Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хуыцау адӕмы ӕцӕгдӕр зындоны хъизӕмар кӕнын кӕны?»

«Хуыцау адӕмы ӕцӕгдӕр зындоны хъизӕмар кӕнын кӕны?»

«Хуыцау адӕмы ӕцӕгдӕр зындоны хъизӕмар кӕнын кӕны?»

«Дины фарстатӕ иртасут?»

Джоэл ӕмӕ Карл ахӕм фарст фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыдысты. Дыууӕ лӕппуйы, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады (Бруклин, штат Нью-Йорк) бархи кусджытӕ, хӕстӕг сӕм цы чингуыты дукани уыд, уым кастысты чингуытӕм. Цалынмӕ Джоэл библион симфонитӕм каст, уӕдмӕ йын Карл дзырдта, уацамынды иу адӕймагимӕ куыд ныхас кодта, уый тыххӕй. Сӕ фарсмӕ цы лӕг лӕууыд, уый сын ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ ныхас фехъуыста ӕмӕ сӕм бацыд.

Фӕлӕ уыцы лӕджы уыйбӕрц нӕ цымыдис кодта, лӕппутӕ дины фарстатӕ иртасынц ӕви нӕ, уый фӕндыд йӕхи фарстӕн дзуапп базонын. Уый бамбарын кодта: «Ӕз дӕн дзуттаг, ӕмӕ мын мӕ чырыстон ӕмбӕлттӕй чидӕртӕ загътой, зӕгъгӕ, дам, ды зындоны арты судздзынӕ, уымӕн ӕмӕ, дам, дзуттӕгтӕ Йесойыл бавдисӕн кодтой. Уыцы хъуыды мын ӕнцой ӕппындӕр нӕ дӕтты. Уарзӕгой Хуыцау адӕймаджы афтӕ бафхӕра, уый мӕм раст нӕ кӕсы. Хуыцау адӕмы ӕцӕгдӕр зындоны хъизӕмар кӕнын кӕны?»

Джоэл ӕмӕ Карл уыцы ӕргомзӕрдӕ лӕгӕн загътой, уыдон Библи лӕмбынӕг кӕй ахуыр кӕнынц, уый. Уыдон ын Фыстадӕй равдыстой, мӕрдтӕ кӕй ницы ӕмбарынц, мӕрдвынӕй кӕй сты ӕмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц райгасдзинадмӕ. Уымӕ гӕсгӕ уыдон нӕдӕр хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ нӕдӕр зындоны арты судзынц (Псалом 145:3, 4; Екклесиаст 9:5, 10; Данелы 12:13; Иоанны 11:11—14, 23—26). 45 минуты дӕргъы куы фӕныхас кодтой, уӕд уыцы лӕг Джоэл ӕмӕ Карлӕн йӕ адрис радта ӕмӕ сын загъта, кӕй йӕ фӕнды уый тыххӕй фылдӕр базонын.

Цымӕ зындон, хъизӕмар кӕм кӕнынц, ахӕм бынат куы уаид, уӕд искуы искӕй бафӕндид, цӕмӕй йӕ уырдӕм арвитой? Фӕлӕ рагзаманты цӕрӕг Иов, йӕ уӕззау уавӕрӕй фервӕзынмӕ бӕлгӕйӕ, лӕгъстӕ кодта: «Тӕхуды ӕмӕ мӕ Ды ингӕны [«зындоны», АМТ] куы бамбӕхсис ӕмӕ цалынмӕ дӕ маст ссӕуа, уӕдмӕ мӕ куы нӕ схъӕр кӕнис»? (Иов 14:13). Бӕрӕг у, Иов зындон хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕн бынатыл кӕй нӕ нымадта, уый. Уый нӕ, фӕлӕ йӕ уым фӕндыд бамбӕхсын. Мӕлӕт у ӕдзард уавӕр, ӕмӕ Библийы цы зындоныл цӕуы дзырд, уый та у ӕппӕт адӕмы иумӕйаг ингӕн.

Кӕд дӕ фӕнды фылдӕр базонын, адӕймаг куы амӕлы, уӕд ыл цы ’рцӕуы ӕмӕ йӕм уый фӕстӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй, уӕд дӕ зӕрдӕбынӕй хонӕм, цӕмӕй ахъуыды кӕнай дӕлдӕр фыст ныхӕстыл.