куыд хъуамӕ архайа, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ 1971 азы 15 декабры номыры (англ.) статьяйы, «Разамонӕг совет ӕмӕ юридикон оргӕн иу не сты», зӕгъгӕ, ноджы бӕлвырддӕр ӕмбӕрстгонд цыд ныртӕккӕйы Разамонӕг советы куыст. 1972 азы арӕзт ӕрцыдысты хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕ, цӕмӕй бынӕттон ӕмбырдтӕн ӕххуыс кодтаиккой ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдтаиккой.

4 Куыд ӕмбӕлы, афтӕ разамынд ногӕй лӕвӕрд кӕй цыд, уый тынг бафидар кодта чырыстон ӕмбырд. Уымӕн ма стыр ӕххуыс фӕци, Разамонӕг совет хистӕртӕн сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн амындтӕ кӕй лӕвӕрдта, уыимӕ сӕ барадон фарстатӕ лыг кӕнын кӕй ахуыр кодта, уый дӕр. Хуыцауы зӕххон организацийы цадӕггай цы ивындзинӕдтӕ хъуамӕ ӕрцыдаид арӕзт ӕмӕ сӕ хорз фӕстиуджыты тыххӕй Исайы 60:17-ӕм стихы уыд рагзагъд: «Ӕрхуыйы бӕсты дын хӕсдзынӕн сыгъзӕрин, ӕфсӕйнаджы бӕсты — ӕвзист, суджы бӕсты — ӕрхуы, дурты бӕсты та — ӕфсӕйнаг; ӕмӕ дын фарн снысан кӕндзынӕн цӕстдарӕгӕй, рӕстдзинад та — хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕгӕй». Уыцы ивындзинӕдтӕ дзурӕг уыдысты Хуыцауы арфӕдзинадыл ӕмӕ ӕвдыстой, Хуыцау, йӕ Паддзахады фарс зӕрдиагӕй чи архайдта, уыдонмӕ хорз зӕрдӕ кӕй дардта, уый.

5. а) Иегъовӕ Йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кодта, уымӕ Сайтанӕн цавӕр ахаст уыд? ӕ) Филиппӕгтӕм 1:7-ӕм стих сӕ зӕрдыл даргӕйӕ Иегъовӕйы адӕмӕн, Сайтан кӕй знӕт кӕны, уымӕ цавӕр ахаст ис?

5 Паддзахад куы сфидар, уый фӕстӕ Хуыцау йӕ адӕмыл куыд аудыдта ӕмӕ сын разамынд куыд лӕвӕрдта, уый Сайтанӕй ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕци. Зӕгъӕм, 1931 азы чырыстӕтты гыццыл къорд фехъусын кодта, ӕрмӕст Библииртасджытӕ кӕй нӕ уыдысты, уый. Исайы 43:10-ӕм стихмӕ гӕсгӕ уыдон уыдысты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ! Уый фӕстӕ, ӕнӕуи афтӕ рауад ӕви нӕ, фӕлӕ Хӕйрӕджы аххосӕй чырыстӕттӕ ӕгас зӕххыл дӕр, уӕды онг куыд никуыма уыд, ахӕм фӕдылзылд баййӕфтой. Суанг ма динӕн сӕрибардзинад цы бӕстӕты уыд, зӕгъӕм, Иугонд Штатты, Канадӕ ӕмӕ Германы, уым дӕр Ӕвдисӕнты бирӕ хӕттыты бахъуыд тӕрхондӕтты тох кӕнын сӕрибарӕй кувыны бар бахъахъхъӕныны тыххӕй. 1988 азы онг Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондоны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты архайды фӕдыл ӕвзӕрст ӕрцыд 71 хъуыддаг, ӕмӕ дзы 47 рамбылдтой. Абоны онг ӕппӕт дунейыл юридикон хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрст цӕуынц, цӕмӕй, фыццаг ӕнусы куыд уыди, афтӕ ныр дӕр «хорз уацхъуыд хъахъхъӕнӕм ӕмӕ [йӕ] фидар кӕнӕм» (Филиппӕгтӕм 1:7).

6. Иегъовӕйы адӕмы куыст-иу куы ӕрӕхгӕдтой кӕнӕ-иу сын сӕрибарӕй архайыны бар куы нал лӕвӕрдтой, уӕд-иу сӕ уый баурӕдта размӕ цӕуынӕй? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

6 1930 азты, Дыккаг дунеон хӕсты размӕ, ӕгъатыр хицауӕдтӕ Германы, Испанийы ӕмӕ Японы ӕрлӕууын кодтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты куыст кӕнӕ сын бынтон сӕрибарӕй архайыны бар нал лӕвӕрдтой, ӕмӕ уый ӕрмӕстдӕр уыцы ӕртӕ бӕстӕйы. Фӕлӕ 2000 азы растдӕр уыцы ӕртӕ бӕстӕйы, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй чи хъусын кодта, уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ уыдысты 500 000 бӕрц. Уыцы нымӕц уыд, 1936 азы Ӕвдисӕнты нымӕц ӕгас зӕххыл цас уыд, уымӕй иу-дӕс хатты фылдӕр! Бӕрӕг у, Иегъовӕйы адӕмы ницы бауромдзӕн сӕ уӕлахиздзау Фӕтӕг Йесо Чырыстиимӕ размӕ цӕуынӕй.

7. 1958 азы цавӕр зӕрдыллӕууӕн цау ӕрцыд ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ цӕхгӕр цы фӕивта?

7 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ размӕ кӕй цыдысты, уымӕн диссаджы ӕвдисӕн уыд, 1958 азы Нью-Йорчы куы сӕмбырд сты сӕ иууыл стырдӕр ӕппӕтдунеон конгресмӕ, «Хуыцауы фӕндон», зӕгъгӕ, уӕд, цыран уыди 253 922 адӕймаджы. 1970 азмӕ сын, уӕлдӕр цы ӕртӕ бӕстӕйыл дзырдӕуыд, уыдоны, Скӕсӕн Германӕй фӕстӕмӕ, сӕ хъуыддагӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд. Фӕлӕ ма уӕддӕр егъау Советон Цӕдисы ӕмӕ йемӕ Варшавӕйы бадзырды цы бӕстӕтӕ уыд, уыдоны Ӕвдисӕнтӕн архайыны бар нӕ уыд. Абон уыцы раздӕры коммунистон бӕстӕты Ӕвдисӕнтӕ сты милуаны ӕрдӕгӕй фылдӕр.

8. Иегъовӕйы арфӕдзинад йӕ адӕмӕн хорзӕй цы ’рхаста ӕмӕ уый тыххӕй 1950 азы «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» (англ.) цы дзырдӕуыд?

8 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уымӕн фылдӕр кӕнынц, ӕмӕ «фыццаджыдӕр агурынц Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ [Хуыцауы] рӕстдзинад» (Матфейы 6:33, НФ). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Исайы пехуымпарад комкоммӕ сӕххӕст: «Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, лӕмӕгъ адӕмӕй — тыхджын. Ӕз, Иегъовӕ, уыцы хъуыддаг фӕтагъд кӕндзынӕн йӕ рӕстӕджы» (Исай 60:22). Ӕмӕ хъуыддаг ууыл нырма не ’рлӕууыд. Ӕрмӕстдӕр фӕстаг дӕс азы, Паддзахады хицауиуӕгады фарс зӕрдиагӕй чи хӕцы, уыдонмӕ бафтыд 1 855 501 адӕймаджы. Уыдон барвӕндонӕй систы, 1950 азы «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» (англ.) цы къордыл цыд дзырд, уый хай. Уым дзырдӕуыд: «Хуыцау ныртӕккӕ ӕвӕры бындур ног дунейы ӕхсӕнадӕн... Уыцы адӕмы къорд фервӕздзӕн Армагеддоны... уыдон уыдзысты „ног зӕххыл“ фыццӕгтӕ... архайдзысты Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ зондзысты, алцыдӕр аразын куыд хъӕуы, уый». Статьяйы кӕрон дзырдӕуыд: «Уӕдӕ размӕ цӕуӕм иууылдӕр ӕнӕрлӕугӕйӕ, куыд ног дунейы ӕхсӕнад!»

9. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ азты дӕргъы цӕуыл сахуыр сты, уый ахъаз цӕмӕн у?

9 Уыцы рӕстӕджы, ӕдзух стырӕй-стырдӕр чи кӕны, уыцы ног дунейы ӕхсӕнад базыдта, хъуыддӕгтӕ ӕнтыстджынӕй аразын куыд хъӕуы, уый. Уыцы зонындзинӕдтӕ ахсджиаг сты абон, стӕй ма, гӕнӕн ис, ахъаз фӕуой Армагеддоны фӕстӕ ногӕй рацарӕзты рӕстӕджы дӕр. Дзырдӕн зӕгъӕм, Ӕвдисӕнтӕ сахуыр сты стыр конгрестӕ цӕттӕ кӕнын, цавӕрдӕр бӕллӕхты рӕстӕджы тагъд ӕххуыс кӕнын ӕмӕ цыбыр ӕмгъуыдтӕм агъуыстытӕ аразын. Уыцы хъуыддӕгтӕ адӕмӕй бирӕты дисы бафтыдтой ӕмӕ уыдон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн райдыдтой аргъ кӕнын ӕмӕ кад кӕнын.

Ӕнӕраст цӕстӕнгӕстӕ ивынц

10, 11. Ӕрхӕсс цӕвиттон, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ӕнӕраст цӕстӕнгӕстӕ ивд куыд ӕрцыдысты, уымӕн.

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕддӕр иуӕй-иутӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты аххосджын кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕмы ӕмрӕнхъ нӕ цӕуынц. Уыдон афтӕ тынгдӕр дзурынц, Ӕвдисӕнтӕн Библимӕ гӕсгӕ туг уадзыны, политикӕйы хайад нӕ исыны, тамако дымыны ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы цӕстӕнгӕстӕ ис, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ куыдфӕстагмӕ, афтӕ адӕм разы кӕнынц, Ӕвдисӕнты цӕстӕнгӕстӕм ӕргом аздахын кӕй хъӕуы, ууыл. Зӕгъӕм, Польшӕйы иу дохтыр фӕдзырдта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, йе ’мкусджытимӕ рынчындоны цалдӕр сахаты дӕргъы фӕныхас кодтой туг уадзыны фарстайыл. Уымӕ сӕ сразӕнгард кодта, уыцы бон польшӕйаг ӕрвылбоны газет «Дзенник заходни»-йы цы статья уыд, уый («Dziennik Zachodni»). Дохтыр ӕргом загъта: «Тынг хъыг мын у, медицинӕйы тугӕй раст кӕй нӕ пайда кӕнынц, уый. Уыцы хъуыддагӕн афтӕ ныууадзӕн нал ис, ӕмӕ мын тынг ӕхсызгон у, чидӕр ыл кӕй райдыдта ныхас кӕнын, уый. Уый тыххӕй ма мӕ фӕнды ноджы фылдӕр базонын».

11 Фарон Швейцарийы конференцимӕ ӕрӕмбырд сты зынгӕ дохтыртӕ Европӕйӕ, Израилӕй, Иугонд Штаттӕй ӕмӕ Канадӕйӕ. Сӕ фембӕлды сӕр уыд, рынчынты ӕнӕ тугӕй куыд ис дзӕбӕхгӕнӕн, уый тыххӕй дохтыртӕн ӕххуысӕн цы ӕрмӕг рацыд, уый. Уыцы конференцийы дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, кӕд адӕм разы не сты, уӕддӕр туг кӕмӕн бауадзынц, уыцы рынчынтӕй фылдӕр амӕлы, туг кӕмӕн нӕ бауадзынц, уыдонӕй. Стӕй ма Ӕвдисӕнтӕй рынчын чи вӕййы, уыдон, туг кӕмӕн бауадзынц, уыцы рынчынтӕй рынчындонӕй раздӕр рацӕуынц, ӕмӕ ма сӕ дзӕбӕх кӕнынӕн дӕр къаддӕр хӕрдзтӕ кӕнын бахъӕуы.

12. Ӕрхӕсс, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕйы хайад кӕй нӕ исынц, уый тыххӕй сӕ зындгонд адӕймӕгтӕ куыд ӕппӕлынц, уый ӕвдисӕг цӕвиттонтӕ.

12 Бирӕ хорз ныхӕстӕ ма дзурынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй, Дыккаг дунеон хӕсты размӕ дӕр ӕмӕ йӕ рӕстӕджы дӕр, нацисттӕ сӕ сӕ ныхтӕ куы ныссагътой, уӕд сын кӕй нӕ басастысты, уый тыххӕй. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систой видеофильм, «Нацистты ӕфхӕрд нӕ басаста Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты», зӕгъгӕ, фыццаг хатт ӕй равдыстой 1996 азы 6 ноябры Германы, Равенсбрюкы концентрацион лагеры, ӕмӕ йӕм чи бакаст, уыдонӕн сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Афтӕ ма йӕ 1998 азы 18 апрелы „хъуыстгонд“ Берген-Бельзены концентрацион лагеры дӕр куы ӕвдыстой, уӕд Дӕллаг Саксонийы Политикон ахуырады центры директор, профессор Вольфганг Шель загъта: «Кӕд мын зын у, уӕддӕр ӕргом зӕгъдзынӕн, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нацизмы ныхмӕ куыд фидар фӕлӕууыдысты, афтӕ чырыстон аргъуантӕй иу дӕр нӕ фӕлӕууыд... Гъеныр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахуырӕдтӕ ӕмӕ, сӕ диныл афтӕ ӕнувыд кӕй сты, уый нӕ зӕрдӕмӕ цӕуа ӕви нӕ, уӕддӕр нацизмы рӕстӕджы кӕй нӕ басастысты, уый у кады аккаг».

13, 14. а) Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ӕнхъӕл кӕмӕй нӕ уыдысты, уый сӕ сӕрыл цавӕр зондджын ныхӕстӕ загъта? ӕ) Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ, абон Хуыцауы адӕмы сӕрыл хӕцгӕйӕ, цавӕр хорз ныхӕстӕ фӕзӕгъынц, уымӕн.

13 Зындгонд адӕймӕгтӕ кӕнӕ, тӕрхондӕтты дзырддаг фарстаты фӕдыл цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фарс куы фӕдзурынц, уӕд сӕм арӕх адӕм сӕ цӕстӕнгас фӕивынц ӕмӕ сӕм хуыздӕр ахаст дарын райдайынц. Уый руаджы сын фӕзыны фадат, раздӕр хъусын ӕппындӕр кӕй нӕ фӕндыд, уыцы адӕмимӕ аныхас кӕнынӕн. Уӕдӕ ӕндӕр адӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрыл куы рахӕцынц, уӕд сӕ уыдон вӕййынц тынг бузныг. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, фыццаг ӕнусы Иерусалимы цы хабар ӕрцыд, уый. Синедрион, Иудейты сӕйраг тӕрхондон, куы сфӕнд кодта чырыстӕтты амарын, зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй, уӕд сӕ Гамалиил, «закъоныл ахуыргӕнӕг, цытджын ӕппӕт адӕмы ’хсӕн», бафӕдзӕхста: «О, Израилы лӕгтӕ! ацы адӕмимӕ цы бакӕнинаг стут, уымӕ тарф хъуыдыйӕ уӕхинымӕр ӕркӕсут... Иуырдӕм ласут уӕхи ацы адӕмӕй, ӕмӕ сӕ сӕхи бар ныууадзут: цӕмӕйдӕриддӕр, кӕд ацы сфӕнд, кӕнӕ ацы хъуыддаг сты адӕмӕй, уӕд хӕлдзысты, фӕлӕ кӕд Хуыцауӕй у, уӕд сымах нӕ бафӕраздзыстут уый фехалын! Хъахъхъӕнут уӕхи, цӕмӕй ма разынат Хуыцауы ныхмӕ быцӕугӕнджытӕ» (Куыстытӕ 5:33; 34—39, НФ).

14 Фӕстаг рӕстӕджы зындгонд адӕймӕгтӕ Гамалиилау дзурын райдыдтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты дины сӕрибардзинадыл. Зӕгъӕм, Дин ӕмӕ уырнындзинӕдты сӕрибардзинады ӕппӕтдунеон академийы раздӕры сӕргълӕууӕг загъта: «Уырнджытӕн сӕ дины кӕнонтӕ кӕнынӕй нӕй тобӕ зӕгъӕн, сӕ ахуырӕдтӕ ӕхсӕнады ӕмбӕлоныл нымад куы нӕ уой кӕнӕ адӕм цӕуыл ахуыр сты, уымӕй куы хицӕн кӕной, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй». Иу профессор та Лейпцигы университетӕй, дин зонады цӕстӕнгасӕй чи иртасы, ахӕм, йӕ рӕстӕгыл радта фарст, Германы хицауады къамис, динон сектӕтӕ кӕй хонынц, уыдоны куыст кӕй иртасы, уый фӕдыл: «Кӕд къаддӕр динон къордты куыст иртасӕм, уӕд цӕуылнӕ ис дыууӕ стыр аргъуаны (Ромаг-католикон ӕмӕ Лютерайнаг аргъуанты) куыст раиртасӕн?» Дзуапп ссарӕн ис, раздӕр Германы бӕрзонд бынаты чи куыста, ахӕм адӕймаджы ныхӕсты: «Дызӕрдыггӕнӕн нӕй, уыцы къамис ахӕм фарстатӕ кӕй ӕвзӕрста, уый аргъуаны зӕрдиаг минӕвӕртты ардыдӕй кӕй уыд».

Ӕххуысмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

15, 16. а) Гамалиилӕн йӕ бон алцыдӕр саразын цӕуылнӕ сси? ӕ) Ӕртӕ дзырддзӕугӕ нӕлгоймагӕн сӕ бон цӕуылнӕ сси Йесойы фервӕзын кӕнын?

15 Гамалиилы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау цы хъуыддагӕн ӕххуыс кӕна, уымӕн фехалӕн нӕй. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн, Гамалиил Синедрионӕн цы загъта, уый стыр ӕххуыс фӕци, фӕлӕ сӕ уыимӕ Йесойы ныхӕстӕ дӕр рох нӕ уыдысты, зӕгъгӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты сурдзысты. Гамалиилы ныхӕстӕ баурӕдтой дины разамонджыты чырыстӕтты мӕлӕтмӕ радтынӕй, фӕлӕ фӕдылзылд ууыл не ’рлӕууыд, уымӕн ӕмӕ кӕсӕм: «Уыдон ӕм байхъуыстой ӕмӕ фӕдзургӕйӕ Апостолтӕм, фӕнадтой уыдоны, бафӕдзӕхстой уыдонӕн цӕмӕй ма дзурой Йесойы номы тыххӕй, ӕмӕ сӕ ауагътой» (Куыстытӕ 5:40).

16 Йесойыл куы тӕрхон кодтой, уӕд Понти Пилат федта, аххосджын кӕй нӕ уыд, уый, ӕмӕ архайдта йӕ ауадзыныл. Фӕлӕ йын дзы ницы рауад (Иоанны 18:38, 39; 19:4, 6, 12—16). Суанг ма кӕд Синедрионы дыууӕ уӕнджы, Никодим ӕмӕ Аримафейаг Иосиф, Йесомӕ хорззӕрдӕ дардтой, уӕддӕр уыдонӕн дӕр сӕ бон не сси тӕрхондоны бауромын, цӕмӕй Йесойӕн мацы ракодтаиккой (Лукайы 23:50—52; Иоанны 7:45—52; 19:38—40). Адӕм Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн куыдфӕнды ма ӕххуыс кӕной, уымӕ сӕ цыфӕнды ма разӕнгард кӕна, уӕддӕр сӕ бон алцыдӕр нӕу. Дуне йе сӕфт уындзӕн Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕй, йӕхицӕй дӕр ын адӕм се сӕфт куыд уыдтой, афтӕ. Уымӕй сӕ бынтондӕр фервӕзын кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ (Куыстытӕ 2:24).

17. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы ӕмбарынц, фӕлӕ сӕ уый цӕуылнӕ уромы дарддӕр дӕр хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕй?

17 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц, дарддӕр дӕр сӕ фӕдыл кӕй зилдзысты, уый. Сӕ ныхмӕ уӕд нал цӕудзысты, Сайтаны дуне бынтондӕр куынӕггонд куы ӕрцӕуа. Ӕвдисӕнтӕн кӕд ӕхсызгон нӕу, кӕй сӕ сурынц, уый, уӕддӕр сӕ уый нӕ уромы сӕ хӕс ӕххӕст кӕнынӕй — Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕй. Ӕмӕ сӕ ӕцӕгдӕр куыд хъуамӕ баурома, кӕд ӕмӕ сын Хуыцау ӕххуыс кӕны, уӕд? Фӕзминаг дӕнцӕг сын равдыста сӕ хъӕбатыр Фӕтӕг Йесо Чырысти (Куыстытӕ 5:17—21, 27—32).

18. Иегъовӕйы адӕм ма цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлдзысты, фӕлӕ сӕ цӕй ныфс ис?

18 Раст дин куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ ныхмӕ тынг цӕуынц. Тагъд ыл йӕхи ныццӕвдзӕн Гог, ома Сайтан, кӕцы, уӕларвӕй ӕппӕрст куы ӕрцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ ис ӕгады уавӕры. Фӕлӕ раст дин нӕ фесӕфдзӕн (Иезекиль 38:14—16). «Ӕппӕт дунейы зӕххон паддзӕхтӕ» Сайтаны сӕргълӕудӕй «тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ Уӕрыкк фӕуӕлахиз уыдзӕн уыдоныл; уымӕн ӕмӕ Уый у хицауиуӕггӕнджыты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах» (Раргомад 16:14; 17:14). О, нӕ Паддзах тындзы размӕ кӕронбӕттӕн уӕлахизмӕ ӕмӕ тагъд «фӕуӕлахиз уыдзӕн». Уӕдӕ махӕн цӕй стыр кад у йемӕ иумӕ цӕуын ӕмӕ зонын, тагъд рӕстӕджы иу адӕймаг дӕр Иегъовӕйы кувджыты ныхмӕ кӕй ницы сдзурдзӕн, афтӕ куы зӕгъой: «Хуыцау мах фарс у»! (Ромӕгтӕм 8:31; Филиппӕгтӕм 1:27, 28).

Дӕ бон у бамбарын кӕнын?

• Паддзахад куы сфидар, уӕдӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕ цы аразы чырыстон ӕмбырд фидар кӕнынӕн?

• Сайтан цы аразы, цӕмӕй Чырысти ма фӕуӕлахиз уа, ӕмӕ йын цы ӕнтысы?

• Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдоны хорз хъуыддӕгтӕм хъуамӕ цавӕр раст ахаст дарӕм?

• Тагъд Сайтан цы сараздзӕн ӕмӕ йӕ кӕрон цы уыдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 28 фарсыл]

Иегъовӕйы адӕм размӕ кӕй цӕуынц, уымӕн ӕвдисӕн сты конгрестӕ.

[Нывтӕ 30 фарсыл]

Ӕвдисӕнтӕ Дыккаг дунеон хӕсты хайад кӕй нӕ истой, уый ма ныр дӕр кад хӕссы Иегъовӕйӕн.