Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕрдӕрайгӕйӕ кӕрдӕм!

Зӕрдӕрайгӕйӕ кӕрдӕм!

Зӕрдӕрайгӕйӕ кӕрдӕм!

«Кӕрдинаг бирӕ, кусджытӕ та гыццыл; уӕдӕ лӕгъстӕ кӕнут хуымы Хицауӕн, цӕмӕй рарвита кусджытӕ Йӕ хуыммӕ» (МАТФЕЙЫ 9:37, 38).

1. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн нын хъарутӕ цы дӕтты?

КУЫД Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, афтӕ донаргъуыд цалдӕр азы размӕ райстам ӕви бирӕ раздӕр, уӕддӕр нӕм хаттӕй-хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма знон уыди. Нӕхи Иегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд нын царды мидӕг иууыл сӕйрагдӕр сси йӕ ном кадджын кӕнын. Цӕмӕй адӕмӕн Паддзахады хабар хъусын кодтаиккам ӕмӕ сын йӕ райсынӕн ӕххуыс кодтаиккам, уый тыххӕй «ӕмбӕлон рӕстӕг [куы] ӕлхӕдтам», уӕд мах сӕйраджыдӕр хъуыды кодтам, стыр циндзинад нын цы лӕггаддзинад хаста, ууыл (Ефесӕгтӕм 5:15, 16, НД). Ӕмӕ абоны онг дӕр «Хицауы хъуыддаджы» зӕрдиагӕй куы фӕархайӕм, уӕд нӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма рӕстӕг дугъон бӕхау тӕхы (1 Коринфӕгтӕм 15:58). Ӕцӕг, кӕд зындзинӕдтӕ дӕр ӕвзарӕм, уӕддӕр Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕстгӕнгӕйӕ цы циндзинад исӕм, уый нын дӕтты ног хъарутӕ (Нееми 8:10).

2. Хуымгӕрдӕны куыст нын циндзинад цӕй фӕрцы хӕссы?

2 Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ уӕвгӕйӕ, мах хайад исӕм хуымгӕрдӕны. Адӕм ӕнусон цардӕн куыд ӕмбырд цӕуынц, уый Йесо Чырысти абарста хуымгӕрдӕнимӕ (Иоанны 4:35—38). Иугӕр абон мах дӕр ахӕм хъуыддаджы исӕм хайад, уӕд нӕ базонын фӕнды, уыцы куыст фыццаг ӕнусы хуымгӕрдджытӕн, ома чырыстӕттӕн, цы циндзинад хаста, уый. Мах ӕркӕсдзыстӕм, хуымгӕрдӕны куыст циндзинад цӕй фӕрцы хӕссы, ахӕм ӕртӕ аххосагмӕ. Уыдон сты: 1) ныфсы хабар кӕй хъусын кӕнӕм; 2) ахуыргӕнинӕгтӕ агургӕйӕ ӕнтыстджын кӕй стӕм ӕмӕ 3) хуымгӕрдӕны хайад исгӕйӕ фарн кӕй хӕссӕм, уый.

Ӕрвыст ӕрцыдысты хуымгӕрдджытӕй

3. Фыццаг ӕнусы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн циндзинад цы хаста?

3 Н. э. 33 азы фыццаг хуымгӕрдджытӕ райгасуӕвӕг Чырыстиимӕ фембӕлынмӕ ацыдысты Галилеймӕ, цы хохмӕ сын загъта, уырдӕм. Ӕвӕдза, куыд тынг фӕивта уыцы бон хуымгӕрдджыты цард — уӕлдайдӕр та Йесойы иуӕндӕс апостолы цард! (Матфейы 28:16). Уӕд уым ӕрӕмбырд «фондз сӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕр» (1 Коринфӕгтӕм 15:6). Йесойы фӕдзӕхст ӕппынӕдзух сӕ хъусты зӕлыд. Уый сын загъта: «Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмы минӕвӕрттӕй», НД], аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20). Кӕд сӕ тынг ӕфхӕрдтой, уӕддӕр стыр циндзинад истой хуымгӕрдӕны куыстӕй, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй уыдтой, бирӕ рӕтты Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ног ӕмбырдтӕ арӕзт кӕй цыдысты, уый. Цадӕггай хорз уацхъуыд «хъуыстгонд ӕрцыд арвы бын ӕппӕт скӕндтытӕн» (Колоссӕгтӕм 1:23; Куыстытӕ 1:8; 16:5).

4. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты хуымгӕрдджытӕй куы арвыста, уӕд сӕ алыварс цы уавӕр уыди?

4 Йесо ма Галилейы раздӕр куы хъусын кодта, уӕд йӕ апостолты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ арвыста, цӕмӕй адӕмӕн хъусын кӕной, «ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад», зӕгъгӕ (Матфейы 10:1—7). Йесо йӕхӕдӕг дӕр зылди «[Галилейы] ӕппӕт сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕмбырдгӕнӕнты, хъусын кӕнгӕйӕ Паддзахады Евангели ӕмӕ дзӕбӕх кӕнгӕйӕ адӕмы алкӕцы низ ӕмӕ алы ӕнӕхъарудзинад». Адӕм уыдысты «тыхсаст ӕмӕ хӕлиу, куыд ӕнӕ фыййау фыстӕ», ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Йесо тӕригъӕд кодта (Матфейы 9:35, 36). Йӕ зӕрдӕ сыл афтӕ тынг рысти, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг бирӕ, кусджытӕ та гыццыл; уӕдӕ лӕгъстӕ кӕнут хуымы Хицауӕн, цӕмӕй рарвита кусджытӕ Йӕ хуыммӕ» (Матфейы 9:37, 38). Хуымгӕрдджыты сӕр тынг кӕй хъӕуы, уый Йесо бахахх кодта Иудейы дӕр, зӕххыл лӕггад кӕнынӕн ма йын ӕрмӕстдӕр ӕхсӕз мӕйы куы баззад, уӕд (Лукайы 10:2). Ӕмӕ дыууӕ хатты дӕр уыцы ныхӕсты фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты арвыста хуымгӕрдджытӕй (Матфейы 10:5; Лукайы 10:3).

Ныфсы хабар

5. Цавӕр хабар хъусын кӕнӕм адӕмӕн?

5 Абон Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ, мах дӕр зӕрдӕрайгӕйӕ кӕнӕм хуымгӕрдджыты куыст. Циндзинад нын хӕссы, зӕрдӕсаст ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн ныфсы хабар кӕй хӕссӕм, уый. «Куыд ӕнӕ фыййау фыстӕ, афтӕ тыхсаст ӕмӕ хӕлиу» чи у, уыдонӕн хорз уацхъуыд — ӕцӕг ныфсы хабар — хъусын кӕнын Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕн куыд уыд стыр кад, афтӕ стыр кад у махӕн дӕр!

6. Фыццаг ӕнусы апостолтӕ цавӕр хъуыддаджы истой хайад?

6 Фыццаг ӕнусы ӕмбисы апостол Павел ӕнӕрынцойӕ хъусын кодта хорз уацхъуыд. Хуымгӕрдӕны куысты афтӕ ӕнтыстджын уыди, ӕмӕ н. э. 55 азмӕ ’ввахс Коринфы чырыстӕттӕм фыста: «Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнын, ӕфсымӕртӕ, Евангели, кӕцы ӕз сымахӕн фехъусын кодтон, кӕцыйы сымах райстат, кӕцыйы сфидар стут» (1 Коринфӕгтӕм 15:1). Фыццаг ӕнусы апостолтӕ дӕр ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ дӕр уыдысты тынг ӕнувыд хуымгӕрдджытӕ. Н. э. 70 азы Иерусалим куы ныппырх, уӕд апостолтӕй ӕгас цал уыд, уый тыххӕй Библи кӕд ницы дзуры, уӕддӕр бӕлвырдӕй зонӕм, апостол Иоанн ма уый фӕстӕ дӕр 25 азы дӕргъы кӕй хъусын кодта, уый (Раргомад 1:9).

7, 8. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ абон ноджы зӕрдиагдӕрӕй цавӕр ныфсы хабар хъусын кӕнынц?

7 Уый фӕстӕ ӕнусты стыхджын ис чырыстон дунейы сауджынад, ӕцӕг чырыстон диныл ӕвдисӕн чи бакодта, уыцы «тӕригъӕды адӕймаг» (2 Фессалоникӕгтӕм 2:3). Фӕлӕ XIX ӕнусы кӕрон, Паддзахады хабар, ныфсы хабар, хъусын кӕнынмӕ ӕрбаиу сты, йӕ цард ӕцӕг чырыстон дины амындтӕм гӕсгӕ чи арӕзта, уыдон. Ацы журнал мыхуыры цӕуын райдыдта 1879 азы июлы мӕйы ӕмӕ-иу фыццаг номырӕй фӕстӕмӕ йӕ сӕргонды уыди ахӕм ныхӕстӕ, «Чырысти ӕнӕуынгӕ хуызы не ’хсӕн кӕй ис, уый фидиуӕг», «Чырыстийы Паддзахады фидиуӕг» кӕнӕ «хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад».

8 1914 азы уӕларвыл фидаргонд ӕрцыд Хуыцауы Паддзахад, Йесо Чырысти йӕ сӕргъы, афтӕмӕй, ӕмӕ уыцы ныфсы хабар абон мах хъусын кӕнӕм ноджы зӕрдиагдӕрӕй. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад цы хорз хъуыддӕгтӕ сараздзӕн, уыдонӕй иу у, ацы фыдцардӕвӕрд кӕй фесафдзӕн, уый (Данелы 2:44). Уымӕй ӕхсызгондӕр хабар ма цы хъуамӕ уа? Ӕмӕ «стыр зындзинады» къӕсӕрыл уыцы Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй стырдӕр циндзинад ма нын цы хъуамӕ хӕсса? (Матфейы 24:21; Маркы 13:10).

Ахуыргӕнинӕгтӕ агургӕйӕ стӕм ӕнтыстджын

9. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бацамыдта ӕмӕ Паддзахады хабармӕ адӕмӕн цавӕр ахаст уыди?

9 Циндзинад ма нын хӕссы, хуымгӕрдӕны хайад исгӕйӕ, нӕ къухы стыр ӕнтыстытӕ кӕй ӕфты: ссарӕм, ахуыргӕнинаг чи свӕййы ӕмӕ нӕм хуымгӕрдӕны куысты чи ӕрбаиу вӕййы, ахӕм адӕймӕгты. Н. э. 31—32 азты Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта: «Цавӕр сахармӕ кӕнӕ хъӕумӕ бацӕуат сымах, [уым-иу] ссарут аккаг адӕймаг» (Матфейы 10:11). Адӕмӕн Паддзахады хабармӕ цавӕр ахаст уыди, уымӕй бӕрӕг кодта, алчи кӕй нӕ уыд аккаг, уый. Ӕниу куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ зӕрдиагӕй хъусын кодтой хорз уацхъуыд, адӕмыл кӕм ӕмбӕлдысты, уым.

10. Павел, аккаг чи уыди, уыдоны куыд агуырдта?

10 Йесойы мӕлӕт ӕмӕ райгасы фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дарддӕр дӕр тынг зӕрдиагӕй агуырдтой, аккаг чи уыд, уыдоны. Павел дзуттӕгтимӕ ныхас кодта сӕ ӕмбырдгӕнӕнты, стӕй Афинты базары цы адӕмыл ӕмбӕлд, уыдонимӕ дӕр. Уыцы грекъаг сахары сӕйраг тӕрхондоны (Ареопагы) астӕу слӕугӕйӕ, адӕмӕн ӕвдисӕн куы лӕууыд, уӕд «лӕгтӕй иутӕ, йӕ фарс чи фӕци, [уыдон] уырнӕг систы; уыдон астӕу уыди Дионис Ареопагит ӕмӕ иу ус, номӕй Дамар, ӕмӕ семӕ ноджы ӕндӕртӕ дӕр». Павел кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид, алыран дӕр «адӕмы ӕхсӕн ӕмӕ хӕдзӕртты» кӕй хъусын кодта, уымӕй уыд фӕзминаг (Куыстытӕ 17:17, 34, НФ; 20:20).

11. Ивгъуыд азты сӕрст чырыстӕттӕ хорз уацхъуыд куыд хъусын кодтой?

11 XIX ӕнусы фӕстаг цалдӕр дӕсазы сӕрст чырыстӕттӕ ӕдӕрсгӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй агурын райдыдтой, аккаг чи уыди, уыдоны. 1881 азы июль-августы номыры «Сионы Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» (анг.) рацыд статья ахӕм сӕргондимӕ «Сӕрст сты хъусын кӕнынӕн» ӕмӕ дзы дзырдӕуыд: «Хорз уацхъуыд хъуыстгонд цӕуы... „сӕрныллӕг адӕймӕгтӕн“ — хъусынхъом чи у ӕмӕ хъусын кӕй фӕнды, уыдонӕн, цӕмӕй уыдонӕй сырӕза Чырыстийы буар, ӕмбырд ӕрцӕуой ӕмбындартӕ». Хуыцауы хуымгӕрдджытӕ-иу арӕх ӕмбӕлдысты, аргъуанӕй-иу службӕйы фӕстӕ чи рацыд, уыцы адӕмыл ӕмӕ-иу сын лӕвӕрдтой, Паддзахады хабары тыххӕй кӕм цыди дзырд, ахӕм трактаттӕ, цӕмӕй-иу сбӕрӕг уыдаиккой, аккаг чи уыд, уыдон. Афтӕмӕй сӕ къухы цы ӕнтыстдзинӕдтӕ бафтыд, уымӕ лӕмбынӕг куы ӕркастысты, уӕд 1903 азы 15 майы уагъд «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» хуымгӕрдджытӕм ӕрсидтысты, цӕмӕй «алы хуыцаубон дӕр райсомӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕной».

12. Цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджындӕр уӕм, уый тыххӕй цы ис саразӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Фӕстаг азты, адӕмимӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй арӕх фӕныхас кӕнӕм канд хӕдзӕртты нӕ, фӕлӕ ӕндӕр рӕтты дӕр. Уый уӕлдай хорз тыллӕг ӕрхӕссы, царды уавӕртӕ тынг уӕззау кӕм сты кӕнӕ та адӕм сӕ фӕллад уадзынмӕ кӕй ацӕуынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕдзары кӕм нӕй баййафӕн, ахӕм бынӕтты. Англисы дыууӕ Ӕвдисӕны (хотӕ) фӕхатыдысты, денджызы былмӕ сӕ фӕллад уадзынмӕ чи ӕрцӕуы, уыдон изӕрӕй фӕстӕмӕ автобустыл кӕй аздӕхынц, уый, ӕмӕ сфӕнд кодтой, автобусты бӕлццӕттӕн «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы номыртӕ дӕттын. Уый фӕрцы иу мӕйы мидӕг байуӕрстой 229 журналы. Мӕнӕ цы зӕгъынц сӕхӕдӕг: «Мах нӕ тӕрсӕм денджызы был, ӕхсӕнадон бынӕтты кӕнӕ ӕндӕр искуы хъусын кӕнын. Зонӕм, Иегъовӕ алыхатт дӕр немӕ кӕй ис, уый». Афтӕмӕй уыдон ссардтой, нӕ журналтӕ иудаддзыг исын кӕй бафӕндыд, ахӕм адӕймӕгтӕ, иуӕй-иутимӕ дзы Библи ахуыр кӕнын дӕр райдыдтой. Уый ӕддейӕ ныр сӕ дыууӕ дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕлӕггад кӕнынц ӕххуысгӕнӕг пионертӕй.

13. Иуӕй-иу рӕтты нӕ уацамынды рӕстӕг адӕмы уавӕртӕм гӕсгӕ куыд фӕивын хъӕуы?

13 Аккаг чи у, уыдоны дарддӕр агургӕйӕ, ранӕй-рӕтты Паддзахады хъусынгӕнджыты бахъуыд хъусын кӕнынмӕ ӕндӕр афон цӕуын. Кӕд Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ хуыцаубоны райсомӕй райдайынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын, уӕд иуӕй-иу рӕтты та рабӕрӕг, адӕм райсомӕй нырма фынӕй кӕй фӕкӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сӕумӕрайсом искӕй къӕсӕрыл балӕууын бынтон хорз кӕй нӕу, уый. Уымӕ гӕсгӕ Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ сӕ рӕстӕг афтӕ спълан кодтой, ӕмӕ аккаг чи у, уыдоны фӕагурынц изӕрырдӕм, зӕгъӕм, чырыстон фембӕлдты фӕстӕ. Ӕмӕ уыцы афон сӕ къухы бафты хорз ӕнтыстытӕ. Ивгъуыд аз Паддзахады хъусынгӕнджыты нымӕц фӕфылдӕр 2, 3 проценты. Уый хуымы Хицауӕн хӕссы кад, махӕн та — циндзинад.

Хуымгӕрдӕны хайад исгӕйӕ мах хӕссӕм фарн

14. Хорз уацхъуыд хъусын кӕнгӕйӕ нын адӕммӕ цавӕр ахаст ис ӕмӕ цӕмӕн?

14 Хуымгӕрдӕны хайад исгӕйӕ ма нын циндзинад хӕссы, адӕмӕн фарн кӕй хӕссӕм, уый дӕр. «Хӕдзармӕ бацӕугӕйӕ та салам дӕттут, дзургӕйӕ: „фарн ацы хӕдзарӕн“,— загъта Йесо.— Ӕмӕ кӕд хӕдзар аккаг уа, уӕд уӕ фарн ӕрцӕудзӕн ууыл» (Матфейы 10:12, 13). Ӕгасцуай дзуттаг ӕвзагыл дӕр ӕмӕ рагон грекъаг ӕвзагыл дӕр куыд дзырдтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «мӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, царды хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый». Хорз уацхъуыд цы адӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ нын кӕддӕриддӕр вӕййы раст ахӕм ахаст. Мах ныфс ис, уыцы адӕм Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты. Афтӕ чи саразы, уый йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕны, йӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзы, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын райдайы, ӕмӕ йын уый фӕрцы фӕзыны йемӕ бафидауыны фадат. Ӕмӕ адӕймагӕн Хуыцауимӕ хорз ахастытӕ куы уа, уӕд ын уый та дӕтты ӕнустӕм цӕрыны фадат (Иоанны 17:3; Куыстытӕ 3:19; 13:38, 48; 2 Коринфӕгтӕм 5:18—20).

15. Адӕм хорз уацхъуыд куы нӕ исой, уӕддӕр нын цы ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ фарн ма фесафӕм?

15 Адӕм хорз уацхъуыд куы нӕ исой, уӕд та нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ фарн ма фесафӕм? Йесо афтӕ загъта: «[Хӕдзар] куы нӕ уа аккаг, уӕд уӕ фарн сымахмӕ раздӕхдзӕн» (Матфейы 10:13). Лука куыд фыссы, афтӕмӕй Йесо 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ куы арвыста, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Куы уа уым фарны фырт, уӕд уӕ фарн ӕрцӕудзӕн ууыл; куы нӕ уа, уӕд сымахмӕ раздӕхдзӕн» (Лукайы 10:6). Адӕмӕн хорз уацхъуыд куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд семӕ хъуамӕ ныхас кӕнӕм фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕхӕларӕй. Хӕдзары хицауы хъусын куы нӕ фӕнда, куы нӕм мӕсты кӕна, йе та хъӕр кӕнын дӕр куы райдайа, уӕд дзы мах ницы сафӕм: нӕ фарны уац фӕстӕмӕ «махмӕ раздӕхдзӕн», ӕмӕ ууыл хъуыддаг ахицӕн уыдзӕн. Уый тыххӕй нӕ фарн — Иегъовӕйы сыгъдӕг уды дыргъ — нӕ фесафдзыстӕм (Галатӕгтӕм 5:22, 23, НФ).

Хуымгӕрдӕны кусджытӕн — хорз нысан

16, 17. а) Адӕммӕ дыккаг хатт цӕй тыххӕй бацӕуӕм? ӕ) Библийӕ фарстытӕ кӕмӕ уа, уыдонӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

16 Хуымгӕрдӕны хайад исгӕйӕ, мах ӕмбырд кӕнӕм адӕмы, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой. Ӕмӕ нын куыд ӕхсызгон вӕййы, хорз уацхъуыдмӕ исчи куы байхъусы, фылдӕр базонын ӕй куы бафӕнды ӕмӕ «фарны фырт» куы разыны, уӕд! Чи зоны йӕм Библийӕ бирӕ фарстытӕ ис ӕмӕ йын уыцы иу бацыдӕн нӕ бон нӕу се ’ппӕтӕн дзуапп радтын. Фыццаг бацыдӕн дардыл ныхӕстӕ бынтон хорз кӕй нӕ вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ цы ис саразӕн? Нӕ бон у, ӕмӕ нӕ разы сӕвӕрӕм, иу-60 азы размӕ цы нысанмӕ разӕнгард кодтой, уый.

17 «Иегъовӕйы ӕвдисӕнтӕ се ’ппӕтдӕр хъуамӕ цӕттӕ уой адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ». Ацы хъуыды фӕзынд, 1937—1941 азты иумӕйаг сӕргондимӕ — «Адӕмимӕ Библи куыд хъӕуы ахуыр кӕнын» — цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдонӕй ӕртыккаджы. Уым дарддӕр дзырдӕуыд: «[Паддзахады] хъусынгӕнджытӕй алчидӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй ӕххуыс кӕна, Хуыцауы хорзӕх кӕй ис ӕмӕ Паддзахады хабар кӕй цымыдис кӕны, уыцы адӕмӕн. Ахӕм адӕймӕгтӕм хъӕуы ногӕй бацӕуын, сӕ фарстытӕн сын дзуапп радтын... ӕмӕ куыддӕр гӕнӕн фӕуа, афтӕ... семӕ ахуыр кӕнын райдайын». Ӕцӕгдӕр, дыккаг бацыдӕн нӕ нысан у адӕймагимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайын ӕмӕ йемӕ дарддӕр ӕнӕкъуылымпыйӕ ахуыр кӕнын *. Цымыдисгӕнӕг адӕймагмӕ нын хӕларзӕрдӕ ахаст куы уа, зӕрдӕбынӕй йыл куы аудӕм, уӕд нӕхи дзӕбӕх цӕттӕ кӕндзыстӕм иннӕ бацыдмӕ ӕмӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй Библийы ахуыр ӕнтыстджынӕй цӕуа ӕмӕ дзы адӕймаг пайда иса.

18. Ногтӕн нӕ бон куыд у Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суӕвынӕн ӕххуыс кӕнын?

18 Чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад» ӕмӕ брошюрӕ «Хуыцау махӕй цы домы?»-йы руаджы нӕ бон у адӕмимӕ Библи ӕнтыстджынӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ сын ахуыргӕнинӕгтӕ суӕвынӕн ӕххуыс кӕнын. Уыцы хъуыддаджы нӕ Номдзыд Ахуыргӕнӕг Йесо Чырыстийы цас тынгдӕр фӕзмӕм, уыйас Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон нӕ сабыр ӕмӕ хъӕлдзӕг зӕрдӕйы уагӕй, нӕ сыгъдӕгзӕрдӕдзинад ӕмӕ Иегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ амындтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый уынгӕйӕ, сӕхӕдӕг дӕр бирӕ цӕуылдӕртыл ахуыр кӕндзысты. Цӕй уӕдӕ, Библи кӕй цымыдис кӕны, уыдонӕн сӕ фарстытӕн дзуаппытӕ арынӕн афтӕ ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ахуыр кӕной, чи-иу сӕ бафӕрса, уыдонӕн дзуапп дӕттын (1 Петры 2:21; 2 Тимофеймӕ 2:1, 2). Куыд хуымгӕрдджытӕ, афтӕ цин кӕнӕм, фарон ӕгас дунейы Библи хӕдзары 4 766 631 адӕймагимӕ кӕй ахуыр кодтам, ууыл. Кӕд мах дӕр хӕдзары Библи искӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уӕд та нӕ циндзинад у ноджы стырдӕр.

Зӕрдӕрайгӕйӕ кӕрдӕм хуымтӕ

19. Хуымгӕрдӕны куыст Йесойы рӕстӕджы дӕр ӕмӕ уый хӕдфӕстӕ дӕр стыр циндзинад цӕмӕн хаста?

19 Хуымгӕрдӕны куыст стыр циндзинад хаста, Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд дӕр ӕмӕ уый хӕдфӕстӕ дӕр. Бирӕтӕ истой хорз уацхъуыд. Уӕлдай стыр циндзинад уыди, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон 3 000 адӕймаджы Петры ныхас сӕ зӕрдӕмӕ куы айстой, Иегъовӕ сыл йӕ сыгъдӕг уд куы ӕруагъта ӕмӕ Хуыцауы адӕммӕ — уӕларвон Израилмӕ — куы баиу сты, уӕд. Ӕмӕ сӕм уый фӕстӕ дӕр «Иегъовӕ ... алы бон дӕр ӕфтыдта, чи хъуамӕ фервӕзтаид, ахӕмты» (НД), ӕмӕ уый руаджы фылдӕр кодта сӕ нымӕц дӕр ӕмӕ сӕ циндзинад дӕр (Куыстытӕ 2:37—41, 46, 47; 1 Петры 2:9; Галатӕгтӕм 6:16).

20. Хуымгӕрдӕны куысты нын ӕгӕрон циндзинад цы хӕссы?

20 Уыцы рӕстӕджы ӕххӕст кодта Исайы пехуымпарад: «Ды [Иегъовӕ] бирӕ кӕныс адӕмы ӕмӕ сын уымӕй сӕ зӕрдӕ байдзаг кодтай цинӕй. Дӕ разы цин кӕнынц, адӕм хуымгӕрдӕны афон куыд фӕцин кӕнынц, афтӕ; тӕлӕт кӕй къухы бафты, уыдон ӕй кӕрӕдзийыл куы фӕуарынц, уӕд куыд фӕцин кӕнынц, афтӕ» (Исай 9:3). Кӕд сӕрст «адӕмӕй» зӕххыл бирӕ нал баззад, уӕддӕр ӕгӕрон циндзинад ӕнкъарӕм, иннӕ хуымгӕрдджыты нымӕц азӕй-азмӕ кӕй фылдӕр кӕны, уый уынгӕйӕ (Псалом 4:8; Захари 8:23; Иоанны 10:16).

21. Цӕуыл цӕудзӕн дзырд иннӕ статьяйы?

21 Дзырд дӕр ыл нӕй, хуымгӕрдӕны куысты нын стыр циндзинад кӕй хӕссы. Ныфсы хабар кӕй хӕссӕм, аккаг чи у, уыдоны кӕй агурӕм ӕмӕ нын фӕлмӕн, хӕларзӕрдӕ ахаст кӕй ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ахъаз сты нӕ циндзинадӕн. Раст у, ӕвзӕр цӕстӕй нӕм чи кӕсы, ахӕмтӕ дӕр ис. Ӕнӕуынондзинад йӕхиуыл бавзӕрста апостол Иоанн дӕр. «Хуыцауы дзырды тыххӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕвдисӕнады тыххӕй» уый хаст ӕрцыд Патмосы сакъадахмӕ (Раргомад 1:9). Нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц кӕнӕ нӕ куы фефхӕрынц, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зӕрдӕрухс уӕм? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, уацамынды нӕм ӕвзӕр ахаст чи дары, уыдон ныхмӕ фидар лӕууынӕн? Ацы фарстыты фӕдыл Библи цы дзуры, уымӕ ӕркӕсдзыстӕм иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Райдианты-иу Библийы ахуыр афтӕ цыди: кӕй-иу фӕндыд, уыдон-иу иумӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ-иу афтӕмӕй семӕ ахуыр кодтой. Цасдӕры фӕстӕ Библи ахуыр кодтой ӕрмӕст иу адӕймагимӕ кӕнӕ бинонтимӕ дӕр. (Кӕс «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ — Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ», 574 фарс, англ., мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.)

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Абон чырыстӕттӕ цавӕр хуымгӕрдӕны исынц хайад?

• Цавӕр хабар хъусын кӕнӕм?

• Ахуыргӕнинӕгтӕ агургӕйӕ ӕнтыстджын цӕмӕн стӕм?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуымгӕрдӕны хайад исгӕйӕ, нӕ фарн ма фесафӕм?

• Хуымгӕрдӕны куыст нын ӕдзухдӕр циндзинад цӕмӕн хӕссы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 8 фарсыл]

Уацамынд I ӕнусы ӕмӕ XX ӕнусы.

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Апостол Павелау абоны хуымгӕрдджытӕ дӕр адӕмӕн хъусын кӕнынц алы ран дӕр.

[Ныв 9 фарсыл]

Хорз уацхъуыд хъусын кӕнӕм зӕрдӕхӕларӕй.