Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕуӕн дӕр Авраамау фидар уырнындзинад уӕд!

Дӕуӕн дӕр Авраамау фидар уырнындзинад уӕд!

Дӕуӕн дӕр Авраамау фидар уырнындзинад уӕд!

«Уырнджытӕ... [«уырнындзинады фидар чи лӕууы, уыдон», НД] сты Авраамы фырттӕ» (ГАЛАТӔГТӔМ 3:7).

1. Ханааны зӕххыл Аврам ног фӕлварӕны куы бахауд, уӕд цы бакодта?

ИЕГЪОВӔЙЫ бардзырд сӕххӕст кӕныны сӕраппонд Аврам ныууагъта йӕ ӕвӕлмон цард Уры сахары. Фӕлӕ уый фӕстӕ цы зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уыдон ницы уыдысты, йӕ уырнындзинад Египеты цы фӕлварӕны бахауд, уыимӕ абаргӕйӕ. Библийы дзырдӕуы: «Ӕххормаг заман скодта уыцы бӕстӕйы». Ахӕм уавӕры тынг ӕнцонтӕй уыди гӕнӕн, ӕмӕ Аврам йӕ ныфс фесӕфтаид! Фӕлӕ уый бӕсты Аврам ӕппӕт дӕр арӕзта, цӕмӕй йӕ бинонтӕ ма аскъуыдаиккой. «Уыцы бӕсты ӕххормаг заман кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Аврам араст Египетмӕ, цӕмӕй уал рӕстӕгмӕ уым ацӕра». Аврамӕн йӕ бирӕ хӕдзаронтимӕ Египетмӕ, куыд ничи сӕ фӕхатыдаид, афтӕ бацӕуын тынг зын уыди. Цымӕ Иегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн йӕ ныхас ӕмӕ Аврамы фыдбылызӕй бахиздзӕн? (Уӕвынад 12:10; Рацыд 16:2, 3).

2, 3. а) Аврамӕн Сарӕ ӕцӕгӕй чи уыди, уый цӕмӕн басусӕг кодта? ӕ) Уыцы уавӕры Аврам йӕ усмӕ цавӕр ахаст равдыста?

2 Уӕвынады 12:11—13-ӕм стихты кӕсӕм: «Египетмӕ куы бахӕстӕг сты, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: „Иу курдиат мӕм ис дӕумӕ! Тынг рӕсугъд сылгоймаг дӕ, ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ египетӕгтӕ куы феной, уӕд зӕгъдзысты, уый йӕ ус у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ мӕн амардзысты, дӕу та ныууадздзысты удӕгасӕй. Курын дӕ, зӕгъ-иу сын, мӕ хо кӕй дӕ, цӕмӕй мыл дӕ фӕрцы мацы фыдбылыз ӕрцӕуа ӕмӕ ма фесӕфон“». Кӕд Сарӕйыл уӕд 65 азӕй фылдӕр цыди, уӕддӕр йӕ кӕддӕры рӕсугъддзинад нӕма фесӕфта. Ӕмӕ уый тӕссаг уавӕры ӕппӕрста Аврамы * (Уӕвынад 12:4, 5; 17:17). Уымӕй ахсджиагдӕр та уыди, Аврамы цард Иегъовӕйы фӕндонимӕ баст кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ йын афтӕ загъта, зӕгъгӕ, дӕ мыггаджы уылты ӕрцӕудзысты арфӕгонд зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр (Уӕвынад 12:2, 3, 7). Аврамӕн та зӕнӕг афтӕ дӕр нӕма уыди, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг хъуыди йӕ цард бахъахъхъӕнын.

3 Аврам развӕлгъау йӕ усимӕ баныхас кодта, цӕмӕй исты ӕвзӕр хабар куы ӕрцыдаид, уӕд хинӕй рацыдаид, ӕмӕ загътаид, йӕ хо кӕй у. Бинонты хистӕр уӕвгӕйӕ, Аврамӕн кӕд йӕ бинойнагыл йӕ бар цыди, уӕддӕр тыхӕй нӕ архайдта, фӕлӕ йӕхи афтӕ дардта, цӕмӕй йемӕ ӕмгуыст кодтаид ӕмӕ йын ӕххуыс кодтаид (Уӕвынад 12:11—13; 20:13). Уӕдӕ абон Аврам у диссаджы дӕнцӕг лӕгтӕн, цӕмӕй хӕдзары хистӕры хӕстӕ ӕххӕст кӕной хӕларӕй, Сарӕ та — устытӕн, цӕмӕй уыдон дӕр афтӕ кӕсой сӕ лӕгты коммӕ (Ефесӕгтӕм 5:23—28; Колоссӕгтӕм 4:6).

4. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн се ’фсымӕрты цард тӕссаг уавӕры куы уа, уӕд сӕхи куыд хъуамӕ дарой?

4 Сарӕйӕн йӕ бон уыди йӕхи Аврамы хо схонын, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр фыдӕй иу уыдысты, мадӕй та хицӕн (Уӕвынад 20:12). Стӕй Аврам хӕсджын нӕ уыди, цӕмӕй уыцы хъуыддаг зонын кӕмӕн не ’мбӕлд, уыдонӕн ӕй дзырдтаид (Матфейы 7:6). Абон Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы фӕдзӕхст: цӕрынц рӕстӕй ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй (Дзуттытӕм 13:18). Зӕгъӕм, уыдон тӕрхоны раз мӕнг сомы никуы ракӕнынц. Фӕлӕ фӕдылзылд кӕнӕ змӕстыты рӕстӕджы се ’фсымӕрты цард ӕмӕ уырнындзинадӕн тӕссаг куы вӕййы, уӕд уыдон архайынц Йесойы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Ут зондджын, кӕлмытау, ӕмӕ хуымӕтӕг бӕлӕттау» (Матфейы 10:16; кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1996 аз, 1 ноябрь, 18 фарс, 19 абзац, уыр.).

5. Сарӕ Аврамы фӕндыл афтӕ ӕнӕзивӕгӕй цӕмӕн сразы ис?

5 Цавӕр дзуапп ратдзӕн Аврамӕн Сарӕ? Ахӕм сылгоймӕгты тыххӕй апостол Петр загъта, зӕгъгӕ, уыдон «Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ дардтой». Уӕдӕ Сарӕ бамбӕрста, хъуыддаг Хуыцауы фӕндонимӕ баст кӕй уыди, уый. Уымӕй дарддӕр, Сарӕ уарзта йӕ сӕрыхицауы ӕмӕ йын кад кодта. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодта «йӕ мойы коммӕ бакӕсын», ӕмӕ йын лӕг кӕй уыди, уый басусӕг кӕнын (1 Петры 3:5, НФ). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕмӕй йӕхи ӕппӕрста тӕссаг уавӕры. «Куыддӕр Аврам Египетмӕ ӕрхӕццӕ, афтӕ египетӕгтӕ сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой сылгоймагыл, уымӕн ӕмӕ тынг рӕсугъд уыди. Федтой йӕ фараоны стыр хицӕуттӕ дӕр ӕмӕ дзы фараонӕн райдыдтой ӕппӕлын, афтӕ ӕмӕ йын ӕй йӕ хӕдзармӕ бакодтой» (Уӕвынад 12:14, 15).

Иегъовӕ сӕ фервӕзын кодта

6, 7. Аврам ӕмӕ Сарӕ цавӕр тӕссаг уавӕры бахаудысты ӕмӕ Иегъовӕ Сарӕйы куыд фервӕзын кодта?

6 Аврам ӕмӕ Сарӕ зӕрдӕсаст куыннӕ фӕуыдаиккой! Бирӕ нал хъуыди, ӕмӕ Сарӕйӕн тыхми бакодтаиккой. Уымӕй дарддӕр ма фараон нӕ зыдта, Сарӕйӕн лӕг кӕй ис, уый, ӕмӕ Аврамы лӕвӕртты бын фӕкодта, афтӕ ӕмӕ «йӕм уыдис лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, хӕрджытӕ, сыл хӕрджытӕ ӕмӕ теуатӕ, уыдис ын лӕггадгӕнджытӕ дӕр: лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ» * (Уӕвынад 12:16). Ахъуыды ма кӕн, куыд ӕнӕуынон хъуамӕ уыдаиккой Аврамӕн уыцы лӕвӕрттӕ! Фӕлӕ кӕд уавӕр тынг уӕззау уыди, уӕддӕр Иегъовӕ нӕ ныууагъта Аврамы.

7 «Уӕд Иегъовӕ Аврамы ус Сарӕйы тыххӕй йӕ фыдӕх ныккалдта фараон ӕмӕ йӕ хӕдзаронтыл» (Уӕвынад 12:17). Фараон цавӕрдӕр ӕгъдауӕй базыдта уыцы «фыдӕхы» аххосаг. Ӕмӕ уыйадыл иу уысм дӕр фӕстиат нал кодта: «Уӕд фараон фӕдзырдта Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: „Уый мын цы ми бакодтай? Цӕуылнӕ мын схъӕр кодтай, дӕ ус кӕй у, уый? Цӕмӕн мын загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ? Иу-гыццыл ма ӕмӕ дзы мӕхицӕн ус скодтаин. Ныр мӕнӕ ис дӕ ус. Акӕн ӕй ӕмӕ цӕугӕ ардыгӕй!“ Ӕмӕ фараон йӕ адӕмӕн бардзырд радта, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ Аврамы ӕд ус, ӕд мулк ахизын кӕной» (Уӕвынад 12:18—20; Псалом 104:14, 15).

8. Иегъовӕ абон чырыстӕтты цы хуызы хъахъхъӕны?

8 Абон Иегъовӕ нӕ дзуры, йӕ лӕггадгӕнджытӕ мӕлӕтӕй, фыддзинад, ӕххормагдзинад, йе та ӕрдзы азартӕй хызт кӕй уыдзысты. Фӕлӕ нын уый хыгъд зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нӕ хъахъхъӕндзӕн, нӕ ахастытӕн тӕссаг цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй (Псалом 90:1—4). Иегъовӕ нӕ сӕйраджыдӕр хъахъхъӕны, йӕ Ныхас ӕмӕ нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты афоныл хъӕугӕ уынаффӕтӕ кӕй дӕтты, уымӕй (Матфейы 24:45). Цы зӕгъӕн ис, фӕдылзылды рӕстӕджы нын мӕлӕтӕй тӕссаг куы вӕййы, уый тыххӕй та? Хаттӕй-хатт Хуыцау кӕд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй искӕй мӕлӕт ӕруадзы, уӕддӕр уый бар никуы ратдзӕн, цӕмӕй йын йӕ адӕмы иууылдӕр ныццӕгъдой (Псалом 115:6). Ӕмӕ кӕд Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй исчи амӕлы, уӕд та нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, кӕй райгас уыдзӕн, ууыл (Иоанны 5:28, 29).

Фарны сӕраппонд

9. Аврам Ханааны зӕххыл кӕй никуы ӕрбынат кодта, уый цӕуыл дзурӕг у?

9 Ханааны, ӕвӕццӕгӕн, ӕххормаг заман куы фӕци, уӕд «Аврам йӕхӕдӕг, йӕ ус ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыдис, уыимӕ Египетӕй рацыд, Лот дӕр йемӕ, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕрцыдысты Негевмӕ [Иудӕйы хӕхтӕй хуссарырдӕм, къӕвдатӕ арӕх кӕм нӕ уыди, ахӕм бӕстӕ]. Аврам уыди тынг хъӕздыг, фосӕй зӕгъай, ӕвзистӕй, уӕд сыгъзӕринӕй» (Уӕвынад 13:1, 2). Бынӕттон цӕрджытӕ йӕ нымадтой тынг хъомысджын ӕмӕ дзырддзӕугӕ лӕгыл, стыр кънйазыл (Уӕвынад 23:6). Аврамӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд хананейӕгты ’хсӕн ӕрцӕрын ӕмӕ сӕ ӕхсӕнадон хъуыддӕгты хайад исын. Уый «цыдис иу ӕрлӕууӕн бынатӕй иннӕмӕ, Негевӕй суанг Вефилы онг, йӕ цатыр иууыл фыццаг, Вефил ӕмӕ Гайы ’хсӕн кӕм ӕвӕрд уыди, уый онг». Ӕмӕ та ногӕй, Аврам кӕмфӕнды ма ӕрлӕууыдаид, иууыл сӕйрагдӕр ын уыди Иегъовӕйӕн табу кӕнын (Уӕвынад 13:3, 4).

10. Аврам ӕмӕ Лоты фыййӕуттӕ цӕуыл фӕбыцӕу сты, ӕмӕ хъуыддаг ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъуыди алыг кӕнын?

10 «Ӕдзухдӕр Аврамимӕ чи уыд, уыцы Лотӕн дӕр уыдис йӕхи фыстӕ, стурвос ӕмӕ цатыртӕ. Ӕмӕ сын иумӕ цӕрынӕн зӕхх нал фаг кодта, уымӕн ӕмӕ сӕ исбон сбирӕ, ӕмӕ иумӕ цӕрын нал фӕрӕзтой. Ӕмӕ Аврамы фыййӕуттӕ ӕмӕ Лоты фыййӕуттӕ быцӕу кӕнын райдыдтой; уыцы рӕстӕджы хананейӕгтӕ ӕмӕ ферезейӕгтӕ дӕр цардысты уыцы зӕххыл» (Уӕвынад 13:5—7). Аврам ӕмӕ Лоты дзугтӕн налдӕр дон фаг кодта, налдӕр хизӕнтӕ. Афтӕ фыййӕутты ’хсӕн быцӕу карзӕй-карздӕр кодта, ӕмӕ нал фидыдтой. Ахӕм быцӕутӕн та, ӕцӕг Хуыцауӕн чи куывта, уыдоны ’хсӕн бынат нӕ уыди. Хъуыддаг ма дарддӕр дӕр афтӕ куы ахастаид, уӕд тӕссаг уыд, кӕрӕдзийӕн бынтондӕр знӕгтӕ куы фестадаиккой, уымӕй. Куыд бакӕндзӕн Аврам? Лотӕн йӕ фыд куы амарди, уӕд ӕй Аврам йӕхимӕ акодта, ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, хи хъӕбулау хъомыл кодта. Уӕдӕ куыд хистӕр, афтӕ Аврамӕн уый бар нӕ уыди, ӕмӕ хуыздӕр зӕххытӕ йӕхицӕн равзӕрстаид?

11, 12. Аврам Лотӕн цӕстуарзонӕй цы бар радта ӕмӕ Лот Содоммӕ хӕстӕг кӕй ӕрцард, уый хорз цӕуылнӕ уыди?

11 Фӕлӕ «Аврам Лотӕн загъта: „Дӕ хорзӕхӕй, цӕмӕ нӕ хъӕуы, ӕмӕ дӕ фыййӕуттӕ ӕмӕ мӕ фыййӕуттӕ быцӕу кӕной, ӕфсымӕртӕ куы стӕм. Зӕхх иууылдӕр дӕ разы нӕй? Курӕг дӕ дӕн, ахицӕн у мӕнӕй. Кӕд ды галиуырдӕм ацӕуай, уӕд ӕз та — рахизырдӕм; кӕд рахизырдӕм ацӕуай, уӕд ӕз та — галиуырдӕм“». Вефилмӕ хӕстӕг уыди «Палестинӕйы фӕлгӕсӕн бынӕттӕй иу». Чи зоны, растдӕр уыцы бынатӕй «Лот йӕ цӕст ахаста ӕмӕ федта, Иорданы алфамбылай ӕгасӕй дӕр кӕй уыди Иегъовӕйы цӕхӕрадонау, раст Египеты зӕххау донӕй ӕфсӕст бӕстӕ, суанг Сигоры онг, цалынмӕ Иегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ» (Уӕвынад 13:8—10).

12 Кӕд Библийы Лот «рӕстгӕнӕг» хуыйны, уӕддӕр цӕмӕндӕр ацы хатт Аврамы йӕ разӕй нӕ ауагъта ӕмӕ куыд йӕ хистӕр, афтӕ йемӕ нӕ уынаффӕ кодта (2 Петры 2:7). «Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы алфамбылай ӕмӕ араст Лот скӕсӕнырдӕм. Афтӕ ахицӕн сты кӕрӕдзийӕ. Аврам ӕрцард Ханааны зӕххыл, Лот та ӕрбынат кодта йӕ алфамбылай сахарты. Куыдфӕстагмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Содоммӕ хӕстӕг» (Уӕвынад 13:11, 12). Содом уыди хъӕздыг сахар, уыдис дзы тынг хорз фадӕттӕ цӕрынӕн (Иезекил 16:49, 50). Кӕд мулчы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, афтӕ зынди, цыма Лот нӕ фӕрӕдыд, уӕддӕр уым тынг тӕссаг уыди Хуыцауимӕ йӕ ахастытӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Уӕвынады 13:13-ӕм стихы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй «Содомы цӕрджытӕ уыдысты тынг фыдадӕм ӕмӕ Иегъовӕйы раз уыдысты стыр тӕригъӕдджынтӕ». Ӕмӕ Лот цӕрынӕн уыцы бынат кӕй равзӕрста, уый фӕстагмӕ тынг зынаргъ слӕууыд йӕ бинонтӕн.

13. Ӕхцайы тыххӕй быцӕу цы чырыстӕтты ’хсӕн рауад, уыдонӕн Аврамы дӕнцӕг ахъаз куыд у?

13 Аврам та ӕууӕндыд Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдыл, ӕппынфӕстаг уыцы зӕхх иууылдӕр йӕ мыггаджы кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы зӕххӕй иугыццыл гӕппӕлы тыххӕй загъд нӕ самадта. Аврам архайдта зӕрдӕхӕларӕй, фӕстӕдӕр 1 Коринфӕгтӕм 10:24-ӕм стихы цы хъуыды ӕрцыди фыст, уымӕ гӕсгӕ: «Мачи агурӕд йӕхион, фӕлӕ алчидӕр иннӕйы пайдайӕн». Уымӕй Аврам у хорз дӕнцӕг, ӕхцайы тыххӕй йе ’муырнӕгимӕ чи фӕбыцӕу кӕны, уыдонӕн. Иуӕй-иутӕ Матфейы 18:15—17-ӕм стихты цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ архайынц, фӕлӕ тӕрхондонмӕ радтынц се ’фсымӕрты (1 Коринфӕгтӕм 6:1, 7). Аврамы дӕнцӕг нын ирдӕй ӕвдисы иу хъуыддаг — цӕйнӕфӕлтау Иегъовӕйы ном фӕхудинаг уа кӕнӕ чырыстон ӕмбырды иудзинад ӕмӕ фарн фӕцуда, фӕлтау мах фылдӕр фесафӕм (Иаковы 3:18).

14. Авраммӕ йӕ зӕрдӕхӕлардзинады тыххӕй цавӕр арфӕдзинад ӕнхъӕлмӕ каст?

14 Аврам арфӕгонд ӕрцыд йӕ зӕрдӕхӕлардзинады тыххӕй. Хуыцау ын загъта: «Дӕ мыггаг дын зӕххы змисау сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ кӕд искӕмӕн йӕ бон суыдзӕн, зӕххыл цы змис ис, уый банымайын, уӕд дӕ мыггагӕн дӕр уыдзӕн банымайӕн». Цӕй стыр ныфс хъуамӕ уыдаиккой уыцы ныхӕстӕ ӕнӕзӕнӕг Аврамӕн! Дарддӕр ын Хуыцау загъта: «Сыст ӕмӕ ацы зӕххыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзил, уымӕн ӕмӕ йӕ Ӕз дӕуӕн ратдзынӕн» (Уӕвынад 13:16, 17). Нӕ, Аврам хъуамӕ ма ӕрцардаид, ӕвӕлмон цард кӕм уыди, уыцы сахары. Уый хъуамӕ дард лӕууыдаид хананейӕгтӕй. Абоны чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ ма хӕццӕ кӕной ацы дунеимӕ. Уыдон сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрынц, фӕлӕ сӕ ӕнӕхуыцау митыл, гӕнӕн ис, ӕмӕ цы адӕм бафтауой, уыдонимӕ лымӕн дӕр нӕ кӕнынц (1 Петры 4:3, 4).

15. а) Куыд зыны, афтӕмӕй Аврам цӕугӕцард цӕй тыххӕй кодта? ӕ) Аврам абоны чырыстон бинонтӕн цавӕр дӕнцӕг ныууагъта?

15 Библи фыст куы цыди, уӕды заманты-иу адӕймаг цавӕрдӕр зӕххы хай цалынмӕ йӕхи бакодтаид, уӕдмӕ-иу ын уыдис йӕ феныны бар. Уӕдӕ Аврам уыцы зӕххыл куы зылди, уӕд ын уый иудадзыг йӕ зӕрдыл лӕууын кодта, иу бон уыцы зӕхх иууылдӕр йӕ байзӕддӕгты кӕй уыдзӕн, уый. Хуыцауы коммӕ кӕсгӕйӕ «Аврам дарддӕр дӕр цард цатырты. Фӕстӕдӕр уый ацыд ӕмӕ ӕрбынат кодта Хевроны, Мамрейы къохы цур; ӕмӕ уым сарӕзта Иегъовӕйы номыл нывондхӕссӕн» (Уӕвынад 13:18). Ӕмӕ та ам дӕр Аврам равдыста, царды йын Хуыцауӕн табу кӕнынӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы уыди, уый. Уӕ бинонты ’хсӕн дӕр Библи иумӕ ахуыр кӕнын, иумӕ кувын ӕмӕ фембӕлдтӕм цӕуын иууыл ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ сты?

Знаджы бабырст

16. а) Уӕвынады 14:1-ӕм стихы дзырдбаст «уыцы рӕстӕг», зӕгъгӕ, тас цӕмӕн ӕфтауы? ӕ) Цыппар скӕсӕйнаг паддзахы бабырсты сӕр цы уыди?

16 «Ӕмӕ Сеннаары паддзах Амрафел, Елласары паддзах Ариох, Еламы паддзах Кедорлаомер * ӕмӕ Гоимы паддзах Фидал куы паддзахиуӕг кодтой, уӕд уыцы рӕстӕг хӕст расидтысты». Рагон дзуттаг ӕвзагыл дзырдбаст «уыцы рӕстӕг», зӕгъгӕ, ӕфтауы тас, ӕмӕ амоны «ӕппынфӕстаг арфӕдзинад чи ӕрхӕссы, ахӕм фыдӕвзарӕнты рӕстӕгмӕ» (Уӕвынад 14:1, 2, фиппаинаг). Фыдӕвзарӕн райдыдта, уыцы цыппар скӕсӕйнаг паддзахы се ’фсӕдтимӕ Ханаанмӕ куы бабырстой ӕмӕ йӕ гӕныстон куы фӕкодтой, уӕд. Сӕ ныббырсты сӕр цы уыди? Цӕмӕй басастаиккой фондз сахары Содом, Гоморр, Адмӕ, Севоим ӕмӕ Белӕйы цӕрджыты растад. Куы сӕ ныссабыр кодтой, уӕд «цӕдисӕттӕ ӕмхуызонӕй ӕрцыдысты Сиддимы дӕлвӕзмӕ, Цӕхджын денджыз кӕм ис, уырдӕм». Уырдӕм бынтон хӕстӕг царди Лот йӕ бинонтимӕ (Уӕвынад 14:3—7).

17. Лот уацары кӕй бахауд, уымӕй Аврамы уырнындзинад фӕлвӕрд куыд цыди?

17 Ханааны паддзӕхтӕ се ’ппӕт хъарутӕ дӕр бӕргӕ радтой тыхгӕнджыты ныхмӕ тохы, фӕлӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты. «Уӕлахиздзаутӕ атӕлӕт кодтой, Содом ӕмӕ Гоморры хъӕздыгдзинадӕй зӕгъай, уӕд хойрагӕй цы уыди, уый, ӕмӕ фӕстӕмӕ араст сты. Акодтой Аврамы ӕфсымӕры лӕппу Лоты дӕр, афардӕг ын кодтой йӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр ӕмӕ сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой. Уӕд уый царди Содомы». Аврам уайтагъд фехъуыста уыцы ӕвирхъау хабар: «Чи аирвӕзт, иу ахӕм лӕг ӕрцыд ӕмӕ дзуттаг Аврамӕн рахабар кодта. Уӕд Аврам ӕрцард цатырты, аморейаг Мамрейы къохы, Мамре уыд Эшкол ӕмӕ Анеры ӕфсымӕр, ӕмӕ уыдон та уыдысты Аврамы цӕдисӕттӕ. Афтӕ Аврам фехъуыста, йе ’фсымӕры йын уацары кӕй акодтой, уый» (Уӕвынад 14:8—14). Куыннӕ уыд уый Аврамы уырнындзинадӕн ӕцӕг фӕлварӕн! Цымӕ йе ’фсымӕры лӕппу йӕхицӕн хуыздӕр зӕххытӕ кӕй равзӕрста, уый йын Аврам йӕ цӕстмӕ бадардзӕн? Банысан кӕнын ма хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы тыхгӕнджытӕ Аврамы райгуырӕн зӕхх Сеннаарӕй кӕй ӕрцыдысты. Семӕ схӕцын нысан кодта, йӕ райгуырӕн бӕстӕм ын фӕндаг кӕй никуыуал уыдаид, уый. Стӕй ӕгас Ханааны иугонд хӕстон тыхтӕ кӕмӕн ницы ракодтой, уыцы ӕфсадӕн Аврамы бон цы уыди бакӕнын?

18, 19. а) Аврамӕн Лоты фервӕзын кӕнын йӕ бон куыд сси? ӕ) Уыцы тохы уӕлахизы кад кӕмӕн ӕмбӕлди?

18 Ам дӕр та Аврам йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр сӕвӕрдта Иегъовӕйыл. «Уайтагъд йӕ адӕмы, йӕ хӕдзары цы ӕртӕ сӕдӕ ӕстдӕс ӕххуырсты райгуырди, уыдоны амбырд кодта ӕмӕ Данмӕ фӕфӕдис кодта. Ӕхсӕвы йе ’фсӕдтӕ адих кодта, ӕмӕ ӕд ӕфсад сӕ ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, ӕмӕ сӕ Дамаскӕй цӕгатырдӕм, суанг Ховы онг, уӕгъд не суагъта. Байста сын сӕ мулк, йе ’фсымӕр Лоты дӕр, йӕ фӕллӕйттӕ дӕр, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ адӕмы дӕр» (Уӕвынад 14:14—16). Аврам Иегъовӕйыл афтӕ фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый фӕрцы йӕ армыдзаг ӕфсадимӕ фӕуӕлахиз ӕнӕмсӕр тохы, ӕмӕ Лоты ӕд бинонтӕ фервӕзын кодта. Ӕмӕ раст уыцы рӕстӕджы Аврам сӕмбӕлд Мелхиседекыл, уый уыди Салимы паддзах ӕмӕ сауджын. «Салимы паддзах Мелхиседек рахаста дзул ӕмӕ сӕн, уымӕн ӕмӕ уый уыди Стыр Хуыцауы сауджын. Ӕмӕ йын раарфӕ кодта ӕмӕ загъта: „Арфӕгонд у Аврам арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг Стыр Хуыцауӕй, ӕмӕ арфӕгонд дӕ, дӕ фыдгулты дын дӕ къухмӕ чи радта, уыцы Стыр Хуыцауӕй!“ Ӕмӕ йын радта Аврам, цы йӕм уыди, уымӕй дӕсӕм хай» (Уӕвынад 14:18—20).

19 Бӕгуыдӕр, уый уыди Иегъовӕйы уӕлахиз. Иегъовӕ та ногӕй фервӕзын кодта Аврамы, кӕй йыл нӕ дызӕрдыг кодта, уый тыххӕй. Абон Хуыцауы адӕм хӕстыты нӕ исынц хайад, фӕлӕ уыдон дӕр ӕмбӕлынц фӕлварӕнтыл, ӕййафынц бирӕ зындзинӕдтӕ. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Аврамы дӕнцӕг нын ахӕм зындзинӕдты фидар лӕууынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн, уымӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад»-ы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «иу рагон папирусы дзырд цӕуы иу фараоны тыххӕй. Уый йӕ дӕлбаруӕвӕг ӕфсӕддонтӕн бардзырд кӕй радта, цӕмӕй рӕсугъд сылгоймаджы йӕ лӕгӕй байсой, лӕджы та амарой». Уӕдӕ Аврам ӕнӕхъуаджы нӕ мӕт кодта.

^ 6 абз. Гӕнӕн ис, Аврамӕн фараон кӕй балӕвар кодта, уыцы лӕггадгӕнджытимӕ уыди, фӕстӕдӕр йӕ номылус чи сси, уыцы сылгоймаг Агар дӕр (Уӕвынад 16:1).

^ 16 абз. Иу афон критиктӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, Сеннаары паддзахады Елам ахӕм дзырддзӕугӕ никуы уыди, ӕмӕ дам, Кедорлаомеры ныббырсты хабар ӕрӕмысгӕ у. Библийы цы фыст ис, уымӕн археологтӕ цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссардтой, уыдон ӕвзӕрст цӕуынц 1989 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы», 4—7-ӕм фӕрстыл, (уыр.).

Дӕ хъус ӕрдардтай?

• Ханааны зӕххыл ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Аврамы уырнындзинад фӕлвӕрд куыд ӕрцыд?

• Аврам ӕмӕ Сарӕ абоны лӕгтӕ ӕмӕ устытӕн цавӕр хорз дӕнцӕг ныууагътой?

• Аврам йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Лоты лӕггадгӕнджыты ’хсӕн быцӕу куыд ахицӕн кодта, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 14 фарсыл]

Аврам йӕ бартыл нӕ райдыдта дзурын, фӕлӕ йӕхицӕй фылдӕр хъуыды кодта Лотыл.