Ӕнӕуынгӕйы цыма уынгӕ кӕнӕм, афтӕ фидар лӕууӕм!
Ӕнӕуынгӕйы цыма уынгӕ кӕнӕм, афтӕ фидар лӕууӕм!
«[Моисей] цыма Ӕнӕуынгӕйы уынгӕ кодта, афтӕ фидар уыд» (ДЗУТТЫТӔМ 11:27).
1. Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды Хуыцауы тыххӕй цавӕр диссаджы хъуыды загъта?
ИЕГЪОВӔ ӕнӕуынгӕ Хуыцау у. Моисей Иегъовӕйӕн куы загъта, Дӕ кад мын равдис, зӕгъгӕ, уӕд ын загъта: «Мӕ цӕсгом фенын дӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу мӕн фенын ӕмӕ удӕгасӕй баззайын» (Рацыд 33:20). Апостол Иоанн дӕр фыста: «Хуыцауы никӕд ничи федта» (Иоанны 1:18). Йесо Чырысти зӕххыл куы царди, уӕд уымӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд Хуыцауы уынын. Фӕлӕ йӕ Уӕлхох уацамынды уый загъта: «Тӕхудиаг сты сыгъдӕг зӕрдӕтӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы фендзысты» (Матфейы 5:8). Цы зӕгъын фӕндыд Йесойы ацы ныхӕстӕй?
2. Хуыцауы комкоммӕ уынын нӕ бон цӕуылнӕ у?
Иоанны 4:24; Колоссӕгтӕм 1:15; 1 Тимофеймӕ 1:17). Уӕдӕ Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон у Иегъовӕйы комкоммӕ фенын. Раст у, сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвыл ӕнӕуынгӕ сфӕлдисондтӕй куы райгас уой, уӕд уындзысты Иегъовӕ Хуыцауы. Фӕлӕ ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс цы «сыгъдӕгзӕрдӕ» адӕймӕгтӕн ис, уыдоны бон дӕр у Хуыцауы «уынын». Куыд?
2 Фыстады Иегъовӕ ӕвдыст цӕуы ӕнӕуынгӕ Тыхӕй (3. Адӕймаджы бон куыд у Хуыцауы миниуджытӕй иуӕй-иутӕ ӕмбарын?
3 Иегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдонмӕ лӕмбынӕг куы фӕкӕсӕм, уӕд хуыздӕр базонӕм, цавӕр Хуыцау у, уый. Сфӕлдыстады фӕрцы мах ӕмбарӕм, Хуыцау не Сфӕлдисӕг кӕй у ӕмӕ йӕм стыр тых кӕй ис, уый (Дзуттытӕм 11:3; Раргомад 4:11). Уый фӕдыл апостол Павел фыста: «[Хуыцауы] ӕнӕуынгӕ, Йӕ мыггагмӕйы тых ӕмӕ Хуыцаудзинад, дунейы сфӕлдисынӕй нырмӕ цы скодта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ зынынц» (Ромӕгтӕм 1:20). Уымӕ гӕсгӕ, Йесо афтӕ кӕй загъта, Хуыцауы уындзыстӕм, зӕгъгӕ, уый нысан кӕны, йӕ миниуджытӕй йын иуӕй-иуты нӕ бон кӕй у бамбарын, уый. Уымӕн гӕнӕн ис раст зонындзинӕдты руаджы ӕмӕ нысан кӕны, уынӕн цӕмӕн нӕй, уый «зӕрдӕйы цӕстытӕй» ӕмбарын (Ефесӕгтӕм 1:18). Хуыцау чи у, уый ма хуыздӕр ӕмбарӕм, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый руаджы дӕр. Уымӕн загъта Йесо: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды» (Иоанны 14:9, «Мах дуг» №5, 1992). Йесо нын ӕххӕстӕй равдыста Иегъовӕйы удыхъӕд, йӕ миддуне. Уымӕ гӕсгӕ, Йесо куыд цард ӕмӕ адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уый куы зонӕм, уӕд уындзыстӕм, кӕнӕ ӕмбардзыстӕм, Хуыцауы миниуджытӕй иуӕй-иутӕ.
Уынӕн цӕмӕн нӕй, уый ӕмбарын ахсджиаг у
4. Абон адӕмӕй бирӕтӕ ӕнӕуынгӕ Хуыцауы кӕй ницӕмӕ дарынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
4 Абон Хуыцау стӕмты уырны ӕмӕ йемӕ ӕнгом ахастытӕ дӕр стӕм адӕймӕгтӕн ис. «Уырнындзинад се ’ппӕтмӕ нӕй»,— загъта Павел (2 Фессалоникӕгтӕм 3:2). Бирӕты сӕхи удӕй дарддӕр ӕндӕр ницы мӕт ис ӕмӕ сӕ Хуыцау уырнгӕ дӕр нӕ кӕны. Се ’нӕгъдау миты тыххӕй ӕмӕ сӕм уырнындзинад кӕй нӕй, уый аххосӕй ӕмбарындзинады цӕстытӕй Хуыцауы нӕ уынынц, апостол Иоанн куыд фыста: «Фыддзинад кӕнӕг Хуыцауы нӕ федта» (3 Иоанны 11). Ахӕм адӕмӕн сӕ бон Хуыцауы комкоммӕ фенын кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ сӕхи афтӕ дарынц, цыма сын Хуыцау сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уыны (Иезекиль 9:9). Фенӕн цӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддӕгтӕ сӕм худӕгау кӕй кӕсынц, уый тыххӕй сӕ бон нӕу «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» райсын (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:5). Уӕдӕ раст фыста Павел: «Буарон адӕймаг нӕ исы Хуыцауы Удӕй цы у, уый, уымӕн ӕмӕ уый уыдон нымайы ӕнӕзонддзинадыл; ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ ууыл удӕй хъуыды кӕнын хъӕуы» (1 Коринфӕгтӕм 2:14).
5. Ӕнӕуынгӕйы чи уыны, ахӕм адӕмӕй рох цы нӕу?
5 Фӕлӕ Ӕнӕуынгӕйы куы уынӕм, уӕд никуы рох кӕндзыстӕм, кӕд нӕ Иегъовӕ сасирӕй луарӕгау нӕ кӕны, уӕддӕр кӕй зоны, нӕ ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕмӕ цыбӕлтӕм гӕсгӕ кӕд фӕархайӕм, уый. Ӕцӕгдӕр, «Иегъовӕ адӕймаджы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр уыны ӕмӕ йын йӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр кӕсы лӕмбынӕг» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 5:21). Кӕд исты тӕригъӕд ракӕнӕм, уӕддӕр ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ Иегъовӕйӕ хатыр ракурӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм (Псалом 77:41; 129:3).
Фидар лӕууынӕн цы хъӕуы?
6. Цы нысан кӕны фидар лӕууын?
6 Кӕд Иегъовӕйы цӕстӕй уынын нӕ бон нӕу, уӕддӕр ма рох кӕнӕм, уый нӕ кӕй уыны. Хуыцау кӕй ис ӕмӕ дзы ӕххуыс чи куры, уыдонмӕ хӕстӕг кӕй у, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд фидар лӕудзыстӕм ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад нӕ фӕцуддзӕн (Псалом 144:18). Махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ уӕм Моисейы хуызӕн, Павел афтӕ кӕмӕй загъта: «Уырнындзинадӕй, ныууагъта уый Египет, нӕ фӕтӕрсгӕйӕ паддзахы фыдӕхӕй; уымӕн ӕмӕ Ӕнӕуынгӕйы цыма уынгӕ кодта, афтӕ фидар уыд» (Дзуттытӕм 11:27).
7, 8. Моисей фараоны раз афтӕ ныфсджын цӕй фӕрцы уыд?
7 Цӕмӕй Моисей, Хуыцау ын цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кодтаид, ома израилӕгты Египетӕй ракодтаид, уый тыххӕй йӕ ӕрлӕууын бахъуыд ӕгъатыр фараоны раз йӕ галуаны тыргъы, цыран ӕрӕмбырд сты дины
ӕмӕ ӕфсады разамонджытӕ. Ӕвӕццӕгӕн фараоны галуаны къултӕ гуымирыты нывтӕй нӕ зындысты. Фӕлӕ кӕд Моисей Иегъовӕйы уынгӕ нӕ кодта, уӕддӕр зыдта, Египеты ӕнӕуд хуыцӕутты нывтӕй хъауджыдӕр, уый кӕй у удӕгас Хуыцау. Уӕдӕ диссаг нӕу, Моисей фараонӕй кӕй нӕ фӕтарст, уый!8 Моисеймӕ уыйбӕрц хъӕбатырдзинад кӕцӕй уыд, ӕмӕ цалдӕр хатты ӕрлӕууыдаид фараоны раз? Фыстад нын куыд дзуры, афтӕмӕй «Моисей уыд, зӕххы цъарыл цы адӕм уыд, уыдонӕй ӕппӕты фӕлмӕндӕр адӕймаг» (Нымӕцты 12:3). Уӕдӕ Моисейӕн Хуыцауимӕ ӕнгом ахастытӕ кӕй уыд ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кодта, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый фӕрцы уыди афтӕ ныфсджын, цӕмӕй «Ӕнӕуынгӕйы» номӕй Египеты ӕгъатыр паддзахы раз ӕрлӕууыдаид. Ӕнӕуынгӕ Хуыцауы чи «уыны», уыдон абон та цавӕр хъуыддӕгтӕй ӕвдисынц сӕ уырнындзинад?
9. Фидар лӕууынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?
9 Ӕнӕуынгӕйы цыма уынгӕ кӕнӕм, афтӕ фидарӕй йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый ӕвдисдзыстӕм, кӕд ӕмӕ дарддӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй ма тӕрсӕм, уӕд. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Ӕнӕуынон уыдзыстут ӕппӕтӕн Мӕ номы тыххӕй» (Лукайы 21:17). «Цагъар йӕ хицауӕй стырдӕр нӕу. Кӕд Мӕн сырдтой, уӕд сымах дӕр сурдзысты»,— загъта ма ноджыдӕр Йесо (Иоанны 15:20, «Мах дуг» №5, 1992). Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст сты Йесойы мӕлӕты хӕдфӕстӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты йын карзӕй ӕфхӕрын куы райдыдтой, куы сӕм ӕртхъирӕнтӕ кодтой, куы сӕ ахстой ӕмӕ сӕ куы надтой, уӕд (Куыстытӕ 4:1—3, 18—21; 5:17, 18, 40). Фӕлӕ Йесойы апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кодтой хорз уацхъуыд (Куыстытӕ 4:29—31).
10. Иегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕны, ууыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм, уӕд нын уый хъусын кӕнгӕйӕ куыд ӕххуыс кӕндзӕн?
10 Моисейау, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ дӕр нӕ тарстысты сӕ бирӕ знӕгтӕй, кӕд сӕ сӕхи цӕстӕй уыдтой, уӕддӕр. Уыдон ӕууӕндыдысты Хуыцауыл, ӕмӕ уый фӕрцы фидар лӕууыдысты фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ ӕфхӕрды рӕстӕджы. О, уыдон дарддӕр дӕр фидар лӕууыдысты, раст цыма Ӕнӕуынгӕйы уынгӕ кодтой, афтӕ. Уӕдӕ нӕ абон дӕр Иегъовӕ кӕй хъахъхъӕны, уый ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ уый фидар кӕндзӕн ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн Паддзахады уацхъуыд уӕндонӕй ӕмӕ ӕдӕрсгӕйӕ хъусын кӕнын. Хуыцауы Ныхас нын дзуры, зӕгъгӕ, «адӕмӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай нӕу, Иегъовӕйыл чи дары йӕ ныфс, уый та хызт у алцӕмӕй дӕр» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 29:25). Уымӕ гӕсгӕ нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй нӕ тӕрсӕм; хорз уацхъуыд кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй та ӕфсӕрмы нӕ кӕнӕм. Уырнындзинад нӕм кӕй ис, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕдӕрсгӕйӕ хъусын кӕнӕм: нӕ хиуӕттӕн, не ’мкусджытӕ, не ’мкъласонтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмӕн дӕр (Ромӕгтӕм 1:14—16).
Ӕнӕуынгӕ кӕны Йӕ адӕмы
11. Петр ӕмӕ Иудӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ чырыстон ӕмбырды уӕнгтӕй иуӕй-иутӕм фаг уырнындзинад кӕй нӕ уыд, уый куыд равдыстой?
11 Уырнындзинады фӕрцы мах уынӕм, Иегъовӕ йӕ зӕххон организаци куыд кӕны, уый. Ӕмӕ кӕд уый ӕмбарӕм, уӕд ӕмбырды бӕрндзинад кӕуыл ис, уыдоны фыдкой нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ сӕм фаутӕ нӕ хӕсдзыстӕм. Петр ӕмӕ Иудӕ — Йесо мадӕй иу, фыдӕй хицӕн кӕимӕ уыди, уыцы ӕфсымӕр,— бауайдзӕф кодтой, фаг уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд ӕмӕ, чырыстӕтты ӕхсӕн бӕрн кӕуыл уыд, уыдонӕй ӕвзӕр чи дзырдта, уыдонӕн (2 Петры 2:9—12; Иудӕйы 8). Цымӕ уыцы фаухӕссджытӕн Иегъовӕ сӕ фарсмӕ куы уыдаид, цӕстӕй йӕ куы уыдтаиккой, уӕд дӕр кодтаиккой ахӕм ныхӕстӕ? Ницы хуызы! Фӕлӕ Хуыцау ӕнӕуынгӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы уыцы буарон адӕм не ’фсӕрмы кодтой.
12. Ӕмбырды йӕхимӕ бӕрндзинад чи исы, уыдонмӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ ма уа?
12 Раст у, чырыстон ӕмбырды чи ис, уыдон ӕнӕххӕст адӕм сты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕнӕрӕдийгӕ не сты, хаттӕй-хатт та сӕрмагондӕй нӕ ныхмӕ дӕр фӕрӕдийынц. Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕ йӕ фысты дзуг кӕны уыцы нӕлгоймӕгты бӕрны (1 Петры 5:1, 2). Ӕмӕ Ӕнӕуынгӕйы чи уыны, уыдон ӕмбарынц, Иегъовӕ йӕ адӕмы уыцы нӕлгоймӕгты уылты кӕй кӕны, уый. Уымӕ гӕсгӕ кӕд мах чырыстӕттӕ стӕм, уӕд хъуамӕ нӕхи хизӕм хъуыр-хъуыр кӕнынӕй ӕмӕ инӕттӕм фаутӕ хӕссынӕй. Уый бӕсты кад кӕнӕм Хуыцау йӕ адӕмыл разамынд дӕттынӕн кӕй сӕвӕрдта, уыдонӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм куы хъусӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, Ӕнӕуынгӕйы кӕй уынӕм, уый (Дзуттытӕм 13:17).
Хуыцау — не Стыр Зондамонӕг
13, 14. Иегъовӕйы не Стыр Зондамонӕгыл кӕй нымайӕм, уый дӕуӕн цы нысан кӕны?
13 Фенӕн цӕмӕн нӕй, уый «уынын» ӕмӕ ӕмбарын ма нӕ хъӕуы ӕндӕр хъуыддаджы дӕр. Исай загъта: «Уӕхи цӕстӕй уындзыстут уе Стыр Зондамонӕджы» (Исай 30:20). Иегъовӕ нӕ йӕ зӕххон организацийы уылты кӕй ахуыр кӕны, уый ӕмбарынӕн хъӕуы уырнындзинад (Матфейы 24:45—47). Хуыцау не Стыр Зондамонӕг кӕй у, уый ӕмбарын ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ Библи иудадзыг дзӕбӕх ахуыр кӕнӕм, стӕй чырыстон фембӕлдтӕ ма цух кӕнӕм. Уый ма нысан кӕны, Хуыцау нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уыдонӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ пайда исын. Зӕгъӕм, цӕмӕй Хуыцауимӕ нӕ ахастытӕ дарддӕр дӕр фидар уой уый тыххӕй нӕ хъус тынгдӕр хъуамӕ дарӕм, Иегъовӕ нын Йесойы уылты цы амындтӕ дӕтты, уыдонмӕ (Дзуттытӕм 2:1).
14 Хаттӕй-хатт фӕхъӕуы фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ бахардз кӕнын, цӕмӕй монон хӕринагӕй цы пайда ис, уый ӕххӕстӕй райсӕм. Зӕгъӕм, Библи кӕсгӕйӕ цыдӕр дзӕбӕх куы нӕ фембарӕм, уӕд ӕй уӕлӕнгӕйтты акӕсӕм. Чи зоны, «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъуал ут!»-ы кӕцыдӕр статьятӕ нӕ бакӕсӕм, тынг цымыдисаг нӕм кӕй нӕ фӕкӕсынц, уый тыххӕй. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстон фембӕлдты бадӕм, нӕ хъуыдытӕ та ӕндӕр кӕмдӕр уой. Фӕлӕ фембӕлдты дзырд цӕуыл фӕцӕуы, уымӕ нӕ лӕмбынӕг хъусын цӕмӕн хъӕуы, уый куы ӕмбарӕм, уӕд кӕддӕриддӕр уыдзыстӕм къӕрцхъус. Библийӕ зондамындтӕ ӕмӕ уынаффӕты тыххӕй бузныг куы уӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, Иегъовӕ не Стыр Зондамонӕг кӕй у, уый.
Мах бахъӕудзӕн дзуапп радтын
15. Иуӕй-иутӕ, Иегъовӕ сӕ цыма нӕ уыны, афтӕ сӕхи куыд фӕдарынц?
15 Ацы «кӕроны рӕстӕджы» дуне фыддзинадӕй кӕй байдзаг, уымӕ гӕсгӕ нӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуы Ӕнӕуынгӕйыл ӕууӕндын (Данелы 12:4, НД). Ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм нал ис. Уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм нӕ хъуыддӕгтӕ нын адӕмӕй куы ничи фӕуыны, уӕддӕр сӕ Иегъовӕ кӕй уыны, уый. Иуӕй-иутӕй уый айрох вӕййы. Ӕмӕ сӕ куы ничи фӕуыны, уӕд ӕнӕфсарм митӕ райдайынц кӕнын. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ сӕхи уый онг ӕруагътой, ӕмӕ ӕнӕгъдау, зианхӕссӕг митыл йе та Интернеты порнографийӕ, телевизор ӕмӕ ӕндӕр хӕлд чингуытыл ирхӕфстой сӕхи. Ахӕм хъуыддӕгтӕ арӕх хибар ран кӕй вӕййы кӕнӕн, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ сӕхи афтӕ дардтой, цыма сӕ Иегъовӕ дӕр нӕ уыны.
16. Нӕхи нӕ куыд дарын хъӕуы, уый тыххӕй Иегъовӕ цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдонмӕ хъусынӕн нын цы ӕххуыс кӕндзӕн?
16 Кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм апостол Павелы ныхӕстӕ: «Махӕй алчидӕр йӕхи тыххӕй ратдзӕн дзуапп Хуыцауӕн» (Ромӕгтӕм 14:12). Хъуамӕ ӕмбарӕм, нӕ алы тӕригъӕд дӕр Иегъовӕйы раз кӕй у тӕригъӕд. Уыцы хъуыды нын хъуамӕ ӕххуыс кӕна йӕ ӕвӕрд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрынӕн ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕй нӕхи хизынӕн. «Нӕй сфӕлдыст, Уымӕй ӕмбӕхст, фӕлӕ ӕппӕтдӕр гом ӕмӕ ӕргом Уый раз: Уымӕн ратдзыстӕм дзуапп»,— нӕ зӕрдыл нын лӕууын кӕны Библи (Дзуттытӕм 4:13). О, ӕцӕгдӕр мах дзуапп ратдзыстӕм Хуыцауы раз, фӕлӕ йын йӕ фӕндон ӕмӕ йӕ раст закъӕттӕ сӕйраджыдӕр уый тӕсӕй не ’ххӕст кӕнӕм; сӕйраг у, Иегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм, уый. Цӕй уӕдӕ нӕ рӕстӕг куыд ӕрвитӕм ӕмӕ нӕхи иннӕтимӕ куыд дарӕм, ууыл куы фӕцӕуы дзырд, уӕд уый кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм.
17. Иегъовӕ нӕм йӕ хъус цӕмӕн дары?
17 Кӕд нӕм Иегъовӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дары, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ кӕд фӕрӕдийдзыстӕм, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй нӕ бафхӕра. Нӕ, уый нӕм йӕ хъус дары уарзӕгой фыд йӕ коммӕгӕс хъӕбултыл куыд фӕауды ӕмӕ сыл куыд фӕтыхсы, афтӕ. Цӕй стыр ныфс дӕтты адӕймагӕн, нӕ уӕларвон Фыдӕн нӕ уырнындзинад ӕхсызгон кӕй у ӕмӕ «йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдоны кӕй хорзӕхджын кӕны», уый! (Дзуттытӕм 11:6, НД). Цӕй уӕдӕ, Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм ӕмӕ «йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм» (1 Паралипоменон 28:9).
18. Библийӕ цавӕр ныхӕстӕм гӕсгӕ у нӕ бон зӕгъын, Иегъовӕ нӕм йӕ хъус кӕй дары ӕмӕ нын нӕ иузӕрдиондзинад кӕй уыны?
18 Фӕсномыг ныхӕсты 15:3-ӕм стихы ахӕм ныхӕстӕ ис: «Иегъовӕйы цӕстытӕ уынынц ӕппӕтдӕр, уый лӕмбынӕг кӕсы взӕртӕм дӕр ӕмӕ хорзтӕм дӕр». О, Хуыцау уыны ӕвзӕр адӕмы ӕмӕ сын, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цы ӕмбӕлы, уый кӕны. Фӕлӕ кӕд мах «хорзты» ӕхсӕн стӕм, уӕд хъуамӕ фидарӕй зонӕм, Иегъовӕ, иузӕрдион ыл кӕй стӕм, уый нӕ хъуыддӕгтӕй кӕй уыны. Куыд тынг нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад, «Хицауы раз нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу», ӕмӕ Ӕнӕуынгӕйӕн «йӕ номыл цы аразӕм ӕмӕ цы уарзондзинад ӕвдисӕм, уый кӕй нӕ рох кӕны»! (1 Коринфӕгтӕм 15:58; Дзуттытӕм 6:10, НД).
Уадз ӕмӕ нӕ Иегъовӕ фӕлварӕд
19. Иегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у ахъаз?
19 Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ йын тынг зынаргъ стӕм (Матфейы 10:29—31). Ӕмӕ йӕ кӕд уынгӕ нӕ кӕнӕм, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ хатӕм, нӕ фарсмӕ кӕй ис, уый; афтӕ ма нӕ бон у Иегъовӕимӕ не ’нгом ахастытӕ цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнын дӕр. Нӕ уӕларвон Фыдмӕ нын ахӕм ахаст кӕй ис, уый нын хӕссы стыр арфӕдзинӕдтӕ. Фидар уырнындзинад нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Иегъовӕйы раз нӕ зӕрдӕ дӕр ӕмӕ нӕ намыс дӕр уой сыгъдӕг. Ӕцӕг сыгъдӕгзӕрдӕ уырынындзинад нӕ хизы фӕлывд ӕмӕ сусӕг цардӕй дӕр (1 Тимофеймӕ 1:5, 18, 19). Хуыцауыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ алыварс чи ис, уыдонӕн дӕр уыдзӕн хорз дӕнцӕг ӕмӕ сыл хорзырдӕм ӕндавдзӕн (1 Тимофеймӕ 4:12). Уымӕй дарддӕр нӕ хорз уагахаст циндзинад хӕсдзӕн Иегъовӕйӕн (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11).
20, 21. а) Цӕмӕн хъуамӕ бӕллӕм, цӕмӕй нӕм Иегъовӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дара? ӕ) Псалом 138:23, 24-ӕм стихты ныхӕстӕ нӕ бон куыд у нӕхимӕ ахӕссын?
20 Кӕд ӕмӕ нын хорз цы у, уый ӕцӕгдӕр ӕмбарӕм, уӕд цин кӕндзыстӕм, Иегъовӕ нӕм йӕ хъус кӕй дары, ууыл. Мах ӕрмӕст уый нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ уына, фӕлӕ ма нын цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ дӕр фӕлвара. Иегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд-иу дзы курӕм, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕтӕм арф ныккӕса ӕмӕ фена, галиу ӕмӕ дзы ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕйӕ цы ис, уый. Хуыцауӕн йӕ бон у ӕмӕ нын баххуыс кӕна, цыфӕнды цӕлхдур аиуварс кӕнынӕн дӕр ӕмӕ кӕм хъӕуа, уым нӕ зонд, йе та нӕ уагахаст фӕивынӕн дӕр. Псаломзарӕггӕнӕг Давид уымӕн зарыд афтӕ: «Бафӕлвар мӕн, Хуыцау, ӕмӕ базон мӕ зӕрдӕ; бафӕлвар мӕн, ӕмӕ базон мӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ кӕс, тӕссаг фӕндагыл нӕ дӕн цымӕ ӕз, ӕмӕ сараз мӕн ӕнусмӕйы фӕндагыл» (Псалом 138:23, 24).
21 Давид куырдта Иегъовӕйӕ, цӕмӕй йӕ бафӕлвӕрдтаид ӕмӕ федтаид, цымӕ «тӕссаг фӕндагмӕ» нӕ аздӕхт. Цымӕ мах дӕр афтӕ хъуамӕ ма бӕллӕм, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ басгара ӕмӕ фена, цымӕ дзы ӕвзӕр фӕндтӕ ӕмӕ цыбӕлтӕй ницы ис? Цӕй ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнӕм Иегъовӕйӕн, цӕмӕй нӕ фӕлвара. Фӕлӕ нӕ исты тӕригъд кӕнӕ исты ӕвзӕр миниуӕг куы тыхсын кӕна, уӕд та? Уӕд кувӕм нӕ уарзӕгой Хуыцау Иегъовӕмӕ, ӕмӕ сӕрныллӕгӕй ӕххӕст кӕнӕм, йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ нын йӕ Ныхасы уылты цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдон. Нӕ бон у ӕмӕ мисхал дӕр дызӕрдыг ма кӕнӕм, кӕй нӕ фехъусдзӕн ӕмӕ нын ӕнусон царды фӕндагыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ цӕуынӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл (Псалом 39:12—14).
22. Ӕнӕуынгӕйӕн кад кӕнгӕйӕ дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм?
22 О, Иегъовӕ нӕ цы домы, уый куы кӕнӕм абон, уӕд нын фидӕны балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕддӕриддӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, цы тых ӕмӕ йӕм цы хъомыс ис, уый, апостол Павел ӕй куыд ӕмбӕрста, афтӕ: «Ӕнусты ӕнӕмбийгӕ Паддзахӕн та, ӕнӕуынгӕйӕн, иунӕг уӕлзондджын Хуыцауӕн кад ӕмӕ намыс ӕнустӕй ӕнустӕм. Аминь» (1 Тимофеймӕ 1:17). Цӕй уӕдӕ мах дӕр афтӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кад кӕнӕм Иегъовӕйӕн. Ӕмӕ цыфӕнды ма ӕрцӕуа, уӕддӕр ма фӕцудӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр фидар лӕууӕм, раст цыма Ӕнӕуынгӕйы уынгӕ кӕнӕм, афтӕ.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Адӕмӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы уынын?
• Кӕд Иегъовӕйы удӕгас Хуыцауыл нымайӕм, уӕд ӕфхӕрд ӕмӕ фӕдылзылды рӕстӕджы цы кӕндзыстӕм?
• Иегъовӕ не Стыр Зондамонӕг кӕй у, уый цы нысан кӕны?
• Цӕмӕн нӕ хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй нӕ Иегъовӕ фӕлвара?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 12 фарсыл]
Моисей цыма ӕнӕуынгӕ Хуыцау Иегъовӕйы уынгӕ кодта, афтӕ нӕ фӕтарст фараонӕй.
[Ныв 15 фарсыл]
Нӕхи афтӕ макуы дарӕм, цыма цы аразӕм, уый Иегъовӕ нӕ уыны.
[Ныв 17 фарсыл]
Хуыцауы не Стыр Зондамонӕгыл кӕй нымайӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ тырнӕм, цы зонындзинӕдтӕ нын дӕтты, уыдонмӕ.