Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы кӕй зонӕм, ууыл цин кӕнӕм

Иегъовӕйы кӕй зонӕм, ууыл цин кӕнӕм

Иегъовӕйы кӕй зонӕм, ууыл цин кӕнӕм

«Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырд чи хъусынц, ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон!» (ЛУКАЙЫ 11:28, НФ).

1. Иегъовӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын кӕд райдыдта?

ИЕГЪОВӔ уарзы адӕмы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уой. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, йӕхи тыххӕй сын зонындзинӕдтӕ кӕй дӕтты, уый. Иегъовӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын райдыдта суанг Едемы цӕхӕрадоны. Уӕвынады 3:8-ӕм стихы кӕсӕм, «изӕргӕрӕтты тӕвд куы фӕсасти», уӕд Адам ӕмӕ Евӕ кӕй «фехъуыстой Иегъовӕ Хуыцауы хъӕлӕс». Иртасджытӕй иуӕй-иутӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй уый нысан кӕны, Иегъовӕ-иу Адамимӕ уыцы афон кӕй ныхас кодта, ӕвӕццӕгӕн, алы бон дӕр. Ӕниу куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр нын Библи ӕргом ӕвдисы, Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймагӕн ӕрмӕст хӕстӕ кӕй нӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ ма сӕ уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн цы зонын хъуыд, уый дӕр сын амыдта (Уӕвынад 1:28—30).

2. Фыццаг лӕг ӕмӕ ус сӕхи Иегъовӕйӕ куыд фӕиппӕрд кодтой ӕмӕ сӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

2 Иегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн канд цард нӕ радта, фӕлӕ ма сын цӕрӕгойты ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр сӕ бӕрны бакодта. Ӕрмӕстдӕр иу цӕуылдӕр нӕ цыд сӕ бар — хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны баласӕй хъуамӕ ма бахорддаиккой. Сайтаны тӕфагӕй Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты ахызтысты (Уӕвынад 2:16, 17; 3:1—6). Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый сӕхӕдӕг кӕй аскъуыддзаг кодтой, уымӕй равдыстой, ӕнӕ Хуыцауӕй сӕ кӕй фӕндыд цӕрын, уый. Афтӕ се ’нӕзондӕй сӕхи фӕиппӕрд кодтой сӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы разамындӕй. Уыйадыл сӕхи дӕр ӕмӕ сын чи нӕма райгуырд, уыцы байзӕддӕгты дӕр кӕуинаг уавӕрмӕ ӕркодтой. Адам ӕмӕ Евӕ базӕронд сты ӕмӕ амардысты, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, райгас ма уой, уый ныфс дӕр сын нӕй. Уӕдӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт (Ромӕгтӕм 5:12).

3. Иегъовӕ Каинимӕ цӕмӕн ныхас кодта ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕн Каин цавӕр аргъ скодта?

3 Фӕлӕ кӕд фыццаг дыууӕ адӕймаг Иегъовӕйы ныхмӕ растадысты, уӕддӕр йе сконд адӕмыл йӕ къух нӕ ауыгъта. Адам ӕмӕ Евӕйы фыццаг фырт Каин тӕригъӕд ракӕныныл куы ныллӕуыд, уӕд ӕй Иегъовӕ бафӕдзӕхста, фыдбылыз йӕ къӕсӕрыл кӕй ис, уымӕй, ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, «хорздзинад араз». Каин ницӕмӕ ӕрдардта, йӕ уарзӕгой Фыд Иегъовӕйы уынаффӕ ӕмӕ йе ’фсымӕры амардта (Уӕвынад 4:3—8). Афтӕ, зӕххыл фыццаг ӕртӕ адӕймаджы аиуварс кодтой, цард сын чи радта ӕмӕ адӕмӕн хуыздӕр куыд у, уый сын чи амоны, уыцы Хуыцау сӕ йӕхӕдӕг цӕмӕй бафӕдзӕхста, уый (Исай 48:17). Уӕвгӕ куыд зын хъуамӕ уыдаид уый Иегъовӕйӕн!

Рагзаманты Иегъовӕ йӕхи ӕргом кодта йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн

4. Адамы байзӕддӕгты тыххӕй Иегъовӕ фидарӕй цы зыдта ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ цавӕр ныфс радта?

4 Кӕд Иегъовӕйӕн йӕ бон уыди адӕмы бынтондӕр ныууадзын, уӕддӕр афтӕ нӕ бакодта. Уый зыдта, Адамы байзӕддӕгтӕй иуӕй-иутӕ уӕддӕр кӕй хъусдзысты Йӕ зондмӕ, уый. Цӕвиттон, Иегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы тӕрхон рахаста, уый сын куы фехъусын кодта, уӕд загъта, кӕй ӕрцӕудзӕн, калмы, ома Сайтан Хӕйрӕджы, ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн, уыцы «мыггаг». Ӕппынфӕстаг, Сайтанӕн йӕ сӕр хъуамӕ бынтондӕр цъӕлгонд ӕрцыдаид (Уӕвынад 3:15). Уыцы пехуымпарад стыр ныфс бауагъта, «Хуыцауы дзырд чи хъусы, ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоны» (Лукайы 11:28, НФ).

5, 6. Н. э. фыццаг ӕнусы агъоммӕ Иегъовӕ йӕ адӕмимӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ сын уый ахъаз цӕмӕн уыди?

5 Иегъовӕ рагзаманты йӕ фӕндон ӕргом кодта йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн: Ной, Авраам, Исахъ, Иаков ӕмӕ Иовӕн (Уӕвынад 6:13; Рацыд 33:1; Иов 38:1—3). Фӕстӕдӕр та Моисейы уылты Израилы адӕмӕн радта закъӕтты ӕмбырдгонд. Моисейы Закъон сын ӕххуыс кодта бирӕ хъуыддӕгты. Уыцы закъонмӕ кӕй хъуыстой, уый фӕрцы нӕ хӕццӕ кодтой сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтимӕ, фӕлӕ уыдысты Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм. Хуыцау сын дзырд радта, Закъонмӕ куы хъусой, уӕд сын канд хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ мулкӕй кӕй нӕ арфӕ кӕндзӕн, фӕлӕ ма сӕ хӕлар дӕр кӕй уыдзӕн ӕмӕ сӕ сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм дӕр кӕй скӕндзӕн. Закъоны бӕлвырд амындтӕ уыд хӕрд ӕмӕ буары сыгъдӕгдзинады тыххӕй дӕр, ӕмӕ уый та ахъаз уыд сӕ ӕнӕниздзинадӕн. Фӕлӕ сӕ уыимӕ Иегъовӕ бафӕдзӕхста, куы нӕ йӕм байхъуыстаиккой, уӕд сӕм стыр бӕллӕхтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй (Рацыд 19:5, 6; Дыккаг закъон 28:1—68).

6 Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Фыстадмӕ бафтыд ӕндӕр чингуытӕ дӕр. Уыдоны ’хсӕн ис историон ӕрмӕджытӕ, цыран дзырд цӕуы, Иегъовӕйӕн алыхуызон адӕмтимӕ цавӕр ахастытӕ уыд, уый тыххӕй. Поэтикон чингуыты та диссаджы рӕсугъд ӕвзагӕй дзырд цӕуы йӕ миниуджытыл. Пехуымпарты чингуыты развӕлгъау загъд уыд, Иегъовӕ йӕ фӕндон фидӕны куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй. Рагзаманты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ лӕмбынӕг иртӕстой уыцы фыстытӕ ӕмӕ дзы цӕуыл ахуыр кодтой, уый ӕххӕст кодтой царды. Уыцы рагон лӕггадгӕнджытӕй иу фыста: «Дӕ дзырд цырагъ у мӕ къахӕн, ӕмӕ рухс у мӕ фӕндагӕн» (Псалом 118:105, МГТ). Иегъовӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕмбарынад лӕвӕрдта, ӕхсызгонӕй йӕм чи хъуыста, уыдонӕн.

Рухс фӕтынгдӕр

7. Кӕд Йесо диссӕгтӕ дӕр арӕзта, уӕддӕр ӕй адӕм сӕйраджыдӕр кӕмӕй зыдтой ӕмӕ цӕмӕн?

7 Фыццаг ӕнусмӕ ӕввахс иудейаг дины къордтӕ Закъонмӕ бафдыдтой сӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ. Уыцы ӕгъдӕутты тыххӕй Закъон адӕмӕн рухс ӕмӕ ӕмбарынад нал лӕвӕрдта, фӕлӕ сын сси уаргъ, сӕ бон ӕй нал уыд ӕххӕст кӕнын (Матфейы 23:2—4). Н. э. 29 азы зӕххыл фӕзынд Мессиа, Йесо. Йе ’рцыды сӕр ӕрмӕст уый нӕ уыд, цӕмӕй йӕ цард адӕмы сӕрвӕлтау радтаид, фӕлӕ ма «цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыдаид». Ӕмӕ кӕд Йесо диссӕгтӕ дӕр арӕзта, уӕддӕр ӕй сӕйраджыдӕр зыдтой «Ахуыргӕнӕгӕй». Сӕ зӕндтӕ кӕмӕн баталынг кодтой, уыцы адӕмӕн йӕ ахуырӕдтӕ хастой рухс. Уӕвгӕ, куыд раст загъта Йесо йӕхӕдӕг: «Ӕз [дӕн] рухс дунейӕн» (Иоанны 8:12; 11:28; 18:37).

8. Н. э. фыццаг ӕнусы Хуыцауы удцырынӕй цавӕр чингуытӕ ӕрцыд фыст ӕмӕ уыцы чингуытӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодтой?

8 Фӕстӕдӕр Библимӕ бафтыдысты Евангелитӕ, ома Йесойы царды хабӕртты тыххӕй цыппар чиныджы, ӕмӕ Апостолты куыстыты чиныг. Уыцы чиныджы ӕвдыст ӕрцыд, чырыстон дин Йесойы мӕлӕты фӕстӕ куыд парахат кодта, уый. Хуыцауы удцырынӕй фыст ӕрцыдысты Йесойы ахуыргӕнинӕгты ӕрвыстытӕ ӕмӕ пехуымпарадон чиныг Раргомад дӕр. Ацы чингуытӕй Дзуттаг Фыстытимӕ иумӕ арӕзт у Библи. Уыдон фӕрцы чырыстӕттӕн ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ иумӕ сӕ бон уыди базонын, «цы у [ӕцӕгады] уӕрхад ӕмӕ дӕргъад, ӕмӕ арфад ӕмӕ бӕрзӕнд» (Ефесӕгтӕм 3:14—18). Уый сын ӕххуыс кодта «Чырыстийы зонд» райсынӕн (1 Коринфӕгтӕм 2:16). Фӕлӕ уӕддӕр рагон чырыстӕттӕ Иегъовӕйы фӕндтӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстой. Апостол Павел фыста йе ’муырнджытӕм: «Ныр мах уынӕм, цыма тар авджы [«згъӕр айдӕны», НД] кӕсӕм» (1 Коринфӕгтӕм 13:12). Ахӕм айдӕны, адӕймаг цӕмӕ кӕсы, уый бӕстон нӕ фены, ӕрмӕстдӕр дзы зына-нӕзына цыдӕртӕ равзары. Хуыцауы Ныхас дӕр хуыздӕр ӕмбӕрстгонд ӕрцыд фӕстӕдӕр.

9. «Фӕстаг бонты» зӕххыл цавӕр рухстауӕн куыст цӕуы?

9 «Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ дуджы адӕмыл скодта тынг «уӕззау рӕстӕджытӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1). Пехуымпар Данел загъта, уыцы бонты «раст зонындзинӕдтӕ [кӕй хъуамӕ] суыдаиккой парахат» (Данел 12:4, НД). Уӕдӕ Иегъовӕ, сусӕгдзинӕдтӕ ӕргомгӕнӕг Стыр Хуыцау, растзӕрдӕ адӕймӕгтӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын йӕ Ныхас ӕмбарой. Ӕмӕ ныртӕккӕ милуангай адӕм ӕмбарынц, 1914 азӕй Йесо Чырысти уӕларвы ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй паддзахиуӕг кӕны, уый. Уыцы адӕм ма зонынц, тагъд Йесо фыддзинад бынтондӕр кӕй фесафдзӕн ӕмӕ ӕгас зӕххы къорийыл дӕр дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, уый дӕр. Уый у Паддзахады хорз уацхъуыды ахсджиаг хай ӕмӕ абон хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл (Матфейы 24:14).

10. Ӕнусты дӕргъы адӕмӕн цавӕр ахаст уыд, Иегъовӕ сын цы дзырдта, уымӕ?

10 О, ӕнусты дӕргъы Иегъовӕ зӕххон адӕмӕн ӕргом кодта йӕ фӕндон. Библийы дзырд цӕуы, Хуыцауы зондмӕ чи хъуыста, царды дзы чи пайда кодта ӕмӕ уый тыххӕй арфӕгонд чи цыд, бирӕ ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Уым дзырд цӕуы, Хуыцау зӕрдӕхаларӕй цы амындтӕ радта, уыдон чи нӕ райста, фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕйау сӕфты фӕндагыл чи ацыд, ахӕмты тыххӕй дӕр. Уыцы уавӕр Йесо равдыста, дыууӕ фӕндаджы тыххӕй цӕвиттон куы ӕрхаста, уӕд. Фӕндӕгтӕй иу кӕны сӕфтмӕ. Уыцы уӕрӕх ӕмӕ фӕтӕн фӕндагыл цӕуынц, Хуыцауы Ныхасмӕ чи нӕ хъусы, бирӕ ахӕм адӕм. Иннӕ фӕндаг та кӕны ӕнусон цардмӕ. Кӕд уый тынг нарӕг фӕндаг у, уӕддӕр ыл иуӕй-иутӕ цӕуынц, Хуыцауы Ныхас Библимӕ кӕй хъусынц ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй (Матфейы 7:13, 14).

Цы нын ис, уымӕй бузныг стӕм

11. Библи кӕй зонӕм ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый цӕуыл дзурӕг у?

11 Ды дӕр, царды фӕндаг чи равзӕрста, уыдоны ’хсӕн дӕ? Кӕд о, уӕд уыцы фӕндагыл дарддӕр дӕр фидар лӕуу. Цы дын баххуыс кӕндзӕн? Библийы ӕцӕгад кӕй базыдтай, уый дын царды цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста, уыдоныл ӕппынӕдзух хъуыды кӕн ӕмӕ бузныг у Хуыцауӕй. Хорз уацхъуыдмӕ кӕй байхъуыстай ӕмӕ йӕ дӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстай, ӕрмӕст уый дӕр дзурӕг у, Хуыцау дын кӕй арфӕ кӕны, ууыл. Уый Йесо банысан кодта, йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ, ахӕм ныхӕстӕй: «Кадджын кӕнын Дӕу, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды уый кӕй басусӕг кодтай зондджынтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй ӕмӕ йӕ [кӕй] раргом кодтай сывӕллӕттӕн» (Матфейы 11:25). Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уый ӕмбӕрстой хуымӕтӕг кӕсагахсджытӕ ӕмӕ хъалонисджытӕ, фӕлӕ йӕхи тынг зондджын чи хуыдта, уыцы дины разамонджытӕ та йӕ не ’мбӕрстой. Фӕстӕдӕр Йесо загъта: «Никӕйы бон у ӕрцӕуын Мӕнмӕ, Мӕн рарвитӕг Фыд ӕй куы нӕ ӕрбакӕна, уӕд» (Иоанны 6:44). Кӕд Библи цы дзуры, уыимӕ базонгӕ дӕ, ӕууӕндыс ыл ӕмӕ дзы цы закъӕттӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ аразыс дӕ цард, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ Иегъовӕ йӕхимӕ кӕй ӕрбакодта. Ахъуыды ма кӕн, цӕй стыр циндзинад нын дӕтты уый.

12. Библи нын рухс цы хуызы хӕссы?

12 Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгдзинӕдтӕ адӕймагӕн хӕссынц рухс ӕмӕ сӕрибардзинад. Библийы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдон ссӕрибар сты мӕнг уырнынӕдтӕ ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕй, уыдон ныууагътой, милуангай адӕймӕгты царды стыр нысаниуӕг цӕмӕн ис, уыцы талынг ӕгъдӕуттӕ. Зӕгъӕм, адӕймаг куы амӕлы, уӕд ӕцӕгӕй цы уавӕры вӕййы, уый кӕй базыдтам, уый фӕрцы нал тӕрсӕм, мӕрдтӕ нын исты фыдбылыз куы ракӕной, уымӕй; нал мӕт кӕнӕм ууыл дӕр, зӕгъгӕ, мыййаг кӕд нӕ зынаргъ хиуӕттӕй чи амард, уыдон уым хъизӕмар кӕнынц (Иезекиль 18:4). Ӕнӕуынгӕ ӕвзӕр зӕдтӕ ӕцӕгӕй чи сты, уый кӕй базыдтам, уый фӕрцы та бамбӕрстам, дӕснытӕм цӕуын, хинтӕ кӕнын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм митӕ куыд тӕссаг сты, уый. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый стыр ӕнцойдзинад радта, сӕ зынаргъ адӕймӕгтӕ цардӕй кӕмӕн ахицӕн сты, уыдонӕн (Иоанны 11:25). Библийы пехуымпарӕдтӕ та нын амонынц, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй фидарӕй ӕууӕндӕм, Хуыцау фидӕны тыххӕй цы загъта, уыдон кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл. Уыцы пехуымпарӕдты фӕрцы нӕ фидарӕй уырны, ӕнусон цард кӕй уыдзӕн, уый дӕр.

13. Хуыцауы Ныхасмӕ кӕй хъусӕм, уый не ’нӕниздзинадӕн куыд у ахъаз?

13 Библи ма нӕ ахуыр кӕны сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕниз цард кӕнын дӕр. Зӕгъӕм, Библийы фӕрцы махӕй бирӕтӕ ныууагътой, нӕ буар нын чъизи ӕмӕ хъӕстӕ цы кодта, ахӕм митӕ: тамако, хъылма кӕнӕ наркотиктӕ. Нӕ кӕнӕм фыднуӕзт дӕр (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы закъӕттӕ ӕрӕвӕрдта, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы та хызт стӕм, хӕтгӕ чи кӕны, уыдоныл цы ӕвзӕр низтӕ бахӕцы, уыдонӕй (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Хуыцауы уынаффӕмӕ кӕй хъусӕм ӕмӕ ӕхцауарзаг кӕй не стӕм, уый фӕрцы та хызт стӕм, хъӕздыгдзинадмӕ чи тырны, уыдонӕн цы стыр мӕт ӕмӕ сагъӕстӕ ис, уыдонӕй (1 Тимофеймӕ 6:10). Уыцы хъуыддӕгты Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый цымӕ не ’нӕниздзинадӕн нӕу ахъаз?

14. Сыгъдӕг уд нын нӕ цардыл куыд ӕндавы?

14 Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын Иегъовӕ дӕтдзӕн йӕ сыгъдӕг уд. Ӕмӕ уый руаджы ивы нӕ удыхъӕд, ахуыр кӕнӕм чырыстон миниуджытыл: свӕййӕм тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ хатыргӕнаг (Ефесӕгтӕм 4:24, 32). Сыгъдӕг уды фӕрцы нӕм ис йӕ дыргътӕ: уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕнзӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуылхӕцындзинад (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Ӕмӕ нӕм уыцы миниуджытӕ кӕй ис, уый фӕрцы та стӕм амондджын, уымӕн ӕмӕ алкӕимӕдӕр, уыимӕ нӕ хӕдзары бинонтимӕ дӕр, фӕразӕм хӕларӕй ӕмӕ ӕмудӕй цӕрын. Уый фӕрцы стӕм зӕрдӕфидар, ӕмӕ нӕ бон у зындзинӕдтӕн быхсын, иуварс сӕ кӕнын. Сыгъдӕг уд дыл хуыздӕрырдӕм куыд ӕндавы, уый хатыс?

15. Нӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ аразыныл кӕй архайӕм, уый нын цы пайда хӕссы?

15 Цас тынгдӕр архайӕм нӕ цард Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ аразыныл, уыйас нӕ ахастытӕ йемӕ кӕнынц ӕнгомдӕр. Стӕй ма тынгдӕр хатӕм, Иегъовӕ нӕ кӕй ӕмбары ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый дӕр. Уынӕм, тыхст рӕстӕджыты нӕ фарсмӕ куыд ӕрбалӕууы, уый (Псалом 17:19). Мах фидарӕй зонӕм, нӕ куывтытӕм нын ӕцӕгдӕр кӕй хъусы, уый (Псалом 64:3). Цы нын амоны, уый нӕхи пайдайӕн кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъусӕм йӕ зондмӕ. Ноджы ма нын ис диссаджы ныфс: Хуыцау йӕ рӕстӕджы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ӕххӕстдзинадмӕ кӕй ӕркӕндзӕн ӕмӕ сын ӕнусон цард кӕй балӕвар кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 6:23). «Ӕрхӕстӕг ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм ӕрхӕстӕг уыдзӕн»,— фыста ахуыргӕнинаг Иаков (Иаковы 4:8). Иегъовӕмӕ куыд хӕстӕг кӕныс, афтӕ йӕ тынгдӕр нӕ хатыс, уый дӕр дӕм кӕй хӕстӕгдӕр кӕны?

Иууыл стырдӕр хӕзна

16. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сӕ царды цавӕр ивддзинӕдтӕ скодтой?

16 Павел фыццаг ӕнусы цӕрӕг сӕрст чырыстӕтты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кӕддӕр сӕ чидӕртӕ хӕтӕгтӕ, хъахбайтӕ, хӕзгултӕ, лӕгдзуантӕ, давджытӕ, гӕртамхортӕ, расыггӕнджытӕ, фыддзурджытӕ ӕмӕ тугмондӕгтӕ кӕй уыдысты, уый (1 Коринфӕгтӕм 6:9—11). Фӕлӕ Библийы ӕцӕгады руаджы сӕ цард бынтондӕр аивтой — уыдон «ӕхсад ӕрцыдысты». Ахъуыды ма кӕн, Библийӕ цы ӕцӕгдзинӕдтӕ базыдтай ӕмӕ сӕрибардзинад кӕй фӕрцы банкъардтай, ӕнӕ уыдонӕй дӕ цард цыхуызӕн уыдаид. Уӕвгӕ, ӕцӕгадӕй стырдӕр хӕзна нӕй. Цӕй амондджын стӕм, Иегъовӕ нын ӕй кӕй раргом кодта!

17. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чырыстон фембӕлдты сӕхи цӕмӕй ӕфсӕстой?

17 Ахъуыды ма кӕн, цӕй стыр хӕрзиуӕг у, алы адӕмыхӕттытӕй конд ӕфсымӕрады кӕй стӕм, уый та. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нын алыхатт дӕр йӕ афоныл дӕтты хӕринаг нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн, уыимӕ Библитӕ, журналтӕ ӕмӕ чингуытӕ алы ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл (Матфейы 24:45—47). 2000 азы дӕргъы бирӕ бӕстӕты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ ӕмбырдты фембӕлдты сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, Дзуттаг Фыстытӕй аст чиныгӕй сӕйраг хъуыдытӕ ӕмӕ Библийы цы адӕймӕгты кой цӕуы, уыдонӕй 40 адӕймаджы царды хабӕрттӕ; уыдоны тыххӕй бӕлвырддӕр дзырд цӕуы энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад»-ы (англ.). Афтӕ ма равзӕрстой чингуытӕ «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад», «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг» ӕмӕ ма цалдӕр брошюрӕйы. «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» 52 сӕйраг ахуыргӕнӕн статьяйӕ дарддӕр ма афӕдзы дӕргъы фембӕлдты равзӕрстой ноджыдӕр 36 ӕндӕр статьяйы. Уымӕй уӕлдай ма Иегъовӕйы адӕм стыр пайда райстой «Нӕ Паддзахадон лӕггаддзинады» дыууадӕс номырӕй, ӕрвылкъуыри та хъуыстой библион раныхӕстӕм алы ӕмӕ алыхуызон фарстатыл. Куыд хъӕздыг стӕм, ӕвӕдза, Хуыцау нын йӕ Ныхасы руаджы цы зонындзинӕдтӕ дӕтты, уыдонӕй!

18. Чырыстон ӕмбырдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?

18 Ӕгас дунейы ис 91 000 ӕмбырдӕй фылдӕр, ӕмӕ уыцы ӕмбырдты ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ алы къуыри дӕр кӕй фембӕлынц ӕмӕ зӕрдӕбын ныхас кӕй фӕкӕнынц, уый сӕ фидар кӕны ӕмӕ сӕ разӕнгард кӕны хорз хъуыддӕгтӕм. Стыр ныфс ма нын сты, кӕддӕриддӕр нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уыцы фӕлтӕрд чырыстӕттӕ дӕр (Ефесӕгтӕм 4:11—13). О, ӕцӕгад нын хӕссы стыр пайда. Иегъовӕйы кӕй зонӕм ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый махӕн хӕссы стыр циндзинад. Куыд раст сты, ӕвӕдза, псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Тӕхудиаг сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Иегъовӕ кӕмӕн у»! (Псалом 143:15, МГТ).

Хъуыды ма кӕныс?

• Цалынмӕ Чырысти зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ Иегъовӕ кӕимӕ ныхас кодта?

• Хуыцауы Ныхасӕй цы рухс цӕуы, уый куыд фӕтынгдӕр ис фыццаг ӕнусы? Нӕ дуджы та?

• Иегъовӕйы кӕй зонӕм ӕмӕ йӕ амындтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый нын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

• Хуыцауы кӕй зонӕм, уый нын циндзинад цӕмӕн хӕссы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Иегъовӕ йӕ фӕндон ӕргом кодта Моисей, Ной ӕмӕ Авраамӕн.

[Ныв 19 фарсыл]

Нӕ дуджы Иегъовӕ йӕ адӕмӕн арфдӕр ӕмбарын кӕны йӕ Ныхас.

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Ахъуыды ма кӕн, алы адӕмыхӕттытӕй конд ӕфсымӕрады нын цас арфӕдзинӕдтӕ ис!