«Агур фарн ӕмӕ йӕм тындз»
«Агур фарн ӕмӕ йӕм тындз»
«Уӕхи ’рдыгӕй, гӕнӕн куы уа, уӕд-иу фӕрнӕй цӕрут адӕмимӕ се ’ппӕтимӕ» (РОМӔГТӔМ 12:18, НФ).
1, 2. Адӕм цы сабырдзинад аразынц, уый бирӕйы фаг цӕуылнӕ у?
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ ма ауайын кӕн, ӕфсоны лӕуд чи кӕны, йӕ уӕладзӕнтӕ кӕмӕн бамбыдысты ӕмӕ йӕ сӕр мӕнӕ-мӕнӕ кӕмӕн ныккӕлдзӕн, ахӕм хӕдзар. Ахӕм хӕдзары дӕ бафӕндид ӕрцӕрын? Зынтӕй! Йӕ къултӕ йын ногӕй куы сцӕгъдай, уӕддӕр уымӕй фидардӕр нӕ фӕуыдзӕн. Абон уа ӕви райсом, ӕнӕныккӕлгӕ йын нӕй.
2 Раст ахӕм хӕдзаримӕ ис абарӕн, адӕм зӕхмӕ цы фарн ӕмӕ сабырдзинад ӕрхӕссыныл архайынц, уый дӕр. Уыцы сабырдзинад арӕзт у, «ирвӕзындзинад кӕмӕ нӕй», уыцы адӕймаджы митӕй амад мӕсгуытыл ӕмӕ стыр ныхӕстыл (Псалом 145:3). Адӕмы цардыл дӕ цӕст куы ахӕссай, уӕд адӕмыхӕттытӕ, нацитӕ ӕмӕ знӕмтӕ кӕрӕдзи кӕй цӕгъдынц, ӕндӕр дзы ницы фендзынӕ. Ӕцӕг-иу, ӕнӕхӕст, сабыр рӕстӕджытӕ дӕр уыди, фӕлӕ цавӕр сабырдзинад, цавӕр фидыддзинад у уый? Хӕсты хайадисджытӕ уымӕн куы бафидауой, ӕмӕ дзы иу дӕрӕнгонд кӕй ӕрцыд йе та дыууӕтӕ дӕр кӕй ницы рамбулдзысты, уый кӕй бамбӕрстой, уӕд цымӕ уый цавӕр фидыддзинад уыдзӕн? Хӕстмӕ цы фыдӕхдзинад, ӕнӕууӕнкдзинад ӕмӕ хӕлӕгдзинад ӕркодта, уый баззад адӕмы зӕрдӕты. «Чъырӕй ног цъар сывӕрын» бирӕйы фаг куыд нӕу, афтӕ ӕфсоны фидыд дӕр бирӕ нӕ хӕссы (Иезекил 13:10).
3. Цӕмӕй хицӕн кӕнынц, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы фарн ис ӕмӕ адӕм цы сабырдзинадыл архайынц, уыдон?
3 Фӕлӕ ацы хӕстмондаг дунейы дӕр ссарӕн ис ӕцӕг фарн. Кӕм? Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн — Йесойы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи исы ӕмӕ царды мидӕг уый куыд кодта, афтӕ чи кӕны, уыцы ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн (1 Коринфӕгтӕм 11:1; 1 Петры 2:21). Алы адӕмыхӕттытӕй, нацитӕй ӕмӕ алыхуызон уавӕрты цӕрӕг ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн цы фарн ис, уый у ӕцӕг фарн, уымӕн ӕмӕ уыцы фарн ис, Хуыцауимӕ ӕнгом ахастыты кӕй сты, уый фӕрцы. Уыцы ахастытӕн та ӕрмӕстдӕр уӕд ис гӕнӕн, кӕд ӕмӕ адӕймаг Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывондыл ӕууӕнды. Чырыстӕтты ’хсӕн ахӕм фарн кӕй ис, уый адӕмы сгуыхтдзинад нӕу, фӕлӕ Хуыцауы лӕвар у (Ромӕгтӕм 15:33; Ефесӕгтӕм 6:23, 24). Уымӕн гӕнӕн ис, «Фарны Кънйаз» Йесо Чырыстийы коммӕ кӕй кӕсынц ӕмӕ «уарзондзинад ӕмӕ фарны Хуыцау» Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый фӕрцы (Исай 9:6; 2 Коринфӕгтӕм 13:11).
4. Чырыстон фарнмӕ куыд тырны?
4 Фӕлӕ ӕнӕххӕст адӕмы ’хсӕн фарн йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзыны. Уымӕн загъта Петр, зӕгъгӕ, алы чырыстон дӕр хъуамӕ «агура фарн ӕмӕ [йӕм] тындза» (1 Петры 3:11, НФ). Куыд? Ацы фарстӕн дзуапп ис рагон пехуымпарады. Иегъовӕ пехуымпар Исайы уылты загъта: «Дӕ фыртты се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Иегъовӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты фӕрнӕйдзаг» (Исай 54:13; Филиппӕгтӕм 4:9). Уӕдӕ, ӕцӕг фарн ис, Иегъовӕйы амындтӕм чи хъусы, ӕрмӕстдӕр уыдонмӕ. Уымӕй дӕр куыд «уарзондзинад, циндзинад... бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын», афтӕ фарн дӕр у Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд фарнӕн уӕвӕн нӕй, уарзондзинад ӕмӕ циндзинад кӕмӕ нӕй, фӕразын чи нӕ зоны, саузӕрдӕ, фӕлывд, мӕнгард ӕмӕ ӕгъатыр чи у, йӕхиуыл хӕцын чи нӕ зоны, уыдонмӕ.
«Фӕрнӕй цӕрут адӕмимӕ се ’ппӕтимӕ»
5, 6. а) Сабыр адӕймаг ӕмӕ фарнхӕссӕг адӕймаг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц? ӕ) Чырыстӕттӕ фарн кӕмӕ хъуамӕ хӕссой?
5 Дзырд «фарн» нысан кӕны «сабырдзинад, ӕнцойдзинад». Афтӕ зӕгъӕн ис, ныхмӕлӕуд ӕмӕ тох кӕм нӕй, бирӕ ахӕм уавӕртӕй. Раст ахӕм уавӕры сты мӕрдтӕ дӕр. Фӕлӕ цӕмӕй адӕймаг ӕцӕг фӕрнджын уа, уый тыххӕй ӕнӕуи сабыр уа, уый фаг нӕу. Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды афтӕ загъта: «Тӕхудиаг сты фидауынгӕнджытӕ [«фарнхӕсджытӕ», НД], уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы фырттӕ хуыйндзысты» (Матфейы 5:9). Ам Йесо дзырдта, фӕстӕдӕр Хуыцауы фырттӕ суӕвын ӕмӕ уӕларвыл ӕнӕмӕлгӕ цард райсыны фадат кӕмӕн уыди, уыдонмӕ (Ромӕгтӕм 8:14—17; Иоанны 1:12). Ӕппынфӕстаг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй уӕларвон ныфс кӕмӕн нӕй, уыдон се ’ппӕт дӕр хайджын уыдзысты «Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадӕй» (Ромӕгтӕм 8:21). Уый ныфс ис ӕрмӕстдӕр фарнхӕсджыты. Сабыр адӕймаг ӕмӕ фарнхӕссӕг адӕймаг та иу не сты. Библимӕ гӕсгӕ фарнхӕссӕг у ахӕм адӕймаг, сабырдзинады сӕраппонд йӕхиуыл чи нӕ ауӕрды, фарн кӕм нӕ вӕййы, уырдӕм дӕр ӕй чи хӕссы.
6 Цӕй уӕдӕ, ацы хъуыды ма ферох кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕркӕсӕм, апостол Павел ромӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ: «Уӕхи ’рдыгӕй, гӕнӕн куы уа, уӕд-иу фӕрнӕй цӕрут адӕмимӕ се ’ппӕтимӕ» (Ромӕгтӕм 12:18, НФ). Павел ӕрмӕст ууыл нӕ дзырдта, ӕмӕ Ромы чырыстӕттӕ ӕнӕуи сабыр кӕй хъуамӕ уыдаиккой, кӕд уый дӕр ахсджиагӕй хъӕуы, уӕддӕр. Павел сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй фарн хастаиккой. Кӕмӕ? «Адӕмӕн се ’ппӕтмӕ дӕр»: хӕдзары бинонтӕм, чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм, суанг ма семӕ Хуыцауӕн чи нӕ куывта, уыдонмӕ дӕр. Уый фӕндыд, цӕмӕй кӕд «уыдоны ’рдыгӕй гӕнӕн уыди», уӕд фарн хастаиккой иннӕтӕн. Ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ фарны сӕраппонд цӕттӕ кӕй хъуамӕ уыдаиккой, цы сӕ уырныдта ӕмӕ сын сӕ намыс цы дзырдта, уый сӕрты ахизынмӕ дӕр. Нӕ, Павел сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй адӕмы сӕхимӕ ӕнӕхъуаджы ма фыдӕх кодтаиккой, фӕлӕ сӕм хӕларзӕрдӕ уыдаиккой. Чырыстӕттӕн хъуамӕ ахӕм ахаст уыдаид се ’муырнджытӕм дӕр ӕмӕ ӕддагон адӕммӕ дӕр (Галатӕгтӕм 6:10). Уымӕ гӕсгӕ Павел фыста: «Ӕдзухдӕр агурут хорздзинад кӕрӕдзийӕн ӕмӕ ӕппӕтӕн дӕр» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:15).
7, 8. Куыд архайынц чырыстӕттӕ, сӕ уырнындзинадыл хӕст чи нӕу, уыдонимӕ фӕрнӕй цӕрыныл ӕмӕ цӕмӕн аразынц афтӕ?
7 Мах цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл чи не ’ууӕнды ӕмӕ ма суанг нӕ ныхмӕ дӕр чи цӕуы, уыдонимӕ фӕрнӕй цӕрӕн куыд ис? Нӕхи уыдонӕй уӕлдӕр ма хъуамӕ ӕвӕрӕм. Цӕвиттон, искӕимӕ сӕрбӕрзондӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд зын зӕгъӕн уыдзӕн, фарнхӕсджытӕ кӕй стӕм. Иегъовӕ рахаста йӕ тӕрхон ӕхсӕнадон организацитӕ ӕмӕ къордтӕн, фӕлӕ махӕн уый бар нӕй, ӕмӕ хицӕнӕй райсгӕйӕ, искӕй кой афтӕ кӕнӕм, цыма ныридӕгӕн дӕр тӕрхонгонд у. Уӕдӕ мах никӕмӕн стӕм тӕрхонгӕнджытӕ, суанг нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн дӕр. Павел Титӕн куы загъта, цӕмӕй Криты цӕрӕг чырыстӕттӕн бацамыдтаид, хицӕуттӕм цавӕр ахаст хъуамӕ дардтаиккой, уый, уӕд ма сын ноджыдӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй ма кодтаиккой «искӕй фыдкой, загъдӕргом ма уыдаиккой, фӕлӕ сабыр», ӕмӕ сын «адӕмӕй алкӕмӕдӕр фӕлмӕн ахаст уыдаид» (НД) (Титмӕ 3:1, 2).
8 Нӕ уырнындзинадыл хӕст чи нӕу, уыдонимӕ фӕрнӕй куы цӕрӕм, уӕд сын нӕ бон уыдзӕн ӕцӕгад бауарзынӕн диссаджы ӕххуыс бакӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «хорз ӕгъдӕуттӕ чи халы», уыдонимӕ лымӕнӕй нӕ цӕрдзыстӕм (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Фӕлӕ нын уӕддӕр алы адӕймагмӕ дӕр хъуамӕ уа уӕздан ахаст, алкӕмӕн дӕр хъуамӕ аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕм хӕларзӕрдӕ уӕм. Петр фыста: «Ӕрвитут хӕрзуаг цард муртатты ’хсӕн, цӕмӕй уыдон уый тыххӕй, цӕй тыххӕй уӕ фыдкой кӕнынц, куыд фыдгӕнджыты, уӕ хорз хъуыддӕгтӕ фенгӕйӕ, скадджын кӕной Хуыцауы [йӕ] бабӕрӕг кӕныны бон» (1 Петры 2:12).
Фарнхӕсджытӕ уацамынды
9, 10. Ӕддагон адӕмимӕ фӕрнӕй цӕрыны хъуыддаджы нын апостол Павел цавӕр дӕнцӕг ныууагъта?
9 Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты зыдтой, ныфсджынӕй кӕй хъусын кодтой, уымӕй. Хуыцауы ныхӕстӕй ницы сусӕг кодтой, фӕлӕ сӕ ӕргомӕй дзырдтой; сӕ ныхмӕ куы цыдысты, уӕд та фылдӕр зӕххон хицӕутты коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ кастысты (Куыстытӕ 4:29; 5:29). О, фӕлӕ уыдон никуы рох кодтой, ныфсджынӕй дзургӕйӕ дӕр сӕхи уӕздан кӕй хъуамӕ дардтаиккой, уый. Ӕркӕсӕм, Павел паддзах Ирод Агриппӕ II раз йӕ уырнындзинады тыххӕй куы дзырдта, уӕд йӕхи куыд дардта, уымӕ. Ирод Агриппӕ II йӕ хӕрзхо Вереникӕимӕ бацарди, ӕмӕ уый та стыр тӕригъӕд уыд. Фӕлӕ Павел Агриппӕйӕн ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармы тыххӕй зӕндтӕ амоныныл не схӕцыд. Уый бӕсты Павел дзырдта, цы сӕ иу кодта, ууыл: раппӕлыд дзы, иудейты ӕгъдӕуттӕ кӕй зыдта ӕмӕ пехуымпартыл кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй (Куыстытӕ 26:2, 3, 27).
10 Кӕд мыййаг, Павелӕн йе ссӕрибар кӕнын цы адӕймагыл баст уыди, уымӕн йӕ зӕрдӕ балхӕнынмӕ хъавыд ӕмӕ йын уый тыххӕй козбау митӕ кодта? Нӕ. Павел архайдта, йӕхӕдӕг цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ дзырдта, раст цы уыди, уый. Ирод Агриппӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ, йӕ дзыхӕй иу мӕнг ныхас дӕр не схауд (Ефесӕгтӕм 4:15, НД). Фӕлӕ Павел уыди фарнхӕссӕг, уый архайдта «ӕппӕтӕн дӕр ... ӕппӕтдӕр» суӕвыныл (1 Коринфӕгтӕм 9:22). Агриппӕимӕ йӕ ныхасы сӕр уый уыди, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр уыдаид Йесойы тыххӕй хъусын кӕныны бар. Ӕмӕ куыд хорз ахуыргӕнӕг, афтӕ йӕ ныхас райдыдта, Агриппӕимӕ сӕ дыууӕ дӕр разы цӕуыл уыдысты, уымӕй. Ӕмӕ афтӕмӕй уыцы ӕнӕгъдау паддзахӕн баххуыс кодта чырыстӕттӕм хуыздӕр ахаст дарынӕн (Куыстытӕ 26:28—31).
11. Нӕ бон куыд у, ӕмӕ уацамынды фарнхӕсджытӕ уӕм?
11 Абон махӕн та куыд у нӕ бон, ӕмӕ уацамынды фарнхӕсджытӕ уӕм? Павелау мах дӕр нӕхи хизын хъӕуы быцӕутӕй. Раст у, нӕ уырнындзинады сӕрыл дзургӕйӕ нӕ хаттӕй-хатт бахъӕуы «Хуыцауы дзырд ӕдасӕй хъусын кӕнын» (Филиппӕгтӕм 1:14). Ӕмӕ уӕддӕр нӕ сӕйраг нысан у адӕммӕ хорз уацхъуыд фӕхӕццӕ кӕнын (Матфейы 24:14). Адӕймаг Хуыцауы фӕндты тыххӕй куы базона, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ мӕнг дины ӕгъдӕуттыл йӕ къух сиса ӕмӕ кӕд исты ӕнӕуаг хъуыддӕгтӕ кодта, уӕд уыдон дӕр ныууадза. Уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, адӕмӕн се ’ргом хъуамӕ здахӕм, ӕхсызгон сын цы уыдзӕн, уымӕ — нӕ ныхас-иу райдайӕм, нӕ бон семӕ сразы уӕвын цӕуыл у, уымӕй. Хорз нӕ уыдзӕн, Паддзахады хабармӕ чи байхъуыстаид, ахӕм адӕймаджы уӕздан ныхасы фыдӕй куы аиуварс кӕнӕм (2 Коринфӕгтӕм 6:3).
Фарнхӕсджытӕ бинонты ’хсӕн
12. Куыд у нӕ бон, ӕмӕ нӕ бинонты ’хсӕн фарнхӕсджытӕ уӕм?
12 Павел куыд загъта, афтӕмӕй бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон «буарӕй домд уыдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 7:28, НФ). Зындзинӕдтӕ алыхуызон вӕййынц. Зӕгъӕм, хатгай лӕг ӕмӕ ус цыдӕр хъуыддаджы кӕрӕдзи нӕ бамбарынц. Куыд кӕнгӕ у ахӕм уавӕрты? Архайын хъӕуы сабырӕй. Фарнхӕссӕг адӕймаг ӕппӕтдӕр сараздзӕн, цӕмӕй быцӕу ма стынг уа. Куыд? Фыццаджыдӕр, кӕм цы зӕгъын хъӕуа, уый куы зона. Ӕвзаг кӕд гыццылмур йеддӕмӕ нӕу, уӕддӕр дзы рӕхуыст ӕмӕ ӕлхыскъ ныхас куы кӕнӕм, уӕд фестдзӕн «ӕнӕбауромгӕ фыддзинад... мӕлӕтхӕссӕг маргӕй дзаг» (Иаковы 3:8). Фарнхӕссӕг адӕймаджы ӕвзаг халӕг нӕу, фӕлӕ аразӕг (Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:18).
13, 14. Ныхасӕй куы фӕрӕдийӕм кӕнӕ тынг куы смӕсты вӕййӕм, уӕд цы хуызы ис фарн бахъахъхъӕнӕн?
13 Алцӕмӕйдӕр нӕ ӕххӕст ничи у, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕй дӕр ахӕм ныхас сирвӕзы, фӕстӕдӕр кӕуыл фӕфӕсмон кӕны. Ахӕм хабар дыл куы ӕрцӕуа, уӕд архай ӕвӕстиатӕй, цӕмӕй уе ’хсӕн фарн ма фесӕфа (Фӕсномыг ныхӕстӕ 19:11; Колоссӕгтӕм 3:13). Дӕхи хиз «быцӕу ныхӕстӕ» ӕмӕ «дзӕгъӕл дзырддӕгтӕй» (НФ) (1 Тимофеймӕ 6:4, 5). Уый бӕсты арфдӕр ахъуыды кӕн, бацархай, хъуыддаг цӕй мидӕг ис ӕмӕ дӕ цардӕмбалы цы тыхсын кӕны, уый бамбарыныл. Кӕд дӕм уый схуыст ныхас скодта, уӕддӕр ӕм лӕгъзӕй дзур. Дӕ зӕрдыл дар уый, ӕмӕ «фӕлмӕн ныхас маст сафы» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:1).
14 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ, чи зоны, ӕвзӕр нӕ уаид ахъуыды кӕнын, Фӕсномыг ныхӕсты 17:14-ӕм стихы цы уынаффӕ лӕвӕрд цӕуы, ууыл: «Хылӕн йӕ хуыздӕр хос — ма йӕ райдай» («Мах дуг» №12, 1999 аз). Дӕхиуыл фӕхӕц, бацархай хъуыддагмӕ фӕрсырдыгӕй бакӕсын. Фӕстӕдӕр, дӕ маст куы ссӕуа, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон бауыдзӕн хъуыддаг сабырӕй ахицӕн кӕнын. Иуӕй-иу уавӕрты бахъӕуы фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаджы ӕххуыс. Уыцы ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлтӕрд нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у стыр ӕххуыс бакӕнын дӕ бинонты фарн бахъахъхъӕнынӕн (Исай 32:1, 2).
Фарнхӕсджытӕ ӕмбырды
15. Иаков куыд загъта, афтӕмӕй иуӕй-иу чырыстӕттӕм цавӕр ӕвзӕр зондахаст фӕзынд ӕмӕ уыцы зондахаст цӕмӕн у «зӕххон», «сырдон» ӕмӕ «хӕйрӕгӕй»?
15 Хъыгагӕн, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕмбырдмӕ фарн нӕ хастой, фӕлӕ уыдысты хӕлӕггӕнаг ӕмӕ загъдӕргом. Иаков афтӕ загъта: «Уый нӕу уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд, фӕлӕ зӕххон, буарон [«сырдон», НД], хӕйрӕгӕй; уымӕн ӕмӕ хӕлӕг ӕмӕ загъдӕргомдзинад кӕм ис, уым ис хӕлддзинад ӕмӕ алы ӕвзӕрдзинӕдтӕ» (Иаковы 3:14—16). Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ «загъдӕргом»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд ма амоны, кадмӕ чи бӕллы, цыфӕндыйӕ дӕр зынгӕ бынат бацахсыныл чи архайы, ахӕм адӕймагмӕ. Уӕдӕ Иаков дзӕгъӕлы нӕ загъта, зӕгъгӕ, ахӕм зондахаст у «зӕххон, буарон [«сырдон», НД], хӕйрӕгӕй». Рагзамантӕй фӕстӕмӕ дӕр дунейы хицӕуттӕ сты загъдӕргом, раст хъӕддаг сырдтау лӕбурынц кӕрӕдзимӕ. Уӕдӕ куыннӕ у загъдӕргомдзинад «зӕххон» ӕмӕ «сырдон». Афтӕ ма уый у «хӕйрӕгӕй» дӕр. Ахӕм ӕвзӕр зонд фыццаг хатт равдыста кадылмард зӕд, уый растад Иегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕмӕ сси Сайтан, хӕйрӕджыты хистӕр.
16. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ Сайтаны зондахаст куыд ӕвдыстой?
16 Иаков чырыстӕттӕм ӕрсидт, цӕмӕй загъдӕргом суӕвынӕй сӕхи хызтаиккой, уымӕн ӕмӕ уый кӕм уа, уым фарнӕн бынат нал ис. Уый фыста: «Кӕцӕй уӕм сты знагдзинад ӕмӕ быцӕу? Не ’сты цы уыдон, уӕ уӕнгты тох чи кӕны, уыцы цыбӕлты руаджы!» (Иаковы 4:1, НФ). Ацы стихы дзырд «цыбӕлтӕм» гӕнӕн ис ӕмӕ хауа, адӕймаг хъӕздыгдзинадыл зыд куы кӕна, кӕнӕ та зындгонд уӕвынмӕ, стыр бартӕ ӕмӕ стыр бынатмӕ куы тырна, уымӕ. Ӕвӕццӕгӕн ӕмбырды дӕр иуӕй-иутӕ уыдысты Сайтанау кадылмард. Уыдоны нӕ фӕндыд, Йесо йӕ ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ цыхуызӕн хъуамӕ уой, уый тыххӕй цы загъта, уымӕ гӕсгӕ архайын, ома «ныллӕгдӕр уӕвын» (Лукайы 9:48). Ахӕм зондахаст тӕссаг у ӕмбырды фарнӕн.
17. Абон чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у ӕмбырдмӕ фарн хӕссын?
17 Абон мах дӕр хъуамӕ хъӕздыгдзинад ӕмӕ кадмӕ бӕллынӕй нӕхи хизӕм, хӕлӕг ма кӕнӕм. Кӕд ӕцӕг фарнхӕсджытӕ стӕм, уӕд ӕмбырды исчи махӕй арӕхстджындӕр кӕй у, уый нӕм хъыг нӕ кӕсдзӕн ӕмӕ йӕ иннӕты цӕсты не ’фтаудзыстӕм, сыгъдӕгзӕрдӕ нӕу, зӕгъгӕ. Кӕд истӕмӕ хорз арӕхсӕм, уӕд дӕр нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрдзыстӕм ӕмӕ нӕхимӕ нӕ ныззындзыстӕм, цыма ӕмбырд ӕрмӕстдӕр нӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ арӕхстдзинады фӕрцы лӕууы йӕ къахыл. Ахӕм зондахаст кӕны ӕрмӕстдӕр быцӕутӕм, фарнмӕ нӕ, фӕлӕ. Фарнхӕссӕг чи у, уыдон сӕхицӕй нӕ феппӕлынц, фӕлӕ цы зонынц ӕмӕ цӕмӕ арӕхсынц, уымӕй сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнынц се ’фсымӕртӕн ӕмӕ бӕрзонд кӕнынц Иегъовӕйы ном. Ахӕм адӕймаг ӕмбары, чырыстӕттӕ сӕйраджыдӕр сӕ арӕхстдзинӕдтӕй нӕ, фӕлӕ уарзондзинадӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уый (Иоанны 13:35; 1 Коринфӕгтӕм 13:1—3).
«Фарн... цӕстдарӕгӕй»
18. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ кӕрӕдзийы ’хсӕн фарн куыд хъахъхъӕнынц?
18 Ӕмбырдмӕ фарн хӕсгӕйӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты иннӕтӕн дӕнцӕг. Иегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй развӕлгъау загъта: «Фарн дын снысан кӕндзынӕн цӕстдарӕгӕй, рӕстдзинад та — хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕгӕй» (Исай 60:17). Ацы пехуымпарад куыд дзуры, афтӕмӕй ӕмбырды чырыстон фыййӕуттӕй чи лӕггад кӕны, уыдон ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй се ’хсӕн дӕр ӕмӕ ӕгас дзуджы ’хсӕн дӕр фарн уа. Хистӕр нӕлгоймӕгты ’хсӕн фарн уӕд уыдзӕн, кӕд ӕмӕ сӕм уа фӕрнӕйдзаг ӕмӕ бонзонгӕ «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» (Иаковы 3:17, НФ). Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр алыхуызон уавӕрты схъомыл сты, алыхуызон сӕ сфӕлтӕрдта цард, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цыдӕр хъуыддаджы иууыл ӕмхуызон нӕ фӕхъуыды кӕнынц. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ се ’хсӕн фарн нӕй? Ахӕм уавӕры сӕхи куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы фӕдарынц, уӕд нӕ. Фарнхӕссӕг чи у, уый сӕрныллӕгӕй фӕзӕгъы йӕ хъуыды, ӕмӕ уый фӕстӕ лӕмбынӕг байхъусы иннӕтӕм дӕр. Фарнхӕссӕг адӕймаг йӕхи цы фӕнда, ууыл никуы ныццӕхгӕр уыдзӕн, фӕлӕ кувдзӕн Иегъовӕмӕ ӕмӕ афтӕмӕй лӕмбынӕг ахъуыды кӕндзӕн, йе ’фсымӕртӕ цы дзурынц, ууыл. Ӕмӕ ӕмбардзӕн, кӕд дзы Библимӕ гӕсгӕ ӕнӕрастӕй ницы уа, уӕд хъуыддагмӕ алыхуызон цӕстӕй кӕй кӕсынц, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис. Уымӕ гӕсгӕ иу хъуыдымӕ куы нӕ ӕрцӕуой, уӕддӕр фарнхӕссӕг адӕймаг сразы уыдзӕн, сӕ фылдӕр цы зӕгъой, ууыл. Ӕмӕ уымӕй равдисдзӕн, ӕмбаргӕ адӕймаг кӕй у, уый (1 Тимофеймӕ 3:2, 3, НД). Ӕмбаргӕ цӕстдарджытӕ зонынц, уыдон куыд хъуыды кӕнынц, уымӕй фарн бахъахъхъӕнын бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у.
19. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдмӕ фарн куыд хӕссынц?
19 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахъаз кӕнынц фарнӕн ӕгас дзуджы ’хсӕн дӕр: уыдон ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты ӕнӕхъуаджы не ’фхӕрынц, фӕлӕ сын, сӕ бон цы у, уымӕй ӕххуыс кӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хаттӕй-хатт кӕйдӕрты бафхӕрын, бараст кӕнын дӕр фӕхъӕуы (Галатӕгтӕм 6:1). Фӕлӕ чырыстон цӕстдарӕгӕн йӕ хӕс сӕйраджыдӕр уый нӕу, ӕмӕ ӕфхӕргӕ кӕна. Уый ӕмбырды уӕнгтӕй фылдӕр ӕппӕлгӕ кӕны. Хӕларзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц, ӕмбырды уӕнгтӕм цы хорз миниуджытӕ ис, уыдон бафиппайыныл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ аргъ кӕнынц се ’мчырыстӕттӕ зӕрдӕбынӕй цы аразынц, уымӕн, ӕмӕ сӕ уырны, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразынц (2 Коринфӕгтӕм 2:3, 4).
20. Алчидӕр нӕ фарн хӕссыныл кӕй архайы, уый ӕмбырдӕн ахъаз цӕмӕй у?
20 Уӕдӕ хӕдзары уа, чырыстон ӕмбырды уа ӕви ӕддагон адӕмы ’хсӕн, мах алкуыдӕр архайӕм фарн хӕссыныл. Ӕмӕ нӕ уыцы хъуыддаджы алкӕмӕндӕр йӕ бон цы у, уый куы араза, уӕд ӕмбырды ӕнӕмӕнг уыдзӕн фарн. Иннӕ статьяйӕ куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй ма ахӕм фарн ахъаз у нӕ фидардзинадӕн ӕмӕ нӕ ӕдасдзинадӕн.
Бахъуыды кодтай?
• Кӕмӕй ис зӕгъӕн фарнхӕссӕг у, зӕгъгӕ?
• Иегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонимӕ нӕ бон куыд у фӕрнӕй цӕрын?
• Цӕмӕй бинонты ’хсӕн фарн уа, уый тыххӕй цы хъӕуы?
• Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды фарнӕн ахъаз куыд сты?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 23 фарсыл]
Фарнхӕссӕг адӕймаг йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр нӕ кӕны.
[Нывтӕ 24 фарсыл]
Чырыстӕттӕ сты фарнхӕсджытӕ сӕ бинонты ’хсӕн дӕр, ӕмбырды дӕр ӕмӕ уацамынды дӕр.