Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хайад исӕм хуымгӕрдӕны!

Дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хайад исӕм хуымгӕрдӕны!

Дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хайад исӕм хуымгӕрдӕны!

«Цӕссыгтимӕ тауджытӕ кӕрддзысты цингӕнгӕйӕ» (ПСАЛОМ 125:5).

1. Цӕмӕн хъӕуы абон «лӕгъстӕ кӕнын хуымы Хицауӕн, цӕмӕй рарвита кусджытӕ Йӕ хуыммӕ»?

ЙЕСО Чырысти Галилейы ӕртыккаг хатт куы уыди хъусын кӕнынмӕ, уӕд уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг бирӕ, кусджытӕ та гыццыл» (Матфейы 9:37). Ахӕм уавӕр уыди Иудейы дӕр (Лукайы 10:2). Цы зӕгъӕн ис абон та, 2 000 азы бӕрц куы рацыд, уӕд? Фӕстаг лӕггаддзинады азы хуымгӕрдӕны хайад истой 6 милуан Иегъовӕйы Ӕвдисӕнӕй фылдӕр. Уыцы куыст уыдон кодтой, 6 милиард адӕймаджы кӕм цӕры, ахӕм дунейы, цыран бирӕтӕ сты «тыхсаст ӕмӕ хӕлиу, куыд ӕнӕ фыййау фыстӕ». Раст уымӕ гӕсгӕ Йесойы фӕдзӕхст — «лӕгъстӕ кӕнут хуымы Хицауӕн, цӕмӕй рарвита кусджытӕ Йӕ хуыммӕ» — ӕнусты размӕ куыд ахсджиаг уыд, афтӕ ахсджиаг у абон дӕр (Матфейы 9:36, 38).

2. Адӕм нӕ цӕмӕй зонынц?

2 Хуымы Хицау, Иегъовӕ Хуыцау, фехъуыста уыцы курдиат ӕмӕ фылдӕр кусджытӕ рарвыста йӕ хуыммӕ. Цӕй стыр циндзинад у, Хуыцау йӕхӕдӕг кӕуыл разамынд кӕны, уыцы хуымгӕрдӕны хайад исын! Кӕд дунейы адӕмимӕ абаргӕйӕ мах армыдзаг йеддӕмӕ не стӕм, уӕддӕр Паддзахады уацхъуыд зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уымӕй нӕ зоны ӕгас дуне дӕр. Бирӕ бӕстӕты нӕ кой арӕх фӕкӕнынц ӕхсӕнадон бастдзинады фӕрӕзты. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр кинонывы хӕдзармӕ исчи куы бадзӕнгӕрӕг кӕна, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ зӕгъой, зӕгъгӕ, уый Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрбацыдысты. Ӕцӕгдӕр, XXI ӕнусы мах, чырыстӕттӕ, зындгонд стӕм, хуымгӕрдӕны хайад кӕй исӕм, уымӕй.

3. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, фыццаг ӕнусы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг дардыл хъуыстгонд кӕй уыд, уый? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, уацамынды нын зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц?

3 Фыццаг ӕнусы дӕр дуне уыдта, чырыстӕттӕ Паддзахады тыххӕй куыд хъусын кодтой, уый, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй ӕфхӕрдтой. Уымӕ гӕсгӕ апостол Павел фыста: «Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ Хуыцау фӕстагмӕ се ’ппӕты размӕ ракодта мах, апостолты, мӕлӕтмӕ тӕрхонгонд адӕмау; уымӕн ӕмӕ нӕм [ома апостолтӕм] дуне дӕр, зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр кӕсынц циркмӕ кӕсӕгау» (1 Коринфӕгтӕм 4:9, НД). Афтӕ абон дӕр нӕ ныхмӕ цӕуынц, фӕлӕ Паддзахады тыххӕй дарддӕр дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй ӕдзухдӕр стӕм адӕмы цӕстыты раз; стӕй нӕ куыст тынг ахсджиаг у зӕдтӕн дӕр. Раргомады 14:6-ӕм стихы дзырдӕуы: «Федтон ӕз [апостол Иоанн] ӕндӕр Зӕды, арвы астӕуты тӕхгӕйӕ, кӕцымӕ уыд мыггагмӕйы Евангели, цӕмӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕна зӕххыл цӕрджытӕн ӕмӕ алы адӕмы хатт ӕмӕ фӕлтӕрӕн, ӕмӕ ӕвзагӕн, ӕмӕ адӕмӕн». О, уацамынды — хуымгӕрдӕны — нын ӕххуыс кӕнынц зӕдтӕ! (Дзуттытӕм 1:13, 14).

Мах стӕм ӕнӕуынон

4, 5. а) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты цӕмӕй бафӕдзӕхста? ӕ) Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дунейӕн ӕнӕуынон цӕмӕн сты?

4 Йесо йӕ апостолты хуымгӕрдӕнмӕ куы арвыста, уӕд сӕ зӕрдыл дардтой йӕ фӕдзӕхст, «ут зондджын кӕлмытау, ӕмӕ хуымӕтӕг бӕлӕттау», зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ ма сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Хъахъхъӕнут уӕхи адӕмӕй: уымӕн ӕмӕ уыдон дӕтдзысты сымах тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ сӕ ӕмбырдгӕнӕнты нӕмдзысты. Ӕмӕ уӕ акӕндзысты хицауадмӕ ӕмӕ паддзӕхтӕм Мӕн тыххӕй, ӕвдисӕндзинадӕн уыдоны ӕмӕ муртатты размӕ. [...] Ӕмӕ уыдзыстут ӕнӕуынон ӕппӕтӕн Мӕ номы тыххӕй; кӕронмӕ бафӕразӕг та фервӕздзӕн» (Матфейы 10:16—22).

5 Абон мах ӕнӕуынон уымӕн стӕм, ӕмӕ «ӕппӕт дуне ис Фыдбылызы къухы» — Хуыцау ӕмӕ Йӕ адӕмы цыфыддӕр знаг Сайтан Хӕйрӕджы къухы (1 Иоанны 5:19, НД). Не знӕгтӕ уынынц нӕ организацийы рӕзт ӕмӕ фӕрныгад, фӕлӕ уыцы ӕнтыстдзинад Иегъовӕйы фӕрцы кӕй у, ууыл сразы уой, уый сӕ нӕ фӕнды. Хуымгӕрдӕны мидбылхудгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ куы фӕисӕм хайад, уӕд нӕ ныхмӕ чи у, уыдон фӕуынынц, куыд амондджын адӕм стӕм, уый. Нӕ иудзинад та сӕ бынтон дисы ӕфтауы! Ӕндӕр бӕстӕмӕ куы ацӕуынц ӕмӕ сӕм уым дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзармӕ куы бацӕуынц, уӕд бар-ӕнӕбары дӕр сразы вӕййынц, не ’хсӕн иудзинад кӕй ис, ууыл. Фӕлӕ мах фидарӕй зонӕм, не ’хсӕн иудзинад кӕй фӕрцы ис, уый, Иегъовӕйы, йӕ рӕстӕджы кӕй базондзысты суанг не знӕгтӕ дӕр (Иезекиль 38:10—12, 23).

6. Хуымгӕрдӕны хайад исгӕйӕ, фидарӕй цы зонӕм, фӕлӕ цавӕр фарста ӕвзӕры?

6 Хуымы Хицау «арвыл ӕмӕ зӕххыл» ӕппӕт бартӕ дӕр радта йӕ Фырт Йесо Чырыстийы къухмӕ (Матфейы 28:18). Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ Йесойӕн бабар кодта, цӕмӕй уӕларвон зӕдтӕ ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты уылты, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты, разамынд дӕтта хуымгӕрдӕны куыстӕн (Матфейы 24:45—47; Раргомад 14:6, 7). Фӕлӕ цӕмӕй дарддӕр дӕр знӕгты ныхмӕ фидар лӕууӕм ӕмӕ хуымгӕрдӕны хайад исгӕйӕ циндзинад исӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

7. Адӕм нӕ ныхмӕ куы цӕуой ӕмӕ нӕ куы ’фхӕрой, уӕд дӕр сӕм цавӕр ахаст хъуамӕ дарӕм?

7 Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, йе та нӕ карзӕй дӕр куы ’фхӕрой, уӕд-иу кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй ахӕм уавӕрты махӕн дӕр Павелау раст ахаст уа. Павел фыста: «Ӕлгъитынц нӕ, мах... арфӕ кӕнӕм; сурынц нӕ, мах фӕразӕм; фауынц нӕ, мах... лӕгъстӕ кӕнӕм» (1 Коринфӕгтӕм 4:12, 13, НФ). Адӕммӕ ахӕм зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый фӕрцы уацамынды кӕддӕриддӕр вӕййӕм уӕздан, ӕмӕ хаттӕй-хатт нӕ ныхмӕлӕуджытӕ сӕ ахаст дӕр фӕивынц.

8. Матфейы 10:28-ӕм стихы Йесо цы загъта, уый дын цавӕр ныфс дӕтты?

8 Суанг нӕм марынӕй кӕй ӕртхъирӕн кӕнынц, уый дӕр нӕ нӕ уромы хуымгӕрдӕны зӕрдиагӕй хайад исынӕй. Нӕ уавӕртӕ нӕ цас амонынц, уыйас ӕргомӕй ӕмӕ ӕдӕрсгӕйӕ хъусын кӕнӕм Паддзахады хабар. Ӕмӕ нӕхиуыл ӕвзарӕм, Йесойы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый. Уый загъта: «Ма тӕрсут буары марджытӕй, уды амарын та кӕй бон нӕу; фӕлӕ тӕрсут тынгдӕр уымӕй, кӕцыйы бон у уды ӕмӕ буары дӕр фесафын зындоны [«геенайы», НФ]» (Матфейы 10:28). Мах зонӕм, Царддӕттӕг нӕ уаларвон Фыд кӕй у, уый. Ӕмӕ уый хорзӕхджын кӕны, цыфӕнды зындзинӕдты дӕр ыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ ивы ӕмӕ хуымгӕрдӕны дарддӕр дӕр ӕппӕт тыхтӕй хайад чи исы, уыдоны.

Царддӕттӕг хабар

9. Иезекилы ныхӕстӕм иуӕй-иутӕн цавӕр ахаст уыди ӕмӕ абон та цы уынӕм?

9 Пехуымпар Иезекиль «хивӕнд адӕмтӕн» — Израиль ӕмӕ Иудӕйы паддзахӕдтӕн — Иегъовӕйы ныхӕстӕ ӕдӕрсгӕйӕ куы хъусын кодта, уӕд иуӕй-иутӕн ӕхсызгон уыдысты йӕ ныхӕстӕ (Иезекиль 2:3). «Мӕнӕ! — загъта Иегъовӕ,— ды уыдонӕн дӕ сонтуарзты зарӕгау, диссаджы рӕсугъд хъӕлӕс кӕмӕн ис ӕмӕ хъисфӕндырыл хорз чи цӕгъды, ахӕм адӕймаджы хуызӕн» (Иезекиль 33:32). Ӕцӕгдӕр, уыцы адӕмӕн Иезекилы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрын нӕ фӕндыд. Цы уынӕм абон та? Сӕрстытӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон сӕ зӕххон ӕмбӕлццӕттимӕ абон дӕр ӕдӕрсгӕйӕ куы фӕдзурынц адӕмӕн Иегъовӕйы фӕндӕтты тыххӕй, уӕд Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уымӕ бирӕтӕ зӕрдиагӕй фӕхъусынц, фӕлӕ сын ӕцӕгӕй нӕ фӕаргъ кӕнынц, не свӕййынц ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ немӕ иумӕ хайад нӕ фӕисынц хуымгӕрдӕны.

10, 11. XX ӕнусы фыццаг ӕмбисы царддӕттӕг хабар куыд хъусын кодтой ӕмӕ уый цавӕр хорз тыллӕг радта?

10 Фӕлӕ бирӕ ис, хуымгӕрдӕны куыстӕн стыр аргъ чи скодта ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытимӕ адӕмӕн йӕ фӕндӕттӕ хъусын кӕнын чи райдыдта, ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр. Зӕгъӕм, 1922 азӕй 1928 азмӕ чырыстон конгресты ӕргом дзырд цыдис, Сайтаны фыддунемӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уыцы стыр фембӕлдты программӕ лӕвӕрд цыдис радиойӕ. Уый фӕстӕ та конгрессы цы раныхӕстӕ уыди, уыдон рацыдысты мыхуыры ӕмӕ сӕ Хуыцауы адӕм апарахат кодтой милуангай адӕймӕгтыл.

11 1930-ӕм азты хъусын кӕнын райдыдтой ӕндӕр хуызы дӕр — цӕуын райдыдтой информацион маршты. Райдианты Иегъовӕйы адӕм хастой плакаттӕ, цыран-иу фыст уыди, раныхасы сӕр. Фӕстӕдӕр та хӕссын райдыдтой плакаттӕ ахӕм сидтытимӕ: «Дин у къӕппӕг ӕмӕ цӕстфӕливӕг» ӕмӕ «Лӕггад кӕнут Хуыцауӕн ӕмӕ Паддзах Чырыстийӕн». Уыцы плакаттимӕ уынгты куы цыдысты, уӕд-иу сӕм фӕндаггонтӕ кӕсгӕйӕ баззадысты. «Афтӕмӕй бирӕтӕ базыдтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмӕ сын уый ноджы фылдӕр хъарутӕ лӕвӕрдта»,— загъта Лондоны (Англис) цӕрӕг ӕфсымӕр, адӕмӕй йедзаг уынгты-иу уыцы плакаттӕ чи хаста, уыдонӕй иу.

12. Хуыцауы тӕрхӕттӕй дарддӕр ма адӕмӕн ноджыдӕр цӕй тыххӕй дзурӕм ӕмӕ ныртӕккӕ хорз уацхъуыд иумӕ чи хъусын кӕны?

12 Кӕд абон мах дӕр Хуыцауы тӕрхӕттӕ хъусын кӕнӕм, уӕддӕр адӕмӕн дзурӕм, Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдон тыххӕй. Дунейы ӕппӕт адӕмӕн дӕр уӕндонӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, аккаг чи у, уыдоны арынӕн (Матфейы 10:11). Сӕрстытӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр хуымгӕрдӕны хайад исын райдыдтой XX ӕнусы 20-ӕм ӕмӕ 30-ӕм азты. Фӕстӕдӕр, 1935 азы конгрессы фехъусын чындӕуыд, «тынг бирӕ адӕммӕ», ома «ӕндӕр фыстӕм», дзӕнӕты зӕххыл диссаджы арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй (Раргомад 7:9; Иоанны 10:16). Уыдон дӕр сӕ хъус дардтой Хуыцауы тӕрхӕттӕм ӕмӕ сӕрстытимӕ иумӕ хъусын кӕнын райдыдтой царддӕттӕг хорз уацхъуыд.

13, 14. а) Псаломы 125:5, 6-ӕм стихты ныхӕстӕ нӕ ныфс куыд уадзынц? ӕ) Дарддӕр дӕр куы тауӕм ӕмӕ хуымтыл дон куы кӕнӕм, уӕд цы ӕрцӕудзӕн?

13 Хуыцауы хуымгӕрдджытӕн, уӕлдайдӕр кӕй фӕдыл зилынц ӕмӕ кӕй ӕфхӕрынц, уыдоны стыр ныфс уадзынц Псаломы 125:5, 6-ӕм стихты ныхӕстӕ: «Цӕссыгтимӕ тауджытӕ кӕрддзысты цингӕнгӕйӕ. Кӕугӕйӕ мыггаг хӕссӕг раздӕхдзӕн циндзинадимӕ, хӕсгӕйӕ йӕ куыристӕ». Псаломзарӕггӕнӕг тауын ӕмӕ тыллӕг кӕрдыны тыххӕй цы загъта, уый ӕвдисы, рагзаманы Вавилоны уацарӕй ма фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхт, уыдоныл Иегъовӕ куыд аудыдта ӕмӕ сын куыд арфӕ кодта, уый. Уыдон тынг цин кодтой сӕ сӕрибардзинадыл, фӕлӕ 70 азы дӕргъы ӕвнӕлд кӕмӕ нӕ уыд, дуры хуызӕн чи ныцци, уыцы зӕххыл куы тыдтой, уӕд сӕ цӕссыгтӕ дӕр куыннӕ калдтаиккой. Фӕлӕ фӕразондзинад кӕмӕ уыд ӕмӕ хуымтӕм хорз чи зылди, уыдон райстой хъӕздыг тыллӕг ӕмӕ сӕ куыстӕй сӕ зӕрдӕ барухс.

14 Фӕлварӕнты куы бахауӕм, кӕнӕ нын не ’фсымӕрты, йе та нӕхи дӕр рӕстдзинады тыххӕй куы фефхӕрынц, уӕд, чи зоны, мах дӕр фӕкӕуӕм (1 Петры 3:14). Хуымгӕрдӕны куыст райдианы ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ нӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у. Фӕлӕ дарддӕр дӕр куы тауӕм ӕмӕ хуымтыл дон куы кӕнӕм, уӕд Хуыцау ӕвзартӕ сырӕзын кӕндзӕн, чи зоны мах ӕнхъӕл дӕр куыд не стӕм, афтӕ (1 Коринфӕгтӕм 3:6). Афтӕ кӕй у, уымӕн ирд бӕлвырдгӕнӕн у, Библитӕ ӕмӕ йӕ бындурыл уагъд литературӕ кӕй парахат кӕнӕм, уый цы тыллӕг ӕрхӕссы, уый.

15. Ӕрхӕсс цӕвиттон, хуымгӕрдӕны куысты нын Библийы бындурыл уагъд литературӕ куыд ӕххуыс кӕны, уымӕн.

15 Ӕркӕсӕм иу адӕймагыл, Джим, зӕгъгӕ, цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Йӕ мад куы амард, уӕд ын йӕ дзаумӕтты ӕхсӕн ссардта чиныг «Цард куыд фӕзынд? Эволюцийы уылты ӕви сфӕлдыстады уылты?» *. Стыр цымыдисӕй йӕ бакаст. Иу бон ӕм уынджы иу Ӕвдисӕн бацыд, ӕмӕ йемӕ куы аныхас кодта, уӕд сразы, цӕмӕй йӕм дыккаг хатт дӕр ӕрбацӕуа, ӕмӕ уыйадыл ахуыр кӕнын райдыдта Библи. Джим цыбыр рӕстӕгмӕ сарӕзта хорз къахдзӕфтӕ, Иегъовӕйӕн нывонддзырд радта ӕмӕ донаргъуыд райста. Цы базыдта, цӕуыл сахуыр, уый дзырдта йӕ хиуӕттӕн дӕр. Ӕмӕ йӕ хо ӕмӕ йе ’фсымӕр дӕр систы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Фӕстӕдӕр Джим бархи кусӕгӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдта Вефилы, Лондоны.

Ӕфхӕрд ӕййафӕм, фӕлӕ уӕддӕр цин кӕнӕм

16. а) Хуымгӕрдӕны куыст афтӕ ӕнтыстджынӕй цӕмӕн цӕуы? ӕ) Хорз уацхъуыд адӕмыл куыд ӕндавы, уый тыххӕй Йесо цы загъта, фӕлӕ уӕддӕр адӕммӕ цавӕр зӕрдӕйы уагимӕ цӕуӕм?

16 Хуымгӕрдӕны куыст афтӕ ӕнтыстджынӕй цӕмӕн цӕуы? Уымӕн ӕмӕ куыд сӕрст чырыстӕттӕ, афтӕ се ’мбӕлццонтӕ дӕр сӕ зӕрдӕмӕ айстой Йесойы фӕдзӕхст: «Сымахӕн талынджы цы дзурын, уый дзурут рухсы; ӕмӕ уӕ хъусы цы хъусут [«ӕмӕ уын уӕ хъусы цы загъдӕуа», НФ], уый хъусын кӕнут уӕлхӕдзӕртты» (Матфейы 10:27). Фӕлӕ уыимӕ мах зонӕм, зындзинӕдтӕ дӕр нын кӕй уыдзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры мӕлӕтмӕ, ӕмӕ фыд — фырты, ӕмӕ сыстдзысты зӕнӕг сӕ ныййарджытыл ӕмӕ сӕ амардзысты». Йесо ма загъта: «Ӕнхъӕл ма ут, Ӕз ӕрцыдтӕн сабырдзинад ӕрхӕссынмӕ зӕхмӕ; Ӕз сабырдзинад ӕрхӕссынмӕ нӕ ӕрцыдтӕн, фӕлӕ кард» (Матфейы 10:21, 34). Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ бинонты кӕрӕдзийы ныхмӕ кодта. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ хаттӕй-хатт хорз уацхъуыд ӕндӕвта ахӕм хуызы. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ абон дӕр ахӕм уавӕры сты. Адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм уый тыххӕй нӕ бацӕуӕм, цӕмӕй бинонты кӕрӕдзийы ныхмӕ скӕнӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй алчидӕр айса хорз уацхъуыд. Уымӕ гӕсгӕ зӕрдӕхӕларӕй, фӕлмӕнӕй архайӕм бинонтӕй алкӕимӕдӕр аныхас кӕныныл, ӕмӕ нын уый фӕрцы нӕ хорз уацхъуыд сӕ зӕрдӕмӕ айсынц, «раст ахаст кӕмӕн ис, уыдон» (Куыстытӕ 13:48, НД).

17. Хуыцауы хицаудзинады фарс чи лӕууыд, уыдон иннӕтӕй куыд хицӕн кӕнынц ӕмӕ уымӕн цавӕр цӕвиттон ис?

17 Паддзахады хабар фехъусгӕйӕ, Хуыцауы хицаудзинады фарс чи слӕууы, уыдон иннӕ адӕмы хуызӕн нал вӕййынц. Зӕгъӕм, Германы хицауады сӕргъы национал-социалисттӕ куы лӕууыдысты, уӕд не ’муырнджытӕ тынг хицӕн кодтой ӕппӕт иннӕ адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ «кесӕрыон лӕвӕрдтой кесӕрӕн, Хуыцауыон та Хуыцауӕн» (Лукайы 20:25). Чырыстон дунейы дины разамонджытӕ ӕмӕ чырыстоны ном ӕрмӕст хӕсгӕ чи кӕны, уыцы аргъуантӕм цӕуӕг адӕмӕй хъауджыдӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ нӕ басастысты ӕмӕ Библийы принципты сӕрты нӕ ахызтысты (Исай 2:4; Матфейы 4:10; Иоанны 17:16). Историйы профессор Кристин Кинг йӕ чиныджы «Нацистон паддзахад ӕмӕ ног динтӕ» фыссы: «[Нацистон] хицауадӕн ӕрмӕстдӕр Ӕвдисӕнтыл нӕ цыд йӕ бон, уымӕн ӕмӕ дзы кӕд мингӕйттӕ фӕцагъды сты, уӕддӕр сӕ хъуыддаг дарддӕр кодтой ӕмӕ 1945 азы, национал-социализмӕн йӕ кой дӕр куы нал уыд, уӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты змӕлд та уыд йӕ тыхыл» («The Nazi State and the New Religions»).

18. Иегъовӕйы адӕм ӕфхӕрд куы фӕцӕуынц, уӕддӕр сын цавӕр зӕрдӕйы уаг вӕййы?

18 Банысан кӕнинаг у, Иегъовӕйы адӕм ӕфхӕрд куы фӕцӕуынц, уӕд сын цавӕр зӕрдӕйы уаг вӕййы, уый. Суанг ма хицӕутты дӕр дисы ӕфтауы нӕ уырнындзинад, уыдон диссагӕн фӕхӕссынц, хӕрамдзинад ӕмӕ нӕм фыдӕхдзинад кӕй нӕй, уый. Цӕвиттон, Холокосты удӕгас чи баззад, уыцы Ӕвдисӕнтӕ цы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой, уый тыххӕй куы фӕдзурынц, уӕд вӕййынц хъӕлдзӕг ӕмӕ райгонд. Уыдон зонынц, Иегъовӕ сын кӕй лӕвӕрдта, «сӕхимӕ цы хъару уыдис, уымӕй фылдӕр хъару» (2 Коринфӕгтӕм 4:7, НД). Не ’хсӕн ма сӕрст чырыстӕттӕй чи ис, уыдон фидарӕй зонынц, «сӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты», уый (Лукайы 10:20). Сӕ фӕразондзинады фӕрцы сын ис, адӕймаджы фыдӕнхъӕл цы ныфс нӕ кӕны, уый, ӕмӕ ахӕм фидар уырнындзинад ис, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕй ис, уыцы хуымгӕрдджытӕн дӕр (Ромӕгтӕм 5:4, 5).

Дарддӕр дӕр хайад исӕм хуымгӕрдӕны

19. Цавӕр хорз мадзӕлттӕй цӕуы хъуыстгонд хорз уацхъуыд?

19 Иегъовӕйы фӕндӕй ма хуымгӕрдӕны куыст цас ахӕсдзӕн, уый нын рӕстӕг равдисдзӕн. Фӕлӕ уал уӕдмӕ та нӕ зӕрдыл дарӕм, хъуымгӕрдджытӕ сӕ куыст бӕрӕг мадзӕлттӕм гӕсгӕ кӕй кӕнынц, уый. Афтӕ махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, уацамынды фӕлвӕрд чи ӕрцыд, ахӕм мадзӕлттӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд ӕнӕмӕнг кӕй ӕркӕрддзыстӕм хорз тыллӕг. Павел йе ’мчырыстӕттӕн загъта: «Курын уӕ: бафӕзмут мӕн» (1 Коринфӕгтӕм 4:16). Павел Милиты Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ куы фембӕлд, уӕд сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, «ӕппӕт адӕмы ӕхсӕн ӕмӕ хӕдзӕртты» сӕ йӕхиуыл ӕнауӕрдгӕйӕ кӕй ахуыр кодта, уый (Куыстытӕ 20:20, 21). Павелы ӕмбӕлццон Тимофей сахуыр, апостол куыд хъусын кодта, афтӕ хъусын кӕнын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд коринфаг чырыстӕтты дӕр сахуыр кӕнын (1 Коринфӕгтӕм 4:17). Павел адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд ын Хуыцау арфӕ кодта. Хуыцау абон махӕн дӕр афтӕ арфӕ кӕндзӕн, хорз уацхъуыд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым хъусын кӕныныл, стӕй ма Библи адӕмимӕ хӕдзӕртты ахуыр кӕныныл куы архайӕм, уӕд дӕр (Куыстытӕ 17:17).

20. Хъӕздыг хуымгӕрдӕны рӕстӕг хӕстӕг кӕй уыд, уый Йесо куыд бамбарын кодта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ фӕстаг азты куыд ӕххӕст кӕнынц?

20 Н.э. 30 азы Сихармӕ хӕстӕг Йесо самариаг сылгоймагимӕ куы ныхас кодта, уӕд уый фӕстӕ дзырдта хуымгӕрдӕны тыххӕй. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Схӕцут уӕ цӕстытыл ӕмӕ акӕсут хуымтӕм, уыдон куыд ысурс сты ӕмӕ сцӕттӕ сты кӕрдынмӕ, уымӕ. Кӕрдӕг райсы йӕ мызд ӕмӕ ӕнусон цардӕн ӕрӕмбырд кӕны дыргъ, гъе ӕмӕ тауӕг дӕр ӕмӕ кӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕндзысты» (Иоанны 4:34—36, «Мах дуг» №5, 1992). Ӕвӕццӕгӕн Йесо уый размӕ федта, самариаг сылгоймагимӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фембӕлд цы хорз тыллӕг ӕрхаста, уый: сылгоймаджы ӕвдисӕнадӕй йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты (Иоанны 4:39). Фӕстаг азты бирӕ бӕстӕты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бар радтой хуымгӕрдӕны куыст сӕрибарӕй кӕнынӕн, кӕмдӕрты та сӕ регистраци дӕр скодтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фӕзынд бирӕ кӕрдинаг хуымтӕ. Уыйадыл хуымгӕрдӕны куыст нырма ис йӕ тӕккӕ тӕмӕны. Уӕдӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм, дарддӕр дӕр хуымгӕрдӕны зӕрдӕрайгӕйӕ хайад куы исӕм, уӕд райсдзыстӕм стыр арфӕдзинӕдтӕ.

21. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон хуымгӕрдӕны дарддӕр дӕр зӕрдӕрайгӕйӕ хайад исын?

21 Хуымтӕ куы сцӕттӕ вӕййынц ӕмӕ сӕ кӕрдын афон куы ӕрцӕуы, уӕд хуымгӕрдджытӕ райвӕз-байвӕз нал фӕкӕнынц. Ахӕм рӕстӕджы иу уысм дӕр фӕстиатгӕнӕн нӕ вӕййы. «Кӕроны рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр архайын хъӕуы зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕвӕстиатӕй (Данелы 12:4, НД). Уӕдӕ кӕд Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ зындзинӕдтӕ дӕр ӕвзарӕм, уӕддӕр ныры хуызӕн стыр хуымгӕрдӕны никуы истам хайад. Уымӕ гӕсгӕ абон у циндзинады рӕстӕг (Исай 9:3). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр зӕрдӕрайгӕйӕ кӕрдӕм хуымтӕ!

[Фиппаинаг]

^ 15 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой ӕмӕ йӕ парахат кодтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (уырыс.).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

Хуымы Хицау йӕ хуыммӕ фылдӕр кусджытӕ рарвитыны курдиатӕн цавӕр дзуапп радта?

Кӕд дунейӕн «ӕнӕуынон» стӕм, уӕддӕр нын цавӕр зӕрдӕйы уаг ис?

Ӕфхӕрд куы феййафӕм, уӕддӕр цӕмӕн фӕцин кӕнӕм?

Хуымгӕрдӕны иу уысм дӕр фӕстиатгӕнӕн кӕй нӕй, уый нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 14, 15 фарсыл]

Хуымгӕрдӕны хайад чи исы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнынц зӕдтӕ.

[Ныв 16 фарсыл]

Информацион маршты фӕрцы бирӕ адӕм фехъуыстой Паддзахады хабар.

[Ныв 16 фарсыл]

Мах тауӕм, хуымтыл дон кӕнӕм, рӕзын та сӕ кӕны Хуыцау.