Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕтт ӕмӕ дын уый хӕссӕд циндзинад!

Дӕтт ӕмӕ дын уый хӕссӕд циндзинад!

Дӕтт ӕмӕ дын уый хӕссӕд циндзинад!

«Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (КУЫСТЫТӔ 20:35).

1. Дӕттын циндзинад кӕй хӕссы, уый Иегъовӕ йӕхӕдӕг куыд ӕвдисы?

ӔЦӔГАД кӕй зонӕм, уый нын цы циндзинад ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый у Хуыцауы лӕвар. Иегъовӕйы чи зоны, уыдонӕн бирӕ аххосӕгтӕ ис цин кӕнынӕн. Фӕлӕ лӕвӕрттӕ исын куыд ӕхсызгон у, афтӕ ма адӕймагӕн стыр циндзинад хӕссы лӕвӕрттӕ кӕнын дӕр. «Алкӕцы хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвар» дӕр цӕуы Иегъовӕйӕ ӕмӕ «амондджын Хуыцау» дӕр уый тыххӕй у (Иаковы 1:17; 1 Тимофеймӕ 1:11). Чи йӕм хъусы, уыдонӕй алкӕмӕндӕр дӕтты ӕвдадзыхосы хуызӕн зонындзинӕдтӕ ӕмӕ тынг амондджын у, кӕй ахуыр кӕны, уыдон ӕм кӕй хъусынц, уымӕй; сывӕллӕттӕ сӕ уарзӕгой ныййарджыты зондамындтӕм куы фӕхъусынц, уӕд уыдон куыд амондджын вӕййынц, раст афтӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11).

2. а) Йесо дӕттыны тыххӕй цы загъта? ӕ) Искӕмӕн Библийы ӕцӕгад куы фӕамонӕм, уӕд цӕмӕн фӕцин кӕнӕм?

2 Йесо дӕр зӕххыл куы цард, уӕд ын стыр циндзинад хаста, йӕ ахуырӕдтӕ йын адӕм сӕ зӕрдӕмӕ кӕй истой, уый. Апостол Павел афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын», уӕд ӕрхаста Йесойы ныхӕстӕ (Куыстытӕ 20:35). Искӕмӕн Библийы ӕцӕгад куы фӕамонӕм, уӕд ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фӕцин кӕнӕм, ӕмӕ нӕ цы уырны, ууыл ма чидӕр дӕр кӕй сразы вӕййы. Уымӕй стырдӕр циндзинад нын хӕссы, адӕймагӕн ӕцӕг ӕмӕ ӕнусон пайда цы у, уый йын кӕй дӕттӕм. Адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ кӕй дӕттӕм, уымӕй сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй куыд абон, афтӕ ӕнустӕм дӕр амондджын уой (1 Тимофеймӕ 4:8).

Инӕттӕн дӕттын хӕссы циндзинад

3. а) Павел ӕмӕ Иоаннӕн Библийы ӕцӕгад иннӕтӕн амонын стыр циндзинад кӕй хаста, уый куыд равдыстой? ӕ) Нӕ сывӕллӕтты Библийы ӕцӕгадыл кӕй ахуыр кӕнӕм, уымӕй сӕм нӕ уарзондзинад куыд ӕвдисӕм?

3 Иегъовӕ ӕмӕ Йесо монон лӕвӕрттӕ кӕй кӕнынц, уый сын циндзинад куыд хӕссы, афтӕ уыцы хъуыддаг циндзинад хӕссы чырыстӕттӕн дӕр. Павел адӕмӕн Хуыцауы Ныхасӕй ӕцӕгад базонынӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый йын хаста стыр циндзинад. Фессалоникы ӕмбырдмӕ уый фыста: «Чи у нӕ ныфс, кӕнӕ [нӕ] циндзинад, кӕнӕ ӕппӕлды кады худ? сымах дӕр не стут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы раз, Йӕ ӕрцыды?... сымах — нӕ кад ӕмӕ циндзинад» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:19, 20). Афтӕ апостол Иоанн дӕр фыста, Библийы ӕцӕгадыл кӕй ахуыр кодта, ӕмӕ йын афтӕмӕй хи хъӕбултау чи сси, уыдонмӕ: «Мӕ сабитӕ ӕцӕгады кӕй цӕуынц, уый фехъусынӕй стырдӕр цин мын нӕй» (3 Иоанны 4, НФ). Уӕдӕ ма ахъуыды кӕнӕм, нӕ сывӕллӕтӕн ӕцӕгады фӕндагыл слӕууынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ нын афтӕмӕй дыууӕрдӕм хъӕбултӕ куы свӕййынц, уый та цӕй стыр циндзинад у! Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты «Хицауы ахуырады ӕмӕ зондамынды» кӕй хъомыл кӕнынц, уый дзурӕг у сӕ уарзондзинадыл (Ефесӕгтӕм 6:4). Уымӕй ныййарджытӕ ӕвдисынц, сӕ хъӕбулты ӕнусон амондыл кӕй хъуыды кӕнынц, уый. Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕттӕ сӕ фыдӕбон куы фембарынц, уӕд сын уымӕй стырдӕр циндзинад ницы вӕййы царды.

4. Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ дӕттын циндзинад кӕй хӕссы, уый цавӕр цауӕй бӕрӕг у?

4 Дел у ӕххӕстрӕстӕг пионер, фондз сывӕллоны мад. Уый дзуры: «Ӕз тынг хорз ӕмбарын апостол Иоанны ӕнкъарӕнтӕ. Мӕ сывӕллӕттӕй цыппар „ӕцӕгады кӕй цӕуынц“, уымӕй дӕн тынг амондджын. Ӕз зонын, бинонтӕ иумӕ Иегъовӕйӕн куы фӕлӕггад кӕнынц, уӕд ын уый стыр кад кӕй хӕссы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тынг райгонд дӕн, мӕ сывӕллӕттӕн ӕцӕгады фӕндаг бауарзын кӕныныл кӕй архайын, уымӕн мын кӕй арфӕ кӕны, уымӕй. Ӕнустӕм мын мӕ бинонтимӕ Дзӕнӕты цӕрыны диссаджы ныфс кӕй ис, уый мын дӕтты стыр хъарутӕ ӕмӕ мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдты дӕр фидар лӕууон». Хъыгагӕн, Делы чызджытӕй иу ӕнӕгъдау фӕндагыл ацыд, ӕмӕ уый тыххӕй цухгонд ӕрцыд чырыстон ӕмбырдӕй. Фӕлӕ уӕддӕр Дел йӕ ныфс нӕ сафы. «Ныфс мӕ ис, иу бон мӕ чызг сӕрныллӕгӕй ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй раздӕхдзӕн Иегъовӕмӕ,— дзуры Дел.— Фӕлӕ ӕз бузныг дӕн Хуыцауӕй, мӕ иннӕ сывӕллӕттӕ йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Цы циндзинад ӕнкъарын, уый мын дӕтты стыр тых ӕмӕ хъарутӕ» (Нееми 8:10).

Ӕнусон хӕлӕрттӕ скӕн дӕхицӕн

5. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл зӕрдиагӕй куы фӕархайӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ цӕмӕн фӕрайы?

5 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта чырыстон ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ сын амонын, Иегъовӕ чи у ӕмӕ йӕм цавӕр домӕнтӕ ис, уый (Матфейы 28:19, 20). Цӕмӕй адӕм амондджын уой, уый тыххӕй сын Иегъовӕ ӕмӕ Йесо зӕрдӕбынӕй ӕххуыс кӕнынц ӕцӕгад базонынӕн. Уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ, куы фӕдӕттӕм, уӕд вӕййӕм тынг райгонд, уымӕн ӕмӕ фыццаг чырыстӕттау мах дӕр фӕзмӕм Иегъовӕ ӕмӕ Йесойы (1 Коринфӕгтӕм 11:1). Ӕмӕ Дунескӕнӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ уарзон Фыртимӕ ахӕм ахсджиаг хъуыддаджы ӕмгуыст кӕй кӕнӕм, уый та нын нӕ цардӕн дӕтты ӕцӕг нысаниуӕг. Цӕй стыр циндзинад у, «Хуыцауы ӕмкусджыты» ӕхсӕн кӕй стӕм, уый! (1 Коринфӕгтӕм 3:9). Хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕдтӕ кӕй исынц хайад, уый дӕр цымӕ диссаг нӕу? (Раргомад 14:6, 7).

6. Адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ кӕй дӕттӕм, уый руаджы чи свӕййынц нӕ хӕлӕрттӕ?

6 Хуыцауы тыххӕй иннӕтӕн кӕй амонӕм, уымӕй Хуыцауӕн канд йе ’мкусджытӕ не свӕййӕм, фӕлӕ ма йе ’нусон хӕлӕрттӕ дӕр. Авраам йӕ уырнындзинады тыххӕй схуындӕуыд Иегъовӕйы хӕлар (Иаковы 2:23). Уӕдӕ Хуыцауы фӕндон зӕрдӕбынӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Ӕмӕ уӕд суыдзыстӕм Йесойы хӕлӕрттӕ дӕр. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз схуыдтон сымах хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыдӕй цы фехъуыстон, уыдон ӕппӕт дӕр загътон сымахӕн» (Иоанны 15:15). Бирӕтӕ сӕхи тынг амондджын хонынц, зынгӕ ӕмӕ стыр бынаты чи бады, уыцы адӕмы ’хсӕн сын хӕлӕрттӕ кӕй ис, уымӕй, махӕн та нӕ бон у ӕмӕ дун-дунейы ӕппӕты стырдӕр чи у, уыцы дыууӕ гоймаджы хӕлӕрттӕ уӕм!

7. а) Иу сылгоймаг ӕцӕг хӕлар куыд ссардта? ӕ) Дӕуӕн дӕр ис ахӕм хӕлар?

7 Афтӕ Хуыцауы базонынӕн кӕмӕн феххуыс кӕнӕм, уыдон дӕр свӕййынц нӕ хӕлӕрттӕ, ӕмӕ адӕймагӕн уымӕй стырдӕр циндзинад ницы хӕссы. Иугонд Штатты цӕрӕг хо Джоан кӕддӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта иу сылгоймагимӕ, Тельмӕ, зӕгъгӕ. Кӕд Тельмӕйӕн йӕ бинонтӕ тынг цыдысты йӕ ныхмӕ, уӕддӕр дарддӕр ахуыр кодта Библи ӕмӕ иу азы фӕстӕ донаргъуыд райста. Джоан фыссы: «Нӕ хӕлардзинад ууыл нӕ фӕци; уӕдӕй ардӕм 35 азы дӕргъы мах стӕм ӕввахс хӕлӕрттӕ. Арӕх-иу иумӕ цыдыстӕм уацамынды, стӕй конгрестӕм дӕр. Фӕстӕдӕр ӕз цӕрынмӕ алыгътӕн ӕндӕр ранмӕ ӕмӕ ныр не ’хсӕн ис 800 километры. Фӕлӕ мӕм Тельмӕ абоны онг дӕр ӕрвиты зӕрдӕмӕхъаргӕ фыстӕджытӕ. Фыссы мӕм, кӕй мӕ мысы ӕмӕ йӕ хӕлар кӕй дӕн ӕмӕ йын хорз дӕнцӕг кӕй дӕн, уый тыххӕй; ӕмӕ йын Библийы ӕцӕгад базонынӕн кӕй баххуыс кодтон, уый тыххӕй мӕ куыд тынг бузныг у. Иегъовӕйы базонын ын кӕй ӕххуыс кодтон, уый тыххӕй мын иууыл стырдӕр хорзӕх у, ахӕм ӕввахс ӕмӕ зынаргъ хӕлар мын кӕй у, уый».

8. Уацамынды нын цавӕр хорз ахаст ӕххуыс кӕндзӕн?

8 Кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕры Иегъовӕйы Ныхас ӕппындӕр нӕ цымыдис кӕны, уӕддӕр ӕцӕгад базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы ссарыны ныфс нӕ кӕй ис, уый нын дӕтты стыр тых. Адӕмы уазал ахаст нын фӕлвары нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ фӕразондзинад. Фӕлӕ нӕ ныфс куы нӕ сафӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн. Фаусто, Гватемалӕйӕ рацӕугӕ ӕфсымӕр, зӕгъы: «Искӕмӕн ӕцӕгады тыххӕй куы фӕдзурын, уӕд фӕхъуыды кӕнын, ацы адӕймаг нӕ чырыстон ӕфсымӕр кӕнӕ хо куы суаид, уӕд цы хорз уаид, зӕгъгӕ. Ныфс мӕ ис, кӕимӕ фӕныхас кӕнын, уыдонӕй исчи ӕнӕмӕнг кӕй райсдзӕн Хуыцауы Ныхасы цы ӕцӕгад ис, уый. Уыцы хъуыды мын ӕххуыс кӕны дарддӕр хъусын кӕнынӕн ӕмӕ мын хӕссы ӕцӕг циндзинад».

Ӕмбырд кӕнӕм хӕзнатӕ уӕларвыл

9. Йесо уӕларвон хӕзнаты тыххӕй цы загъта, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

9 Нӕ сывӕллӕттӕ кӕнӕ ӕндӕр искӕмӕн чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн баххуыс кӕнын, ай-гъай дӕр, ӕнцон нӕу. Уымӕн хъӕуы рӕстӕг, фӕразондзинад ӕмӕ хъӕддыхӕй архайын. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕнӕм, бирӕтӕ сӕ хидкалгӕйӕ фыдӕбон кӕнынц мулк ӕмбырд кӕныныл, арӕхдӕр циндзинад цы нӕ хӕссы ӕмӕ ӕнустӕм цы нӕ лӕууы, ууыл. Йесо та адӕмӕн загъта, зӕххон хъӕздыгдзинӕдтӕй хуыздӕр кӕй у хӕзнатӕ Хуыцаумӕ ӕмбырд кӕнын: «Ма ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ зӕххыл, кӕм рӕмпӕг ӕмӕ згӕ уыдоны сафынц, ӕмӕ кӕм давджытӕ бакъахынц ӕмӕ давынц; фӕлӕ ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ арвыл, кӕм нӕдӕр рӕмпӕг, нӕдӕр згӕ нӕ сафынц, ӕмӕ кӕм давджытӕ нӕ бакъахынц ӕмӕ нӕ давынц» (Матфейы 6:19, 20). Хуыцау абон ахсджиагыл кӕй нымайы, ахӕм хъуыддӕгтӕм — уыимӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны ахсджиаг хъуыддаджы хайад исынмӕ дӕр — куы тырнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ райдзӕн, уымӕн ӕмӕ зондзыстӕм, Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ нӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн, уый. Апостол Павел фыста: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл» (Дзуттытӕм 6:10).

10. а) Йесо уӕларвыл хӕзнатӕ цӕмӕн ӕрӕмбырд кодта? ӕ) Йесо адӕмы сӕрвӕлтау йӕхи куыд радта ӕмӕ сын уый цавӕр фадат дӕтты?

10 Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нӕхицӕн ӕмбырд кӕндзыстӕм «хӕзнатӕ арвыл». Уый нын хӕссы циндзинад, уымӕн ӕмӕ рӕдауӕй куы фӕдӕттӕм, уӕд, ӕппынфӕстаг, нӕхӕдӕг кӕнӕм хъӕздыгдӕр. Йесо йӕхӕдӕг ӕнӕнымӕц милуан азты дӕргъы иузӕрдионӕй лӕггад кодта Иегъовӕйӕн. Ахъуыды ма кӕн, уӕларвыл йӕхицӕн цас хӕзнатӕ ӕрӕмбырд кодта! Ӕмӕ уӕддӕр уый йӕхи сӕрыл никуы хъуыды кодта. «[Йесо] Йӕхи ратта нӕ тӕригъӕдты сӕрыл, цӕмӕй, нӕ Фыд Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, мах ацы мӕнгард дугӕй фервӕзын кӕна» (Галатӕгтӕм 1:4, НФ). Йесо зӕххыл адӕмӕн ӕнӕуи удуӕлдайӕ нӕ лӕггад кодта, фӕлӕ ма йӕ цард дӕр радта ахӕстаргъӕн, цӕмӕй уыдонӕн дӕр уыдаид уӕларвыл сӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕныны фадат.

11. Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ цыфӕнды ӕндӕр лӕвӕрттӕй дӕр хуыздӕр цӕмӕн сты?

11 Адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй кӕй амонӕм, уымӕй сын ӕххуыс кӕнӕм, уӕларвыл ӕнӕмбийгӕ хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнын сӕ бон куыд у, уый базонынӕн. Цымӕ сын уымӕй стырдӕр нӕ бон исты радтын у? Де ’мбалӕн зынаргъ сахат, машинӕ, йе та суанг хӕдзар дӕр куы балӕвар кӕнай, уӕд дӕ тынг фӕбузныг уыдзӕн ӕмӕ йӕ цинӕн кӕрон нал уыдзӕн; ахӕм лӕвар ын кӕй скодтай, ууыл цин кӕндзынӕ дӕхӕдӕг дӕр. Фӕлӕ цы уавӕры уыдзӕн уыцы лӕвар 20 азы фӕстӕ? 200 азы фӕстӕ? 2 000 азы фӕстӕ та? Дӕ хъарутӕ ӕмӕ дӕ рӕстӕг уымӕн куы дӕттай, цӕмӕй адӕймагӕн Иегъовӕйы фӕндагыл слӕууынӕн баххуыс кӕнай, уӕд ын уый та пайда хӕсдзӕн ӕнустӕм.

Ӕцӕгад базонын кӕй фӕнды, уыдоны агур

12. Цӕмӕй иннӕтӕ дӕр Хуыцауы базоной, уый тыххӕй бирӕтӕ сӕхи куыд хъарынц?

12 Иегъовӕйы адӕм ӕгас зӕххы къорийыл дӕр иннӕтӕн дӕттынц уый тыххӕй зонындзинӕдтӕ ӕмӕ уымӕй исынц стыр циндзинад. Уыдонӕй мингӕйтӕ ныууагътой сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ хиуӕтты ӕмӕ миссионертӕй лӕггад кӕнынц ӕндӕр бӕстӕты, цыран сӕ сахуыр кӕнын фӕхъӕуы ног ӕвзаг ӕмӕ ӕцӕгӕлон адӕмы цардыуаг. Иннӕтӕ та ацыдысты, сӕ бӕстӕйы Паддзахады тыххӕй хъусынгӕнджытӕ фылдӕр кӕм хъӕуы, ахӕм бынӕттӕм. Аннӕтӕ та сахуыр кодтой фӕсарӕйнаг ӕвзаг, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон сси, сӕ бӕстӕйы фӕсарӕнтӕй чи ис, уыдонӕн хъусын кӕнын. Зӕгъӕм, Нью-Джерсийӕ, АИШ-ӕй, иу къай сӕ дыууӕ сывӕллоны куы схъомыл кодтой (ныр уыдон лӕггад кӕнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон сӕйраг хайады), уӕд сӕхӕдӕг райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ китайаг ӕвзаг сахуыр кодтой. Ӕртӕ азы дӕргъы уыдон Библи ахуыр кодтой китайаг ӕвзагыл дзурӕг университеты студенттимӕ — ӕдӕппӕтӕй 75 адӕймагимӕ. Цымӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕ уаид уацамынды фылдӕр аразын, цӕмӕй дын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг фылдӕр циндзинад хӕсса?

13. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджындӕр уай, уӕд дӕ бон цы у аразын?

13 Чи зоны дӕ тынг фӕнды Библи искӕимӕ ахуыр кӕнын, фӕлӕ дын нӕ уайы. Иуӕй-иу бӕстӕты зын ссарӕн у, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймӕгты. Чи зоны цы адӕмыл сӕмбӕлыс, уыдоны нӕ фӕнды Библийӕ исты базонын. Кӕд афтӕ у, уӕд уый тыххӕй арӕх кув, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийы тынг цымыдис кӕны хъусын кӕныны хъуыддаг ӕмӕ дын баххуыс кӕндзысты фысы хуызӕн адӕймаджы ссарынӕн. Ӕххуыс кур, де ’мбырды уыцы хъуыддаджы фӕлтӕрддзинад кӕнӕ хорз ӕнтыстытӕ кӕмӕн ис, уыдонӕй. Чырыстон фембӕлдты рӕстӕджы цы уынаффӕтӕ ӕмӕ амындтӕ фӕцӕуы лӕвӕрд, уыдонмӕ лӕмбынӕг хъус ӕмӕ ахуыр кӕн. Архай, цӕуӕг цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕ цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ гӕсгӕ. Сӕйрагдӕр та, дӕ ныфс макуы асӕттӕд. Иу куырыхон адӕймаг фыста: «Райсомӕй райдай тауын ӕмӕ изӕрмӕ дӕр дӕ къухӕн улӕфт ма дӕтт; уымӕн ӕмӕ нӕ зоныс, фыццаг хуыздӕр уыдзӕн ӕви дыккаг, ӕви дыууӕ дӕр иухызон хорз уыдзысты» (Екклесиаст 11:6). Афтӕ ма дӕ зӕрдыл дар Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, зӕгъӕм, Ной ӕмӕ Иеремийы. Кӕд сӕм ӕрмӕстдӕр стӕмтӕ хъуыстой, уӕддӕр сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыд. Сӕйраджыдӕр та уый циндзинад хаста Иегъовӕйӕн.

Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араз

14. Иегъовӕйӕн цавӕр ахаст ис, уымӕн лӕггадгӕнгӕйӕ чи базӕронд вӕййы, уыдонмӕ?

14 Чи зоны дын дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цас дӕ фӕнды, уыйбӕрц хъусын кӕнын. Чи зоны дыл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй Иегъовӕйӕн дӕ бон бирӕ нӕу аразын. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар иу куырыхон лӕджы ныхӕстӕ: «Адӕймагӕн йӕ сӕр рӕстдзинады фӕндагыл куы сурс уа, уӕд ын уый у, чи йӕ рӕсугъд кӕны, ахӕм кады худ» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 16:31). Иегъовӕйы цӕсты тынг рӕсугъд у, адӕймаг уымӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы цард арвыста, уый. Уымӕй уӕлдай ма Фыстады ис ахӕм ныхӕстӕ: «Куы базӕронд уат, уӕддӕр Ӕз уый уыдзынӕн; уӕ сӕртӕ куы сурс уой, уӕддӕр уӕ нӕ ныууадздзынӕн. Ӕз мӕхӕдӕг сараздзынӕн уый, цӕмӕй уӕ хӕссон, ӕххуыс уын кӕнон ӕмӕ уӕ хъахъхъӕнон» (Исай 46:4). Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд нын зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕй.

15. Иегъовӕ дын дӕ уавӕртӕ ӕмӕ дӕ фадӕттӕ кӕй ӕмбары, ууыл ӕууӕндыс? Цӕмӕн?

15 Чи зоны удхар кӕныс цавӕрдӕр низӕй, де ’нӕуырнӕг цардӕмбал дӕ ныхмӕ цӕуы, йе та дын хӕдзары ис бирӕ хӕстӕ кӕнӕ ӕндӕр исты зындзинӕдтӕ. Иегъовӕ нын ӕмбары нӕ уавӕртӕ ӕмӕ нӕ фадӕттӕ, ӕмӕ йын нӕ бон цас у, уыйас зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ уарзы. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, кӕд нӕм афтӕ кӕсы, цыма иннӕтимӕ абаргӕйӕ тынг гыццыл аразӕм, уӕддӕр (Галатӕгтӕм 6:4). Иегъовӕ зоны, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый, ӕмӕ нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ нӕ домы (Псалом 146:11). Кӕд нӕ бон цы у, уый аразӕм, уӕд фидарӕй ис зӕгъӕн, Хуыцауӕн тынг зынаргъ кӕй стӕм ӕмӕ нӕ нӕ уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны, уыдон кӕй нӕ ферох кӕндзӕн (Лукайы 21:1—4).

16. Иу ахуыргӕнинаг бацӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕмбырд ӕгасӕй дӕр куыд исы хайад?

16 Дӕ зӕрдыл дар, ахуыргӕнинаг бацӕттӕ кӕнын иу адӕймагӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый дӕр. Зайӕгой къӕвдайы иу ӕртахӕй куыннӕ бафсӕды, афтӕ ахуыргӕнинаджы дӕр адӕймаг иунӕгӕй никуы бацӕттӕ кодта. Зӕгъӕм, иу Ӕвдисӕн ссардта цымыдисгӕнӕг адӕймаджы ӕмӕ йемӕ райдыдта ахуыр кӕнын Библи. Фӕлӕ уыцы адӕймаг Паддзахады залмӕ куы ӕрбацӕуы, уӕд ын ӕцӕгад райсынӕн феххуыс кӕнынц ӕмбырды уӕнгтӕ иууылдӕр. Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ афтӕ уарзӕгой ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй сты, уый йын ӕмбарын кӕны, Хуыцауы тых сыл кӕй ӕндавы, уый (1 Коринфӕгтӕм 14:24, 25). Гыццыл сывӕллӕттӕ ӕмӕ фӕсивӕд зӕрдӕбынӕй мидисджын дзуаппытӕ куы фӕдӕттынц, уӕд ног ӕрбацӕуӕг фӕуыны, нӕ кӕстӕртӕ дунейы фӕсивӕды хуызӕн кӕй не сты, уый. Ӕмбырды уӕнгтӕй рынчын, ӕдых ӕмӕ ацӕргӕ чи у, уыдон та ног ӕрбацӕуӕджы ахуыр кӕнынц, фидар лӕууын цы нысан кӕны, ууыл. Цыфӕнды кары ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, уӕддӕр не ’ппӕтӕн дӕр ис стыр ахадындзинад, цӕмӕй ног адӕймаг Библийы ӕцӕгад ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарза ӕмӕ донаргъуыд райса. Хъусын кӕнгӕйӕ цы сахаттӕ арвыстам, цымыдисгӕнӕг адӕймагмӕ цал хатты бацыдыстӕм, Паддзахады залы йемӕ цал хатты аныхас кодтам, уыдӕттӕ нӕм чи зоны ницы кӕсынц, фӕлӕ ӕцӕгӕй та уыдӕттӕ иууылдӕр хауынц, Иегъовӕ цы стыр куыст кӕны, уымӕ.

17, 18. а) Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны диссаджы куыстӕй дарддӕр ма ноджыдӕр куыд у нӕ бон иннӕтӕн дӕтгӕйӕ циндзинад исын? ӕ) Иннӕтӕн хӕларзӕрдӕйӕ кӕй дӕттӕм, уымӕй кӕй фӕзмӕм?

17 Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕй дарддӕр ма мах, чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ, циндзинад исӕм, ӕндӕр хуызы кӕй дӕттӕм, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, нӕ бон у не ’хцайы фӕрӕзтӕй раст кувынад размӕ кӕнынӕн дӕттын ӕмӕ хъуаг чи ӕййафы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын (Лукайы 16:9; 1 Коринфӕгтӕм 16:1, 2). Уый ма ӕвдисӕн ис нӕ уазӕгуарзондзинадӕй дӕр (Ромӕгтӕм 12:13). Нӕ бон у кӕнын «хорздзинад алкӕмӕн дӕр, уӕлдайдӕр та нӕхионтӕн уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм», уыдонӕн (Галатӕгтӕм 6:10). Уӕдӕ фыстӕг ныффыссын, телефонӕй фӕдзурын, исты балӕвар кӕнын, адӕймаджы ӕхсызгонӕй цы хъӕуы, уымӕй йын баххуыс кӕнын, ныфсытӕ йын авӕрын — ӕппӕт уыдӕттӕ сты хуымӕтӕг, гыццыл, фӕлӕ тынг хорз фадӕттӕ, иннӕтӕн цыдӕр саразынӕн.

18 Кӕй дӕттӕм, уымӕй ӕвдисӕм, нӕ уӕларвон Фыды кӕй фӕзмӕм, уый. Афтӕ ма ӕвдисӕм, ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕйраджыдӕр цы миниуӕгӕй хицӕн кӕнынц, уый — уарзондзинад не ’фсымӕртӕм (Иоанны 13:35). Ацы хъуыдытӕ нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын ӕнцон уыдзӕн иннӕтӕн дӕттын ӕмӕ уымӕй циндзинад исын.

Дӕ бон у дӕхи ныхӕстӕй бамбарын кӕнын?

• Монон хӕзнатӕ дӕттыны хъуыддаджы нын Иегъовӕ ӕмӕ Йесо хорз дӕнцӕг цӕмӕн сты?

• Нӕ бон куыд у ӕнусон хӕлӕрттӕ ссарын?

• Цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджындӕр уӕм, уый тыххӕй цы ис саразӕн?

• Ӕмбырды уӕнгтӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон куыд у дӕттын ӕмӕ уымӕй циндзинад исын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Ныййарджытӕн сывӕллӕттӕ сӕ фыдӕбон куы фембарынц, уӕд сын уымӕй стырдӕр циндзинад ницы вӕййы царды.

[Ныв 27 фарсыл]

Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ нӕ бон у ӕцӕг хӕлӕрттӕ ссарын.

[Ныв 28 фарсыл]

Иегъовӕ «никуы ныууадздзӕн», йӕ лӕггадгӕнджытӕй азтӕ сӕ уӕз кӕуыл ӕруагътой, уыдоны.

[Нывтӕ 29 фарсыл]

Гыццыл, фӕлӕ стыр нысаниуӕг кӕмӕн ис, иннӕтӕн ахӕм исты куы саразӕм, уӕд нын уый ӕрхӕссы циндзинад.