Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аврам — уырнындзинады дӕнцӕг

Аврам — уырнындзинады дӕнцӕг

Аврам — уырнындзинады дӕнцӕг

«[Авраам уыд] фыдӕл уырнӕджытӕн се ’ппӕтӕн» (РОМӔГТӔМ 4:11, НФ).

1, 2. а) Авраам абоны ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл цы хъуыддӕгтӕй ӕрлӕууы? ӕ) Цӕмӕн хуыйны Авраам «уырнӕджытӕн се ’ппӕты фыдӕл»?

УЫМӔЙ рацыд стыр адӕм. Уый уыд пехуымпар, хъуыддаджы лӕг ӕмӕ адӕмы раздзог. Фӕлӕ абоны чырыстӕттӕн уый арӕхдӕр сӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, ӕнӕфӕцудгӕ уырнындзинад кӕмӕн уыди, Иегъовӕ Хуыцау йӕ хӕлар кӕй схуыдта, ахӕм адӕймагӕй (Исай 41:8; Иаковы 2:23). Уыцы лӕг у Авраам, ӕмӕ йӕ Библи хоны «уырнӕджытӕн се ’ппӕты фыдӕл» (Ромӕгтӕм 4:11, НФ).

2 О, фӕлӕ исты Авраамы размӕ Авел, Енох ӕмӕ Ной къаддӕр ӕууӕндыдысты Хуыцауыл? Нӕ, фӕлӕ Авраамимӕ арӕзт ӕрцыд цӕдис, зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр уый уылты кӕй ӕрцӕудзысты арфӕгонд (Уӕвынад 22:18). Уӕдӕ зӕрдӕвӕрд Мыггагыл чи ӕууӕнды, уыдонӕй алкӕмӕндӕр Авраам сси йӕ кӕнгӕ фыд (Галатӕгтӕм 3:8, 9). Авраамы уырнындзинад махӕн фӕзминаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕцӕгдӕр ис зӕгъӕн, нӕ фыд у, зӕгъгӕ. Йӕ цард ӕгасӕй дӕр у уырнындзинады дӕнцӕг, уымӕн ӕмӕ царды цы фӕлварӕн ӕмӕ зындзинадыл нӕ сӕмбӕлд, ахӕм нӕ уыд. Авраамы уырнындзинады стырдӕр фӕлварӕн уыди, Хуыцау ын куы загъта, зӕгъгӕ, дӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхӕсс. Фӕлӕ уый размӕ дӕр Авраам йӕ уырнындзинад сбӕлвырд кодта уымӕй гыццылдӕр фӕлварӕнты (Уӕвынад 22:1, 2). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, уыцы фӕлварӕнтӕй цалдӕрмӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, цӕуыл нӕ ахуыр кӕнынц, ууыл.

Ур ныууадзыны бардзырд

3. Аврам кӕмӕй ӕмӕ кӕцӕй рацӕугӕ уыди, уый тыххӕй нын Библи цы дзуры?

3 Библийы Аврамы (фӕстӕдӕр Авраам) кой фыццаг хатт ӕмбӕлы Уӕвынады 11:26-ӕм стихы. Уым кӕсӕм: «Фарӕ царди ӕвдай азы бӕрц, ӕмӕ йын уый фӕстӕ райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран». Аврам рацыд, Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм адӕймаг Симы хӕдзарвӕндагӕй (Уӕвынад 11:10—24). Уӕвынады 11:31-ӕм стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Аврам йӕ бинонтимӕ цард, кӕддӕр Ефраты цӕугӕдоны скӕсӕнфарс чи уыд, ахӕм хъӕздыг сахар «Халдейаг Уры» *. Уӕдӕ Аврам цӕугӕцард кӕнгӕйӕ цатыры не схъомыл, фӕлӕ уӕды заманы цӕрын иууыл ӕнцондӕр кӕм уыд, ахӕм сахары. Уры базартӕм-иу уӕй кӕнынмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй цы нӕ дзаума ӕрластой, ахӕм нӕ уыди. Сахары уынгты та иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ лӕууыдысты, донвӕд кӕм уыди, ахӕм 14-уатон райдзаст, чъырӕй цагъд хӕдзӕрттӕ.

4. а) Ӕцӕг Хуыцауӕн чи куывта, уыдонӕн Уры зын цӕрӕн цӕмӕй уыди? ӕ) Аврам Иегъовӕйыл куыд баууӕндыд?

4 Кӕд Уры цӕрынӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр уыди, уӕддӕр ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн дзы тынг зын цӕрӕн уыди. Сахары цӕрджытӕ куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн ӕмӕ куырмӕджы цӕуыл не ’ууӕндыдысты, ахӕм нал уыди. Сахары иууыл бӕрзонддӕр бӕстыхай уыди къӕпхӕнтӕгонд мӕсыджы хуызӕн кувӕндон мӕйы хуыцау Нанны кадӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Аврамӕн ӕнцон нӕ уыд уыцы цъаммар кувынады хайад нӕ исын, чи зоны йӕ уымӕ йӕ хӕстӕджытӕ дӕр разӕнгард кодтой. Дзуттаг таурӕгътӕй иуӕй-иуты куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Аврамӕн йӕ фыд Фарӕ дӕр уыди гуымирыты цырт-сурӕттӕ аразӕг (Йесо Навин 24:2, 14, 15). Фӕлӕ уӕддӕр Аврам хайад нӕ иста уыцы цъаммар мӕнг кувынады. Йӕ зӕронд фыдыфыд Сим ма уӕд ӕгас уыди ӕмӕ йын уый ӕнӕмӕнг дзырдтаид ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй. Уый фӕрцы Аврам ӕууӕндыд Иегъовӕйыл, Нанныл нӕ, фӕлӕ! (Галатӕгтӕм 3:6).

Уырнындзинады фӕлварӕн

5. Аврам Уры куы царди, уӕд ын Хуыцау цавӕр бардзырд радта ӕмӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

5 Аврамы уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд. Хуыцау ӕм фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Сыст дӕ бӕстӕй, дӕ хиуӕттӕй ӕмӕ дӕ фыды хӕдзарӕй, ӕмӕ ацу, ӕз дын цы бӕстӕм зӕгъон, уырдӕм; Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм, ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ дын дӕ ном сбӕрзонд кӕндзынӕн; ӕмӕ ды арфӕдзинад хӕсдзынӕ. Ӕз арфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕн чи арфӕ кӕна, уыдонӕн; дӕу чи ӕфхӕра, уыдоны та мӕ фыдӕх баййафдзӕн; ӕмӕ зӕххыл алы бинонтӕ дӕр арфӕгонд уыдзысты дӕу руаджы» (Уӕвынад 12:1—3; Куыстытӕ 7:2, 3).

6. Уры сахар ныууадзынӕн Аврамы стыр уырнындзинад цӕмӕн хъуыди?

6 Аврам уыди ацӕргӕ ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг. Уый гӕнӕн куыд уыди, ӕмӕ дзы «стыр адӕм» рацыдаид? Стӕй йӕ цы бӕстӕм цӕуын хъуыд, уый та кӕм уыди? Хуыцау ын уыдӕттӕ уыцы тӕккӕ нӕ раргом кодта. Уымӕ гӕсгӕ хъӕздыг Уры сахар ӕмӕ йӕ ӕвӕлмон цард ныууадзынӕн Аврамы хъуыди стыр уырнындзинад. Чиныг «Бинонтӕ, уарзондзинад ӕмӕ Библи»-йы рагзаманты тыххӕй дзырдӕуы: «Бинонтӕй-иу исчи стыр фыдракӕнд куы сарӕзта, уӕд-иу ын иууыл карздӕр ӕфхӕрд уыди, бинонты ’хсӕнӕй-иу ӕй кӕй фӕсырдтой, „хъоды“ йыл-иу кӕй бакодтой, уый. [...] Уӕдӕ Авраам канд йӕ бӕстӕ нӕ, фӕлӕ йӕ хиуӕтты дӕр кӕй ныууагъта, уымӕй равдыста, алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ кӕй каст ӕмӕ йыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый» («Family, Love and the Bible»).

7. Куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ Аврам цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд, ахӕм фӕлварӕнтыл абон чырыстӕтӕ дӕр сӕмбӕлой?

7 Ахӕм фӕлварӕнтӕ вӕййы абон чырыстӕттӕн дӕр. Зӕгъӕм, Аврамы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ абон дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ царды сӕйраг мӕт суой ӕхца ӕмӕ хъӕздыгдзинад, Хуыцауы хъуыддаг та рохуаты баззайа (1 Иоанны 2:16). Чи зоны, нӕ ныхмӕ цӕуынц, нӕ бинонтӕй уырнӕг чи нӕу, уыдон, уыимӕ ма, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыцы хӕстӕджытӕ дӕр архайынц, цӕмӕй нын кӕд бар нӕй, уӕддӕр семӕ лымӕн кӕнӕм (Матфейы 10:34—36; 1 Коринфӕгтӕм 5:11—13; 15:33). Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Аврам у фӕзминаг. Иегъовӕимӕ хӕлардзинад уый сӕвӕрдта алцӕмӕй дӕр уӕлдӕр, суанг йӕ туг, йе стӕг чи уыд, уыдонӕй дӕр. Аврам нӕ зыдта, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ куыд, кӕд ӕмӕ кӕм сӕххӕст уыдзысты, уый. Фӕлӕ уӕддӕр цӕттӕ уыди, уыцы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндыд, уый йӕ цардӕй бӕлвырд кӕнынмӕ. Куыд тынг нӕ разӕнгард кӕны уый, цӕмӕй нӕ царды иууыл сӕйрагдӕр уа Паддзахады хъуыддаг! (Матфейы 6:33).

8. Аврамы уырнындзинад йӕ бинонтыл куыд бандӕвта ӕмӕ уымӕй мах, чырыстӕттӕ, цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8 Цы зӕгъӕн ис сӕрмагондӕй Аврамӕн йӕ бинонты тыххӕй та? Куыд зыны, афтӕмӕй Аврамы фидар уырнындзинад тынг бандӕвта йӕ ус Сарӕйыл, стӕй йе ’фсымӕры сидзӕр лӕппу Лотыл; уыдон дӕр байхъуыстой Хуыцауы ныхасмӕ ӕмӕ Уры зӕхх ныууагътой. Фӕстӕдӕр Аврамы ӕфсымӕр Нахор ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй дӕр цалдӕр Урӕй алыгъдысты Харранмӕ ӕмӕ уым табу кӕнын райдыдтой Иегъовӕйӕн (Уӕвынад 24:1—4, 10, 31; 27:43; 29:4, 5). Суанг ма Аврамы фыд Фарӕ дӕр сразы йӕ фыртимӕ ацӕуыныл! Уымӕ гӕсгӕ Библи Фарӕйы тыххӕй дзуры, зӕгъгӕ, куыд хӕдзары хистӕр, афтӕ уый сыстад ӕмӕ акодта йӕ бинонты Ханааны бӕстӕм (Уӕвынад 11:31). Мах дӕр нӕ хиуӕттӕн афтӕ арӕхстджынӕй куы дзурӕм Иегъовӕйы тыххӕй, уӕд ӕй кӕцӕй зонӕм, ӕмӕ уыдон дӕр не слӕудзысты Хуыцауы фӕндагыл?

9. Аврамы йӕхи фӕндагмӕ срӕвдз кӕнынӕн цы саразын хъуыди ӕмӕ йын уый ӕнцон цӕуылнӕ уыд?

9 Аврамы йӕ дард балцы размӕ тынг бирӕ хъуыддӕгтӕ хъуыди бакӕнын. Хъуамӕ йӕ исбон ауӕй кодтаид ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ балхӕдтаид цатыртӕ, теуатӕ, хойраг ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзаума. Йӕхи срӕвдз кӕнынӕн ын бирӕ рӕстӕг кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, асламдӕрыл хъуыд йӕ фӕллӕйттӕ радтын. Фӕлӕ уӕддӕр Аврам ӕнӕзивӕгӕй арӕзта, Иегъовӕ йын цы загъта, уый. Ӕппынфӕстаг ралӕууыд уыцы ӕнӕферохгӕнгӕ бон, ӕмӕ Аврамы чырӕ ацӕуынӕввонг ӕрлӕууыд Уры кулдуармӕ! Евфраты донбылты гакъон-макъон фӕндагыл чырӕ араст цӕгат-ныгуылӕнырдӕм. Къуыритӕ ивгъуыдтой, ӕмӕ 1 000 километры бӕрц куы фӕцыдысты, уӕд бахӕццӕ сты Месопотамийы цӕгат хаймӕ, сӕудӕджергӕнджыты чырӕтӕ дыууӕрдӕм кӕуылты кодтой, уыцы сахар Харранмӕ.

10, 11. а) Аврам рӕстӕгмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Харраны цӕмӕн ӕрлӕууыди? ӕ) Чырыстӕттӕй йӕ зӕронд ныййарджытӕм чи кӕсы, уыдоны ныфс цы уадзы?

10 Ӕвӕццӕгӕн, Аврам Харраны ӕрлӕууыд, йӕ зӕронд фыд Фарӕйы уавӕр кӕй ӕмбӕрста, уый тыххӕй (Левит 19:32). Абон чырыстӕттӕй дӕр бирӕтӕ фӕкӕсынц сӕ зӕронд кӕнӕ сӕ рынчын ныййарджытӕм, кӕд сӕ хаттӕй-хатт уый тыххӕй сӕ царды стыр ивддзинӕдтӕ скӕнын бахъӕуы, уӕддӕр. Ахӕм чырыстӕттӕн сӕ бон у, ӕмӕ фидарӕй зоной, сӕ ныййарджытӕн балӕггад кӕныны оххыл сӕхицӕн кӕй сфыдӕбон кодтой, уый «аккаг [кӕй] у Хуыцауӕн» (1 Тимофеймӕ 5:4).

11 Рӕстӕг йӕ цыды кой кодта. «Фарӕ фӕцард дыууӕ сӕдӕ фондз азы. Ӕмӕ амард Фарӕ Харраны». Аврам тынг фӕхъыг кодта йӕ фыды зианыл, фӕлӕ фыдохы бонтӕ куы фесты, уӕд уайтагъд йӕ фӕндаг адарддӕр кодта. «Аврам Харранӕй куы рацыд, уӕд ыл цыди ӕвдай фондз азы. Аврам йемӕ акодта йӕ усы, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты ӕмӕ Харраны цы адӕм ссардтой, уыдон иууылдӕр, цы исбон сӕм ӕрӕмбырд, уый дӕр семӕ айстой ӕмӕ араст сты Ханааны зӕхмӕ» (Уӕвынад 11:32; 12:4, 5).

12. Харраны цӕргӕйӕ Аврам цы ми кодта?

12 Цымыдисаг у, Харраны цӕргӕйӕ Авраммӕ «исбон кӕй ӕрӕмбырд», уый. Кӕд Аврам Уры хъӕздыг сахарӕй йе стыр фӕллӕйттӕй йемӕ бирӕ ницы ахаста, уӕддӕр Харраны зӕххӕй ацыд хъӕздыг лӕгӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн гӕнӕн уыди, ӕрмӕстдӕр ӕй Хуыцауы хорзӕх кӕй уыд, уый фӕрцы (Екклесиаст 5:19). Кӕд абон Хуыцау йӕ адӕмӕн хъӕздыгдзинадӕй зӕрдӕ не ’вӕры, уӕддӕр загъта, Паддзахады тыххӕй «йӕ хӕдзар, кӕнӕ ӕфсымӕрты, кӕнӕ хоты» чи ныууадза, уыдон хъуаг кӕй ницӕмӕй ӕййафдзысты, ӕмӕ йӕ ныхасӕн у хицау (Маркы 10:29, 30). Афтӕ ма Аврам «ссардта адӕм» дӕр, ома бирӕ фӕсдзӕуинтӕ. Рагон Фӕдзӕхсты Иерусалимаг ӕмӕ Халдейаг тӕлмацты куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Аврам «адӕмы здӕхта йӕ динмӕ» (Уӕвынад 18:19). Дӕу дӕр дӕ уырнындзинад разӕнгард кӕны сыхбӕстӕн, куысты, скъолайы, иудзырдӕй, алкуыдӕр Хуыцауы тыххӕй дзурынмӕ? Аврам Харраны бӕстон не ’рбынат кодта ӕмӕ Хуыцауы бардзырд нӕ ферох кодта, фӕлӕ ӕцӕгӕй ахсджиаг цы уыд, уый арӕзта. Ныр та йӕ цӕуын хъуыди дарддӕр. «Ӕмӕ араст Аврам, Иегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ» (Уӕвынад 12:4).

Евфраты иннӕ фарсмӕ

13. Аврам Евфраты цӕугӕдоны сӕрты кӕд ахызт ӕмӕ уыцы цау цӕуыл дзурӕг у?

13 Ӕмӕ та мӕнӕ Аврам ис фӕндагыл. Харранӕй Аврамы чырӕ араст ныгуылӕнырдӕм. Фӕцыдысты 90 километры бӕрц. Ӕмӕ уӕд Аврам ӕрлӕууыд Евфраты цӕугӕдонмӕ хӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн-иу рагзаманты базаргӕнджытӕ кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы сахар Кархамисы бакомкоммӕ. Уыцы ран-иу бирӕ чырӕтӕ ахызтысты цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ *. Кӕд ахызт Аврамы чырӕ та цӕугӕдоны сӕрты? Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй уыцы хабар ӕрцыд, н. э. агъоммӕ 1513 азы 14 нисаны иудейтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй 430 азы размӕ. Рацыды 12:41-ӕм стихы кӕсӕм: «Цыппар сӕдӕ ӕртын азы куы рацыд, раст уыцы бон рацыдысты Иегъовӕйы адӕм иууылдӕр Египеты зӕххӕй». Уӕдӕ афтӕмӕй Хуыцау Авраамимӕ цы цӕдис сарӕзта, уый йӕ тыхы бацыд н. э. агъоммӕ 1943 азы 14 нисаны, Аврам Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Евфраты цӕугӕдоны сӕрты куы ахызт, уӕд.

14. а) Аврамӕн уырнындзинады цӕстӕй йӕ бон цы уыди уынын? ӕ) Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ абон Хуыцауы адӕм Аврамӕй тынгдӕр сты арфӕгонд?

14 Аврам фӕстейӕ ныууагъта хъӕздыг сахар. Фӕлӕ уый ӕнхъӕлмӕ каст, «[ӕцӕг] бындур кӕмӕн ис», ахӕм сахармӕ — адӕмыл къухдариуӕггӕнӕг рӕстаг хицауадмӕ (Дзуттытӕм 11:10). О, кӕд Аврам бирӕ ницы зыдта, уӕддӕр цадӕггай ӕмбарын райдыдта, Хуыцау сӕфтмӕ цӕуӕг адӕмы куыд хъавыд фервӕзын кӕнын, уый. Абон мах уӕлдай арфӕгонд стӕм Хуыцауӕй, уымӕн ӕмӕ йын Аврамӕй бирӕ арфдӕр ӕмбарӕм йӕ фӕндтӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:18). Аврам цы «сахармӕ», кӕнӕ Паддзахадмӕ, бӕллыд, уымӕ абон мах ӕнхъӕлмӕ кӕсын нал хъӕуы — 1914 азӕй уый ис уӕларвыл. Цымӕ нӕ уыцы хабар нӕ разӕнгард кӕны, Иегъовӕ нӕ кӕй уырны, уый нӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисынмӕ ӕмӕ нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр ууыл ӕвӕрынмӕ?

Зӕрдӕвӕрд зӕххыл — рӕстӕгмӕ

15, 16. а) Иегъовӕйӕн нывондхӕссӕн саразынӕн Аврамы стыр лӕгдзинад цӕмӕн хъуыди? ӕ) Абон чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у Аврамау лӕгдзинад ӕвдисын?

15 Уӕвынады 12:5, 6-ӕм стихы мах кӕсӕм: «Ӕппынфӕстаг ӕрхӕццӕ сты Ханааны зӕхмӕ. Аврам ӕрзылд уыцы зӕххыл суанг Сихемы онг, Морейы къохы онг». Сихем уыдис Иерусалимӕй цӕгатырдӕм 50 километры дарддӕр, «сыгъдӕг зӕххы дзӕнӕт» кӕй хуыдтой, уыцы хъӕздыг дӕлвӕзы. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыди, уӕддӕр «уӕды заман уыцы зӕххыл цардысты хананейӕгтӕ». Уыдон уыдысты тынг ӕнӕуаг, хӕлд адӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Аврам тынг цырддзаст хъуамӕ уыдаид, цӕмӕй йӕ бинонты бахызтаид сӕ хӕлд ӕндӕвдадӕй (Рацыд 34:11—16).

16 Дыккаг хатт «фӕзынд ныр Иегъовӕ Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: „Дӕ мыггагӕн ратдзынӕн Ӕз ацы зӕхх“». Диссаджы ӕхсызгон хабар! Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр йӕ байзӕддӕгтӕ фидӕны цы райстаиккой, ууыл цин кӕнынӕн Аврамы хъуыди уырнындзинад! Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Иегъовӕйы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Аврам «уым сарӕзта нывондхӕссӕн Иегъовӕйы номыл, чи йӕм фӕзынд, уый номыл» (Уӕвынад 12:7). Иу библииртасӕджы хъуыдымӕ гӕсгӕ, «уыцы зӕххыл нывондхӕссӕн кӕй сарӕзта, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ уырнындзинады бындурыл уыцы зӕхх йӕхи кӕй баци». Аврам ахӕм нывондхӕссӕн кӕй сарӕзта, уый йӕ лӕгдзинадыл дзурӕг уыди. Ӕнӕмӕнг уыцы нывондхӕссӕн уыди, фӕстӕдӕр Закъоны цӕдисы цы нывондхӕссӕны кой цыди, уый хуызӕн: ома арӕзт уыд ӕнӕхафт дуртӕй (Рацыд 20:24, 25). Уымӕ гӕсгӕ уый тынг хицӕн кодта, хананейӕгтӕ цы нывондхӕссӕнтӕ арӕзтой, уыдонӕй. Уӕдӕ уынӕм, Аврам ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн кувӕг лӕг кӕй уыди, уый ӕргом равдисын кӕй нӕ фӕтарст, кӕд афтӕмӕй йӕхимӕ адӕмы сфыдӕх кодта ӕмӕ йӕ цард дӕр тӕссаг уавӕры баппӕрста, уӕддӕр. Цы зӕгъӕн ис абон махӕй та, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕй? Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕргом дзурынӕй тӕрсӕм? Цӕй ӕмӕ Аврам цы лӕгдзинад равдыста, уый нӕ алкӕмӕндӕр ахӕм ахъаз фӕуӕд, ӕмӕ мах дӕр Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй сӕрыстыр куыд уӕм!

17. Аврам Хуыцауы ном хъусынгӕнӕг кӕй уыд, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй ӕвдыста ӕмӕ уый абоны чырыстӕтты зӕрдыл цы лӕууын кӕны?

17 Аврам кӕмфӕнды ма уыдаид, Иегъовӕйӕн кувынӕй ахсджиагдӕр ын никуы ницы уыди. «Уый фӕстӕ йӕ ных сарӕзта Вефилӕй скӕсӕнырдӕм цы хӕхбӕстӕ уыди, уырдӕм; йӕ цатыр афтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ ныгуылӕнырдыгӕй уыди Вефил, скӕсӕнырдыгӕй та — Гай. Уым сарӕзта нывондхӕссӕн Иегъовӕйы номыл ӕмӕ райдыдта Иегъовӕйы номмӕ сидын» (Уӕвынад 12:8). Дзуттаг мивдисӕг «номмӕ сидын» нысан кӕны уыцы «ном ӕргом кӕнын (хъусын кӕнын)». Бӕгуыдӕр, Аврам йӕ алыварсцӕрӕг хананейӕгтӕн ныфсджынӕй хъусын кодта Иегъовӕйы ном (Уӕвынад 14:22—24). Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, абон ын мах дӕр ӕппӕт адӕмы ’хсӕн кӕй хъуамӕ кадджын кӕнӕм йӕ ном, уый (Дзуттытӕм 13:15; Ромӕгтӕм 10:10).

18. Аврамӕн Ханааны цӕрджытимӕ цавӕр ахастыты уыди?

18 Аврам дзӕвгар рӕстӕгмӕ никуы ӕрбынат кодта. «Уый фӕстӕ Аврам райхӕлдта йӕ цатыр, ӕмӕ араст Негевырдӕм, иу ӕрлӕууӕн бынатӕй иннӕмӕ» — Иудӕйы хӕхтӕй хуссарырдӕм, къӕвдатӕ арӕх кӕм нӕ вӕййы, уыцы бӕстӕм (Уӕвынад 12:9). Цӕугӕцард кӕнгӕйӕ, Аврам алы ран дӕр ӕргом ӕвдыста, Иегъовӕйӕн кувӕг лӕг кӕй уыди, уый. Афтӕмӕй Аврам ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ «сӕхи тыххӕй дзырдтой, ацы зӕххыл кӕй сты ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ» (Дзуттытӕм 11:13, НД). Сӕ алыварс цӕрӕг муртаттаг адӕмтимӕ никуы лымӕн кодтой. Абон чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ ацы «дунейӕ ма уой» (Иоанны 17:16). Кӕд нӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ не ’мкусджытӕм хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уӕздан ахаст дарӕм, уӕддӕр алы ӕгъдауӕй дӕр хъуамӕ нӕхи хизӕм, Хуыцауӕй иппӕрд дунейы зондахаст цы хъуыддӕгты бӕрӕг кӕны, уыдонӕй (Ефесӕгтӕм 2:2, 3).

19. а) Цӕугӕцард кӕнын Аврам ӕмӕ Сарӕйӕн ӕнцон цӕуылнӕ уыди? ӕ) Авраммӕ цавӕр зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст?

19 Ма рох кӕнӕм, цӕугӕцард кӕнын Аврамӕн дӕр ӕмӕ Сарӕйӕн дӕр ӕнцон кӕй нӕ уыди, уый. Кӕд Уры базарты алыхуызон хӕринӕгтӕ уыд сӕ бон ӕлхӕнын, уӕд ныр та цардысты, сӕ фосӕй сӕм цы ӕфтыд, ӕрмӕстдӕр уымӕй; райдзаст хӕдзары бӕсты та цатырты къуындӕг уавӕрты ӕрвыстой сӕ бонтӕ (Дзуттытӕм 11:9). Аврамӕн стыр дзугтӕ ӕмӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ хъуыддӕгтӕ кӕнын хъуыди. Уӕдӕ Сарӕйӕн дӕр ӕнцон кӕм уыдаид, уӕды заманы сылгоймагмӕ цы бирӕ куыстытӕ хауди, уыдоныл ӕххӕссын: хыссӕ кӕнын, дзул фыцын, къуымбилы куыст кӕнын, уӕлӕдарӕс хуыйын (Уӕвынад 18:6, 7; 4 Паддзахӕдты 23:7; Фӕсномыг ныхӕстӕ 31:19; Иезекил 13:18). Фӕлӕ та сӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ каст ног фӕлварӕнтӕ. Цасдӕры фӕстӕ Аврам ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ бахаудысты тынг тӕссаг уавӕры! Цымӕ Аврамы уырнындзинад уыйас тыхджын разындзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕраза?

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Кӕд Евфраты цӕугӕдон абон, Уры сахар раздӕр кӕм уыди, уырдыгӕй скӕсӕнырдӕм иу ӕхсӕрдӕс километры ӕддӕдӕр цӕуы, уӕддӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй уӕды заманы уыцы дон цыди сахары ныгуылӕнварс. Уымӕ гӕсгӕ фӕстӕдӕр Аврамӕй ӕцӕгдӕр уыди зӕгъӕн, зӕгъгӕ, уый ӕрцыд «[Евфраты] цӕугӕдоны иннӕ фарсӕй» (Йесо Навин 24:3).

^ 13 абз. Сӕдӕ азтӕ фӕстӕдӕр ассирийаг паддзах Ашшурнасирпал II Кархамисмӕ хӕстӕг Евфраты цӕугӕдоны сӕрты ахызт тъиуитыл. Цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахизынӕн Аврамы дӕр тъиуитӕ саразын бахъуыд ӕви чырӕ йӕхигъӕдӕй ахызти цӕугӕдоныл, уый тыххӕй Библи ницы дзуры.

Дӕ хъус ӕрдардтай?

• Аврам «уырнӕджытӕн се ’ппӕты фыдӕл» цӕмӕн хуыйны?

• Халдейаг Ур ныууадзынӕн Аврамы уырнындзинад цӕмӕн хъуыди?

• Царды мидӕг Аврамӕн Иегъовӕйӕн кувынӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы уыди, уый куыд ӕвдыста?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Цатырты цӕргӕйӕ Аврам ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ «сӕхи тыххӕй дзырдтой, уыцы зӕххыл кӕй уыдысты ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ».