Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕмӕн хъӕуы Библи ахуыр кӕнын?

Цӕмӕн хъӕуы Библи ахуыр кӕнын?

Цӕмӕн хъӕуы Библи ахуыр кӕнын?

БИЛЛ уыд бӕзӕрхыг, ахуыргонд лӕппу ӕмӕ царды цух ницӕмӕй уыд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕ ницӕмӕй ради. Билл, цӕмӕн царди, уый нӕ зыдта, ӕмӕ уый тыххӕй йӕхицӕн ӕнцой нӕ ардта. Царды нысан агургӕйӕ, Билл базонгӕ алыхуызон динтимӕ, фӕлӕ йӕ цы хъуыди, уый йӕ бон ссарын нӕ уыд. 1991 азы фембӕлд Иегъовӕйы Ӕвдисӕныл, ӕмӕ йын уый радта чиныг, цыран дзырдӕуыд, Библи царды нысаны тыххӕй цы дзуры, ууыл. Афтӕмӕй баныхас кодтой Библи ахуыр кӕныныл, ӕмӕ Биллӕн фӕзынд фадат уыцы фарст дӕр ӕмӕ ӕндӕр фарстытӕ дӕр лӕмбынӕгдӕр равзарынӕн.

Билл дзуры: «Фыццаг ахуыры рӕстӕджы Библимӕ афтӕ арӕх кастыстӕм, ӕмӕ ӕз бамбӕрстон, цы агуырдтон, уый кӕй ссардтон. Библийӕ цы дзуаппытӕ райстон, уыдон уыдысты диссаг, агайдтой зӕрдӕ. Уый фӕстӕ машинӕйыл ацыдтӕн хӕхтӕм, рахызтӕн ӕмӕ мӕ хъӕлӕсы дзаг фырцинӕй хъӕр кӕнын райдыдтон. Мӕ цинӕн кӕрон нал уыд, кӕдӕй-уӕдӕй мӕ фарстытӕн дзуаппытӕ ссардтон».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийы ӕцӕгад чи базоны, уыдонӕй алчидӕр фырцинӕй ӕнӕмӕнг хъӕр нӕ фӕкӕны. Фӕлӕ бирӕтӕ сӕ царды ахсджиаг фарстытӕн дзуаппытӕ кӕй ссарынц, уый сын ӕцӕгдӕр ӕрхӕссы стыр циндзинад. Уыдон дӕр вӕййынц, Йесойы фӕсномыг ныхасы быдыры ӕмбӕхст хӕзна чи ссардта, уыцы лӕджы хуызӕн. Йесо загъта: «Ууыл цингӕнгӕ ацӕуы, ӕмӕ йӕм цы ис, уыдон ӕппӕт дӕр ауӕй кӕны, ӕмӕ балхӕны уыцы быдыр» (Матфейы 13:44).

Сӕйраджыдӕр цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ цардӕн нысан уа

Билл хъуыды кодта царды ахсджиагдӕр фарстыл: цы у царды нысан? Мингай азты дӕргъы философтӕ, динамонджытӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ архайынц уыцы фарстӕн дзуапп ссарыныл. Уыцы фарстӕн дзуапп радтыныл чи архайдта, уыдон ныффыстой ӕнӕнымӕц чингуытӕ. Сӕ фыдӕбӕттӕ фесты дзӕгъӕлы, ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ, зӕгъгӕ, ацы фарстӕн дзуапп нӕй. Фӕлӕ рӕдийынц, дзуапп ын ис. Кӕд ын арф мидис ис, уӕддӕр зын нӕу. Ӕмбарын ӕй кӕны Библи. Цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ нӕ цардӕн нысан уа, уый тыххӕй нын хъуамӕ уа хорз ахастытӕ не Сфӕлдисӕгимӕ, нӕ уӕларвон Фыд Иегъовӕимӕ. Уымӕн куыд ис гӕнӕн?

Хуыцаумӕ баввахс уӕвынӕн ис дыууӕ мадзалы, ӕмӕ, чи зоны, кӕмӕдӕр ӕнахуыр фӕкӕсой. Хуыцауимӕ ӕнгом ахастытӕ кӕмӕн ис, уыдон дзы тӕрсгӕ дӕр кӕнынц ӕмӕ йӕ уарзгӕ дӕр кӕнынц. Ӕркӕсӕм, ацы ныхӕстӕ Библийӕ цы дыууӕ стихыл бындуриуӕг кӕнынц, уыдонмӕ. Незаманты зондджын паддзах Соломон адӕмы цард лӕмбынӕг раиртӕста, ӕмӕ цы хатдзӕгтӕм ӕрцыд, уыдон фыст ӕрцыдысты Библийы чингуытӕй иуы, Екклесиасты чиныджы. Цыдӕриддӕр федта, уымӕн хатдзӕг скӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕй ис ахӕм хатдзӕг скӕнӕн: тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн. Уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (Екклесиаст 12:13). Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ Йесойы куы бафарстой, Моисейӕн лӕвӕрд Закъоны ӕппӕты стырдӕр фӕдзӕхст цы у, зӕгъгӕ, уӕд уый загъта: «Бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37). Уыцы иу рӕстӕджы Хуыцауӕй тӕрсгӕ дӕр кӕй хъуамӕ кӕнӕм ӕмӕ йӕ уарзгӕ дӕр кӕй хъуамӕ кӕнӕм, уый дӕм ӕнахуыр нӕ кӕсы? Уӕдӕ ӕркӕсӕм, куыд ахсджиаг у Хуыцауӕй тӕрсын дӕр ӕмӕ йӕ уарзын дӕр, ӕмӕ уый адӕймагӕн куыд ӕххуыс кӕны Хуыцауимӕ хорз ахастытӕ скӕнынӕн.

Цы нысан кӕны Хуыцауӕй тӕрсын

Кӕд нӕ фӕнды Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын, уӕд дзы хъуамӕ тӕрсӕм. Библи дзуры: «Зонды райдайӕн — Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] тасдзинад» (Псалом 110:10). Апостол Павел фыста: «Хъахъхъӕнӕм стыр хорзӕхы, кӕй руаджы хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн ӕхцонгӕнгӕйӕ, цыт дӕтгӕйӕ ӕмӕ тӕрсгӕйӕ» (Дзуттытӕм 12:28, НФ). Афтӕ ма, апостол Иоанны цӕстылуайӕны арвы астӕуты цы зӕд тахт, уый хорз уацхъуыд хъусын кӕнын райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ раттут Уымӕн кад» (Раргомад 14:6, 7).

Цӕмӕй нӕ цардӕн нысан уа, уый тыххӕй ахсджиаг у Хуыцауӕй тӕрсын, фӕлӕ уый нӕ нысан кӕны йӕ разы фыртӕссӕй зыр-зыр кӕнын. Афтӕ адӕймаг фӕтӕрсы ӕгъатыр фыдгӕнӕгӕй. Фӕлӕ Хуыцауӕй тӕрсын нысан кӕны Сфӕлдисӕгӕн нымд кӕнын. Уый ма нысан кӕны Хуыцауы фӕхъыг кӕнынӕй тӕрсын, уымӕн ӕмӕ уый у Иууыл Стырдӕр Тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын, уымӕ ис тых ӕмӕ уый бар дӕр, цӕмӕй ӕгоммӕгӕс адӕмы бафхӕра.

Тас ӕмӕ уарзондзинад архайынц иумӕ

Фӕлӕ Иегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йын адӕм лӕггад кӕной, тӕрсгӕ дзы кӕй кӕнынц, ӕрмӕст уый тыххӕй. Иегъовӕ у уарзондзинады Хуыцау. Апостол Иоанн Хуыцауы удцырынӕй ныффыста: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Иегъовӕ Хуыцау адӕмы бирӕ уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ уыдон дӕр уарзой. Фӕлӕ куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй уыцы иу рӕстӕджы Хуыцауы уарзгӕ дӕр кӕнӕм ӕмӕ дзы тӕрсгӕ дӕр кӕнӕм? Дыууӕ дӕр сты кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ ис, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн» (Псалом 24:14, НД).

Ахъуыды ма кӕн, сывӕллон йӕ тыхджын ӕмӕ зондджын фыдӕн куыд фӕкад кӕны ӕмӕ дзы куыд сӕрыстыр вӕййы, ууыл. Уыцы иу рӕстӕджы уыцы сывӕллон аргъ кӕндзӕн йӕ фыды уарзондзинадӕн дӕр: йӕ фыдыл ӕууӕнддзӕн ӕмӕ йӕ зондӕй фӕрсдзӕн, зонгӕйӕ, уый йын пайда кӕй уыдзӕн. Афтӕмӕй мах дӕр Иегъовӕйы куы уарзӕм ӕмӕ дзы куы тӕрсӕм, уӕд ын йӕ разамындмӕ хъусдзыстӕм ӕмӕ нын уый хӕсдзӕн пайда. Кӕс ма, Иегъовӕ израилӕгты тыххӕй цы загъта, уымӕ: «Уӕд та зӕрдӕйӕ уымӕ куы тырниккой, цӕмӕй мӕнӕй тӕрсой ӕмӕ мын ӕдзухдӕр мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕной, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ цот дӕр ӕнустӕм амондджын уой!» (Дыккаг закъон 5:29).

О, адӕймаг Хуыцауӕй куы тӕрса, уӕд уыдзӕн ӕххуырст нӕ, фӕлӕ сӕрибар, ӕрхӕндӕг нӕ, фӕлӕ амондджын. Исай Йесойы тыххӕй пехуымпариуӕг кодта: «Иегъовӕйӕ кӕй тӕрсдзӕн, уый йын хӕсдзӕн циндзинад» (Исай 11:3). Псаломзарӕггӕнӕг та фыста: «Тӕхудиаг, лӕг, Хицауӕй тӕрсӕг ӕмӕ Уый фӕдзӕхстытӕ тыхджын уарзӕг» (Псалом 111:1).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы куы нӕ зонӕм, уӕд дзы нӕдӕр тӕрсгӕ кӕндзыстӕм, ӕмӕ йӕ нӕдӕр уарзгӕ кӕндзыстӕм. Растдӕр уымӕ гӕсгӕ у ахсджиаг Библи ахуыр кӕнын. Ахӕм ахуыр нын ӕххуыс кӕны, Хуыцау чи у ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын зондджын ми цӕмӕн у, уый бамбарынӕн. Хуыцаумӕ куыд ӕввахсдӕр кӕнӕм, афтӕ нӕ тынгдӕр фӕнды йӕ фӕндон ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын, уымӕн ӕмӕ ӕмбарӕм, пайда нын кӕй сты, уый (1 Иоанны 5:3).

Адӕймаг куы фӕзоны, раст фӕндагыл кӕй лӕууы, уӕд ын уый фӕхӕссы стыр циндзинад. Уый циндзинад хӕссы Биллӕн дӕр, райдианы кӕй кой кодтам, уыцы лӕппуйӕн. Ӕрӕджы уый загъта: «Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕдӕй нырмӕ рацыд фараст азы, ӕмӕ мӕ ахастытӕ Иегъовӕимӕ фенгомдӕр сты. Фыццаг цы циндзинад банкъардтон, уый ныр раивта ӕцӕгӕйдӕр амондджын цардмӕ. Ныр царды ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕрмӕстдӕр хорздзинадмӕ. Алы бон дӕр кӕнын, дзӕгъӕлы чи нӕу, ахӕм куыст, мӕ рӕстӕг нӕ хардз кӕнын ӕнӕхъӕугӕ хиирхӕфсӕнтӕ агурыныл. Ӕз ныр ӕууӕндын, Иегъовӕ ӕцӕгӕйдӕр кӕй ис, ууыл, ӕмӕ зонын, йӕ зӕрдӕ мын ӕрмӕстдӕр хорз кӕй зӕгъы, уый».

Ӕртыккаг ахуыргӕнӕн статьяйӕ базондзыстӕм, Иегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕ, царды сӕ чи пайда кӕны, уыдонӕн циндзинад ӕмӕ пайда куыд хӕссынц, уый.

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

Цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ дзы тӕрсӕм.

[Ныв 6 фарсыл]

Йесо Иегъовӕйӕ кӕй тарст, уый йын хаста циндзинад.