Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын дӕ бон у?

Хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын дӕ бон у?

Хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын дӕ бон у?

«Иртасут, Хуыцауӕн ӕхцон цы у, уый» (ЕФЕСӔГТӔМ 5:10, НФ).

1. Абон цард зын цӕмӕй у ӕмӕ цӕмӕн?

«О, ИЕГЪОВӔ, зонын ӕй, лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый. Фӕндаггон лӕгӕн йӕ къахдзӕфтӕ йӕ бар кӕй не сты, уый» (Иереми 10:23). Иереми цы арф хъуыды загъта, уый тынгдӕр хауы абон махмӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, Библи куыд дзуры, афтӕмӕй мах цӕрӕм «уӕззау рӕстӕджыты» (2 Тимофеймӕ 3:1). Ахӕм бон нӕ вӕййы, ӕмӕ цавӕрдӕр зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм; цӕмӕй йӕ сӕрты ахизӕм, уый тыххӕй та нӕ фӕхъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын ӕмӕ куыд бакӕнӕм, уый аскъуыддзаг кӕнын. Дзырд стыр хъуыддагыл цӕуа ӕви исты гыццыл хъуыддагыл, уӕддӕр ӕй куыд скъуыддзаг кӕнӕм, уый тынг ӕндавы не ’нӕниздзинадыл, нӕ зӕрдӕйы уагыл ӕмӕ нӕ ахастытыл Хуыцауимӕ.

2. Адӕм гыццыл хъуыддӕгтыл цы нымайынц, фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

2 Ӕрвылбон цы хъуыддӕгтӕ аразӕм, уыдон нӕм арӕх ницы фӕкӕсынц. Цӕвиттон, алы бон дӕр аскъуыддзаг кӕнӕм, нӕ уӕлӕ цы скӕндзыстӕм, цы бахӕрдзыстӕм, кӕимӕ фембӕлдзыстӕм ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уыцы хъуыддӕгтӕ арӕх фӕкӕнӕм, бирӕ сыл нӕ фӕхъуыды кӕнӕм, афтӕмӕй. Фӕлӕ цымӕ уыцы хъуыддӕгтӕн ӕцӕгдӕр ницы нысаниуӕг ис? Махӕн, ӕцӕг чырыстӕттӕн, не ’ддаг бакаст, нӕ конд ӕмӕ нӕ уӕлӕдарӕс, стӕй нӕ хӕрд ӕмӕ нуӕзт, нӕ ныхасы уаг ӕмӕ нӕ уагахаст тынг ахсджиаг сты, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый. Мах нӕ зӕрдыл дарӕм апостол Павелы ныхӕстӕ: «Хӕргӕ кӕнат, нуазгӕ кӕнат, ӕви ӕндӕр исты кусат, алцыдӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:31; Колоссӕгтӕм 4:6; 1 Тимофеймӕ 2:9, 10).

3. Цавӕр хъуыддӕгтыл хъӕуы лӕмбынӕг хъуыды кӕнын?

3 Фӕлӕ ма царды ис бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр. Зӕгъӕм, бинонтӕ скӕныны хъуыддагӕн стыр нысаниуӕг ис ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм дӕр ӕндавдзӕн адӕймаджы цардыл. Иугӕр афтӕ у, уӕд, цӕрӕнбонтӕм дӕ цард кӕимӕ сиу кӕнай, ахӕм хорз ӕмкъай равзарын гыццыл хъуыддаг нӕу * (Фӕсномыг ныхӕстӕ 18:22). Ахуырмӕ кӕдӕм бацӕуӕм, кӕм кусӕм ӕмӕ нӕхицӕн хӕлӕрттӕн кӕй равзарӕм, уый ӕндавы Хуыцауимӕ нӕ ахастытыл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ не ’нусон фарн ӕмӕ амондыл дӕр (Ромӕгтӕм 13:13, 14; Ефесӕгтӕм 5:3, 4).

4. а) Цавӕр миниуӕг нӕ хъӕуы тынг ӕхсызгонӕй? ӕ) Цавӕр фарстытӕм нӕ хъӕуы ӕркӕсын?

4 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ лыггӕнгӕйӕ нӕ алкӕйдӕр тынг ӕхсызгонӕй хъӕуы иу миниуӕг: хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, йе та нӕм раст цы кӕсы ӕмӕ ӕцӕгӕй цы у раст, уый ӕхсӕн хицӕндзинад бӕлвырд хатын. «Ис ахӕм фӕндаг, ӕмӕ адӕймагмӕ раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ фӕстагмӕ ӕркӕны мӕлӕты фӕндӕгтӕм»,— фӕдзӕхсы Библи (Фӕсномыг ныхӕстӕ 14:12). Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд ахъуыды кӕнӕм: куыд сахуыр уӕм хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын? Чи нын бацамондзӕн, раст цы у, уый? Куыд лыг кодтой уыцы фарстатӕ адӕм рагзаманты дӕр ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр, ӕмӕ-иу сӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

Ацы дунейы «философи ӕмӕ афтид сайд»

5. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цавӕр ӕхсӕнады цардысты?

5 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цы дунейы цардысты, уым стыр ахадындзинад уыди грекъаг-ромаг культурӕ ӕмӕ ӕгъдауӕн. Иуырдыгӕй, ромӕгтӕ кодтой хъӕздыг, бухъ цард, ӕмӕ сӕм уый тыххӕй бирӕтӕ хӕлӕг кодтой. Иннӕрдыгӕй та зондджын лӕгты къордтӕ адӕмы рӕгъмӕ хастой канд Платон ӕмӕ Аристотелы философон хъуыдытӕ нӕ, фӕлӕ ма философийы ног здӕхтыты минӕвӕртты хъуыдытӕ дӕр, зӕгъӕм, эпикурейӕгтӕ ӕмӕ стоикты хъуыдытӕ. Павел йӕ дыккаг миссионерон балцы рӕстӕджы Афинтӕм куы ӕрцыд, уӕд йемӕ быцӕу кодтой, йӕхи уымӕй уӕлдӕр чи ӕвӕрдта ӕмӕ йӕ «дзӕгъӕлдзых» чи хуыдта, уыцы эпикурейаг ӕмӕ стоикаг философтӕ (Куыстытӕ 17:18, НФ).

6. а) Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй иуӕй-иуты цы фӕсайдта? ӕ) Цӕмӕй фӕдзӕхста Павел?

6 Уӕдӕ зын бамбарӕн нӕу, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй дӕр иуӕй-иуты, сӕ алыварс цы адӕм цард, уыдоны цӕстмӕхъус митӕ ӕмӕ цардыуаг йӕхимӕ цӕмӕн ласта, уый (2 Тимофеймӕ 4:10). Афтӕ зынди, цыма уыцы ӕхсӕнады ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цард, уыдон ӕфсӕст уыдысты царды ӕппӕт хорздзинӕдтӕй дӕр, стӕй цыма алыхуызон хъуыддӕгтӕ куыд скъуыддзаг кодтой, уый дӕр раст уыди. Афтӕ зынди, цыма йӕхи ӕгасӕй дӕр Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы чырыстӕттӕ цух кӕй уыдысты, дунейы цы хорздзинӕдтӕ уыди, уыдонӕй. Фӕлӕ апостол Павел фӕдзӕхста: «Кӕсут ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уӕ мачи аздаха философийӕ ӕмӕ афтид сайдӕй, адӕймаджы рагон таурӕгътӕм гӕсгӕ, дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, фӕлӕ Чырыстимӕ гӕсгӕ нӕ» (Колоссӕгтӕм 2:8). Цымӕ Павел афтӕ цӕмӕн загъта?

7. Дунейы зонд хорзӕй исты дӕтты?

7 Павел уыцы уынаффӕ уый тыххӕй радта, ӕмӕ ӕмбӕрста, дуне йӕ фӕдыл кӕй асайдта, уыдоны зондахаст куыд тӕссаг уыд, уый. Павел дзӕгъӕлы не спайда кодта ахӕм дзырдбастӕй, зӕгъгӕ, «философи ӕмӕ афтид сайд». Дзырд «философи» нысан кӕны «зондджындзинад уарзын ӕмӕ йӕм тырнын». Ӕмӕ, бӕгуыдӕр, уый ӕвзӕр нӕу. Библи нӕ йӕхӕдӕг, уӕлдайдӕр та Фӕсномыг ныхӕсты чиныг, разӕнгард кӕны, цӕмӕй агурӕм зонд ӕмӕ тырнӕм раст зонындзинӕдтӕм (Фӕсномыг ныхӕстӕ 1:1—7; 3:13—18). Фӕлӕ Павел «философиимӕ» иумӕ пайда кӕны «афтид сайдӕй». Ӕндӕр ныхасӕй, уый загъта, зӕгъгӕ, дунейы зондыл ӕууӕнк нӕй ӕмӕ дзы ницы пайда ис. Дымст пуртийау философи дӕр адӕймагмӕ рӕсугъд ӕмӕ хорз кӕсы, ӕцӕгӕй та йӕ мидӕг ницы ис. Уӕдӕ адӕймаг хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый дунейы «философи ӕмӕ афтид сайдмӕ» гӕсгӕ куы фӕбӕлвырд кӕны, уӕд уый канд ӕнӕпайда нӕ, фӕлӕ ма тӕссаг дӕр вӕййы.

«Хорз ӕвзӕр чи хоны, ӕвзӕр та — хорз», уыдон

8. а) Абон адӕм сӕ хъуыддӕгты кӕимӕ уынаффӕ кӕнынц? ӕ) Цавӕр уынаффӕтӕ райсынц?

8 Уыцы хъуыддаг абон дӕр бирӕ нӕ фӕивта. Ӕхсӕнады алы къабазы дӕр ис йӕхи ахуыргӕндтӕ, йӕхи специалисттӕ. Ӕрмӕст дӕм ӕхца уӕд, ӕндӕр дын ӕмкъайад ӕмӕ бинонты царды тыххӕй уынаффӕтӕ чи дӕтты, уыдон — журналисттӕ, хӕдахуыр психологтӕ, хосгӕнджытӕ, астрологтӕ, экстросенстӕ, дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ ӕндӕр «специалисттӕ» — сӕдӕгай уынаффӕтӕ дӕр ратдзысты. Фӕлӕ цавӕр уынаффӕтӕ радтынц? Адӕймаджы уагахаст ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй Библи цы дзуры, уый арӕх ивд ӕрцӕуы, «ног ӕгъдау» кӕй хонынц, уымӕй. Цӕвиттон, Канадӕйы хицауад нӕлгоймагӕн нӕлгоймагимӕ, сылгоймагӕн сылгоймагимӕ ЗАГС кӕныны бар куы нӕ радта, уӕд газет «Глоб энд мейл»-ы иу уацхъуыды уыди ахӕм ныхӕстӕ: «2000 азы, кӕрӕдзийы чи уарзы ӕмӕ кӕрӕдзиуыл ӕнувыд чи у, уыцы дыууӕ удӕн, сӕ дыууӕ дӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕнӕ сылгоймӕгтӕ кӕй сты, ӕрмӕст уый тыххӕй сӕ царды иууыл стырдӕр бӕллиц нӕ сӕххӕст кӕнын у ӕнӕсӕрфат ми» («Globe and Mail»). Абон хъуыддаг уымӕ цӕуы, ӕмӕ адӕммӕ диссаг ницыуал кӕсы, ӕвзӕрыл ницыуал нымайынц. Царды бынтон раст кӕнӕ бынтон зылын ницы ис, иумӕ ӕвзӕр цы кӕсы, уый иннӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ нымайа иттӕг растыл, йӕ зӕрдӕмӕ кӕмӕн куыд цӕуы, уымӕ гӕсгӕ (Псалом 9:24, 25).

9. Ӕхсӕнады стыр кад кӕмӕн ис, уыцы адӕм арӕх сӕхи куыд фӕдарынц?

9 Иннӕтӕ та стыр нысаниуӕг дӕттынц стыр бынат ӕмӕ ӕхцайӕн: кӕсынц хъӕздыг ӕмӕ зындгонд адӕймӕгтӕм, ӕмӕ уыдон куыд кӕнынц, афтӕ аразынц. Кӕд хъӕздыг ӕмӕ зындгонд адӕймӕгтӕ тынг уӕздан зынынц, уӕддӕр арӕх уӕздан цы фӕзынынц, ӕндӕр сыл ӕууӕнк нӕ вӕййы. Стыр бынатмӕ сӕ былыцъӕрттӕ хӕргӕйӕ ӕмӕ ӕхцайыл мӕлгӕйӕ, уыдонӕй бирӕтӕ закъон дӕр ницӕмӕ дарынц, ӕмӕ сӕм ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм нымады дӕр не сты. Иуӕй-иутӕ кад ӕмӕ мулкмӕ афтӕ тынг фӕтырнынц, ӕмӕ, рагӕй фӕстӕмӕ адӕмы ӕхсӕн цы ӕгъдау ныффидар, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нал вӕййы, ӕдзӕсгом митӕ кӕнын райдайынц. Афтӕмӕй мах цӕрӕм ахӕм ӕхсӕнады, цыран иу иннӕйы мӕт нӕ кӕны, цыран бар ис алцӕмӕндӕр, цыран адӕм хӕст сты ахӕм зондыл: «Цы дӕ фӕнды, уый кӕн». Цымӕ ахӕм ӕхсӕнады адӕммӕ ӕгъдау кӕй нал ис, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый кӕй нал ӕмбарынц, уым диссагӕй исты ис? (Лукайы 6:39).

10. Исай хорз ӕмӕ ӕвзӕры тыххӕй цы загъта, уый абон куыд ӕххӕст кӕны?

10 Нӕ алыварс адӕмӕн хорз зонд чи бацамона, уый сын кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ сӕ се ’нӕзонд хъуыддӕгтӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркӕнынц, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ сты: лӕг ӕмӕ усы ахицӕн, бинонты ныппырх, фыднозт кӕнын ӕмӕ наркомани, хивӕнд фӕсивӕды бандӕтӕ, ӕнӕгъдаудзинад, ӕвзӕр низтӕ. Ӕниу цымӕ нӕ бон хуыздӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын у, кӕд ӕмӕ адӕм ӕгъдау ницӕмӕуал дарынц, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый алчи йӕхӕдӕг ӕвзары? (Ромӕгтӕм 1:28—32). Нӕхи цӕстӕй уынӕм, растдӕр пехуымпар Исай цы загъта, уый: «Додой сӕ къона, хорз ӕвзӕр чи хоны, ӕвзӕр та — хорз; талынг рухсыл чи нымайы, рухс та — талынгыл; адджын маст кӕмӕ кӕсы, маст та — адджын! Додой сӕ къона, йӕхи зондджыныл чи нымайы ӕмӕ йӕхимӕ ӕмбаргӕ чи кӕсы, уыдонӕн!» (Исай 5:20, 21).

11. Хорз ӕвзӕрӕй хицӕнгӕнгӕйӕ, нӕ ныфс нӕхиуыл цӕуылнӕ хъуамӕ дарӕм?

11 «Сӕхи зондджынтыл чи нымадта», уыцы израилӕгты Хуыцауы раз дзуапп радтын кӕй бахъуыди, уый нын ноджы ирддӕрӕй ӕвдисы, хорз ӕвзӕрӕй хицӕнгӕнгӕйӕ, нӕ ныфс нӕхиуыл дарын куыд тӕссаг у, уый. Абон бирӕтӕ цӕрынц ахӕм уынаффӕтӕм гӕсгӕ, зӕгъгӕ, «дӕ зӕрдӕ дын куыд зӕгъы, афтӕ кӕн» кӕнӕ «раст дӕм цы кӕсы, уый араз». Фӕлӕ цымӕ афтӕ кӕнын хорз у? Библимӕ гӕсгӕ, нӕ, уымӕн ӕмӕ уым кӕсӕм: «Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ хӕлддӕр ницы ис. Чи йын цы базондзӕн?» (Иереми 17:9). Уӕдӕ цымӕ исты хъуыддаджы мӕнгард ӕмӕ фӕлывд адӕймаджы зондмӕ байхъусис? Нӕ. Ды, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ нӕ, фӕлӕ бынтон иннӕрдӕм бакӕнис. Библи нӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы: «Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уый ӕнӕзонд у, зонды фӕндагыл чи цӕуы, уый та фыдбылызӕй хызт уыдзӕн» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:5—7; 28:26).

Хуыцауӕн ӕхцон цы у, уый иртасӕм

12. «Хуыцауы... фӕндон цӕй мидӕг ис», уый нӕ цӕмӕн хъӕуы бӕлвырд кӕнын?

12 Иугӕр хорз ӕмӕ ӕвзӕр иртасгӕйӕ, дунейы зондыл дӕр нӕй ныфс дарӕн ӕмӕ нӕхиуыл дӕр, уӕд уӕдӕ цы кӕнгӕ у? Ӕркӕсӕм апостол Павелы бӕлвырд уынаффӕмӕ: «Ма ут ацы дуджы хуызӕн, фӕлӕ ӕндӕр хуызон ут уӕ зонды сногӕй, цӕмӕй сымах ӕмбарат Хуыцауы фӕндон кӕй у хорз, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ ӕххӕст [«бӕлвырд кӕнат, Хуыцауы хорз, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ ӕххӕст фӕндон цӕй мидӕг ис, уый», НД]» (Ромӕгтӕм 12:2). Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый нӕ нӕхицӕн бӕлвырд кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Ацы фарстӕн нын Библийы хуымӕтӕг, фӕлӕ арфхъуыдыджын дзуапп дӕтты Иегъовӕ: «Арв зӕххӕй куыд дард у, афтӕ мӕ фӕндӕгтӕ дӕр бӕрзонддӕр сты уӕ фӕндӕгтӕй ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ уӕ хъуыдытӕй» (Исай 55:9). Уӕдӕ нын нӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, кӕнӕ нӕм хорз куыд кӕсы, уымӕ гӕсгӕ архайыны бӕсты «иртасӕм, Хуыцауӕн ӕхцон цы у, уый» (Ефесӕгтӕм 5:10, НФ).

13. Иоанны 17:3-ӕм стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Йесо куыд банысан кодта, тынг ахсджиаг кӕй у, Хуыцауӕн ӕхцон цы у, уый зонын?

13 Афтӕ аразын нын цас ахсджиаг у, уый банысан кодта Йесо Чырысти: «Ӕнусон цард уый мидӕг ис, цӕмӕй зонгӕ кӕной демӕ, иунӕг ӕцӕг Хуыцауимӕ, ӕмӕ де ’рвыст Йесо Чырыстиимӕ» (Иоанны 17:3, НД). Мивдисӕг «зонгӕ кӕнын» «зонын»-ӕй бирӕ арфдӕр нысаниуӕг хӕссы. «Вайны ӕмбарынгӕнӕн дзырдуатмӕ» гӕсгӕ уый «нысан кӕны, адӕймаг зонындзинӕдтӕ кӕй тыххӕй исы, уыимӕ йын ӕнгом ахастытӕ кӕй ис; [уыцы дзырдбаст] ӕвдисы, чи зонгӕ кӕны, уымӕн, кӕимӕ зонгӕ кӕны, уый тынг зынаргъ ӕмӕ ахсджиаг кӕй у, уый; ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд ын афтӕ зынаргъ ӕмӕ ахсджиаг у йемӕ сӕрмагонд ахастытӕ скӕнын дӕр» («Vine’s Expository Dictionary»). Цӕмӕй искӕимӕ хорз зонгӕ уай, уый тыххӕй фаг нӕу, чи у ӕмӕ цы хуыйны, уый зонын. Хъуамӕ ма ноджыдӕр зонай, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, цӕмӕн аргъ кӕны, куыд цӕры, цы ӕгъдауыл хӕст у, уыдӕттӕ ӕмӕ сын ды дӕр аргъ кӕнай (1 Иоанны 2:3; 4:8).

Нӕ зӕрдӕ ахуыр кӕнӕм

14. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ уырнындзинады дзидзидайтӕ ӕмӕ хъомылтӕ чи сты, уыдон сӕйраджыдӕр цӕмӕй хицӕн кӕнынц кӕрӕдзийӕ?

14 Иугӕр афтӕ у, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнынӕн? Павел фыццаг ӕнусы дзуттаг чырыстӕттӕм ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Алчи, ӕхсырӕй ма кӕй хӕссынц, уый ӕнӕмбаргӕ у рӕстады дзырды, уымӕн ӕмӕ у дзидзидай. Хъӕбӕр хӕринаг та фидауы хъомылтӕн, сӕ зӕрдӕ ахуыр кӕмӕн у хорздзинады ӕмӕ ӕвзӕрдзинады раиртасын». Ам Павел ныхӕй-ныхмӕ ӕвӕры «ӕхсыр», «Хуыцауы Дзырды фыццаг райдиантӕ», ӕмӕ «хъӕбӕр хӕринаг», хъомылты, ома «сӕ зӕрдӕ хорздзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинад иртасын ахуыр кӕмӕн у», ахӕмты хӕринаг (Дзуттытӕм 5:12—14, НФ).

15. Цӕмӕй Хуыцауы хорз зонӕм, уый тыххӕй фыдӕбон кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

15 Уӕдӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй нын Хуыцау йӕ Ныхас Библийы цы дзуры, уый цӕмӕй хорз ӕмбарӕм, уый тыххӕй хъӕуы зӕрдиагӕй архайын. Мах уый ӕнхъӕл не стӕм, ӕмӕ дзы комкоммӕ фыст уыдзӕн, афтӕ бакӕн ӕмӕ афтӕ ма бакӕн, зӕгъгӕ. Библи ахӕм чиныг нӕу. Павел ӕмбарын кӕны: «Фыст ӕгасӕйдӕр дзаг у Хуыцауон удӕй, ӕмӕ у ахъаз хи ацахуырӕн, бафхӕрынӕн, схуыздӕрӕн ӕмӕ рӕстадӕн схъомыл кӕнынӕн, цӕмӕй адӕймаг суа Хуыцауы аккаг, алы хорз хъуыддагмӕ ифтонг» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17, НФ). Цӕмӕй Библийӕ ахуыр кӕнӕм, хуыздӕр кӕнӕм ӕмӕ нӕхи хъомыл кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ зондӕй пайда кӕнын ӕмӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнын. Ӕмӕ кӕд уый ӕнцон нӕу, уӕддӕр йӕ фыдӕбоны аргъ у, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы ифтонг уыдзыстӕм «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:3—6).

16. Цы нысан кӕны «зӕрдӕ ахуыр у иртасын»?

16 Уый ӕддейӕ Павел загъта, зӕгъгӕ, хъомылтӕн «сӕ зӕрдӕ ахуыр у хорздзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинад иртасын». Ам мах ӕрхӕццӕ стӕм иууыл ахсджиагдӕр хъуыдымӕ. Ацы ныхӕстӕ «сӕ зӕрдӕ ахуыр у иртасын», зӕгъгӕ, комкоммӕ нысан кӕнынц «ӕмбудӕнтӕ сфӕлтӕрын (гимнастау)» («Паддзахады дӕлрӕнхъон тӕлмац», англ.). Фӕлтӕрд гимнаст гимнастикон цӕгтыл, хъайвантыл йе та ӕндӕр истӕуыл куы фӕхъазы, уӕд ӕм чи фӕкӕсы, уыдонмӕ афтӕ фӕзыны, цыма йе змӕлд дунеон химӕлвасынады закъон кӕнӕ ӕрдзы ӕндӕр закъӕттимӕ нӕ бады. Иудадзыгдӕр йӕ бар цӕуы йӕ буарыл, уый ӕнкъары йӕ алы фезмӕлд дӕр ӕмӕ зоны, цы аразын ӕй хъӕуы, цӕмӕй йӕ хъазт ӕнтыстджынӕй ахӕццӕ кӕна кӕронмӕ. Ахӕм ӕнтыстытӕ йӕ къухы бафты, йӕхиуыл ӕнауӕрдгӕйӕ кӕй кусы, ӕдзух йӕ буар кӕй фӕлтӕры, уый фӕрцы.

17. Гимнастау мах дӕр цы хъуамӕ хатӕм ӕмӕ ӕнкъарӕм?

17 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй цыфӕнды хъуыддаг дӕр зондджынӕй скъуыддзаг кӕнӕм, уӕд дӕсны барӕгау мах дӕр монон ӕгъдауӕй хъуамӕ уӕм фӕлтӕрд. Хъуамӕ цыфӕнды уавӕры дӕр нӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ буары уӕнгтыл нӕ бар цӕуа (Матфейы 5:29, 30; Колоссӕгтӕм 3:5—10). Цӕвиттон, ахуыр кӕныс дӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ӕнӕгъдау, хӕлд хъуыддӕгтӕм ма кӕсой, кӕнӕ дӕ хъустӕ, цӕмӕй хӕлд музыкӕмӕ, йе та ӕнӕфсарм ныхӕстӕм ма хъусой? Раст у, нӕ алыварс дунейы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ӕнӕфсарм нывтӕ тынг сарӕх сты. Фӕлӕ нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы бынат скӕндзысты ӕви нӕ, уый нӕхицӕй аразгӕ у. Махӕн дӕр нӕ бон у псаломзарӕггӕнӕджы фӕзмын. Уый загъта: «Нӕ сӕвӕрдзынӕн мӕ цӕстыты раз нӕхъӕугӕ дзаума; фыдракӕнд хъуыддаг мын у ӕнӕуынон; уый нӕ баныхӕсдзӕн мӕныл. [...] Мӕнгдзинад дзурӕг нӕ баззайдзӕн мӕ цӕстыты раз» (Псалом 100:3, 7).

Ахуыр кӕнӕм нӕ зӕрдӕ «фӕлтӕрдӕй»

18. Нӕ зӕрдӕ ахуыр кӕныны тыххӕй Павел цы загъта, уым дзырд «фӕлтӕрдӕй» цы нысан кӕны?

18 Цӕй ӕмӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, зӕрдӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр иртасын ахуыр кӕнӕн кӕй ис ӕрмӕстдӕр «фӕлтӕрдӕй». Иуныхасӕй, алыхатт дӕр исты куы фескъуыддзаг кӕнӕм, уӕд хъуамӕ архайӕм, уый тыххӕй Библи цы дзуры ӕмӕ дзы нӕ бон куыд у спайда кӕнын, уый раиртасыныл. Нӕхи ахуыр кӕнӕм, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» Библи ӕмбарынӕн цы литературӕ уадзы, уым нӕ фарстытӕн дзуаппытӕ агурыныл (Матфейы 24:45). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддаджы нын сӕ бон баххуыс кӕнын у фӕлтӕрд чырыстӕттӕн дӕр. Фӕлӕ нӕ алчидӕр йӕхӕдӕг куы кура Хуыцауӕй зонд ӕмӕ сыгъдӕг уды ӕххуыс, ӕмӕ афтӕмӕй зӕрдиагӕй куы ахуыр кӕна Библи, уӕд нын уый ӕрхӕсдзӕн иууыл стырдӕр пайда (Ефесӕгтӕм 3:14—19).

19. Нӕ зӕрдӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр иртасын куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

19 Цас фылдӕр ахуыр кӕнӕм нӕ зӕрдӕ хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын, уыйас нал уыдзыстӕм «сывӕллӕттӕ, дызӕрдыггӕнджытӕ ӕмӕ алыхуызон дымгӕйон ахуырады фӕдыл цӕуджытӕ, адӕймӕгты хиндзинадмӕ гӕсгӕ, хинӕй сайыны дӕсниадӕй» (Ефесӕгтӕм 4:14). Фӕлӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый кӕй зонӕм ӕмӕ йӕ кӕй ӕмбарӕм, уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды хъуыддаджы дӕр, гыццыл уа ӕви стыр, афтӕ аразын, нӕхицӕн дӕр хуыздӕр куыд уа, не ’муырнджыты дӕр куыд фидар кӕна ӕмӕ иууыл сӕйраг та, нӕ уӕларвон Фыдӕн ӕхсызгон куыд уа (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11). Ацы уӕззау рӕстӕджыты уый у стыр арфӕдзинад ӕмӕ ныфс!

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Дохтыртӕ Томас Холмс ӕмӕ Ричард Ра куыд банысан кодтой, афтӕмӕй царды мидӕг адӕймагӕн иууыл зындӕр цы 40 цауы вӕййынц, уыдонӕй фыццаг ӕртӕ сты: цардӕмбалы мӕлӕт, лӕг ӕмӕ усы ахицӕн, лӕг ӕмӕ ус хицӕнтӕй кӕй цӕрынц, уый. Уыцы ранымады бинонтӕ скӕныны хъуыддаг лӕууы ӕвдӕм бынаты.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Цӕмӕй алы хъуыддаг дӕр раст лыг кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цавӕр миниуӕг хъӕуы?

• Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зындгонд адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ кӕнӕ нын нӕ зӕрдӕ куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ хицӕн кӕнын тӕссаг цӕмӕн у?

• Цы аразӕм, уый Хуыцауӕн ӕхцон у ӕви нӕ, уый нӕ алыхатт дӕр цӕмӕн хъӕуы зонын ӕмӕ нын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

• Цы нысан кӕны «нӕ зӕрдӕ ахуыр кӕнын?»

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Хъӕздыг ӕмӕ зындгонд адӕймӕгты зондыл цӕуын хорзмӕ нӕ кӕны.

[Ныв 22 фарсыл]

Фӕлтӕрд гимнастау махӕн дӕр ӕппынӕдзух хъуамӕ нӕ бар цӕуа нӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ буары уӕнгтыл.