Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Де ’нтыстдзинад бӕрӕг уӕт алкӕмӕн дӕр

Де ’нтыстдзинад бӕрӕг уӕт алкӕмӕн дӕр

Де ’нтыстдзинад бӕрӕг уӕт алкӕмӕн дӕр

«Ууыл мӕт кӕн, уый мидӕг у, цӕмӕй дӕ ӕнтыстдзинад ӕппӕтӕн дӕр уа ӕргом» (1 ТИМОФЕЙМӔ 4:15).

1. Дыргъ кӕд срӕгъӕд вӕййы ӕмӕ хӕрынӕн кӕд сбӕззы, уый цӕмӕ гӕсгӕ ис базонӕн?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ ауайын кӕн, иууыл тынгдӕр цы дыргъ уарзыс, уый: алтъами, кӕрдо, чылауи йе та ӕндӕр исты. Кӕд срӕгъӕд вӕййы ӕмӕ хӕрынӕн кӕд сбӕззы, уый базоныс? Бӕгуыдӕр. Куыд адджын тӕф кӕны, куыд рӕсугъд ӕмӕ куыд фӕлмӕн у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дзы дӕ мондӕгтӕ кӕй суадздзынӕ. Ахордтай дзы, ӕмӕ дӕ дзыхы атади. О-о-о, цӕй донджын у! Цы адджын у! Диссаг!

2. Адӕймаг хъомыл кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг вӕййы ӕмӕ уый иннӕтимӕ йӕ ахастытыл куыд ӕндавы?

2 Ацы хуымӕтӕг, фӕлӕ диссаджы цӕвиттон нын баххуыс кӕндзӕн царды ӕндӕр хъуыддагыл дзургӕйӕ дӕр. Дыргъ рӕгъӕд у ӕви нӕ, уый куыд вӕййы базонӕн, афтӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты бӕрӕг вӕййы, адӕймаг уырнындзинады хъомыл ӕмӕ фӕлтӕрд кӕй у, уый дӕр. Ахӕм адӕймаг у ӕмбаргӕ, арфуынӕг, зондджын ӕмӕ афтӕ дарддӕр (Иов 32:7—9). Диссаг нӕу, йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыцы миниуджытӕ кӕмӕн зынынц, ахӕм адӕмимӕ адӕймаг цӕрынӕй дӕр ӕмӕ кусынӕй дӕр кӕй не ’фсӕды, уый (Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:20).

3. Йесо йӕ рӕстӕджы адӕмӕй цы загъта, уый нын хъомылдзинады тыххӕй цы ӕмбарын кӕны?

3 Фӕлӕ афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ адӕймаг асӕй сдынджыр ис, йе сныхас, йӕ митӕй та нырма у сывӕллон. Цӕвиттон, Йесо Чырысти йӕ рӕстӕджы цы хивӕнд адӕм царди, уыдонӕй афтӕ загъта: «Ӕрцыд Иоанн, нӕ хӕры, нӕ нуазы ӕмӕ дзурынц: „уый мидӕг ис хӕйрӕг“. Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы; ӕмӕ дзурынц: „мӕнӕ адӕймаг, кӕцы уарзы хӕрын ӕмӕ сӕн нуазын“». Кӕд уыцы адӕм азтӕй гыццыл нал уыдысты, уӕддӕр Йесо куыд загъта, афтӕмӕй сӕхи «сывӕллӕтты» хуызӕн дардтой. Уымӕ гӕсгӕ дарддӕр Йесо загъта: «Зондджындзинад бӕлвырд кӕны йӕ хъуыддӕгтӕй» (НД) (Матфейы 11:16—19).

4. Адӕймаг ӕнтыстджын ӕмӕ хъомыл кӕй у, уый цы хуызы бӕлвырд кӕны?

4 Йесо куыд загъта, афтӕмӕй адӕймагмӕ ӕцӕг зонд — хъомылты миниуӕг — ис ӕви нӕ, уый базонӕн вӕййы, йӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, уымӕй. Цӕмӕй ацы хъуыды хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, апостол Павел Тимофейӕн цы ныффӕдзӕхста, уымӕ. Тимофей цы хъуыддӕгтӕм хъуамӕ тырныдтаид, уыдӕттӕ ранымайгӕйӕ, Павел загъта: «Ууыл мӕт кӕн, уый мидӕг у, цӕмӕй дӕ ӕнтыстдзинад ӕппӕтӕн дӕр уа ӕргом» (1 Тимофеймӕ 4:15). Ӕцӕгдӕр, чырыстон уырнындзинады кӕй рӕзы ӕмӕ размӕ кӕй цӕуы, уый «ӕргом» у, ома йӕ алчидӕр уыны. Чырыстон хъомылдзинад у судзгӕ цырагъы хуызӕн, уый у, химидӕг дарӕн кӕнӕ бамбӕхсӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм цыдӕр (Матфейы 5:14—16). Уымӕ гӕсгӕ ӕркӕсдзыстӕм, не ’нтыстдзинад ӕмӕ нӕ хъомылдзинад сӕйраджыдӕр цӕмӕй хъуамӕ уой бӕрӕг, дыууӕ ахӕм хъуыддагмӕ: 1) нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын, ӕмбаргӕдӕр ӕмӕ зондджындӕр кӕнын; 2) царды мидӕг сыгъдӕг уды дыргъ хӕссын.

Иудзинад уырнындзинад ӕмӕ базонынады

5. Хъомылдзинад цӕмӕй бӕрӕг вӕййы?

5 Дзырдуӕттӕн сӕ фылдӕры дзырд «хъомылдзинад» нысан кӕны кӕронмӕ сырӕзын, ӕххӕст кары бацӕуын. Куыд загътам, афтӕмӕй дыргъ цӕттӕ кӕнӕ рӕгъӕд вӕййы, куы сдынджыр вӕййы ӕмӕ йӕ хуыз, йӕ тӕф ӕмӕ йӕ адӕй адӕймаджы йӕхимӕ куы фӕласы, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ хъомылдзинад ӕндӕр ныхасӕй зӕгъӕн ис — цӕттӕдзинад, ӕххӕстдзинад (Исай 18:5; Матфейы 5:45—48; Иаковы 1:4).

6, 7. а) Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уырнындзинады рӕзтыл тынг кӕй тыхсы, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Чырыстон хъомылдзинад цӕимӕ у ӕнгом баст?

6 Иегъовӕ Хуыцауы тынг фӕнды, йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр уырнындзинады куы рӕзиккой, уый. Ӕмӕ сын уый тыххӕй чырыстон ӕмбырды дӕтты диссаджы ӕххуыс. Ефесы чырыстӕттӕм апостол Павел фыста: «Уый сӕвӕрдта иуты Апостолтӕй, иннӕты пехуымпартӕй, иннӕты Евангели хъусынгӕнджытӕй, иннӕты фыййӕуттӕй ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй, сыгъдӕджыты ӕххӕст кӕнынмӕ, куысты хъуыддагмӕ, Чырыстийы буар аразынмӕ, цалынмӕ иуылдӕр ӕрцӕуӕм иудзинадмӕ уырнындзинады ӕмӕ Хуыцауы Фырты базоныны, ӕххӕст лӕгмӕ, Чырыстийы ӕххӕст цахъхъӕнмӕ [«лӕджы цахъхъӕнмӕ, Чырыстийы стырады ӕххӕст асмӕ», НФ]; цӕмӕй мах мауал уӕм сывӕллӕттӕ, дызӕрдыггӕнджытӕ ӕмӕ алыхуызон дымгӕйон ахуырады фӕдыл цӕуджытӕ, адӕймӕгты хиндзинадмӕ гӕсгӕ, хинӕй сайыны дӕсниадӕй» (Ефесӕгтӕм 4:11—14).

7 Ацы стихты Павел бамбарын кодта, Хуыцау нын ӕмбырды ахӕм стыр ӕххуыс уый тыххӕй кӕй дӕтты, цӕмӕй не ’ппӕтдӕр ӕрцӕуӕм «иудзинадмӕ уырнындзинады ӕмӕ... базоныны», «лӕджы цахъхъӕнмӕ» ӕмӕ «Чырыстийы... ӕххӕст асмӕ». Ӕрмӕстдӕр уӕд нӕ уыдзыстӕм чырыстон фӕндагыл сабитӕ, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд нӕ кӕндзыстӕм мӕнг хъуыдытӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕй дыууӕрдӕм. Уӕдӕ уынӕм, чырыстон фӕндагыл хъомылдзинадмӕ ӕрцӕуын ӕнгом баст кӕй у «уырнындзинад ӕмӕ Хуыцауы Фырты базоныны иудзинадмӕ» ӕрцӕуынимӕ. Павелы уынаффӕйы махӕн ис цалдӕр ахсджиаг хъуыдыйы ӕмӕ сӕм нӕ хъус ӕрдарӕм.

8. Цӕмӕй уырнындзинад ӕмӕ базонынады «иудзинадмӕ» ӕрцӕуӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

8 Фыццаджыдӕр: цӕмӕй «иудзинад» ма фехӕла, уый тыххӕй хъомыл чырыстон уырнындзинады дӕр ӕмӕ зонындзинӕдты дӕр хъуамӕ уа йе ’мчырыстӕттимӕ ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд. Библийӕ цавӕрдӕр фарст куыд ӕмбӕрст цӕуы, ууыл куы фӕцӕуы дзырд, уӕд йӕхи хъуыды нӕ размӕ кӕны, йӕхимӕ раст цы кӕсы, ууыл нӕ ныццӕхгӕр вӕййы. Уый фидар хӕцы, Иегъовӕ Хуыцау йӕ Фырт Йесо Чырысти ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты цы ӕцӕгад ӕргом кӕны, ууыл. Чырыстон литературӕйы, фембӕлдты ӕмӕ конгресты нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн «афоныл» цы хӕринаг лӕвӕрд цӕуы, уымӕй нӕхи цух куы нӕ уадзӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, уырнындзинад ӕмӕ нын зонындзинӕдты фӕрцы не ’мчырыстӕттимӕ цы «иудзинад» ис, уый хъахъхъӕнын (Матфейы 24:45).

9. Бамбарын кӕн, дзырд «уырнындзинадӕй» Павел Ефесӕгтӕм ӕрвысты цавӕр нысаниуӕджы спайда кодта, уый.

9 Дыккаг: дзырд «уырнындзинад» ацы стихы хауы, алы чырыстон дӕр фидарӕй цӕуыл ӕууӕнды, уымӕ нӕ, фӕлӕ не ’ппӕты дӕр ӕмхуызонӕй цы уырны, цӕуыл ӕууӕндӕм, уымӕ, йӕ «уӕрхад ӕмӕ дӕргъад, ӕмӕ арфад ӕмӕ бӕрзӕндмӕ» (Ефесӕгтӕм 3:18; 4:5; Колоссӕгтӕм 1:23; 2:7). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, чырыстоны Библийы алцы куы нӕ уырна, алцӕуыл куы нӕ уа разы, уӕд уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ йе ’муырнджытимӕ иудзинады уа? Уый нысан кӕны, Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй кӕнӕ ӕцӕгадӕй уӕлӕнгӕйтты цыдӕртӕ куы зонӕм, уӕд нӕхицӕй кӕй хъуамӕ ма ныббуц уӕм, уый нын ӕгъгъӕд у, зӕгъгӕ. Иегъовӕ нын йӕ Ныхас арф ӕмбарынӕн йӕ организацийы уылты цыдӕриддӕр дӕтты, уый хъуамӕ ӕхсызгонӕй исӕм. Хъуамӕ зӕрдӕбынӕй архайӕм, цӕмӕй цас гӕнӕн ис, уыйас арфдӕр ӕмӕ хуыздӕр ӕмбарӕм Хуыцауы фӕндон ӕмӕ, сомбон цы саразынмӕ хъавы, уый. Уый тыххӕй нӕ хъӕуы рӕстӕг арын Библи ӕмӕ библион литературӕ кӕсынӕн ӕмӕ ахуыр кӕнынӕн, Хуыцаумӕ кувынӕн ӕмӕ дзы ӕххуыс ӕмӕ зонд курынӕн, чырыстон фембӕлдтӕм цӕуынӕн. Афтӕ ма хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй хайад исӕм Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:1—5).

10. Цы нысан кӕнынц Ефесӕгтӕм 4:13-ӕм стихы ныхӕстӕ, «цалынмӕ иуылдӕр ӕрцӕуӕм», зӕгъгӕ?

10 Ӕртыккаг: уыцы ӕртӕ хъуыддагмӕ кӕдмӕ хъуамӕ тырнӕм, уый Павел баиу кодта иу хъуыдыйы — «цалынмӕ иуылдӕр ӕрцӕуӕм». Иу библион бӕрӕгуат куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй дзырд «иууылдӕр» нысан кӕны «алчидӕр хицӕнӕй райсгӕйӕ нӕ, фӕлӕ иууылдӕр иумӕ». Ӕндӕр ныхасӕй, махӕй алчидӕр ӕгас ӕфсымӕрадимӕ иумӕ ӕппӕт хъарутӕй хъуамӕ тырна чырыстон хъомылдзинадмӕ. Чиныг «Библи ӕмбарынгӕнӕн»-ы дзырдӕуы: «Буар ӕмхуызонӕй куы нӕ рӕза, уӕд йӕ иу кӕцыдӕр хай хицӕнӕй кӕронмӕ куыд нӕ сырӕздзӕн, раст афтӕ уый гӕнӕн дӕр нӕй, цӕмӕй адӕймаг дӕр иунӕгӕй уырнындзинады кӕронмӕ сырӕза» («The Interpreter’s Bible»). Павел Ефесы чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, «ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ» иумӕ кӕй хъуамӕ тырныдтаиккой уырнындзинад ӕххӕстӕй бамбарынмӕ (Ефесӕгтӕм 3:18а).

11. а) Уырнындзинады рӕзын цы нӕ нысан кӕны? ӕ) Цӕмӕй уырнындзинады рӕзӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

11 Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, уырнындзинады рӕзын уый кӕй нӕ нысан кӕны, ӕмӕ нӕ сӕр ӕрмӕстдӕр зонындзинӕдтӕй дзаг кӕнӕм ӕмӕ фырзондджынтӕ уӕм. Хъомыл чырыстон ахӕм нӕу, йӕ зонындзинӕдтӕй йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр чи кӕны. Библи дзуры: «Рӕстгӕнджыты фӕндаг у, сихормӕ йӕ рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕмӕн кӕны, ахӕм тӕмӕнтӕкалгӕ рухсгӕнӕны хуызӕн» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:18). Ӕцӕгдӕр, адӕймаг нӕ рухс кӕны «тынгӕй-тынгдӕр», фӕлӕ «фӕндаг». Уӕдӕ Хуыцау йӕ Ныхас ӕмбарынӕн йӕ адӕмӕн цы рухс дӕтты, уымӕй фӕстейӕ куы нӕ зайӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд рӕздзыстӕм уырнындзинады. Ацы ран фӕстейӕ нӕ зайын нысан кӕны размӕ цӕуын, ӕмӕ нӕ уый та алкӕмӕндӕр йӕ бон у (Псалом 96:11; 118:105).

Хӕссӕм «уды дыргъ»

12. Нӕ уырнындзинады рӕзтӕн сыгъдӕг уды дыргъ хӕссын ахсджиаг цӕмӕн у?

12 «Уырнындзинад ӕмӕ... базоныны иудзинадмӕ» тырнын куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг нын у нӕ царды ӕппӕт фӕзилӕнты дӕр Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ хӕссын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ куыд федтам, афтӕмӕй хъомылдзинад ахӕм цыдӕр у, ӕмӕ йӕ нӕй химидӕг дарӕн кӕнӕ ӕмбӕхсӕн. Уый бӕрӕг кӕны, иннӕтӕн пайда чи хӕссы ӕмӕ сӕ чи фидар кӕны, ахӕм хъуыддӕгты. Уӕдӕ, уырнындзинады сырӕзын, схъомыл уӕвын уый нӕу, ӕмӕ ӕнӕуи уӕздан, ӕгъдауджын адӕймӕгтӕ суӕм. Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ уырнындзинады куы рӕзӕм, уӕд ивдзысты нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ ивдзысты ӕрмӕстдӕр хорзырдӕм. «Архайут удӕй ӕмӕ сымах нӕ ӕххӕст кӕндзыстут буары бӕллицтӕ»,— загъта апостол Павел (Галатӕгтӕм 5:16).

13. Чырыстоны ӕнтыстдзинад цавӕр ивындзинӕдтӕй вӕййы бӕрӕг?

13 Павел ранымадта «буары хъуыддӕгтӕ», уыдон сты бирӕ ӕмӕ алкӕмӕндӕр «бӕрӕг». Цалынмӕ адӕймаг, Хуыцауы домӕнтӕ куыд ахсджиаг сты, уый нӕ бамбары, уӕдмӕ фӕцӕры дунейы фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Павел цы хъуыддӕгтӕ ранымадта, уыдонӕй дӕр цыдӕртӕ фӕаразы, зӕгъӕм: «хӕтындзинад, хъахбайдзинад, ӕнӕсыгъдӕгдзинад, ӕнӕуагдзинад, гуымирыйӕн кусын, кӕлӕнтӕ кӕнын, знагдзинад, быцӕутӕ, хӕлӕг, мӕсты, хъаугъа, хицӕндзинад, рӕдийындзинӕдтӕ, ӕндӕр ахуырдзинӕдтӕ, ӕнӕуынондзинад, марын, расыг кӕнын, ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр» (Галатӕгтӕм 5:19—21). Фӕлӕ адӕймаг уырнындзинады рӕзын куы райдайы, уӕд цадӕггай ныууадзы уыцы ӕнӕуаг «буары хъуыддӕгтӕ» ӕмӕ хӕссын райдайы «уды дыргъ». Уыцы ивындзинӕдтӕ иннӕтӕн дзурӕг вӕййынц, адӕймаг чырыстон хъомылдзинадмӕ кӕй тырны, ууыл (Галатӕгтӕм 5:22).

14. Бамбарын кӕн, цы нысан кӕнынц «буары хъуыддӕгтӕ» ӕмӕ «уды дыргъ».

14 Лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм дыууӕ дзырдбастмӕ — «буары хъуыддӕгтӕ» ӕмӕ «уды дыргъ». «Хъуыддӕгтӕ» сты, адӕймаг цы саразы, уый фӕстиуӕг. Ӕндӕр дзырдӕй, Павел цы буары хъуыддӕгтӕ ранымадта, уыдонӕй алкӕцыдӕр адӕймаг саразы кӕнӕ зонгӕ-зонын кӕнӕ та йӕ ӕнӕххӕст тӕригъӕдджын буары ӕндӕвдадӕй (Ромӕгтӕм 1:24, 28; 7:21—25). Дзырдбаст «уды дыргъ» та амоны, Павел цы миниуджытӕ ранымадта, уыдон адӕймаг йӕхиуыл кӕй кусы, уый фӕрцы йӕм кӕй нӕ фӕзынынц, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы. Бӕласмӕ хорз зылд куы вӕййы, уӕд дыргъ хӕссын куыд райдайы, афтӕ адӕймагыл дӕр сыгъдӕг уд сӕрибарӕй куы фендавы, ӕрмӕстдӕр ын уӕд фӕхӕссы йӕ дыргъ (Псалом 1:1—3).

15. «Уды дыргъмӕ» цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй нӕ алкӕцымӕдӕр нӕ хъус лӕмбынӕг дарын цӕмӕн хъӕуы?

15 Иу ахсджиаг хъуыддаг ма: Павел цы хорз миниуджытӕ ранымадта, уыдон иууылдӕр схуыдта «дыргъ». Сыгъдӕг уд бирӕ алыхуызон дыргътӕ не ’взӕрын кӕны, цӕмӕй дзы нӕ зӕрдӕмӕ кӕцы цӕуы, уый равзарӕм. Павел цы миниуджытӕ ранымадта, уыдон иууылдӕр — уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад — ӕмхуызон ахсджиаг сты, ӕмӕ адӕймагмӕ иууылдӕр куы уой, ӕрмӕстдӕр уӕд ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, йын ис ног чырыстон удыхъӕд (Ефесӕгтӕм 4:24; Колоссӕгтӕм 3:10). Уымӕ гӕсгӕ, кӕд ӕрдзӕй цавӕрдӕр миниуджытӕ рахастам ӕмӕ сӕ хуыздӕр ӕвдисӕм нӕ царды, уӕддӕр хъуамӕ кусӕм, цӕмӕй Павел цы миниуджытӕ ранымадта, уыдон нӕм се ’ппӕт дӕр уой. Афтӕмӕй хуыздӕр фӕзмдзыстӕм Чырыстийы (1 Петры 2:12, 21).

16. Чырыстон хъомылдзинадмӕ цӕй тыххӕй тырнӕм ӕмӕ цӕмӕй уый нӕ къухы ӕфта, уый тыххӕй цы хъӕуы?

16 Павелы ныхӕстӕ нӕ ахуыр кӕнынц тынг ахсджиаг хъуыддагыл: чырыстон хъомылдзинадмӕ уый тыххӕй хъуамӕ ма тырнӕм, цӕмӕй бирӕ цыдӕртӕ зонӕм, тынг зондджын уӕм кӕнӕ хорз миниуджытыл ахуыр кӕнӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕ цардыл сӕрибарӕй ӕндава. Уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕг удӕн цас дӕттӕм бар нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтыл ӕндавынӕн, уыйас рӕзӕм уырнындзинады. Уыцы хъуыддаг къухы куыд ӕфты? Хъуамӕ Хуыцауӕн бар радтӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг удӕй нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйыл ӕндава. Уый тыххӕй хъӕуы ӕппӕт чырыстон фембӕлдтӕм дӕр цӕуын ӕмӕ дзы хайад исын. Афтӕ ма иудадзыгдӕр хъуамӕ ахуыр кӕнӕм Хуыцауы Ныхас, хъуыды йыл кӕнӕм, ӕмӕ нӕ алы хъуыддаджы дӕр, стӕй иннӕтимӕ ахастыты дӕр архайӕм, цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕд нӕ ӕнтыстдзинад, ай-гъай дӕр, бӕрӕг уыдзӕн алкӕмӕндӕр.

Чырыстон фӕндагыл ӕнтыстджын у ӕмӕ уымӕй кадджын кӕн Хуыцауы

17. Адӕймаг чырыстон фӕндагыл ӕнтыстджын куы уа, уӕд уымӕй нӕ уӕларвон Фыд куыд кадджын кӕны?

17 Чырыстон фӕндагыл ӕнтыстджын кӕй стӕм, уый бӕрӕг куы уа, уӕд уымӕй кадджын кӕндзыстӕм нӕхи нӕ, фӕлӕ нӕ уӕларвон Фыд Иегъовӕйы. Ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы у нӕ бон уырнындзинады рӕзын. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ загъта: «Уымӕй скадджын уыдзӕн Мӕ Фыд, сымах куы ӕрхӕссат бирӕ дыргъ, ӕмӕ куы уат Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ» (Иоанны 15:8). Сӕ царды мидӕг сыгъдӕг уды дыргъ хӕсгӕйӕ дӕр ӕмӕ уацамынды Паддзахады дыргъ хӕсгӕйӕ дӕр, уыдон кадджын кодтой Иегъовӕйы (Куыстытӕ 11:4, 18; 13:48).

18. а) Абон зӕрдӕрайгӕйӕ цавӕр хуымгӕрдӕны исӕм хайад? ӕ) Хуымгӕрдӕны куыст нын нӕ разы цавӕр хӕс ӕвӕры?

18 Абон Иегъовӕ арфӕ кӕны, ӕгас дунейыл хуымгӕрдӕны хайад чи исы, уыцы адӕмӕн. Фӕстаг азты алы аз дӕр Иегъовӕйӕн нывонддзырд раттынц ӕмӕ йӕ иннӕтӕн донаргъуыдӕй равдисынц 300 000 адӕймаджы бӕрц. Уый тынг ӕхсызгон у махӕн ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйӕн дӕр (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11). Фӕлӕ цӕмӕй Иегъовӕ дарддӕр дӕр цин кӕна ӕмӕ кадджын кӕна, уый тыххӕй алы ног ахуыргӕнинаджы дӕр хъӕуы «йемӕ [Чырыстиимӕ] иудзинады цӕуын, уый мидӕг уидӕгтӕ ауадзгӕйӕ ӕмӕ уымӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ ӕмӕ уырнындзинады фидар кӕнгӕйӕ» (Колоссӕгтӕм 2:6, 7, НД). Ӕмӕ уыцы хъуыддаг Хуыцауы адӕмӕй алкӕйы раз дӕр ӕвӕры хӕс. Кӕд донаргъуыд нырма ӕрӕджы райстай, уӕд архайдзынӕ, цӕмӕй «дӕ ӕнтыстдзинад ӕппӕтӕн дӕр ӕргом уа»? Кӕд рагӕй дӕ ӕцӕгады, уӕд та дӕхимӕ уыцы бӕрндзинад райсдзынӕ, цӕмӕй ӕмбырдмӕ ӕрӕджы чи ӕрбаиу, уыдонӕн уырнындзинады рӕзынӕн ӕххуыс кӕнай? Ацы дыууӕ фарсты дӕр дзурӕг сты, хъомылдзинадмӕ тырнын кӕй хъӕуы, ууыл (Филиппӕгтӕм 3:16; Дзуттытӕм 6:1).

19. Чырыстон фӕндагыл ӕнтыстджын кӕй дӕ, уый дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куы уа, уӕд уымӕй кӕй кадджын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

19 Йӕ чырыстон ӕнтыстдзинад хъуыддӕгтӕй ӕвдисыныл зӕрдиагӕй чи архайы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ. Ӕрхъуыды кӕнӕм, Павел Тимофеймӕ чырыстон хъомылдзинадмӕ тырнынмӕ куы ӕрсидт, уӕд уый фӕстӕ цы загъта, уый: «Лӕмбынӕг хъуыды кӕн дӕхиуыл ӕмӕ ахуырадыл, ӕдзухдӕр уыдоны куыст кӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ кӕнгӕйӕ дӕхи [дӕр] фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕумӕ хъусджыты дӕр» (1 Тимофеймӕ 4:16). Чырыстон фӕндагыл дӕ ӕнтыстдзинад дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куы уа, уӕд уымӕй кадджын кӕндзынӕ Хуыцауы ном ӕмӕ хайджын уыдзынӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй.

Хъуыды ма кӕныс?

• Чырыстон хъомылдзинад цӕмӕй бӕрӕг кӕны?

• Хъомыл адӕймаг цы зоны ӕмӕ цы ӕмбары?

• Адӕймаг «уды дыргъ» кӕй хӕссы, уымӕй куыд бӕрӕг кӕны, чырыстон фӕндагыл ӕнтыстджынӕй кӕй цӕуы, уый?

• Кӕд чырыстон хъомылдзинадмӕ тырнӕм, уӕд нын уый нӕ разы цавӕр хӕс ӕвӕры?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 24 фарсыл]

Дыргъ рӕгъӕд кӕй у, уый куыд бӕрӕг вӕййы, афтӕ адӕймаг хъомыл кӕй у, уый дӕр вӕййы бӕрӕг.

[Ныв 25 фарсыл]

Хуыцау нын цы ӕцӕгад раргом кодта, уымӕй фӕстейӕ куы нӕ зайӕм, уӕд рӕздзыстӕм уырнындзинады.

[Ныв 26 фарсыл]

«Уды дыргъ» хӕссынӕн нын ӕххуыс кӕны куывд.